Зыдтай йӕ?
Рагзаманты-иу адӕм денджызы балцы куыд цыдысты?
ПАВЕЛЫ заман, адӕмы чи ластаид, ахӕм наутӕ нӕ уыд. Фӕлӕ-иу, уӕйгӕнинӕгтӕ кӕуыл ластой, ахӕм уӕзласӕн науты хицӕуттӕ хатгай сразы сты адӕмы аласыныл дӕр. Ӕмӕ-иу науыл цӕуынвӕнд чи кодта, уыцы бӕлццӕттӕ-иу иннӕты фарстой, мыййаг сӕ бынатмӕ чи фӕхӕццӕ кӕна, ахӕм нау нӕ зонынц (Хъуыд. 21:2, 3). Ӕмӕ-иу кӕд нау, бӕлццон кӕдӕм цӕуинаг уыд, суанг уый онг нӕ цыд, уӕддӕр-иу бӕлццонӕн йӕ бон уыд фӕндагыл искӕцы наулӕууӕны рахизын ӕмӕ йӕ бынатмӕ хӕстӕгдӕр чи баластаид, ӕндӕр ахӕм науыл сбадын (Хъуыд. 27:1–6).
Наутӕ-иу ӕнӕхъӕн афӕдзы дӕргъы нӕ цыдысты, фӕлӕ кӕцыдӕр афонты. Стӕй-иу бӕлвырд рӕстӕгмӕ гӕсгӕ нӕ цыдысты. Наудзаутӕ-иу сӕ балц аргъӕвтой ӕвзӕр боныхъӕды тыххӕй, стӕй-иу, «ӕвзӕр нысан» кӕй федтой, уый тыххӕй дӕр. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ науыл халон куы абада ӕмӕ куы уаса, йе та денджызы был, чи ныппырх, ахӕм науы хӕйттӕ куы уа, уӕд ӕнӕфыдбылызӕй нӕ бахӕццӕ уыдзысты. Уымӕй уӕлдай ма-иу наудзаутӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цалынмӕ-иу, науӕн чи ӕххуыс кодтаид, ахӕм дымгӕ нӕ радымдта, уӕдмӕ, ӕмӕ-иу уӕд ацыдысты. Бӕлццон-иу, чи йӕ аластаид, ахӕм нау куы ссардта, уӕд-иу йӕ хӕссинӕгтимӕ наулӕууӕнмӕ ӕрбацыд ӕмӕ-иу ӕнхъӕлмӕ каст, нау кӕд хъуамӕ ацӕуа, уый куы фехъусын кӕной, уымӕ.
Иу историк, Лайонел Кассон, загъта: «Бӕлццӕттӕн горӕт Ромы нау ссарын ӕнцон уыд, нӕ-иу сӕ хъуыди наулӕууӕнты науагурӕг разил-базил кӕнын. Ромы наулӕууӕн уыд, цӕугӕдон Тибр денджызмӕ кӕм бакӕлы, уыцы ран. Уырдӕм хӕстӕг горӕт Остийӕйы цы базары фӕз уыди, уымӕн йӕ алыварс уыд къантортӕ. Бирӕтӕ дзы уыдысты, алыхуызон наулӕууӕнтӕй чи уыд, уыцы науты хицӕутты къантортӕ. Уыцы хицӕуттӕ уыдысты, зӕгъӕм, Нарбоны наулӕууӕнӕй (ныртӕккӕ Францийы территори), Карфагены наулӕууӕнӕй (ныртӕккӕ Тунисы территори)... ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Бӕлццоны-иу хъуыди ӕрмӕстдӕр уыцы къантортӕм бацӕуын ӕмӕ базонын, нау фӕндагыл кӕцы наулӕууӕнты ӕрлӕудзӕн, уый».
Сур зӕххыл цӕуынӕй уӕлдай-иу науыл цӕугӕйӕ бӕлццӕттӕ фӕндагыл къаддӕр рӕстӕг бахъуыдысты. Фӕлӕ-иу иннӕмӕй та ахӕм балцытӕ уыдысты тӕссаг. Зӕгъӕм, Павел йӕ уацамындон балцыты рӕстӕг цалдӕр хатты ахӕм уавӕры бахауд, ӕмӕ-иу цы науыл цыд, уый-иу ныппырх (2 Кор. 11:25).