Ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр сты хорз хабар хъусынгӕнджытӕ
Ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр сты хорз хабар хъусынгӕнджытӕ
«Зарут Хицауӕн, арфӕ кӕнут Уый номӕн, хъусын кӕнут бонӕй-бонмӕ йӕ ирвӕзындзинад!» (ПСАЛОМ 95:2).
1. Цавӕр хорз хабар хъӕуы адӕмӕн фехъусын кӕнын ӕмӕ ахӕм хабар хӕсгӕйӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд сты фӕзминаг?
АЦЫ ӕнамонд ӕмӕ змӕст дунейы адӕймагӕн стыр ныфсы хос сты Библийы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, тагъд хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ ӕфхӕрдӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Псалом 45:10; 71:3, 7, 8, 12, 16). Уӕдӕ уыцы хабар, алы адӕймагӕн дӕр кӕй хъӕуы фехъусын кӕнын, ахӕм хорз хабар нӕу? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдымӕ гӕсгӕ уый растдӕр ахӕм хабар у. Уыдоны алкуыдӕр зонынц, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» чи хӕссы, ахӕм адӕмӕй (Исай 52:7). Зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар цыфӕндыйӕ дӕр кӕй хъусын кӕнынц, уый тыххӕй дзы бирӕтӕн зилынц сӕ фӕдыл. Фӕлӕ уыдон тыхсынц адӕмы хорздзинадыл. О, Ӕвдисӕнтӕ зындгонд сты зынгзӕрдӕ ӕмӕ фидар хъусынгӕнджытӕй!
2. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ зӕрдиагӕй фыццаджыдӕр цӕй тыххӕй хъусын кӕнынц?
2 Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд зӕрдиагӕй архайынц, афтӕ зӕрдиагӕй хъусын кодтой фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр. Католикон газет «Оссерваторе романо» уыцы чырыстӕтты тыххӕй раст загъта: «Фыццаг чырыстӕттӕ-иу аргъуыд куы райстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу сӕ хӕсыл нымадтой Евангели хъусын кӕнын. Цагъартӕ кӕрӕдзийы дзыхӕй скъӕфтой Евангели». Уыцы фыццаг чырыстӕттау абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр уыцы хъуыддаджы сӕ удӕй арт цӕмӕн цӕгъдынц? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ цы хорз хабар хъусын кӕнынц, уый цӕуы Иегъовӕ Хуыцауӕн йӕхицӕй. Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ ӕмбарын кӕна, афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн хъусын кӕнынц, уый? Афтӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Зарут Хицауӕн, арфӕ кӕнут Уый номӕн, хъусын кӕнут бонӕй-бонмӕ йӕ ирвӕзындзинад!» (Псалом 95:2).
3. а) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнынц, уымӕн йӕ дыккаг аххосаг цы у? ӕ) Цы нысан кӕны «[Хуыцауы] ирвӕзындзинад»?
3 Псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕсты ма уынӕм, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн хъусын кӕнынц, уымӕн йӕ дыккаг аххосаг дӕр. Уыдон хъусын кӕнынц ирвӕзындзинады хабар. Адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй иуӕй-иутӕ свӕййынц дохтыртӕ, экономисттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ, иннӕтӕ та кусынц ӕндӕр фадгуыты. Ӕмӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй раппӕлинаг куыннӕ сты. Фӕлӕ иу адӕймаг иннӕмӕн хорзӕй цыфӕнды ма сараза, уӕддӕр «[Хуыцауы] ирвӕзындзинадимӕ» абаргӕйӕ, уый ницы у. Иегъовӕ Йесо Чырыстийы уылты сӕрныллӕг адӕмы фервӕзын кӕндзӕн тӕригъӕд, низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй. Хуыцау кӕй фервӕзын кӕна, уыдон цӕрдзысты ӕнустӕм! (Иоанны 3:16, 36; Раргомад 21:3, 4). Ирвӕзындзинад у, абон чырыстӕттӕ Псалмы 95:3, 4-ӕм стихтӕм гӕсгӕ иннӕтӕн цы «диссаг хъуыддӕгты» тыххӕй дзурынц, уыдонӕй сӕ иу. Уыцы псалмы дзырдӕуы: «Хъусын кӕнут Йӕ кад адӕмты ’хсӕн, ӕппӕт адӕмыхӕттыты ӕхсӕн Йӕ диссӕгтӕ [«диссаг хъуыддӕгтӕ», НД]! Уымӕн ӕмӕ стыр у Хицау, ӕмӕ ӕппӕлды аккаг, уӕлдай тӕссагдӕр [у] Уый ӕппӕт хуыцӕуттӕй».
Хицауы дӕнцӕг
4—6. а) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнынц, уымӕн йӕ ӕртыккаг аххосаг цы у? ӕ) Йесо хорз хабар хъусын кӕныныл зӕрдиагӕй куыд архайдта?
4 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ зӕрдиагӕй 1 Петры 2:21). Уыцы ӕххӕст адӕймаг ӕхсызгонӕй сразы, цӕмӕй «сӕрныллӕг адӕмӕн хорз хабар дзырдтаид» (Исай 61:1; Лукайы 4:17—21). Уый сси Евангели хъусынгӕнӕг, ома адӕмӕн хорз хабар чи хаста, уый. Зылди Галилейы ӕмӕ Иудейы бӕстыл, «хъусын кӕнгӕйӕ Паддзахады Евангели» (Матфейы 4:23). Уыцы хорз хабар бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты, уый зонгӕйӕ, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг бирӕ, кусджытӕ та гыццыл; уӕдӕ лӕгъстӕ кӕнут хуымы Хицауӕн, цӕмӕй рарвита кусджытӕ Йӕ хуыммӕ» (Матфейы 9:37, 38).
кӕй хъусын кӕнынц, уымӕн ма ис ӕртыккаг аххосаг дӕр. Уыдон фӕзмынц Йесо Чырыстийы (5 Йӕ куывдмӕ гӕсгӕ Йесо иннӕты цӕттӕ кодта хъусын кӕныны хъуыддагмӕ. Цасдӕры фӕстӕ арвыста йӕ апостолты ӕмӕ сын загъта: «Цӕугӕйӕ... хъусын кӕнут, кӕй ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад». Цымӕ хуыздӕр нӕ уыдаид, уӕды заманы адӕмы царды цы зындзинӕдтӕ уыди, уыдон аиуварс кӕнынӕн исты куы сарӕзтаиккой? Ӕви сӕ кӕд политикӕйы архайын хъуыди, ӕмӕ афтӕмӕй цы гӕртамхортӕ сбирӕ сты, уыдоны ныхмӕ тох кӕнын? Нӕ. Йесо ӕппӕт чырыстон хъусынгӕнджытӕн дӕр бахӕс кодта иу хъуыддаг: «Цӕугӕйӕ... хъусын кӕнут» (Матфейы 10:5—7).
6 Фӕстӕдӕр ма Йесо арвыста ахуыргӕнинӕгты ӕндӕр къорд дӕр, цӕмӕй хъусын кодтаиккой: «Ӕрхӕстӕг сымахмӕ Хуыцауы Паддзахад». Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ сӕ уацамындӕн цы хорз фӕстиуджытӕ уыди, уый тыххӕй куы радзырдтой Йесойӕн, уӕд йӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Уый скуывта: «Кадджын кӕнын Дӕу, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды кӕй бамбӕхстай уый зондджынтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй ӕмӕ йӕ [кӕй] байгом кодтай сывӕллӕттӕн» (Лукайы 10:1, 8, 9, 21). Уӕвгӕ, иудейаг адӕмы ахуыргонд дины разамонджыты цур Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ — кӕддӕр кӕсагахсӕджы куыст, зӕххы куыст ӕмӕ ӕндӕр уӕззау куыстытӕ чи кодта, уыдон,— уыдысты сывӕллӕтты хуызӕн. Фӕлӕ Йесо уыдон бацӕттӕ кодта, цӕмӕй хъусын кодтаиккой иууыл хуыздӕр хабар.
7. Йесо уӕларвмӕ куы ацыд, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хорз хабар фыццаджыдӕр кӕмӕн хъусын кодтой?
7 Йесо уӕларвмӕ куы ацыд, уый фӕстӕ дӕр йӕ фыдылдзӕуджытӕ хъусын кодтой ирвӕзындзинады хорз хабар (Куыстытӕ 2:21, 38—40). Цымӕ кӕмӕн хъусын кодтой иууыл фыццаг? Хуыцауы чи нӕ зыдта, уыцы адӕмтӕм цыдысты? Нӕ, фыццаджыдӕр уыдон хъусын кодтой Израилы, Иегъовӕимӕ 1 500 азӕй фылдӕр зонгӕ чи уыди, уыцы адӕмӕн. Цымӕ уыцы чырыстӕттӕн уый бар уыди, ӕмӕ адӕм Иегъовӕйы ӕнӕуи дӕр сӕ Хуыцауыл кӕм нымадтой, уым хъусын кодтаиккой? Бӕгуыдӕр. Йесо сын йӕхӕдӕг загъта: «Уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕппӕт Иудейы ӕмӕ Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ» (Куыстытӕ 1:8). Хорз хабар иннӕ адӕмтӕн куыд хъуыди фехъусын кӕнын, афтӕ йӕ хъуыди фехъусын кӕнын Израилы адӕмӕн дӕр.
8. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд фӕзмынц, Йесойӕн фыццаг ӕнусы цы фӕдылдзӕуджытӕ уыди, уыдоны?
8 Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр хорз хабар хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл. Уыдон кусынц, Иоанн цӕстылуайӕны цы зӕды федта, уыимӕ; уыцы зӕдмӕ уыди «ӕнусон Евангели... цӕмӕй фарны уац фехъусын кодтаид, зӕххыл чи цӕры, уыдонӕн — алы адӕмӕн ӕмӕ мыггагӕн, ӕмӕ ӕвзагӕн ӕмӕ дзыллӕйӕн» (Раргомад 14:6, НФ). 2001 азы Ӕвдисӕнтӕ архайдтой 235 бӕстӕйы ӕмӕ территорийы, уыимӕ чырыстон бӕстӕтыл нымад чи сты, уым дӕр. Цымӕ йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы дунейы аргъуантӕ кӕм ис, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм рӕтты кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй ӕвзӕр исты аразынц? Афтӕ хъуыды кӕнынц иуӕй-иутӕ. Уыдонмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ иугӕр Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц, уӕд сын сӕ «фысты давынц». Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ зӕрдыл дарынц, Йесойӕн сӕрныллӕг иудейтыл йӕ зӕрдӕ куыд рыст, уый. Кӕд уыцы адӕмӕн сауджынтӕ уыди, уӕддӕр Йесо ууыл никуы ахъуыды кодта, хорз хабар сын фехъусын кӕна ӕви нӕ. Йесо «сын тӕригъӕд кодта, уыдон, ӕнӕфыййау фыстау, фӕллад ӕмӕ хӕлиу кӕй уыдысты, уый тыххӕй» (Матфейы 9:36, НФ). Уӕдӕ абон Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй чи ницы зоны, ахӕм сӕрныллӕг адӕмыл Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы фембӕлынц, уӕд сын хъуамӕ хорз хабар ма дзурой, кӕцыдӕр дин сӕ йӕхи кӕй хоны, уый тыххӕй? Нӕ, хъуамӕ сын дзурой, уымӕн ӕмӕ афтӕ кодтой Йесойы апостолтӕ дӕр. Хорз хабар хъуамӕ хъуыстгонд уа «ӕппӕт адӕмтӕн» дӕр (Маркы 13:10).
Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъусын кодтой хорз хабар
9. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды чи уыд, уыдонӕй чи хъусын кодта?
9 Фыццаг ӕнусы хорз хабар чи хъусын кодта? Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты хорз хабар хъусынгӕнджытӕ. Мӕнӕ цы зӕгъы уый тыххӕй фыссӕг В. С. Уильямс: «Дызӕрдыггаг никӕмӕн у, рагон аргъуаны чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр... евангели кӕй хъусын кодтой, уый». Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон тыххӕй нын Библи дзуры: «[Нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй] се ’ппӕт дӕр зӕрдӕргъӕвд фесты Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ дзурын систой ӕндӕр ӕвзӕгтӕй, Уд сӕ кӕй куыд арӕзта дзурынмӕ, афтӕ» (НФ). Лӕгтӕ дӕр ӕмӕ устытӕ дӕр, ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, цагъартӕ дӕр ӕмӕ сӕрибар адӕм дӕр уыдысты хъусынгӕнджытӕ (Куыстытӕ 1:14; 2:1, 4, 17, 18; Иоил 2:28, 29; Галатӕгтӕм 3:28). Чырыстӕтты фӕдыл кӕй зылдысты, уый аххосӕй дзы бирӕтӕ Иерусалимӕй куы фӕлыгъдысты, уӕд «чи ахӕлиу, уыдон цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой хорз уацхъуыд» (Куыстытӕ 8:4). О, хъусын кодтой ӕрмӕст ӕвзӕрст лӕгтӕ нӕ, фӕлӕ «чи ахӕлиу, уыдон» се ’ппӕт дӕр.
10. Иудейы цардӕвӕрд цалынмӕ нӕ ныппырх, уӕдмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цавӕр дыууӕ хӕсы сӕххӕст кодтой?
10 Афтӕ уыди хъуыддаг фыццаг ӕнусы дӕргъы. Йесо развӕлгъау загъта: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Ацы ныхӕстӕ фыццаг хатт сӕххӕст сты фыццаг ӕнусы: Ромы ӕфсад Иудейы динон ӕмӕ политикон цардӕвӕрд цалынмӕ нӕ ныппырх кодта, уӕдмӕ Паддзахады хорз хабар хъуыстгонд уыд алкуыдӕр (Колоссӕгтӕм 1:23). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ма се ’ппӕт дӕр ӕххӕст кодтой йӕ фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, «ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», НД] аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Абон иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ сӕрныллӕг адӕммӕ куыд сидынц, баууӕндут Чырыстийыл, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ стӕй сӕхи бар куыд ныууадзынц, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ афтӕ нӕ кодтой. Уыдон адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй суыдаиккой Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, арӕзтой ӕмбырдтӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кодтой, хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы, ууыл (Куыстытӕ 14:21—23). Раст афтӕ кӕнынц абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр.
11. Абон адӕмӕн иууыл хуыздӕр хорз хабар чи хъусын кӕны?
11 Фыццаг ӕнусы Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕтӕ куыд лӕггад кодтой, афтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕр иуӕй-иутӕ ӕндӕр бӕстӕты лӕггад кӕнынц миссионертӕй. Сӕ куыст хӕссы ӕцӕг пайда, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ архайынц политикӕйы, хъусын кӕныны хъуыддаг рохуаты нӕ уадзынц ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй дӕр. Уыдон ӕххӕст кӕнынц Йесойы фӕдзӕхст, зӕгъгӕ «цӕугӕйӕ... хъусын кӕнут». Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕр миссионертӕ не сты. Бирӕтӕ дзы кусынц алы куыстуӕтты, цӕмӕй сӕ бон уа сӕхи фӕдарын, иннӕтӕ та ахуыр кӕнынц. Се ’хсӕн ис, сывӕллӕттӕ чи хъомыл кӕны, ахӕмтӕ дӕр. Фӕлӕ Ӕвдисӕнтӕ иууылдӕр, цы хорз хабар фехъуыстой, уый иннӕтӕн дзурынц. Хистӕрӕй-кӕстӕрӕй, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, зӕрдӕрайгӕйӕ ӕххӕст кӕнынц, Библи нӕ цы хъуыддагмӕ разӕнгард кӕны, уый: «Хъусын кӕн дзырд, уый араз ӕвӕстиатӕй хорз афон дӕр ӕмӕ ӕвзӕр афон дӕр» (2 Тимофеймӕ 4:2, НД). Фыццаг ӕнусы хорз хабар хӕсджытау уыдон дӕр иннӕты ӕнӕрынцойӕ «ахуыр кӕнынц ӕмӕ [сын] Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕнынц» (Куыстытӕ 5:42). О, уыдон адӕмӕн дзурынц иууыл хуыздӕр хорз хабар.
Дин ивын кӕнынц ӕви хорз хабар хъусын кӕнынц?
12. Грекъаг дзырд «pro·se’ly·tos» цы нысан кӕны ӕмӕ йӕ абон бирӕтӕ куыд ӕмбарынц?
12 Грекъаг ӕвзаджы ис дзырд «pro·se’ly·tos» ӕмӕ нысан кӕны, «ӕндӕр дин чи райста, ахӕм адӕймаг». Абон иуӕй-иутӕ афтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дин ивын кӕнын хорз нӕу. Аргъуанты дунеон совет мыхуыры цы сӕрмагонд гӕххӕтт рауагъта, уым ма суанг ахӕм ныхӕстӕ дӕр ис, зӕгъгӕ, «адӕймагӕн йӕ дин ивын кӕнын у тӕригъӕд». Цӕмӕн? Иу католикон журналы дзырдӕуы: «Православон аргъуан йӕ хъастӕй кӕй не ’нцайы, уый аххосӕй „дин фӕивын“ адӕм афтӕ ӕмбарын райдыдтой, цыма адӕймагӕн йӕ дин тыхӕй ивын кӕнынц» («Catholic World Report»).
13. Дин адӕмӕн тыхӕй кӕй исын кодтой, уымӕн цавӕр дӕнцӕгтӕ ис?
13 Адӕймагӕн йӕ дин аивын кӕнын ӕцӕгдӕр ӕвзӕр у? Гӕнӕн ис. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ адӕмы сӕ динмӕ кӕй здӕхтой, уымӕй сын зиан йеддӕмӕ ницы хастой (Матфейы 23:15). Ай-гъай дӕр у ӕвзӕр «дин тыхӕй исын кӕнын». Цӕвиттон, историк Иосиф Флавий фыссы, зӕгъгӕ, Маккавей Иоанн Гиркан идумейӕгты куы басаста, уӕд «сын бар радта сӕ бӕстӕйы баззайынӕн. Ӕрмӕст уыдон хъуамӕ сунӕт скодтаиккой ӕмӕ цардаиккой иудейты закъӕттӕм гӕсгӕ». Кӕд идумейӕгтӕ иудейты дӕлбар уӕвыныл разы уыдысты, уӕд сӕ райсын хъуыди сӕ дин. Историктӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй н. э. VIII ӕнусы Карл Стыр басаста цӕгат Европӕйы цӕрӕг муртатты-саксты ӕмӕ сын чырыстон дин тыхӕй райсын кодта *. Фӕлӕ сакстӕ кӕнӕ идумейӕгтӕн ӕндӕр дин чи исын кодта, уыдон уыцы хъуыддаг сыгъдӕгзӕрдӕйӕ арӕзтой? Кӕнӕ гыццыл Йесойы марынмӕ чи хъавыд, уыцы идумейаджы, паддзах Ироды, зӕрдӕйӕ фӕндыд, Хуыцау Моисейы уылты цы Закъон радта, уый ӕххӕст кӕнын? (Матфейы 2:1—18).
14. Чырыстон дунейы миссионертӕ адӕмӕн сӕ дин тыхӕй куыд ивынц?
14 Цымӕ абон дӕр ис, дин тыхӕй чи ивын кӕны, ахӕмтӕ? О, ис. Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй чырыстон дунейы миссионертӕ адӕмы сайынц, сӕ дин сын чи райса, уыдонӕн фӕсарӕнты хорз ахуыр райсыны фадат кӕй уыдзӕн, уымӕй. Йе та сыдӕймӕлӕг лигъдӕттӕн хӕринаг кӕй ратдзысты, уый ӕфсон сӕ фӕбадын кӕнынц, сӕ уацамынд каст цалынмӕ нӕ фӕвӕййы, уӕдмӕ. 1992 азы православон епископты съезды банысанчындӕуыд, зӕгъгӕ, «хаттӕй-хатт адӕмӕн сӕ дин аивын кӕнынц, цыдӕртӕ сын кӕй радтынц, уый руаджы, хаттӕй-хатт та сын алы тыхми кӕнгӕйӕ».
15. Абон бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн сӕ дин афтӕ ивын кӕнынц? Бамбарын ӕй кӕн.
15 Адӕмӕн сӕ дин тыхӕй ивын кӕнын у фыдракӕнд. Ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ нӕ кӕнынц *. Уӕдӕ абон бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ нӕ ивын кӕнынц адӕмӕн сӕ дин. Уый бӕсты фыццаг ӕнусы чырыстӕттау алкӕмӕн дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар. Фылдӕр базонын кӕй фӕфӕнды, уыимӕ та ахуыр кӕнын райдайынц Библи. Ахӕм цымыдисгӕнаг адӕймӕгтӕ Библийӕ бӕлвырд зонындзинӕдтӕ кӕй райсынц, уый фӕрцы баууӕндынц Хуыцауыл ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уыдон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ сӕ бон вӕййы Иегъовӕ Хуыцаумӕ йӕ номӕй кувын, цӕмӕй фервӕзой (Ромӕгтӕм 10:13, 14, 17). Хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты ӕви нӕ, уый сӕхи хъуыддаг у. Тыххӕй сыл ничи у. Уымӕн ӕмӕ сӕ дин ӕвӕндонӕй куы фӕивой, уӕддӕр сын ницы пайда уыдзӕн. Цӕмӕй Хуыцау адӕймаджы куывд иса, уый тыххӕй йын хъуамӕ кува зӕрдӕйӕ (Дыккаг закъон 6:4, 5; 10:12).
Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг абон
16. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ рӕстӕджы куыд сырӕзт?
16 Нӕ рӕстӕджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй ӕххӕст кӕны Матфейы 24:14-ӕм стих ӕгас дунейыл. Сӕ уацамынды сын стыр ӕххуыс у журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» *. 1879 азы ацы журналы фыццаг номыртӕ куы рацыдысты, уӕд йӕ тираж уыди 6 000 экземпляры, мыхуыр та цыдис ӕрмӕстдӕр иу ӕвзагыл. 2001 азы, 122 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд та йӕ тираж сси 23 042 000 экземпляры 141 ӕвзагыл. Журналы тираж куыд фылдӕр кӕны, афтӕ рӕзы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр. Кӕд-иу XIX ӕнусы хъусын кӕнгӕйӕ алы аз дӕр цалдӕр мин сахаты арвыстой, уӕд 2001 азы та уыцы хъуыддагӕн лӕвӕрд ӕрцыд 1 169 082 225 сахаты. Ивгъуыд азы алы мӕй дӕр Библи лӕвар ахуыр кодтой, рӕстӕмбис нымадӕй, 4 921 702 адӕймагимӕ. Ӕвӕдза, цас хорз хъуыддӕгтӕ арӕзт ӕрцыд! Уыцы стыр куысты зӕрдиагӕй архайдтой 6 117 666 хъусынгӕнӕджы.
17. а) Абон адӕм цавӕр мӕнг хуыцӕуттӕн кувынц? ӕ) Адӕймаг чифӕнды ма уа, цыфӕнды ӕвзагыл ма дзура, кӕцыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын цы хъӕуы фехъусын кӕнын?
17 Псаломзарӕггӕнӕг зӕгъы: «Хуыцӕуттӕ се ’ппӕт дӕр ницы сты, фӕлӕ Иегъовӕ сфӕлдыста ӕрвтӕ» (Псалом 95:5, МГТ). Ӕцӕг Хуыцау нымады кӕм нӕй, уым адӕм цӕмӕн нал кувынц, цӕмӕн нал табу кӕнынц, ахӕм ницыуал ис: сӕ хуыцӕуттӕ сты национализм, нацийы символтӕ, зындгонд адӕймӕгтӕ, суанг ӕхца ӕмӕ хъӕздыгдзинад дӕр (Матфейы 6:24; Ефесӕгтӕм 5:5; Колоссӕгтӕм 3:5). Иухатт Мохандас Ганди афтӕ загъта: «Ӕз фидарӕй зӕгъын... Европӕ чырыстоны ном хӕсгӕ цы кӕны, ӕндӕр ӕм чырыстонӕй ӕппындӕр ницы ис. Уымӕн йӕ хуыцау у Маммон [хъӕздыгдзинад]». Уӕдӕ бӕрӕг у, хорз хабар алкуыдӕр кӕй хъӕуы хъусын кӕнын. Адӕймаг чифӕнды ма уа, цыфӕнды ӕвзагыл ма дзура, цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын фехъусын кӕнын хъӕуы Иегъовӕ ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй. Мах фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр сӕ зӕрдӕмӕ айсой псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Раттут Хицауӕн кад ӕмӕ намыс. Раттут Хицауӕн кад Йӕ номӕн»! (Псалом 95:7, 8). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц Иегъовӕйы базонынӕн, цӕмӕй йӕ сӕ бон уа кадджын кӕнын. Ӕмӕ уый стыр ахъаз фӕвӕййы, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдонӕн. Цӕмӕй сын у ахъаз, ууыл та дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 13 абз. «Католикон энциклопеди»-йы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Реформацийы дуджы дин адӕмӕн тыхӕй кӕй исын кодтой, уый бӕрӕг у ахӕм латинаг сидтӕй: «Бӕстӕйы хицау чи уа, уый скъуыддзаг кӕны, цавӕр дин дзы уыдзӕн, уый дӕр».
^ 15 абз. 2000 азы 16 ноябры уыди фембӕлд, АИШ-ы дины сӕрибардзинады фӕдыл цы Ӕхсӕнадӕмон къамис ис, уымӕн. Фембӕлды архайджытӕй иу бӕлвырдӕй загъта, зӕгъгӕ, адӕмӕн сӕ дин тыхӕй чи ивын кӕны, уыдонимӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн иумӕйагӕй ницы ис. Уым ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы адӕймагимӕ ныхас кӕной, уымӕн йӕ бон у зӕгъын, нӕ мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ сыл дуар рахгӕнын.
^ 16 абз. Журнал ӕнӕхъӕнӕй хуыйны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад».
Куыд бамбарын кӕндзынӕ?
• Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн хъусын кӕнынц?
• Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хъусын кӕнынц, йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы дунейы аргъуантӕ кӕм ис, уым?
• Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй цӕуылнӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ адӕмӕн сӕ дин ивын кӕнынц, абон уый бирӕтӕ куыд ӕмбарынц, афтӕ?
• Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ рӕстӕджы куыд сырӕзт?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 19 фарсыл]
Йесо йӕхӕдӕг уыди зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг ӕмӕ уыцы хъуыддагыл ахуыр кодта иннӕты дӕр.
[Ныв 20 фарсыл]
Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъусын кодтой хорз хабар.
[Ныв 21 фарсыл]
Адӕмӕн сӕ дин тыхӕй ивын кӕнын хорз нӕу.