Уӕззау рӕстӕджыты Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд
Уӕззау рӕстӕджыты Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд
«Хуыцау [у] махӕн ӕрлидзӕндон ӕмӕ тых, тагъд ӕххуысгӕнӕг бӕллӕхты» (ПСАЛОМ 45:2).
1, 2. а) Цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг, фаг кӕй нӕу ӕрмӕст дзурын, зӕгъгӕ, нӕ ныфс дарӕм Хуыцауыл? ӕ) Иегъовӕйыл ӕрмӕст ныхӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ ӕууӕндӕм?
ХУЫЦАУЫЛ ӕууӕндӕм, зӕгъгӕ, дзурын иу у, фӕлӕ бынтон ӕндӕр та у уый хъуыддӕгтӕй ӕвдисын. Зӕгъӕм, АИШ-ы гӕххӕтын ӕхцайыл дӕр ӕмӕ ӕфсӕйнаг ӕхцайыл дӕр рагӕй фӕстӕмӕ фыст ис «нӕ ныфс дарӕм Хуыцауыл» *. 1956 азы Иугонд Штатты конгресс сфидар кодта закъон, зӕгъгӕ, ацы ныхӕстӕ уыдзысты нӕ бӕстӕйы сидт. Ӕцӕгдӕр та бирӕтӕ — канд уыцы бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ ӕгас дунейы дӕр — фылдӕр ӕууӕндынц Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ ныфсджын сты се ’хца ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинадӕй (Лукайы 12:16—21).
2 Куыд ӕцӕг чырыстӕттӕ, афтӕ мах хъуамӕ ӕрмӕст дзургӕ ма кӕнӕм, Иегъовӕйыл ӕууӕндӕм, зӕгъгӕ. «Уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард» куыд у, раст афтӕ ацы ныхӕстӕн дӕр, зӕгъгӕ, нӕ ныфс дарӕм Хуыцауыл, ницы нысаниуӕг ис, хъуыддӕгтӕй сӕ куы нӕ бӕлвырд кӕнӕм, уӕд (Иаковы 2:26). Раззаг статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый ӕвдисӕм, кӕй йӕм кувӕм, зонд ын йӕ Ныхасы кӕй агурӕм ӕмӕ йын йӕ организацийӕ ӕххуыс кӕй курӕм, уымӕй. Цӕй ӕмӕ ныр та равзарӕм, уӕззау рӕстӕджыты куыд у нӕ бон ацы ӕртӕ хъуыддаджы аразын.
Адӕймаг йӕ куыст куы фесафа кӕнӕ ӕхцайыл куы тыхса
3. Ацы «уӕззау рӕстӕджы» Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цардамӕлттӕ кӕнгӕйӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц ӕмӕ Хуыцауы махӕн баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уый кӕцӕй зонӕм?
3 Ацы «уӕззау рӕстӕджыты» махӕн дӕр, чырыстӕттӕн, иннӕ адӕмау зын у цардамӕлттӕ кӕнын (2 Тимофеймӕ 3:1). Уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн ис нӕ куыст фесафӕм, йе та нӕ бахъӕуа бон-изӕрмӕ гыццыл мыздыл кусын. Ахӕм уавӕрты нын ӕнцон нӕ уыдзӕн нӕ «хионтыл тыхсын» (1 Тимофеймӕ 5:8). Цымӕ ахӕм рӕстӕджы Ӕппӕтбӕрзонд Хуыцауы фӕнды махӕн баххуыс кӕнын? Дзырд дӕр ыл нӕй! Ӕцӕг нӕ Иегъовӕ, ацы дунейы цы мӕстытӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй алкӕцыйӕ дӕр нӕ бахиздзӕн. Фӕлӕ йыл куы ӕууӕндӕм, уӕд махмӕ дӕр ахӕссӕн уыдзӕн Псаломы 45:2 ныхӕстӕ: «Хуыцау [у] махӕн ӕрлидзӕндон ӕмӕ тых, тагъд ӕххуысгӕнӕг бӕллӕхты». Уӕдӕ нӕ куыст куы фесафӕм, ӕхцайыл куы тыхсӕм, уӕд куыд у нӕ бон Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндын?
4. Кӕд ӕхцайыл тыхсӕм, уӕд цӕуыл у нӕ бон кувын ӕмӕ Иегъовӕ ахӕм куывдтытӕн куыд дзуапп кӕны?
4 Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый ӕвдисынӕн ис иу мадзал — кувын. Фӕлӕ цӕй тыххӕй у нӕ бон кувын? Кӕд ӕхцайыл тыхсӕм, уӕд нӕ ныр уӕлдай тынгдӕр хъӕуы зондӕй архайын. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбӕлы кувын! Иегъовӕйы Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Кӕд сымахӕй искӕмӕ нӕ фаг кӕны зонд, уадз курӕд Хуыцауӕй, ӕппӕтӕн хӕларӕй ӕмӕ ӕнӕуайдзӕфӕй дӕттӕгӕй,— ӕмӕ йын лӕвӕрд уыдзӕн» (Иаковы 1:5). О, кур Иегъовӕйӕ зонд — зонындзинӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинадӕй царды пайда кӕныны курдиат — зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕмӕ раст цы у, уый ӕвзарынӕн. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд нын зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм куывдтытӕм кӕй хъусдзӕн. Уый кӕддӕриддӕр цӕттӕ у, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл чи ӕууӕнды, уыдоны фӕндӕгтӕ сраст кӕнынмӕ (Псалом 64:3; Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).
5, 6. а) Цардамӕлттӕ кӕнын нын куы фӕзын уа, уӕд ӕххуыс Хуыцауы Ныхасы цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон агурын? ӕ) Нӕ куыст куы фесафӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм?
5 Хуыцауы Ныхасы уынаффӕ агурын — ӕндӕр мадзал, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый сбӕлвырд кӕнынӕн. Библи нын нӕ зӕрдыл цы зондджын амындтӕ лӕууын кӕны, уыдон «ӕнӕгуырысхойӕ сты раст» (Псалом 92:5). Хуыцауы фӕндӕй фыст чиныг кӕд 1 900 азы размӕ фӕцис фыст, уӕддӕр дзы ис, царды зындзинӕдтӕ иуварс кӕнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕууӕнчы аккаг уынаффӕтӕ ӕмӕ арф хъуыдытӕ. Ӕркӕсӕм, Библийы зонд кӕм бӕлвырд кӕны, цалдӕр ахӕм цӕвиттонмӕ.
6 Бирӕ ӕнусты размӕ зондджын паддзах Соломон загъта: «Кусӕг лӕг адджын фынӕй кӕны, фӕнды йын бирӕ хӕринаг уа, фӕнды гыццыл; хъӕздыг лӕг та йӕ исбоны мӕтӕй хуыссӕг нӕ зоны» (Екклесиаст 5:12). Адӕймаг цӕмӕй йӕ исбонмӕ зила, сыгъдӕг ӕй дара, цалцӕг ӕй кӕна ӕмӕ йӕ хъахъхъӕна, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ ӕхца. Уӕдӕ нӕ куыст куы фесафӕм, уӕд хорз уаид нӕ цардыуагмӕ ногӕй ӕркӕсын, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цы агуры, уый, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уымӕй ахицӕн кӕнын. Цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм, уый тыххӕй раст уаид цыдӕртӕ фӕивын. Цӕвиттон, нӕ бон нӕу нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, зӕгъӕм, гыццылдӕр хӕдзармӕ алидзын, йе та ӕнӕхъӕугӕ дзаумӕттӕй фервӕзын? (Матфейы 6:22).
7, 8. а) Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ туджы кӕй ис сӕхи куыд фӕдарой, ууыл ӕгӕр тыхсын, уыцы хъуыддаг Йесо кӕй зыдта, уый куыд равдыста? (Кӕс ма фиппаинаджы дӕр.) ӕ) Йесо цавӕр зондджын уынаффӕ радта, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, уый фӕдыл?
7 Уӕлхох уацамынды Йесо амыдта: «Ма мӕт кӕнут уӕ удыл, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, нӕдӕр уӕ буарыл, дзаума цы скӕнат» * (Матфейы 6:25). Йесо зыдта, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ туджы кӕй ис, сӕхи куыд фӕдарой, ууыл тыхсын. Фӕлӕ куыд ма хъуамӕ «мӕт кӕнӕм» уыдӕттыл? «Агурут раздӕр Хуыцауы Паддзахад»,— загъта Йесо. Цыфӕнды зын уавӕрты дӕр ма бахауӕм, уӕддӕр нын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг хъуамӕ кӕддӕриддӕр уа — Иегъовӕйӕн кувын. Ӕмӕ уӕд нӕ уӕларвон Фыды фӕрцы нӕ «къухы бафтдзысты», алы бон дӕр нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдон иууылдӕр. Куыдфӕнды ма уа, уый ныл батыхсдзӕн ӕмӕ нӕ цух ницӕмӕй ныууадздзӕн (Матфейы 6:33, НФ).
8 Дарддӕр Йесо радта ноджы ахӕм уынаффӕ: «Ма мӕт кӕнут райсомы боныл, уымӕн ӕмӕ райсомы бон йӕхӕдӕг мӕт кӕндзӕн йӕхиуыл» (Матфейы 6:34). Райсом чи зоны цы ’рцӕуа, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын зондджын ми нӕу. Иу библииртасӕг ныффыста: «Мах фидӕн куыд тарӕй сныв кӕнӕм, афтӕ хъуынтъыз стӕм хатт разыны». Сӕрныллӕгӕй Библийы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, зӕгъгӕ, ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕм уӕ хъус дарут ӕмӕ ӕрмӕстдӕр иу боныл тыхсут, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм (1 Петры 5:6, 7).
9. Нӕ куыст куы фесафӕм, ӕхцайыл куы тыхсӕм, уӕд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйы нӕ бон цавӕр ӕххуыс у ссарын?
9 Нӕ куыст куы фесафӕм, ӕхцайыл куы тыхсӕм, уӕд ма, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ бон у равдисын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйы ӕххуыс агургӕйӕ (Матфейы 24:45). Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ журнал «Райхъал ут!»-ы (уыр.) статьяты вӕййы хорз уынаффӕтӕ, цардамӕлттӕ кӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон иуварс кӕнынӕн. 1991 азы 8 сентябры номыры статья «Ӕгуыст. Цы ис саразӕн?»-ы (уыр.) лӕвӕрд уыди аст уынаффӕйы ӕмӕ, йӕ куыст чи фесӕфта, уыдонӕй бирӕтӕн баххуыс кодтой, сӕ къух сӕ куыд амыдта, афтӕ цӕрынӕн ӕмӕ хиуыл хӕцынӕн *. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы уынаффӕтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ адӕймаг хъуамӕ раст ӕмбара, ӕхцайӕн ӕцӕгдӕр цы кад ис, уый. Ууыл дзырд цыд уыцы журналы иннӕ статьяйы — «Ӕхцайӕ бирӕ ахсджиагдӕр цы у, уый» (уыр.) (Екклесиаст 7:12).
Адӕймаджы йе ’нӕниздзинад куы тыхсын кӕна
10. Паддзах Давиды цӕвиттон куыд ӕвдисы, адӕймаг уӕззау рынчын куы уа, уӕд Иегъовӕйыл ӕцӕгдӕр ӕууӕндӕн кӕй ис?
10 Адӕймаг уӕззау рынчын куы уа, уӕд Иегъовӕйыл ӕцӕгдӕр ӕууӕндӕн ис? Ууыл дызӕрдыг кӕнын дӕр нӕ хъӕуы! Иегъовӕйӕн Псалом 40:2, 4, 8, 9). Давид Иегъовӕйыл ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг, фидарӕй йыл ӕууӕндыд, ӕмӕ ӕппынфӕстаг паддзах сдзӕбӕх. Не ’нӕниздзинад нӕ куы тыхсын кӕна, уӕд мах та куыд равдисӕм, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм?
йӕ лӕггадгӕнджытӕй исчи рынчын куы вӕййы, уӕд сын уый фӕкӕны тӕригъӕд. Уымӕй уӕлдай ма уый цӕттӕ у ӕххуыс бакӕнынмӕ дӕр. Ӕркӕсӕм паддзах Давиды цӕвиттонмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, йӕхӕдӕг уыд тыхджын рынчын, куы ныффыста, рӕстгӕнӕг рынчын куы вӕййы, уӕд ыл Хуыцау куыд ауды, уый тыххӕй. Уый загъта: «Хицау сфидар кӕндзӕн уый рынчынӕй йӕ хуыссӕны. Ды аивдзынӕ иуылдӕр йӕ хуыссӕн йӕ низы мидӕг» (11. Низ нӕ куы бадома, уӕд нӕ уӕларвон Фыдӕй нӕ бон цы у курын?
11 Низ нӕ куы бадома, уӕд Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ бон у равдисын зӕрдиагӕй йӕм куы кувӕм, куы йын лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын хъарутӕ ратта нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Нӕ бон дзы у курын «царды чи ахады, ахӕм зонд», цӕмӕй нӕ нӕ уавӕртӕ ӕцӕг куыд амонынц, афтӕ не ’нӕниздзинадмӕ кӕсӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:21). Нӕ бон ма дзы у курын фӕразондзинад ӕмӕ удвидардзинад нӕ низимӕ тох кӕнынӕн. Сӕйраджыдӕр та нӕ Иегъовӕйӕ хъӕуы курын, цӕмӕй нын ӕххуысгӕнӕг уа, ома нын тыхтӕ дӕтта, ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм, цыфӕндыдӕр куы ’рцӕуа, уӕддӕр ма фӕцудӕм (Филиппӕгтӕм 4:13). Нӕ абоны цард бахъахъхъӕнынӕй Иегъовӕйы раз ӕнаиппӕй баззайын бирӕ ахсджиагдӕр у. Не Стыр Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ куы нӕ сивӕм, уӕд нын уый балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард, ӕмӕ уӕд уыдзыстӕм ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕниз (Дзуттытӕм 11:6).
12. Дзырд хос кӕныныл куы цӕуа, уӕд нын Библийы уагӕвӕрдтӕ раст уынаффӕ хӕссынӕн куыд баххуыс кӕндзысты?
12 Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый ма нӕ разӕнгард кӕны йӕ Ныхасы, Библийы, ахадгӕ уынаффӕтӕ агурынмӕ дӕр. Дзырд хос кӕныныл куы цӕуа, уӕд нын Библийы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Зӕгъӕм, мах зонӕм, Библи «кӕлӕнтӕ кӕныны» ныхмӕ кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ низ бӕрӕггӕнгӕйӕ кӕнӕ нӕхицӕн хос кӕнгӕйӕ нӕхи хиздзыстӕм кӕлӕнтимӕ баст мадзӕлттӕй (Галатӕгтӕм 5:19—21; Дыккаг закъон 18:10—12). Мӕнӕ ма ноджы иу цӕвиттон Библийы ӕууӕнчы аккаг зондӕн: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та йӕ къахдзӕфтыл хъуыды кӕны лӕмбынӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕн хос кӕнынмӕ куы хъавӕм, уӕд раст уаид «алы ныхасыл дӕр ӕууӕндын» нӕ, фӕлӕ алцыдӕр бӕлвырд базонын. Ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд алцыдӕр лӕмбынӕг сбардзыстӕм ӕмӕ раст уынаффӕ рахӕсдзыстӕм (Титмӕ 2:12).
13, 14. а) «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы ӕнӕниздзинады тыххӕй цавӕр хорз статьятӕ уыди мыхуыр? (Кӕс фӕлгӕты 29 фарсыл.) ӕ) 2001 азы 22 январы «Райхъал ут!»-ы (уыр.) иугӕндзойнон низты фӕдыл цавӕр уынаффӕтӕ уыди?
13 Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый ма ӕвдисӕм зондджын цагъары уагъд литературӕ иртасгӕйӕ дӕр. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы (уыр.) хаттӕй-хатт мыхуыр вӕййы хорз статьятӕ алыхуызон низты тыххӕй ӕмӕ уыцы низтӕ цы зындзинӕдтӕ ӕрхӕссынц, уый тыххӕй *. Иуӕй-иу хатт ацы журналты фӕзыны статьятӕ, алыхуызон низтӕн ӕмӕ ӕдыхдзинӕдтӕн чи бафӕрӕзта кӕнӕ чи фӕразы, ахӕм адӕмы тыххӕй. Уыимӕ ма иуӕй-иу статьяты вӕййы Библийӕ уынаффӕтӕ, иугӕндзойнон низимӕ куыд цӕрӕн ис, уымӕн, афтӕ ма, царды спайда кӕнӕн кӕмӕй ис, ахӕм уынаффӕтӕ дӕр.
14 Зӕгъӕм, 2001 азы 22 январы «Райхъал ут!»-ы (уыр.) уыд цалдӕр статьяйы ахӕм иумӕйаг номимӕ, «Удӕнцой, рынчын чи у, уыдонӕн». Уым уыди ахадгӕ библион уагӕвӕрдтӕ, афтӕ ма бирӕ азты дӕргъы уӕззау рынчын чи у ӕмӕ йӕ низ хорз чи зоны, уыдон цы радзырдтой, уый дӕр. Статьяйы, «Куыд ис уӕззау низимӕ цӕрӕн?», зӕгъгӕ, уыди ахӕм уынаффӕтӕ: дӕ низы тыххӕй гӕнӕн уӕвгӕйӕ фылдӕр базон (Ӕмбисӕндтӕ 24:5); дӕ разы ӕвӕр, дӕ бон сӕххӕст кӕнын кӕй уа, ахӕм нысӕнттӕ, уыимӕ иннӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕныны нысан дӕр, фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар, иннӕтӕн сӕ бон цас у аразын, уыйбӕрц дӕуӕн, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ бон ма уа аразын (Куыстытӕ 20:35; Галатӕгтӕм 6:4); дӕхи иннӕтӕй дард ма лас (Ӕмбисӕндтӕ 18:1); бацархай, цӕмӕй адӕмӕн дӕу бӕрӕг кӕнын ӕхсызгон уа (Ӕмбисӕндтӕ 17:22); сӕйраджыдӕр та ӕнгом ахастыты у Иегъовӕимӕ ӕмӕ ӕмбырдимӕ (Наум 1:7; Ромӕгтӕм 1:11, 12); Иегъовӕ нын йӕ организацийы уылты цы ӕууӕнчы аккаг разамынд дӕтты, уымӕй бузныг не стӕм?
Адӕймаг йӕ буары лӕмӕгъдзинадимӕ куы тох кӕна
15. Ӕнӕххӕст буары лӕмӕгъдзинадимӕ тохы Павел куыд фӕуӕлахиз ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон цӕуыл у нӕ ныфс дарын?
15 «Мӕ мидзӕрдӕйы, ома мӕ буары, хорздзинад... нӕ цӕры»,— ныффыста апостол Павел (Ромӕгтӕм 7:18, НФ). Павел йӕхицӕй зыдта, куыд зын у ӕнӕххӕст буары монцтӕ ӕмӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын. Фӕлӕ Павелы ныфс уыд, йӕ бон кӕй у фӕуӕлахиз уын (1 Коринфӕгтӕм 9:26, 27). Куыд? Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндгӕйӕ. Гъе уымӕн уыд Павелӕн йӕ бон зӕгъын: «Ӕз дӕн мӕгуыр адӕймаг! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн ацы мӕлӕтдзаг буарӕй. Ӕз арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй» (Ромӕгтӕм 7:24, 25, НФ). Цы зӕгъӕн ис махӕй та? Мах дӕр тох кӕнӕм нӕ буары лӕмӕгъдзинӕдтимӕ. Ахӕм тохы тынг ӕнцон у ныфс фесафын ӕмӕ зӕгъын, зӕгъгӕ, нын дзы ницы рауайдзӕн. Фӕлӕ нын Иегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, мах дӕр ыл, Павелау, ӕцӕгдӕр куы ӕууӕндӕм ӕмӕ нӕхи хъаруйӕ ныфсджын куы нӕ уӕм.
16. Буары лӕмӕгъдзинадимӕ куы тох кӕнӕм, уӕд нӕ цӕй тыххӕй хъӕуы кувын ӕмӕ нӕхи куы нӕ бауромӕм ӕмӕ та куы фӕрӕдийӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?
16 Нӕ буары лӕмӕгъдзинад нӕ куы бадома, уӕд хъӕуы Иегъовӕмӕ кувын, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, кӕй йыл ӕууӕндӕм. Мах хъуамӕ Иегъовӕйӕ курӕм, суанг ма йын лӕгъстӕ дӕр кӕнӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг уды руаджы баххуыс кӕна (Лукайы 11:9—13). Нӕ бон у бӕлвырд кувын хиуыл хӕцыны тыххӕй — Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуӕджы тыххӕй (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Нӕхи куы нӕ бауромӕм ӕмӕ та куы фӕрӕдийӕм, уӕд та нын цы кӕнгӕ у? Нӕхи мацы хуызы хъуамӕ ауадзӕм. Ӕнӕрынцойӕ сӕрныллӕгӕй кувдзыстӕм нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцаумӕ, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна ӕмӕ нӕ йе ’ххуысӕй цух ма ныууадза. Иегъовӕ йӕхи никуы атигъ кӕндзӕн, фӕсмонӕй йӕхи чи хӕры, уыцы «саст ӕмӕ сабыр» зӕрдӕйыл (Псалом 50:19). Нӕ рӕдыдыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ Иегъовӕйӕн куы лӕгъстӕ кӕнӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн фӕлварӕнты ныхмӕ лӕууынӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).
17. а) Мах цы лӕмӕгъдзинадимӕ тох кӕнӕм, уымӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл хъуыды кӕнын ахъаз цӕмӕн у? ӕ) Цавӕр стихтӕ у нӕ бон бахъуыды кӕнын, куы архайӕм, цӕмӕй гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр ма мӕсты кӕнӕм? не ’взагыл нӕ бар цӕуа? нӕ зӕрдӕ ӕвзӕр хиирхӕфсӕнтӕм ма ӕхсайа?
17 Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый ма нӕ бон у ӕвдисын, йӕ Ныхасы ӕххуыс агургӕйӕ. Библийы симфонийы кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы амонӕн»-ы руаджы нӕ бон у бацагурын дзуапп фарстӕн: цы цӕстӕй кӕсы Иегъовӕ, ӕз цы лӕмӕгъдзинадимӕ тох кӕнын, уымӕ? Иегъовӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнддзӕн йӕ зӕрдӕ райын кӕнын. Афтӕмӕй нӕ бон суыдзӕн хъуыддӕгтӕм уый цӕстӕй кӕсын ӕмӕ уымӕн ӕнӕуынон цы у, уый махӕн дӕр ӕнӕуынон уыдзӕн (Псалом 96:10). Иуӕй-иутӕн ӕххуыс кӕны, цы лӕмӕгъдзинадимӕ тох кӕнынц, уымӕ цы библион стихтӕ хауы, уыдон сӕ зӕрдыл кӕй бадарынц. Мыййаг архайӕм, цӕмӕй гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр ма мӕсты кӕнӕм? Уӕд нӕ бон у бахъуыды кӕнын ацы стихтӕ Ӕмбисӕндты 14:17 ӕмӕ Ефесӕгтӕм 4:31. Не ’взагыл нӕ бар нӕ цӕуы? Уӕд нӕ бон у нӕ зӕрдыл бадарын Ӕмбисӕндты 12:18 ӕмӕ Ефесӕгтӕм 4:29. Нӕ зӕрдӕ ӕвзӕр хиирхӕфсӕнтӕм ӕхсайы? Уӕд та бацархайӕм бахъуыды кӕнын Ефесӕгтӕм 5:3 ӕмӕ Колоссӕгтӕм 3:5.
18. Нӕ лӕмӕгъдзинадыл фӕуӕлахиз уӕвынӕн мах хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс курын цӕуылнӕ хъуамӕ ӕфсӕрмы кӕнӕм?
18 Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый равдисынӕн ма нын ис ноджыдӕр иу мадзал — сыгъдӕг удӕй нысан хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс агурын (Куыстытӕ 20:28). Ацы «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (НД) Иегъовӕ радта Чырыстийы уылты йӕ фысты хъахъхъӕнынӕн ӕмӕ сыл аудынӕн (Ефесӕгтӕм 4:7, 8, 11—14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕу ӕххуыс курын, дӕ буары монцтӕ дӕ куы рӕдийын кӕной, уӕд. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕфсӕрмы кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ тӕрсӕм, хистӕр нӕлгоймӕгты цӕсты нӕ кад дӕлӕмӕ куы ӕрхауа. Фӕлӕ йыл дзырд дӕр нӕй, уыцы фӕлтӕрд чырыстӕттӕ нын кӕй аргъ кӕндзысты, уыйбӕрц хъару нӕм кӕй разынд ӕмӕ сӕм ӕххуысмӕ кӕй бацыдыстӕм, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц Иегъовӕйы миниуджытӕ ӕвдисыныл дӕр, дзугыл куыд аудынц, уыцы хъуыддаджы. Хуыцауы Ныхасӕй нын цы ахадгӕ, зӕрдӕфидаргӕнӕн уынаффӕтӕ ӕмӕ разамынд раттой, уый чи зоны разына, нӕ лӕмӕгъдзинадыл фӕуӕлахиз уӕвынӕн нӕ цы ныфс ӕмӕ хъару хъӕуы, уый (Иаковы 5:14—16).
19. а) Ацы цардӕвӕрды тыхстдзинады руаджы Сайтан цӕуыл архайы? ӕ) Иегъовӕйыл ӕууӕндын цӕуыл баст у ӕмӕ фӕндфидарӕй цы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнӕм?
19 Кӕддӕриддӕр дӕ зӕрдыл дар: Сайтан зоны, йӕ рӕстӕг цыбыр кӕй у (Раргомад 12:12). Уый ацы дунейы царды тыхстдзинады руаджы архайы, цӕмӕй нын нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ нӕ къухтӕ ауадзӕм. Уӕдӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ ныфс дарӕм Ромӕгтӕм 8:35—39 фыст ныхӕстыл: «Чи ахицӕн кӕндзӕн мах Хуыцауы уарзондзинадӕй: хъыг, кӕнӕ уынгӕгдзинад, кӕнӕ сурындзинад, кӕнӕ ӕххормаг, кӕнӕ бӕгънӕг, кӕнӕ тӕссаг уавӕр, кӕнӕ цыргъаг? [...] Фӕлӕ уыдон ӕппӕтыл уӕлахиз кӕнӕм мах Бауарзӕджы хъаруйӕ. Уымӕн ӕмӕ мӕн уырны, нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр Зӕдтӕ, нӕдӕр Райдайӕн, нӕдӕр Тыхтӕ, нӕдӕр ныры рӕстӕг, нӕдӕр ӕрцӕуинаг афон, нӕдӕр бӕрзонд, нӕдӕр арфад, нӕдӕр исты сконд кӕй нӕ ахицӕн кӕндзӕн мах Хуыцауы уарзондзинадӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы мидӕг». Цӕй диссаджы ныхӕстӕ сты Иегъовӕйыл ӕууӕндын цы у, уый равдисынӕн! Фӕлӕ уый ӕнкъарӕнӕй фылдӕр цыдӕр у. Уый баст у, алы бон дӕр лӕмбынӕг ахъуыдыгӕнгӕйӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдоныл. Цӕй уӕдӕ фӕндфидарӕй аскъуыддзаг кӕнӕм, уӕззау рӕстӕджыты Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕнддзыстӕм.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 1 абз. АИШ-ы финансты министр Чейз Салмон, ӕхца кӕм уадзынц, уыцы куыстуатмӕ йӕ фыстӕджы, 1861 азы 20 ноябрӕй, ныффыста: «Иу бӕстӕйы адӕм дӕр тыхджын нӕ уыдзысты ӕнӕ Хуыцауы тыхӕй, кӕнӕ — ӕдас, Уый сӕ куы нӕ хъахъхъӕна, уӕд. Нӕ адӕм Хуыцауыл сӕ ныфс кӕй дарынц, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ ӕфсӕйнаг ӕхцайыл». Уымӕ гӕсгӕ Иугонд Штатты 1864 азы уагъд ӕфсӕйнаг ӕхцайыл фыццаг хатт фыст ӕрцыд «нӕ ныфс дарӕм Хуыцауыл».
^ 7 абз. Ам цы мӕты кой цӕуы, уый ӕвдисы, «циндзинад кӕмӕй сӕфы, ахӕм мастхӕссӕг тас». Ахӕм ныхӕстӕ «ма мӕт кӕнут», йе та «ма тыхсут» амонынц, мӕт кӕнын кӕнӕ тыхсын кӕй ма хъуамӕ райдайӕм. Фӕлӕ иу иртасӕн куысты дзырдӕуы: «Грекъаг мивдисӕг ис нырыккон афоны фӕдзӕхстон здӕхӕны ӕмӕ нысан кӕны фӕдзӕхст, цӕмӕй цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы цы арӕзтӕуыд, уый нал кӕнын».
^ 9 абз. Уыцы аст уынаффӕ уыдысты: 1) ма стыхс; 2) дӕ ныфс ма фесаф; 3) бафӕлвар ӕндӕр исты куыст райдайын; 4) дӕ къух дӕ куыд амоны, афтӕ цӕр — искӕимӕ дӕхи ма бар; 5) ӕфстау исгӕйӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн; 6) дӕ бинонты фарн хъахъхъӕн; 7) дӕхицӕн раздӕрау аргъ кӕн; 8) де ’фтиӕгтӕ ӕмӕ дӕ хӕрдзтӕн номхыгъд скӕн.
^ 13 абз. Ацы журналтӕ, Библийыл чи бындуриуӕг кӕны, уыдон хос кӕныны фарстайы иу цавӕрдӕр мадзалы фарс нӕ хӕцынц, уымӕн ӕмӕ уый алы адӕймагӕн дӕр йӕхи хъуыддаг у. Цавӕрдӕр низтыл цы статьяты фӕцӕуы ныхас, уыдон уый тыххӕй ӕрцӕуынц мыхуыр, цӕмӕй кӕсджытӕ базоной, абон уый фӕдыл бӕрӕг цы хъуыддӕгтӕ сты, уый.
Хъуыды ма кӕныс?
• Цардамӕлттӕ кӕнын нын зын куы уа, уӕд нӕ бон куыд у равдисын, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм?
• Не ’нӕниздзинад нӕ куы тыхсын кӕна, уӕд Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый цӕмӕй у нӕ бон сбӕлвырд кӕнын?
• Буары лӕмӕгъдзинадимӕ куы тох кӕнӕм, уӕд куыд у нӕ бон равдисын, Иегъовӕйыл ӕцӕгдӕр кӕй ӕууӕндӕм?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Рамкӕ 29 фарсыл]
Хъуыды ма кӕныс ацы статьятӕ?
Не ’нӕниздзинад нӕ куы хъыгдара ӕмӕ уый тыххӕй нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нын ахъаз уыдзӕн, алыхуызон низтӕн чи фӕразы, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй исты кӕсын. Дӕлдӕр амынд ис цалдӕр ахӕм статьяйы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ӕй.
«Иуӕй-иутӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ иуварс кӕнын куыд сахуыр сты» («Райхъал ут!», 1992 аз, 8 ноябрь, уыр.).
«Ӕдых куы вӕййын, уӕд тыхджын дӕн» — ревматоидон артритӕй рынчын сылгоймаджы тыххӕй («Райхъал ут!», 1997 аз, 22 январь, уыр.).
«Райсом уыл цы ’рцӕудзӕн, уый нӕ зонут» — дзырд дзы цӕуы нервыты низӕй рынчыны тыххӕй («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2000 аз, 1 декабрь, уыр.).
«Ӕгомыгдзинады цагъарадӕй» — статьяйы дзырдӕуы церебралон параличӕй рынчын хойы тыххӕй («Райхъал ут!», 2000 аз, 8 май, уыр.).
«Эндометриозимӕ куыд тох кӕнын» («Райхъал ут!», 2000 аз, 22 июль, уыр.).
«Царды цавӕрдӕр нысанмӕ куы тырнай, уӕд дӕ къухтӕ нӕ ауадздзынӕ» — йӕ хъуыры рак кӕмӕн ис ӕмӕ паралич кӕй ныццавта, ахӕм адӕймаджы тыххӕй («Райхъал ут!», 2001 аз, 22 январь, уыр.).
«Тох кӕнын склеродермиимӕ» («Райхъал ут!», 2001 аз, 8 август, уыр.).
«Куыд тох кодтон ӕвгъӕддонӕй депрессиимӕ» («Райхъал ут!», 2002 аз, 22 июль, уыр.).
[Ныв 32 фарсыл]
Нӕ куыст куы фесафӕм, уӕд хорз уаид нӕ цардыуагмӕ ногӕй ӕркӕсын.