Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Псаломты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 3 ӕмӕ 4 хӕйттӕ

Псаломты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 3 ӕмӕ 4 хӕйттӕ

ХУЫЦАУМӔ кувгӕйӕ псаломзарӕггӕнӕг фӕрсы: «Ингӕны хъуыстгонд цӕудзӕн Дӕ хорзӕх, ӕмӕ Дӕ ӕцӕгад – ӕмбийыны бынаты?» (Псалом 87:12). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы – нӕ. Куы нӕ цӕрӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн Иегъовӕйы кадджын кӕнын дӕр. Иегъовӕйы кадджын кӕнын – уымӕй хуыздӕр нысан нӕй цӕрынӕн, ӕмӕ кӕй цӕрӕм, уый та нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна Иегъовӕйы кадджын кӕнынмӕ.

Псаломты чиныджы 3 ӕмӕ 4 хӕйттӕ арӕзт сты 72–105 псаломӕй, ӕмӕ нын дӕттынц бирӕ фадӕттӕ не Сфӕлдисӕджы ӕмӕ йӕ ном кадджын кӕнынӕн. Ацы псаломтыл хъуыды кӕнгӕйӕ, тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм «Хуыцауы ныхасӕн» ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕндзысты фылдӕр ӕмӕ йын хуыздӕр кад кӕнынмӕ (Дзуттытӕм 4:12). Уӕдӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм Псаломты чиныджы 3 хаймӕ.

«Мӕнӕн та хорз у ӕрхӕстӕг уӕвын Хуыцаумӕ»

(Псалом 72:1–88:53)

Псаломты чиныджы 3 хайы фыццаг 11 псаломы ныффыста Асаф кӕнӕ йӕ хӕдзары бинонтӕй чидӕр. Псалом 72 ӕмбарын кӕны, Асафы рӕдыд хъуыдыйӕ цы бахызта, уый. Асаф раст хатдзӕгмӕ ӕрцыди: «Мӕнӕн та хорз у ӕрхӕстӕг уӕвын Хуыцаумӕ!» (Псалом 72:28). Псалом 73 у Иерусалимы сӕфтыл хъарӕг. Псаломтӕ 74–76 Иегъовӕйы ӕвдисынц раст Тӕрхонгӕнӕг, сӕрныллӕгты Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ куывдтытӕм чи хъусы, ахӕм Хуыцауӕй. Псалом 77 дзуры Израилы тыххӕй – Моисейы рӕстӕгӕй Давиды бонтӕм. Псалом 78 у, кувӕндон кӕй ныппырх, ууыл хъарӕг. Псалом 79 та у Хуыцаумӕ куывд, цӕмӕй йӕ адӕмы йӕ къахыл слӕууын кӕна. Псалом 80 разӕнгард кӕны Иегъовӕйы коммӕ кӕсынмӕ. Псалом 81, 82 фыссӕг кувы, цӕмӕй Хуыцауы тӕрхӕттӕ сӕххӕст уой йе знӕгтыл ӕмӕ гӕртамхор тӕрхонгӕнджытыл.

«Мӕ уд сфӕлмӕцыд, фӕндгӕйӕ мӕ Хицауы кӕртытӕм»,– зарыдысты Корейы фырттӕ (Псалом 83:3). Псалом 84 у Хуыцаумӕ лӕгъстӕ, цӕмӕй уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдоны йӕ арфӕ уа. Не ’ргом ма нын здахы, Хуыцау нын уырнындзинадӕн цы дӕтты, уый бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у царды хорздзинӕдтӕй. Псалом 85 Давид куры Хуыцауӕй ӕххуыс ӕмӕ разамынд. Псалом 86 у Сионыл ӕмӕ дзы чи райгуырд, уыдоны тыххӕй зарӕг; Псалом 87 та у Иегъовӕмӕ куывд. Псалом 88 дзуры, Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт бӕрӕг кӕй у, Давидимӕ цы бадзырд сарӕзта, уымӕй. Ацы псалом, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста, Соломоны рӕстӕг цы цыппар зондджын лӕджы цард, уыдонӕй иу – Ефан (3 Паддзахӕдты 4:31).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

72:9 – Куыд ӕмбаргӕ у, фыдгӕнджытӕ «ӕрвтӕм сӕ дзых исынц, се ’взаг та зӕххыл рацу-бацу кӕны», зӕгъгӕ? Фыдгӕнджытӕ ницӕмӕ дарынц, уӕлӕрвты кӕнӕ зӕххыл чи ис, уыдоны, уымӕ гӕсгӕ сӕм ницы кӕсы Хуыцауы фауын дӕр. Стӕй ма адӕмы фыдгой дӕр кӕнынц.

73:13, 14 – Иегъовӕ кӕд «ныппырх кодта кӕлмыты сӕртӕ доны... [ӕмӕ] левиафаны сӕр»? «Фараоны, Египеты паддзахы» Библи хоны, «денджызы цӕрӕг стыр кӕфхъуындар, Нилы цӕугӕдоны астӕу дӕргъӕй-дӕргъмӕ чи хуыссы» (Иезекил 29:3). Гӕнӕн ис, ӕмӕ левиафан ӕвдыста фараоны тыхджын адӕмы (Псалом 73:14). Сӕ сӕртӕ сын кӕй ныппырх кодта, уый, ӕвӕццӕгӕн, хауы, Иегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ссӕрибар кодта ӕмӕ фараоны йе ’фсадимӕ куы ныппырх кодта, уымӕ.

74:5, 6, 11 – Цы нысан кӕны дзырд «сыкъа»? Сырдтӕн сӕ сыкъатӕ фидар сты. Уымӕ гӕсгӕ дзырд «сыкъа» фӕсномыгӕй ӕвдисы хъомыс кӕнӕ хъару. Иегъовӕ йӕ адӕмы «сыкъатыл» схӕцы, ома сӕ сбӕрзонд кӕны, фыдгӕнджыты «сыкъатӕ» та асӕтты. Мах фӕдзӕхст цӕуӕм, цӕмӕй нӕ «сыкъа» ма бӕрзонд кӕнӕм – сӕрбӕрзонд ма уӕм. Иегъовӕ кӕй «бӕрзонд кӕны», уымӕ гӕсгӕ нын ӕмбырды цыфӕнды ма бахӕс кӕной, уӕддӕр ӕм хъуамӕ кӕсӕм, цыма нын ӕй Иегъовӕ йӕхӕдӕг бахӕс кодта, афтӕ (Псалом 74:8).

75:11 – «Адӕймаджы маст» Иегъовӕйы куыд кадджын кӕны? Хуыцау, кӕй йын лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй адӕмы нӕ ныхмӕ цӕуын куы бауадзы, уӕд ныл уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ хорзырдӕм дӕр фӕзына. Цыфӕнды зындзинӕдтӕй дӕр цӕуылдӕр сахуыр вӕййӕм. Иегъовӕ нын зындзинад бавзарын ӕрмӕстдӕр уый онг бауадзы, цӕмӕй уый руаджы цӕуылдӕр сахуыр уӕм (1 Петры 5:10). «Адӕймаджы мастӕй ма цы баззайы, уымӕй Хуыцау йӕхи срӕсугъд кӕны» (НД). Ӕмӕ нын мӕлӕтӕй тӕссаг куы уа, уӕд та? Уый дӕр Иегъовӕйӕн кад хӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ нын нӕ иузӕрдиондзинад чи уыны, уый дӕр, чи зоны, Хуыцауы кадджын кӕнын райдайа.

77:24, 25 – Маннӕ «уӕларвон дзул» ӕмӕ «зӕдты дзул» цӕмӕн хуыйны? Ацы ныхӕстӕй иу дӕр ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ маннӕ ӕцӕгӕйдӕр зӕдты хӕринаг уыд. «Уӕларвон дзул» уымӕн уыди, ӕмӕ уӕларвӕй лӕвӕрд цыди (Псалом 104:40). Зӕдтӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрынц, уымӕ гӕсгӕ дзырдбаст «зӕдты дзул», ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ Хуыцау лӕвӕрдта, ӕмӕ уый дӕр цӕры уӕлӕрвты (Псалом 10:4). Иегъовӕйӕн йӕ бон уыди израилӕгтӕн маннӕ зӕдты уылты дӕр дӕттын.

81:1, 6 – Чи сты «хуыцӕуттӕ» ӕмӕ «Ӕппӕтбӕрзонды фырттӕ»? Дыууӕ дзырдбасты дӕр хауынц Израилы цы тӕрхонгӕнджытӕ ӕвӕрд уыд, уыдонмӕ. Уыцы нӕмттӕ сыл хорз фидауынц, уымӕн ӕмӕ дзырдтой Хуыцауы номӕй ӕмӕ уыдысты йӕ минӕвӕрттӕ (Иоанны 10:33–36).

82:3 – Цы нысан кӕны «систой сӕ сӕр», зӕгъгӕ? Уый нысан кӕны хъару равдисын кӕнӕ исты хъуыддаг саразын, арӕхдӕр та ныхмӕ лӕууын, хӕцын кӕнӕ хъизӕмарӕй марын.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

72:2–5, 18–20, 25, 28. Мах хъуамӕ ма хӕлӕг кӕнӕм фыдгӕнджыты хорз цардмӕ ӕмӕ сӕ ма фӕзмӕм. Фыдгӕнджытӕ «бырынцъаг фӕндагыл» лӕууынц. Уыдон ӕнӕмӕнг фесӕфдзысты. Уымӕй уӕлдай ма, фыддзинадӕн кӕрон нӕ уыдзӕн, цӕлынмӕ ӕнӕххӕст адӕм разамынд кӕнынц, уӕдмӕ, ӕмӕ йӕ фесафыныл куыдфӕнды ма архайӕм, уӕддӕр ын нӕ бон ницы бауыдзӕн. Асафау мах дӕр зондджын уыдзыстӕм, фыддзинады ныхмӕ куы лӕууӕм, Хуыцаумӕ кӕй ӕввахс кӕнӕм, уымӕй.

72:3, 6, 8, 27. Мах хъуамӕ хиппӕлой, сӕрбӕрзонд ма уӕм, макӕуыл худӕм ӕмӕ ма сайӕм, кӕд нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ уыцы миниуджытӕ царды искуы баххуыс уыдзысты, уӕддӕр.

72:15–17. Исты хъуыддаджы тыххӕй куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд, кӕронмӕ цы не ’мбарӕм, ууыл хъуамӕ иннӕтимӕ ма дзурӕм, цӕмӕй сӕ ныфс ма асӕтта. Цы нӕ тыхсын кӕны, ууыл хъуамӕ бӕстон ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ йӕ аскъуыддзаг кӕнӕм, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уый руаджы (Ӕмбисӕндтӕ 18:1).

72:21–24. Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ хорз цӕрынц, ӕмӕ ууыл куы мӕсты кӕна, уӕд йӕхи дардзӕн ӕнӕзонд сырды хуызӕн. Ахӕм зӕрдӕйы уаг арӕзт вӕййы, ӕвиппайды чи сӕвзӕры, уыцы ӕнкъарӕнтыл. Уый бӕсты хъуамӕ Иегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, нӕ «рахиз къухыл» нын кӕй хӕцы ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны. Уымӕй уӕлдай ма нӕ Иегъовӕ «райсдзӕн... кадмӕ», ома йе ’мбӕлттӕ суыдзыстӕм.

76:7. Цӕмӕй Хуыцауы ахуырӕдтӕ базонӕм, зӕрдиагӕй сӕ иртасӕм ӕмӕ сыл хъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг. Куыд тынг ахсджиаг у уыцы хъуыддагӕн рӕстӕг хицӕн кӕнын!

78:9. Иегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм хъусы, уӕлдайдӕр йӕ ном срухс кӕнынимӕ баст куы вӕййынц, уӕд.

80:14, 17. Иегъовӕмӕ куы хъусӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндагыл куы цӕуӕм, уӕд ӕнӕкӕрон арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

81:2, 5. Хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй «зӕххы бындуртӕ» банкъуысынц. Ахӕм хъуыддӕгтӕ адӕмы сабыр цард халынц.

83:1–5, 11–13. Псаломзарӕггӕнджытӕ Иегъовӕйы кувӕндонӕн стыр аргъ кӕй кодтой ӕмӕ сӕ кадджын лӕггадӕй райгонд кӕй уыдысты, уымӕй нын сты фӕзминаг.

85:5 (НД). Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, «хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ» кӕй у! Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймагӕн цӕй тыххӕй ныххатыр кӕна, уымӕн гыццыл ӕфсон дӕр агуры.

86:5, 6. Уый гӕнӕн уыдзӕн, ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты чи цӕра, уыдон искуы базоной, уӕларвон цардмӕ чи райгас, уыдоны нӕмттӕ? Ацы стихтӕм гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, о.

87:14, 15. Цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл нӕ куывдӕн уайтагъд дзуапп куы нӕ райсӕм, уӕд уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕйы фӕнды базонын, ӕцӕгӕйдӕр ыл иузӕрдион стӕм, ӕви нӕ.

«КАДДЖЫН КӔНУТ УЫЙ, АРФӔ КӔНУТ УЫЙ НОМӔН!»

(Псалом 89:1–105:48)

Ӕркӕсӕм, цавӕр алыхуызон хъуыддӕгты тыххӕй ис Иегъовӕйы кадджын кӕнӕн, уый фӕдыл Псаломты чиныджы 4 хайы цы фыст ис, уымӕ. Псалом 89 Моисей абарста «Ӕнусты Паддзахы» цард адӕймаджы цыбыр цардимӕ (1 Тимофеймӕ 1:17, НД). Уымӕ гӕсгӕ Моисей Иегъовӕйы хоны йӕ ныфс ӕмӕ йӕ фидар мӕсыг – ӕдасдзинад ын чи дӕтты, уый. Иннӕ цалдӕр Псаломы дзырд цӕуы Хуыцауы рӕсугъд миниуджытыл, йе стыр зондыл ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл. Ӕртӕ Псаломы райдайынц ныхӕстӕй «Хицау паддзахиуӕг кӕны», зӕгъгӕ (Псалом 92:1; 96:1; 98:1). Псаломзарӕггӕнӕг Иегъовӕйы хоны не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕны: «Кадджын кӕнут Уый, арфӕ кӕнут Уый номӕн!» (Псалом 99:4).

Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыцы хицау куыд хъуамӕ разамынд кӕна? Псалом 100, паддзах Давид кӕй ныффыста, уым ис дзуапп. Иннӕ Псалом нын Иегъовӕйы тыххӕй дзуры, зӕгъгӕ, «ӕркӕсдзӕн ӕнӕбонты куывдмӕ, ӕмӕ ӕлгъ нӕ кӕндзӕн» сӕ куывдыл (Псалом 101:18). Псалом 102 та нын нӕ хъус дары Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ. Хуыцау зӕххыл цы сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о, Иегъовӕ! Иууылдӕр де стыр зондӕй арӕзт сты» (Псалом 104:24, НД [103:24]). Псаломты чиныджы цыппӕрӕм хайы фӕстаг дыууӕ зарӕджы кадджын кӕнынц Иегъовӕйы йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй (Псалом 104:2, 5; 105:7, 22).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

91:1, 2 (НД) [90:1, 2] – Цы у «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынат» ӕмӕ дзы нӕ бон куыд у «цӕрын»? Уый комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕу. Уый у, уырнындзинадӕн ӕдас кӕм у ӕмӕ йын зиан кӕм ницы ’рхӕсдзӕн, ахӕм бынат. Ӕмбӕхсӕн бынат уыцы хуызы у, ӕмӕ Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдон ӕй нӕ зонынц. Махӕн Иегъовӕ нӕ «цӕрӕнбынат» у, нӕ ныфс ыл кӕй дарӕм ӕмӕ йӕ нӕ фидар мӕсыгыл кӕй нымайӕм, Дунедарӕг кӕй у, уый тыххӕй йӕ кӕй кадджын кӕнӕм ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы хуызы. Нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг ницӕмӕй у, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ у махӕн баххуыс кӕнынмӕ (Псалом 89:2).

91:13 – Куыд ӕмбаргӕ у, «рӕстгӕнӕг дидинӕг калы, куыд пальмӕ», зӕгъгӕ? Пальмӕйы бӕлас зындгонд у, дыргъджын кӕй у, уымӕй. Рӕстгӕнӕг пальмӕ бӕласы хуызӕн уымӕй у, ӕмӕ Иегъовӕйы цӕсты у раст ӕмӕ хӕссы «хорз дыргъ», уымӕ та хауынц хорз хъуыддӕгтӕ (Матфейы 7:17–20).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

89: 7, 8, 13, 14. Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд уый алы хатт дӕр фӕзыны нӕ хӕлардзинадыл ӕцӕг Хуыцауимӕ. Сусӕг тӕригъӕдтӕ дӕр ын ӕргом сты. Фӕлӕ кӕд зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ нӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзӕм, уӕд та нын Иегъовӕ йӕ хорзӕх ратдзӕн ӕмӕ нӕ «бафсаддзӕн» йе ’нувыд уарзтӕй.

89:10, 12. Цард цыбыр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «хынцӕм нӕ бонтӕ». Куыд? Хъуамӕ «ссарӕм зондджын зӕрдӕ» кӕнӕ зондджынӕй афтӕ архайӕм, ӕмӕ нын цы бонтӕ баззад, уыдон дзӕгъӕлы ма сафӕм, фӕлӕ нӕ хъарутӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынмӕ радтӕм. Уый тыххӕй хъуамӕ нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕгӕй зондджынӕй пайда кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 5:15, 16; Филиппӕгтӕм 1:10).

89:17. Хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй нын Иегъовӕ «нӕ къухты хъуыддагӕн ахъаз кӕна» ӕмӕ нын арфӕ кӕна уацамынды.

91:15, 16. Ацӕргӕтӕ Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй кӕй ахуыр кӕнынц ӕмӕ сӕхи Хуыцауы адӕмыл кӕй бӕттынц, уый фӕрцы сты «сойджын ӕмӕ ног» – сӕ уырнындзинад у фидар ӕмӕ ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс сты.

93:19. Нӕ «зӕрдӕйы хъыгдзинӕдты» аххос цыфӕнды ма уа, уӕддӕр Библийы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдон куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын удӕнцой ӕрхӕсдзысты.

94:7, 8. Фыстад нын цы уынаффӕ дӕтты, уымӕ куы хъусӕм ӕмӕ йӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы исӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕзивӕгӕй куы архайӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ нӕ ныддур уыдзысты (Дзуттытӕм 3:7, 8).

105:36, 37. Ацы стихтӕ хауынц мӕнгхуыцӕуттӕн кувын ӕмӕ хӕйрӕджытӕн нывӕндтӕ хӕссынмӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, ууыл, гӕнӕн ис, ӕмӕ хӕйрӕджыты бар цӕуын райдайа. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕй» (1 Иоанны 5:21, НТ).

«Кадджын кӕнут Иагъы, йӕ адӕм!»

Псаломты чиныджы 4 хайы фӕстаг ӕртӕ зарӕджы фӕуд кӕнынц ахӕм уынаффӕйӕ: «Кадджын кӕнут Иагъы, йӕ адӕм!» Фӕстаг псалом дӕр ацы ныхӕстӕй райдайы (Псалом 104:35, НД [103:35]; 104:45; 105:1, 48). Ацы дзырдбаст Псаломты чиныджы 4 хайы арӕх ӕмбӕлы.

Иегъовӕйы цӕй тыххӕй кадджын кӕнӕм, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сты. Псаломтӕ 72–105 лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ нӕ зӕрдӕ разӕнгард кӕндзӕн нӕ уӕларвон Фыдӕн бузныг дзурынмӕ. Иегъовӕ нын цы сарӕзта ӕмӕ ма нын фидӕны цы сараздзӕн, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕ нӕ бафӕнды ӕппӕт хъарутӕй «Иагъы кадджын кӕнын»?!

[Ныв 20 фарсыл]

Асафау махӕн дӕр нӕ бон у фыддзинадимӕ тох кӕнын, Хуыцаумӕ ӕввахс куы лӕууӕм, уӕд

[Ныв 21 фарсыл]

Фараон йе ’фсадимӕ Сырх денджызы фесӕфт

[Ныв 21 фарсыл]

Зоныс ӕй, маннӕ «зӕдты дзул» цӕмӕн хуыйны?

[Ныв 23 фарсыл]

Нӕ «зӕрдӕйы хъыгдзинӕдтӕй» цӕй фӕрцы фервӕздзыстӕм?