Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕны де ’наипдзинадӕй
Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕны де ’наипдзинадӕй
«Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (ӔМБ. 27:11).
1, 2. а) Иовы чиныгӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Сайтан цы сдзырддаг кодта? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Иовы заманты фӕстӕ дӕр ма Сайтан Йегъовӕйӕн фидистӕ кӕй кодта?
ЙЕГЪОВӔ Сайтанӕн уый бар радта, цӕмӕй йын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовы бафӕлвӕрдтаид. Иу бон Иов йӕ фос фесӕфта, йӕ сывӕллӕттӕ фӕмардысты, йӕхӕдӕг та уӕззау низӕй фӕрынчын. Фӕлӕ Сайтан Иовы ӕнаипдзинад куы сдзырддаг кодта, уӕд ӕрмӕст Иовы кой нӕ кодта. «Царм цармы тыххӕй, фӕлӕ адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн»,– загъта Сайтан. Уыцы дзырддаг фарста ӕрмӕст Иовмӕ нӕ хаудта, фӕлӕ иннӕ адӕммӕ дӕр. Уыцы фарстайӕн адӕмы дзуапп дӕттын хъуыди Иовы мӕлӕты фӕстӕ дӕр (Иов 2:4).
2 Иовы хъизӕмӕрттӕй 600 азы куы рацыд, уӕд Йегъовӕ Соломонӕн ныффыссын кодта: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (Ӕмб. 27:11). Бӕрӕг у, Сайтан уыцы рӕстӕг дӕр Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй дзырдта. Уымӕй уӕлдай ма апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, Сайтан Хуыцауы лӕггадгӕнджыты кӕй фаудта, суанг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыди, уый фӕстӕ дӕр. Ӕппаргӕ та йӕ ракодтой, 1914 азы Хуыцау уӕлӕрвты йӕ Паддзахад куы ’рфидар кодта, уӕд. О, абон дӕр ма – ацы фыддунейы фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уымӕй тынг бирӕ куы рацыд, уӕд дӕр ма – Сайтан дзырддаг кӕны Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕнаипдзинад! (Рарг. 12:10).
3. Иовы чиныгӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтыл ахуыр кӕнӕм?
3 Уӕдӕ ’ркӕсӕм, Иовы чиныгӕй цавӕр ӕртӕ ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ. Фыццаг, Иовы хъизӕмӕрттӕй рабӕрӕг, адӕмы ӕцӕг знаг чи у ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ адӕмы чи ардауы, уый. Уыцы знаг у Сайтан Хӕйрӕг. Дыккаг, Хуыцау не ’ввахс хӕлар куы уа, уӕд цыфӕнды зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ дӕр нӕ бон у ӕнаиппӕй баззайын. Ӕртыккаг, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд нӕ Хуыцау бафидар кӕны, Иовы куыд бафидар кодта, афтӕ. Абон нын Йегъовӕ ’ххуыс кӕны йӕ Ныхас, йӕ организаци ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды уылты.
Ма рох кӕн, де знаг чи у
4. Дуне цы уавӕры ис, уый кӕй аххос у?
4 Бирӕты уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, Сайтан ӕцӕгдӕр кӕй ис. Уымӕ гӕсгӕ кӕд тынг мӕт кӕнынц, дуне цы уавӕры ис, ууыл, уӕддӕр не ’мбарынц, аххосджын Сайтан Хӕйрӕг кӕй у. Раст зӕгъгӕйӕ, адӕм сӕхӕдӕг дӕр аххосджын сты, уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уым. Нӕ рагфыдӕлтӕ Адам ӕмӕ Евӕ се Сфӕлдисӕгӕй аздӕхтысты ӕмӕ сӕхи зондыл ацыдысты. Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ фӕлтӕртӕ кӕрӕдзи ивгӕ ӕнӕзондӕй архайынц. Фӕлӕ Евӕйы сайгӕ дӕр Хӕйрӕг фӕкодта ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ дӕр уый скодта. Ӕнӕххӕст адӕмы ахӕм зондыл сарӕзта, цӕмӕй сӕ фӕнда цӕрын, йӕ къухдариуӕджы бын чи ис, уыцы цардӕвӕрды. «Ацы цардӕвӕрды хуыцау» Сайтан кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕм дӕр уый хуызӕн сты: сӕрбӕрзонд, загъдмондаг, хӕлӕггӕнаг, зыдгӕнаг, сайӕгой ӕмӕ змӕнтаг (2 Кор. 4:4; 1 Тим. 2:14; 3:6; бакӕс Иаковы 3:14, 15). Адӕм ахӕм кӕй систы, уымӕ гӕсгӕ уый расайы змӕстытӕ политикӕ ӕмӕ дины бындурыл, адӕм сӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт фенынц, кӕрӕдзийы хъӕр нал фембарынц ӕмӕ гӕртамхортӕ сбирӕ вӕййынц. Ӕппӕт уыдӕттӕ адӕмӕн сӕ мастыл маст бафтауынц.
5. Цы зонындзинӕдтӕ нӕм ис, уыдонӕй куыд пайда кӕнӕм?
5 Цӕй диссаджы зонындзинӕдтӕ ис махмӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм! О, мах ӕй зонӕм, цард фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй аххосӕй кӕны, уый. Уӕдӕ нӕхи хӕсджыныл нӕ нымайӕм, цӕмӕй адӕмӕн дзурӕм, ӕппӕт бӕллӕхты дӕр аххосджын чи у, уый тыххӕй? Амондджын не стӕм, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы фарс кӕй лӕууӕм, ӕмӕ адӕмӕн кӕй ӕмбарын кӕнӕм, уый Сайтаны куыд фесафдзӕн ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон куыд скӕндзӕн?
6, 7. а) Знӕгтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ кӕй цӕуынц, уым аххосджын чи у? ӕ) Нӕ бон куыд у Елиуйы фӕзмын?
6 Дунейы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, Сайтан ӕрмӕст уым нӕу аххосджын, фӕлӕ ма знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй цӕуынц, уым дӕр. Сайтан йӕ фыццаг фӕнд нӕ фӕивта, фӕнды йӕ, цӕмӕй нӕ дарддӕр дӕр фӕлвара. Йесо Чырысти апостол Петрӕн загъта: «Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй мӕнӕуау луӕрст ӕрцӕуат» (Лук. 22:31). Уымӕ гӕсгӕ Йесойы къахвӕдтыл чи цӕуы, уыдонӕй алчидӕр ӕвзардзӕн алыхуызон зындзинӕдтӕ. Петр Хӕйрӕджы абарста «богътӕгӕнаг домбаимӕ» – уыцы домбай разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый. Павел дӕр дзырдта: «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд» (1 Пет. 5:8; 2 Тим. 3:12).
7 Не ’мчырыстӕттӕй искӕуыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн равдисын, нӕ зӕрдыл кӕй дарӕм, не знаг Сайтан кӕй у, уый? Бӕллӕх кӕуыл ӕрцӕуа, уыцы ’фсымӕрӕй нӕхи дард нӕ ласдзыстӕм, фӕлӕ йемӕ ’цӕг хӕларау ныхас кӕндзыстӕм, раст Елиуй Иовимӕ куыд ныхас кодта, афтӕ. Мах не ’фсымӕры фарс балӕудзыстӕм нӕ иумӕйаг знаг Сайтанимӕ тохгӕнгӕйӕ (Ӕмб. 3:27; 1 Фес. 5:25). Не ’фсымӕр цыфӕнды зындзинады дӕр куы бахауа, уӕддӕр нӕ хӕс у, цӕмӕй йын баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ ӕнаиппӕй баззайа. Афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн.
8. Сайтаны къухы цӕуылнӕ бафтыд, цӕмӕй Иов Йегъовӕйы мауал кадджын кодтаид?
8 Фыццаг уал Сайтан Иовы фос фесӕфта. Фос кӕй дардта, уый фӕрцы цӕрын фӕрӕзта ӕмӕ йӕ бинонты дарынхъом уыди. Фӕлӕ ма Иовы фос хъуыди Хуыцауӕн кувынӕн дӕр. Иов-иу йӕ сывӕллӕттӕн куы загъта, цӕмӕй сӕхи ссыгъдӕг кӕной, уӕд-иу «райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ-иу ӕрхаста судзинаг нывӕндтӕ, йӕ сывӕллӕттӕ цал уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Иов дзырдта: „Кӕд, мыййаг, мӕ фырттӕй исчи тӕригъӕд сарӕзта, кӕд сӕ исчи Хуыцауы йӕ зӕрдӕйы ралгъыста“. Афтӕ кодта Иов алкӕддӕр» (Иов 1:4, 5). Уӕдӕ Иов Йегъовӕйӕн ӕппынӕдзух хаста нывӕндтӕ. Фӕлӕ йӕ бӕллӕхтӕ куы райдыдтой, уӕд уыцы хъуыддаджы бакъуылымпы ис. Иовмӕ «хуыздӕрӕй цы уыди, уый» фесӕфта, ӕмӕ Йегъовӕйы цӕмӕй кадджын кодтаид, ахӕмӕй йӕ къухы ницыуал баззад (Ӕмб. 3:9). Фӕлӕ ма йӕ бон уыди Йегъовӕйы йӕ дзыхы ныхасӕй кадджын кӕнын ӕмӕ йӕ уӕвгӕ кадджын дӕр кодта!
Йегъовӕйы ’ввахс хӕлар у
9. Царды нын ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у?
9 Нӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы ’ввахс хӕлӕрттӕ суӕм, хъӕздыг стӕм ӕви мӕгуыр, ӕвзонг ӕви ацӕргӕ, ӕнӕниз ӕви рынчын. Хуыцауимӕ фидар тӕгтӕй баст куы уӕм, уӕд цыфӕнды зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ дӕр ӕнаипп уыдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Рӕстдзинад хорз чи нӕ зыдта, суанг уыдон дӕр фидар фӕлӕууыдысты ӕмӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ не сивтой.
10, 11. а) Нӕ хотӕй иу йӕхи куыд дардта, йе ’наипдзинад фӕлвӕрд куы цыди, уӕд? ӕ) Уыцы хо Сайтанӕн цавӕр дзуапп радта?
10 Ӕркӕсӕм хо Гарновская Валентинӕйы хабармӕ. Уый уыди, Уӕрӕсейы карз ӕфхӕрд чи баййӕфта, фӕлӕ Иовау ӕнаиппӕй чи баззад, уыцы бирӕ Ӕвдисӕнтӕй сӕ иу. 1945 азы йын иу ӕфсымӕр хорз хабар фехъусын кодта, уӕд ыл цыди 20 азы бӕрц. Уыцы ’фсымӕр ма йӕм дыууӕ хатты ’рбацыд, цӕмӕй йемӕ Библийыл аныхас кодтаид. Уый фӕстӕ йӕ Валентинӕ никуыуал федта. Кӕд хабар афтӕ рауад, уӕддӕр Валентинӕ райдыдта хъусын кӕнын йӕ сыхӕгтӕн. Уый тыххӕй йӕ ’рцахстой, аст азы йын радтой ӕмӕ йӕ лагермӕ арвыстой. 1953 азы йӕ рауагътой, ӕмӕ та ногӕй
хъусын кӕнын райдыдта. Фӕстӕмӕ та йӕ ’рцахстой ӕмӕ та йӕ сбадын кодтой – ныр та йын радтой дӕс азы. Цалдӕр азы фӕбадт иу лагеры, уый фӕстӕ йӕ арвыстой ӕндӕр лагермӕ. Уым хотӕй кӕмӕдӕрты уыди Библи ӕмӕ йын ӕй иу бон уыцы хотӕй чидӕр равдыста. Валентинӕйы цинӕн кӕрон дӕр нал уыд! Ахъуыды-ма кӕн, Валентинӕ уый размӕ Библи федта 1945 азы, хорз хабар ын чи радзырдта, ӕрмӕстдӕр уыцы ’фсымӕры къухы!11 Валентинӕйы 1967 азы куы ссӕрибар кодтой, уӕд ын фадат фӕци, цӕмӕй донаргъуыд райстаид. Ӕмӕ та уый дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта 1969 азы онг. Уыцы азы та йӕ ногӕй ӕрцахстой ӕмӕ йын ӕртӕ азы радтой. Фӕлӕ Валентинӕ уӕддӕр Хуыцауы тыххӕй дзырдта. Уый 44 адӕймагӕн баххуыс кодта раст фӕндагыл слӕууынӕн. Ахӕстӕтты ӕмӕ лагерты фӕци 21 азы. Валентинӕ йе ’наипдзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй цӕттӕ уыд йӕхи алцӕмӕйдӕр фӕцух кӕнынмӕ, суанг ахӕстоны сбадынмӕ дӕр. Валентинӕ амарди 2001 азы. Йӕ мӕлӕты размӕ загъта: «Мӕнӕн мӕхи хӕдзар никуы уыд. Мӕ дзаумӕттӕ цыдысты иу чумӕданы. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ ӕз уыдтӕн амондджын ӕмӕ мӕ цардӕй никуы хъаст кодтон». Кӕд Сайтан афтӕ загъта, зӕгъгӕ, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн, уӕддӕр ын Валентинӕ бӕлвырд дзуапп радта! (Иов 1:9–11). Нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Валентинӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кодта. Йегъовӕ дӕр тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Валентинӕйы дӕр, стӕй ма йыл мӕлӕты онг иузӕрдионӕй чи баззад, уыдоны дӕр кӕд райгас кӕндзӕн, уымӕ (Иов 14:15).
12. Цӕмӕй Йегъовӕимӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уымӕн уарзондзинад цӕмӕн хъӕуы?
12 Мах Йегъовӕимӕ хӕлӕрттӕ уымӕн стӕм, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕнӕм. Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц Хуыцауы миниуджытӕ ӕмӕ ӕппӕт дӕр аразӕм, цӕмӕй йӕ фӕндтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Хӕйрӕг ныл цыфӕнды ма мыса, уӕддӕр мах Йегъовӕйы уарзӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, ӕмӕ уыцы уарзондзинадыл нӕ уавӕртӕ дӕр не ’ндавынц. Зӕрдӕйӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фӕлварӕнты ӕнаиппӕй баззайӕм. Йегъовӕ та, «иузӕрдион [ыл] чи у, уыдонӕн сӕ фӕндаг хъахъхъӕндзӕн» (Ӕмб. 2:8; Пс. 97:10).
13. Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, мах уый тыххӕй цы аразӕм, уымӕ?
13 Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны Йегъовӕйы ном кадджын кӕнынмӕ, кӕд ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр. Уый нын кӕсы нӕ зӕрдӕйы хорз фӕндтӕм ӕмӕ нӕ никуы бафхӕры, цы нӕ фӕнды аразын, уый нын кӕронмӕ куы нӕ рауайы, уӕд. Уый кӕсы, цы аразӕм, ӕрмӕст уымӕ нӕ, фӕлӕ йӕ цӕмӕн аразӕм, уымӕ дӕр. Иов кӕд мастӕй зӕрдӕрыст уыди ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрста, уӕддӕр йе ’фхӕрджытӕн дзырдта, Йегъовӕйы фӕндӕгтӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. (Бакӕс Иовы 10:12; 28:28.) Иовы чиныджы фӕстаг сӕры фыст ис, Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар рӕстытӕ кӕй нӕ дзырдтой, уый тыххӕй сӕм Хуыцау мастӕй кӕй рафыхт. Уыцы сӕры ма бакӕсӕн ис, Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ Иовӕй кӕй рухс кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ цыппар хатты «мӕ лӕггадгӕнӕг», зӕгъгӕ, кӕй схуыдта ӕмӕ йын кӕй загъта, цӕмӕй йе ’фсоны ныфсӕвӕрджыты тыххӕй скува (Иов 42:7–9). Цӕй уӕдӕ, мах дӕр афтӕ архайӕм, Йегъовӕ нӕ райгонд куыд уа.
Йегъовӕ ӕххуыс кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн
14. Йегъовӕ Иовӕн куыд баххуыс кодта йӕ зондахаст сраст кӕнынӕн?
14 Иов кӕд ӕнӕххӕст уыд, уӕддӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ не сивта. Хатт-иу ахӕм тыхст уавӕры уыд, ӕмӕ-иу хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй нал каст. Зӕгъӕм, Иов Йегъовӕйӕн Иов 10:7; 16:17; 30:20, 21). Кӕд хабар афтӕ уыд, уӕддӕр Йегъовӕ Иовмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста ӕмӕ йын баххуыс кодта: цалдӕр фарстайы йӕм радта ӕмӕ уый фӕрцы Иов хуыздӕр бамбӕрста, Хуыцау адӕймагӕй бирӕ тыхджындӕр кӕй у ӕмӕ адӕймаджы йемӕ абарӕн дӕр кӕй нӕй. Иов уыцы ныхӕстӕм байхъуыста ӕмӕ йӕ зондахаст сраст кодта. (Бакӕс Иовы 40:8; 42:2, 6.)
загъта: «Ӕххуыс дӕ курын, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс... Дӕ къухы тых мыл ӕвзарыс». Уымӕй уӕлдай ма Иов йӕхимӕ ныккаст ӕмӕ йӕхи рӕстытӕ кодта: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн» ӕмӕ «Ӕз фыддзинад никӕмӕн ракодтон, мӕ куывд у сыгъдӕг» (15, 16. Йегъовӕ абон йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны?
15 Йегъовӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты разамынд. Уымӕй уӕлдай ма мах хайджын стӕм ӕндӕр стыр арфӕдзинӕдтӕй дӕр. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц. Уыцы нывонды фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы ’ввахс хӕлӕрттӕ суӕм, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕд дӕр (Иак. 4:8; 1 Иоан. 2:1). Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд Хуыцаумӕ фӕкувӕм, цӕмӕй нӕ йӕ сыгъдӕг уды уылты фидар кӕна. Уымӕй уӕлдай ма нӕм ис Библи. Кӕй йӕ кӕсӕм ӕмӕ, цы бакастыстӕм, ууыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый фӕрцы нӕхи цӕттӕ кӕнӕм, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уымӕ. Библи кӕй иртасӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, Хуыцауы хицаудзинады ӕмӕ адӕмы ӕнаипдзинады фӕдыл цы дзырддаг фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдон ӕмбарынӕн.
16 Уымӕй уӕлдай ма нын стыр пайда у, ӕгас дунейыл нын бирӕ ’фсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕй ис. Йегъовӕ не ’ппӕтӕн дӕр «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн литературӕ (Матф. 24:45–47). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн се ’мбырдтӕ сты 100 мины бӕрц. Уыцы ’мбырдты фембӕлдты Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд дӕтты ӕмӕ сӕ фидар кӕны, цӕмӕй сӕ бон уа фидар фӕлӕууын, сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд. Афтӕ кӕй у, уый фендзыстӕм иннӕ абзацы не ’рыгон хо Шилӕйы цӕвиттонӕй. Уый цӕры Германы.
17. Ӕрхӕсс цӕвиттон, абон Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ хъусын раст кӕй у, уымӕн.
17 Иухатт, ахуыргӕнӕг къласы куы нӕ уыд, уӕд Шилӕйы ӕмкъласонтӕ сфӕнд кодтой, дӕсныфӕрсӕн гӕххӕттӕй базонын, хӕстӕгдӕр рӕстӕг сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Шилӕ ӕвӕстиатӕй къласӕй федде. Фӕстӕдӕр ын цы радзырдтой, уымӕй бамбӕрста, раст кӕй бакодта ӕмӕ бацин кодта. Ахуыргӕнинӕгтӕ дӕсны куы фарстой, уӕд фӕхатыдысты хӕйрӕджытӕ сӕм кӕй фӕзындысты ӕмӕ фыртӕсӕй къласӕй фӕлыгъдысты. Цымӕ Шилӕйӕн цы баххуыс кодта уырдыгӕй рацӕуын? Шилӕ дзуры: «Ацы хабары размӕ ’мбырды фембӕлды ныхас кодтам, дӕсныфӕрсӕн гӕххӕттӕй дӕсны фӕрсын куыд тӕссаг у, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ зыдтон, куыд мӕ бакӕнын хъӕуы. Мӕн фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнын, Ӕмбисӕндты 27:11 куыд фыст ис, афтӕ». Куыд хорз у, Шилӕ ’мбырды кӕй уыд ӕмӕ, сценӕйӕ цы дзырдтой, уымӕ лӕмбынӕг кӕй хъуыста!
18. Дӕ фидар фӕнд цы у?
18 Цӕй уӕдӕ нӕ алчидӕр Хуыцауы организацийы разамындмӕ лӕмбынӕг хъусӕд! Ӕдзух ӕмбырды фембӕлдтӕм кӕй цӕуӕм, Библи кӕй кӕсӕм, нӕ литературӕ кӕй ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕмӕ кӕй кувӕм ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстӕттимӕ кӕй хӕлариуӕг кӕнӕм, уый фӕрцы исӕм, цы разамынд ӕмӕ нӕ цы ’ххуыс хъӕуы, уый. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ тохы уӕлахиз кӕнӕм ӕмӕ йӕ ныфс ис, дарддӕр дӕр ыл иузӕрдион кӕй уыдзыстӕм. Цӕй стыр кад у, Йегъовӕйы ном кадджын кӕнын, ӕнаиппӕй цӕрын ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын!
Бахъуыды кодтай?
• Сайтан цавӕр хъуыддӕгты у аххосджын?
• Царды нын ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у?
• Цӕмӕй Йегъовӕимӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уымӕн сӕйраджыдӕр цы хъӕуы?
• Йегъовӕ нын абон куыд ӕххуыс кӕны?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 8 фарсыл]
Цы базоныс, уый дӕ иннӕтӕн дзурын нӕ фӕфӕнды?
[Ныв 9 фарсыл]
Нӕ бон у не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕнаиппӕй баззайой
[Ныв 10 фарсыл]
Валентинӕ йе ’наипдзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй йӕхи алцӕмӕйдӕр фӕцух кодта