Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕнды дӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнын?

Фӕнды дӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнын?

Фӕнды дӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнын?

«Иугонд Штатты цӕргӕйӕ ӕппындӕр ницы цух уыдыстӕм. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр мулкыл мард уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ тынг тыхстыстӕм, куыдфӕстагмӕ уыцы зондахаст махыл дӕр ӕмӕ нӕ дыууӕ фыртыл дӕр куы бандава. Мӕ цардӕмбалимӕ раздӕр лӕггад кодтам миссионертӕй ӕмӕ тынг бӕллыдыстӕм, раздӕр цы хуымӕтӕг, фӕлӕ амондджын цард кодтам, уымӕ».

РАЛЬФ ӕмӕ Паммӕ ахӕм фӕнд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ 1991 азы ныффыстой цалдӕр филиалмӕ. Сӕ фыстӕджы бамбарын кодтой, кӕй сӕ фӕнды, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнын. Мексикӕйы филиалӕй сӕм дзуапп ӕрцыд, уыцы бӕстӕйы тынг кӕй хъӕуы, англисаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн чи хъусын кӕна, ахӕм хъусынгӕнджытӕ. Уыцы фыстӕджы загъд уыд, зӕгъгӕ, «хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35). Ӕмӕ Ральф ӕмӕ Пам сӕ дыууӕ фыртимӕ (8 ӕмӕ 12 азы кӕуыл цыд) ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кодтой ӕмӕ сӕхи фӕсарӕнтӕм ацӕуынмӕ цӕттӕ кӕнын райдыдтой.

Тынг стыр территори

Ральф дзуры: «Иугонд Штаты ма куы уыдыстӕм, уӕд нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ сӕ хорззӕрдӕйӕ дзырдтой: „Фӕсарӕнтӕм цӕуын тӕссаг у! Уӕд та ма фӕрынчын стут? Цы пайда у, ӕмӕ англисаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕнынмӕ ацӕуат? Рӕстдзинад уым ӕппындӕр никӕй бахъӕудзӕн!“ Фӕлӕ мах нӕ фӕнд нӕ аивтам. Уырдӕм ацӕуын талф-тулфӕй не сфӕнд кодтам. Нӕхи цалдӕр азы цӕттӕ кодтам ӕмӕ алцӕуылдӕр дзӕбӕх ахъуыды кодтам. Мах стыр кредиттӕ нӕ истам, фӕсарӕнтӕм ацӕуыны тыххӕй ӕхца ӕмбырд кодтам, ӕмӕ-иу арӕх ныхас кодтам, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзыстӕм, ууыл».

Ральф ӕмӕ йӕ бинонтӕ Мексикӕмӕ куы ’рцыдысты, уӕд уал фыццаг ацыдысты филиалмӕ. Уым сын ӕфсымӕртӕ Мексикӕйы картӕ равдыстой ӕмӕ сын загътой: «Мӕнӕ уӕ территори!» Ацы бинонтӕ ’рцардысты горӕт Сан-Мигель-де-Альендейы. Уый ис Мехикойӕ цӕгат-хурныгуылӕны ’рдӕм 240 километры дарддӕр ӕмӕ дзы цӕры бирӕ фӕсарӕйнӕгтӕ. Уыцы горӕты ӕртӕ азы фӕстӕ фӕзынд англисаг ӕмбырд, ӕмӕ дзы уыди 19 хъусынгӕнӕджы. Уый уыд фыццаг англисаг ӕмбырд Мексикӕйы. Фӕлӕ сӕм нырма бирӕ куыст ӕнхъӕлмӕ каст.

Мексикӕйы цӕры иу милуанмӕ ’ввахс америкаг ӕмбӕстаджы. Уыдонӕй уӕлдай ма дзы ис, англисаг ӕвзаг хорз чи зоны, бирӕ ахӕм специалисттӕ ӕмӕ студенттӕ. Ральф зӕгъы: «Мах-иу арӕх куывтам, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ хуыммӕ фылдӕр кусджытӕ рарвыстаид. Ацы „зӕхх сгарынмӕ-иу чи ’рцыди“, уыцы ’фсымӕртӕ ӕмӕ хоты суазӕг кӕнынмӕ мах алкӕддӕр уыдыстӕм цӕттӕ» (Нымӕц. 13:2).

Сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнын райдыдтой

Тагъд рӕстӕджы Мексикӕмӕ ’рцыд, фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Семӕ ма уыдысты Билл ӕмӕ Кэти дӕр, Иугонд Штаттӕй. Уыцы къай уӕдмӕ дӕр 25 азы фӕлӕггад кодта, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ран. Сӕ зӕрды уыди испайнаг ӕвзаг ахуыр кӕнын, фӕлӕ сӕ пълӕнттӕ фӕивтой, горӕт Ахихикмӕ цӕрынмӕ куы ацыдысты, уӕд. Уыцы горӕт ис Чапалӕйы цады был – америкаг пенсиисджыты уарзон бынат. Билл дзуры: «Ахихикы англисаг ӕвзагыл чи дзуры ӕмӕ рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы агурыныл нын цыди фылдӕрӕй-фылдӕр рӕстӕг». Билл ӕмӕ Кэти уырдӕм куы ’рцыдысты, уӕд дзы дыууӕ азы фӕстӕ фӕзынд ӕмбырд – дыккаг англисаг ӕмбырд Мексикӕйы.

Кен ӕмӕ Джоанны (Канадӕ) фӕндыд сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын ӕмӕ Паддзахады хъуыддаджы фылдӕр архайын. Уыдон сӕ чызгимӕ ’рцыдысты Мексикӕмӕ. Кен дзуры: «Ӕнцон нын нӕ уыд, цалдӕр бон-иу тӕвд дон ӕмӕ рухс кӕм нӕ уыд, стӕй-иу телефон кӕм нӕ куыста, ахӕм ран цӕрын, фӕлӕ сахуыр стӕм». Уыйхыгъд уацамындӕй сӕ зӕрдӕ тынг рухс кодта. Цасдӕры фӕстӕ Кены снысан кодтой кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй, дыууӕ азы фӕстӕ та – хистӕр нӕлгоймагӕй. Райдианты сӕ чызг Британнийӕн зын уыд гыццыл англисаг ӕмбырды, уымӕн ӕмӕ дзы ӕрыгӕттӕ бирӕ нӕ уыд. Фӕлӕ Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнын куы райдыдта, уӕд ын фӕзынд бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр.

Патрик ӕмӕ Роксанн (штат Техас, АИШ) арӕх хъуыстой цымыдисаг цаутӕ англисаг ӕвзагыл дзурӕг быдырӕй. Уыцы быдыр сӕ тынг бацымыдис кодта, стӕй афтӕ дард дӕр нӕ уыд. Патрик дзуры: «Мах уал фыццаг бӕрӕггӕнӕг ацыдыстӕм Мексикӕйы цӕгат-хурыскӕсӕнмӕ, горӕт Монтерреймӕ ӕмӕ уым бамбӕрстам, Йегъовӕ нӕ уырдӕм кӕй ’рвиты». Фондз бонмӕ Техасы сӕ хӕдзар ауӕй кодтой ӕмӕ сӕ бон сси «Македонимӕ ’рцӕуын» (Ап. хъ. 16:9). Мексикӕйы цардамӕлттӕ кӕнын ӕнцон нӕ уыди. Фӕлӕ Патрик ӕмӕ Роксанн тынг цин кодтой, сӕ къорд дыууӕ азмӕ ӕмбырд кӕй сси. Уыцы къорды раздӕр уыди 17 хъусынгӕнӕджы, ныр та – 40.

Джефф ӕмӕ Деб дӕр сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, цӕмӕй сӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын суыдаид. Уыдон Иугонд Штатты се стыр хӕдзар ауӕй кодтой ӕмӕ Мексикӕмӕ ацыдысты. Уыдон ӕрцардысты Мексикӕйы хурыскӕсӕн донбылгӕрон горӕт Канкуны иу гыццыл фатеры. Раздӕр-иу конгресстӕм цыдысты, кондиционертӕ кӕм уыд, ахӕм хорз агъуыстытӕм, стӕй-иу дард дӕр нӕ уыдысты. Ныр та, цӕмӕй англисаг ӕвзагыл конгресмӕ байхъусой, уый тыххӕй фӕндагыл бахъӕуынц 8 сахаты, стӕй конгресстӕ вӕййынц гом стадионты. Фӕлӕ Джефф ӕмӕ Деб сӕхи цӕстӕй федтой, Канкуны ’мбырд куыд сырӕзт, уый. Ныр дзы ис иу-50 хъусынгӕнӕджы ӕмӕ сын уый хӕссы стыр циндзинад.

Мексикӕйаг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй дӕр чидӕртӕ райдыдтой англисаг ӕвзагыл хъусын кӕнын. Зӕгъӕм, Рубен ӕмӕ йӕ бинонтӕ куы фехъуыстой, Сан-Мигель-де-Альендейы фыццаг англисаг ӕмбырд кӕй фӕзынд ӕмӕ уыцы ӕмбырды территори ӕгас Мексикӕ дӕр кӕй у, уӕд сӕ бафӕндыд уыцы ’мбырдӕн баххуыс кӕнын. Уый тыххӕй та хъуамӕ сахуыр кодтаиккой англисаг ӕвзаг ӕмӕ ног ӕгъдӕуттӕ. Стӕй ма сӕ алы къуыри дӕр ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын хъуыдаид 800 километры. Рубен дзуры: «Нӕ зӕрдӕмӕ цыди, бирӕ рӕстӕг Мексикӕйы чи цӕры, уыцы фӕсарӕйнӕгтӕн хъусын кӕнын. Уыдонӕй ахӕмтӕ дӕр уыд, ӕмӕ хорз хабар сӕхи ’взагыл фыццаг хатт чи фехъуыста. Бирӕтӕн-иу афтӕ ӕхсызгон уыд, ӕмӕ-иу сӕ зӕрдӕ дӕр суынгӕг». Сан-Мигель-де-Альендейы ’мбырдӕн куы баххуыс кодтой, уӕд Рубен йӕ бинонтимӕ ацыд горӕт Гуанахуатомӕ, централон Мексикӕмӕ. Уым дӕр лӕггад кодтой пионертӕй ӕмӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй дзы фӕзындаид, 30 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр кӕм ис, ахӕм ӕмбырд. Абон лӕггад кӕнынц англисаг къорды горӕт Ирапуатойы Гуанахуатойы цур.

Хъусын кӕнын, зын ссарӕн чи у, ахӕм адӕмӕн

Мексикӕйы англисагау ӕрмӕст фӕсарӕйнӕгтӕ нӕ дзурынц, фӕлӕ ма бынӕттон цӕрджытӕй дӕр бирӕтӕ. Ӕвдисӕнтӕн ӕнцон нӕу ахӕм адӕмӕн Паддзахады хабар хъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыдон цӕрынц хъӕздыг районты, ӕмӕ уым та арӕх дуар бакӕнынц ӕххуырстытӕ. Фӕлӕ дуар хӕдзары хицӕуттӕ сӕхӕдӕг куы бакӕнынц, уӕддӕр сӕ хорз хабармӕ нӕ фӕфӕнды хъусын, уымӕн ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты бынӕттон сектӕ. Фӕлӕ сӕм ӕндӕрбӕстаг Ӕвдисӕнтӕ куы бацӕуынц, уӕд сӕм ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынц.

Ӕркӕсӕм Глорияйы цӕвиттонмӕ. Уый цӕры Керетаройы, централон Мексикӕйы. Мӕнӕ цы дзуры: «Ӕз-иу арӕх фембӕлдтӕн испайанаг ӕвзагыл дзурӕг Ӕвдисӕнтыл, фӕлӕ-иу сӕм никуы байхъуыстон. Мӕ бинонтӕ ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлдысты, уӕд мӕ ныфс асаст ӕмӕ Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын бацамона, цы кӕнын мӕ хъӕуы, уый. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мын мӕ дуар ӕрбахоста иу сылгоймаг ӕмӕ мӕм англисагау сдзырдта. Уый мӕ бафарста, зӕгъгӕ, уӕ хӕдзары, англисагау чи дзуры, ахӕм исчи ис? Фӕсарӕйнаг кӕй уыд, уый мӕ тынг бацымыдис кодта, ӕмӕ йын загътон, ӕз кӕй дзурын англисагау. Цӕмӕн ӕрбацыд, уый мын куы загъта, уӕд ахъуыды кодтон: „Ацы америкаджы ардӕм цы ’рхаста?“ Чи зоны мын Хуыцау мӕ куывд фехъуста, ӕмӕ мӕм ӕй уый ’рбарвыста». Глория сразы Библи ахуыр кӕныныл. Кӕд йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр йӕ уырнындзинад тагъд сфидар ӕмӕ донаргъуыд райста. Абон Глория у ӕххӕстрӕстӕг пионер, стӕй йӕ лӕг дӕр ӕмӕ йӕ фырт дӕр лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн.

Арфӕдзинӕдтӕ фылдӕр лӕггадгӕнгӕйӕ

Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕтты лӕггад кӕнын зын у, фӕлӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕ дӕр къаддӕр не сты. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Ральф дзуры: «Мах Библи ахуыр кодтам алыхуызон бӕстӕтӕй ӕрцӕуӕг адӕмимӕ: Стыр Британийӕ, Китайӕ, Ямайкӕйӕ ӕмӕ ма суанг Ганӕйы къаролы бинонтӕй кӕимӕдӕрты. Фӕстӕдӕр уыдонӕй дӕр чидӕртӕ райдыдтой ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕстаг цалдӕр азы мах федтам, куыд фӕзынд авд ног англисаг ӕмбырды. Нӕ дыууӕ фырты дӕр немӕ лӕггад кодтой пионертӕй, абон та лӕггад кӕнынц Иугонд Штатты Вефилы».

Абон Мексикӕйы ис 88 англисаг ӕмбырды ӕмӕ бирӕ къордтӕ. Сӕ нымӕцыл афтӕ тынг цӕмӕн ӕфты? Иу уымӕн, ӕмӕ англисаг ӕвзагыл дзурӕг цӕрджытӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ раздӕр никуы ныхас кодтой. Иннӕтӕ та хорз хабармӕ уымӕн байхъуыстой, ӕмӕ сӕ ныхмӕ ничи цыди. Сӕ райгуырӕн бӕстӕйы куы уыдаиккой, уӕд та сӕ уый, чи зоны, бахъыгдардтаид. Аннӕтӕ та Библи ахуыр кӕныныл уымӕн сразы сты, ӕмӕ пенсийы ацыдысты ӕмӕ сын фылдӕр рӕстӕг фӕзынд. Уымӕй уӕлдай ма, англисаг ӕмбырдты хъусынгӕнджытӕн сӕ ӕртыккаг хай сты пионертӕ. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕ дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбырдтӕ дӕр рӕзынц.

Арфӕдзинӕдтӕй цух нӕ уыдзынӕ

Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕппӕт зӕххы цъарыл дӕр, нырма бирӕ адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты, сӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕй куы фехъусой, уӕд. Куыд ӕхсызгон у, Паддзахады хъуыддаг фыццаг бынаты чи ’вӕры, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ – ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ, бинонджынтӕ ӕмӕ иунӕджытӕ – цӕттӕ кӕй сты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм цӕрынмӕ ацӕуын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм рӕтты ӕнцон цӕрӕн нӕу. Фӕлӕ, рӕстдзинад чи агуры, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы кӕй ссарынц, уый сын стыр циндзинад ӕрхӕссы, ӕмӕ сӕм сӕ зындзинӕдтӕ ӕппындӕр ницыуал фӕкӕсынц. Нӕ дӕ фӕнды дӕ царды истытӕ аивын, цӕмӕй дӕ бон суа ацӕуын, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ – дӕ бӕстӕйы уа, ӕви фӕсарӕнты? * (Лук. 14:28–30; 1 Кор. 16:9). Кӕд о, уӕд арфӕдзинӕдтӕй цух нӕ уыдзынӕ.

[Фиппаинаг]

^ 21 абз. Уый фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн ис чиныг «Организованы, чтобы исполнять волю Иеговы»-йы 111, 112 фӕрстыл.

[Рамкӕ 21 фарсыл]

Амондджын пенсиисджытӕ ӕргом сӕхимӕ здахынц

Берил Стыр Британийӕ цӕрынмӕ алыгъд Канадӕмӕ. Уый куыста цалдӕр стыр компанийы. Стӕй ма бӕхыл бадын дӕр афтӕ хорз базыдта, ӕмӕ йӕ 1980 азы Олимпион хъӕзтытӕм фӕхуыдтой. Пенсийы куы рацыд, уӕд йӕ лӕгимӕ алыгъдысты Мексикӕмӕ, горӕт Чапалӕмӕ. Уым-иу арӕх цыдысты ресторантӕм ӕмӕ-иу дзы сӕмбӕлдысты, англисагау чи дзырдта, бирӕ ахӕм хъӕлдзӕг ацӕргӕ адӕмыл. Берил-иу семӕ базонгӕ ӕмӕ-иу сӕ бафарста, Мексикӕйы цы кусут, зӕгъгӕ. Уыцы хъӕлдзӕг адӕмӕн-иу сӕ фылдӕр разындысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Берил ӕмӕ йӕ лӕг хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг амондджын уа ӕмӕ цӕмӕн цӕры, уый зона, уый тыххӕй кӕд Хуыцауы зонын хъӕуы, уӕд уыдоны дӕр фӕнды Хуыцауы базонын. Чырыстон фембӕлдтӕм цалдӕр мӕйы куы фӕцыдысты, уӕд Берил сразы Библи ахуыр кӕныныл. Фӕстӕдӕр сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ цалдӕр азы дӕргъы лӕггад кодта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй.

[Рамкӕ 22 фарсыл]

«Ам кӕй сты, уый нын стыр арфӕдзинад у»

Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы бӕстӕтӕм чи ацӕуы, уыдонӕн бынӕттон ӕфсымӕртӕ тынг фӕаргъ кӕнынц. Карибы денджызы сакъадахтыл цы филиал ис, уырдыгӕй ныффыстой: «Махмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй чи лӕггад кӕны, уыдон куы ацӕуой, уӕд уый ӕмбырдтыл тынг фӕзындзӕн. Ам кӕй сты, уый нын стыр арфӕдзинад у».

Хуыцауы Ныхас зӕгъы, зӕгъгӕ, «хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад» (Пс. 68:11). Уӕдӕ диссаг нӕу, фӕсарӕнты чи лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн бирӕ ӕнӕцыд хотӕ кӕй ис. Ахӕм удуӕлдай хоты лӕггад у стыр ӕххуыс. Скӕсӕн Европӕйы филиалтӕй иуӕй ныффыстой: «Бирӕ ’мбырдты фылдӕр хай сты хотӕ, иуӕй-иуты та сӕ 70 проценты. Уыцы хотӕй бирӕтӕ Хуыцауы фӕндагыл ӕрӕджы слӕууыдысты, фӕлӕ нӕм ӕндӕр бӕстӕтӕй цы ӕнӕцыд пионер-хотӕ ис, уыдон сын, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм ӕххуыс кӕнынц. Фӕсарӕйнаг хотӕ махӕн ӕцӕгдӕр сты зӕрдӕрухсы хос!»

Цы хъуыды кӕнынц ахӕм хотӕ, фӕсарӕнты кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй? «Бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм,– дзуры, цалдӕр азы фӕсарӕнты пионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕнӕцыд хо, 30-аздзыд Анжеликӕ.– Кӕм лӕггад кодтон, уыцы бынӕттӕй иуы адӕм уыдысты тынг мӕгуыр. Алы бон дӕр мӕ-иу хъуыди цӕуын цъыф фӕндӕгтыл. Стӕй-иу арӕх ӕмбӕлдтӕн, бирӕ хъизӕмӕрттӕ чи ’взӕрста, ахӕм адӕмыл. Сӕ тӕригъӕдӕй-иу мӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта. Фӕлӕ райгонд уыдтӕн, уацамынды адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодтон, уымӕй. Ныфсы хос ма мын уыдысты бынӕттон хотӕ дӕр, кӕй сӕм ӕрцыдтӕн, уый тыххӕй мын арӕх бузныг чи дзырдта, уыдон. Иу хо мын загъта, зӕгъгӕ сӕм ӕз дард бӕстӕйӕ кӕй ’рцыдтӕн, цӕмӕй ам пионерӕй лӕггад кӕнон, уый йӕ сразӕнгард кодта ӕххӕстрӕстӕг лӕггад райдайынмӕ».

Сью лӕггад кӕны пионерӕй, цӕуы йыл 50 азӕй гыццыл фылдӕр. Сью зӕгъы: «Бӕллӕхтӕй хызт нӕ дӕн, фӕлӕ уыдон ницы сты мӕ арфӕдзинӕдты раз. Мӕ лӕггад мын стыр цины хос у! Хъусын кӕнынмӕ арӕх фӕцӕуын ӕрыгон хотимӕ. Ӕмӕ нӕ ныхас, зындзинӕдты сӕрты куыд ис ахизӕн, ууыл куы рауайы, уӕд сын радзурын, уый тыххӕй Библийы ӕмӕ нӕ литературӕйы кӕй бакастӕн, ахӕм хъуыдытӕ. Арӕх мын фӕдзурынц, зӕгъгӕ, дам, дӕумӕ кӕсгӕйӕ, мах дӕр ныфс бацӕуы, нӕ бон кӕй суыдзӕн царды зындзинӕдтӕн быхсын. Кӕд, дам, дӕуӕн – ӕнӕцыд хойӕн ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы пионерӕй чи лӕггад кӕны, уымӕн – йӕ бон фидар фӕлӕууын у, уӕд, дам, махӕн дӕр нӕ бон суыдзӕн фидар фӕлӕууын. Ахӕм хотӕн кӕй баххуыс кӕнын, уый мын хӕссы удӕнцой».

[Картӕ 20 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

МЕКСИКӔ

Монтеррей

Гуанахуато

Ирапуато

Чапалӕ

Ахихик

Чапалӕйы цад

Сан-Мигель-де-Альенде

Керетаро

МЕХИКО

Канкун

[Ныв 23 фарсыл]

Хорз хабар фыццаг хатт чи хъусы, уыцы фӕсарӕйнӕгтимӕ ныхас кӕнын ӕхсызгон вӕййы