Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, йӕхицӕн мӕ лӕггад кӕнын кӕй бауагъта

Бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, йӕхицӕн мӕ лӕггад кӕнын кӕй бауагъта

Радзырдта йӕ Матье де-Йонге ван-ден-Хёвел

ЦӔУЫ мыл 98 азы. Мӕнмӕ уыцы стыр кад ӕрхауд, ӕмӕ 70 азы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ мӕ уырнындзинад бирӕ хӕттыты ӕрцыд фӕлвӕрд. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы бахаудтӕн концлагермӕ. Концлагеры мӕ ныфс иу афон асаст, ӕмӕ уый тыххӕй рахастон, фӕстӕдӕр тынг кӕуыл фӕфӕсмон кодтон, ахӕм уынаффӕ. Цалдӕр азы фӕстӕ та сӕмбӕлдтӕн ӕндӕр уӕззау фӕлварӕныл. Фӕлӕ уӕддӕр ӕз Йегъовӕйӕ бузныг дӕн, йӕхицӕн мӕ лӕггад кӕнын кӕй бауагъта, суанг фӕлварӕнты дӕр.

Мӕ цард фӕивта 1940 азы октябры. Ӕз цардтӕн Нидерландты горӕт Хилверсюмы, Амстердамӕй 24 километры хуссарырдӕм. Нӕ бӕстӕ нын нацисттӕ бацахстой. Мӕ цардӕмбал Яп де-Йонгеимӕ цардыстӕм фондз азы бӕрц. Яп уыди тынг уарзӕгой адӕймаг. Уыдис нын 3-аздзыд чызг. Нӕ удӕй йӕ фылдӕр уарзтам. Йӕ ном хуынди Вилли. Уыцы рӕстӕг нӕ фарсмӕ цардысты иу мӕгуыр бинонтӕ, уыди сын 8 сывӕллоны. Ӕмӕ-иу хатт цы бахордтаиккой, уый дӕр-иу сын нӕ уыд. Семӕ ма цардис иу ӕрыгон лӕппу, ӕмӕ хӕргӕ дӕр семӕ кодта. «Ай ма та сӕ цӕмӕн хъӕуы?»– хъуыдытӕ-иу кодтон ӕз. Иухатт сын хӕринаг куы бахастон, уӕд базыдтон, уыцы лӕппу пионер кӕй уыди. Уый мын радзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ, цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕ мыл тынг бандӕвтой. Уыцы аз мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон ӕмӕ донаргъуыд райстон. Иу азы фӕстӕ мӕ цардӕмбал дӕр донаргъуыд райста.

Кӕд Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ нӕ зыдтон, уӕддӕр хорз ӕмбӕрстон, Ӕвдисӕн кӕй сдӕн, уый тыххӕй мӕхи бирӕ мӕстыты хай кӕй бакӕндзӕн. Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ карзӕй цыди. Зыдтон ма уый дӕр, ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ Паддзахады хабар хъусын кӕныны тыххӕй ахӕстоны кӕй бадтысты. Ӕз ӕвӕстиатӕй райдыдтон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Мӕ сӕрыхицауимӕ нӕ хӕдзары дуӕрттӕ байгом кодтам пионертӕ ӕмӕ цӕугӕ цӕстдарджытӕн. Нӕ хӕдзары ма бынат рахицӕн кодтам, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Амстердамӕй кӕй ластой, уыцы литературӕйӕн. Сӕ велосипедтыл-иу чингуытӕ срӕдзагъд кодтой ӕмӕ-иу сӕ уӕлейӕ брезентӕй бамбӕрзтой. Уыдон се ’ппӕт дӕр равдыстой стыр уарзондзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад! Уыдон се ’фсымӕрты тыххӕй сӕ цард тӕссаг уавӕры дӕр ӕппӕрстой (1 Иоан. 3:16).

«Мама, тагъд ӕрбацӕудзынӕ?»

Донаргъуыд куы райстон, уымӕй иу-6 мӕйы фӕстӕ ӕртӕ пъӕлицӕйаджы нӕ дуармӕ ӕрбалӕууыдысты. Уыдон хӕдзармӕ бацыдысты, ӕмӕ джигул кӕнын райдыдтой. Литературӕ кӕм ӕмбӕхстам, уыцы бынат нӕ базыдтой, фӕлӕ нын уӕддӕр нӕ сынтӕджы бын ссардтой цалдӕр чиныджы. Уыдон мын загътой, цӕмӕй семӕ Хилверсюммӕ участокмӕ ацыдаин. Уӕд ӕз мӕ чызгмӕ бацыдтӕн ӕмӕ йын ахъӕбыс кодтон, ӕмӕ мын афтӕ куы бакӕнид: «Мама, тагъд ӕрбацӕудзынӕ?» «О, мӕ зӕрдӕ, мама тагъд ӕрбацӕудзӕн»,– дзуапп ын раттон ӕз. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ акодтон мӕ чызджы мӕ хъӕбысы.

Иу пъӕлицӕйаг мӕ поездыл Амстердаммӕ аласта. Амстердамы мӕ пъӕлицӕйӕгтӕ хынцфарст кодтой, стӕй мын равдыстой Хилверсюмӕй ӕртӕ ӕфсымӕры ӕмӕ мӕ бафарстой, зӕгъгӕ, адон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты. Ӕз сын загътон: «Ацы лӕгтӕй зонын иуы. Ӕхсыр уымӕй фелхӕнӕм». Ӕмӕ нӕ фӕсайдтон, уыцы ӕфсымӕр ӕцӕгдӕр ӕхсыр уӕй кодта. «Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн у ӕви нӕ, уымӕй та йын йӕхи бафӕрсут»,– загътон ӕз. Сӕ фарстатӕн сын дзуапп куы нал лӕвӕрдтон, уӕд мыл дзӕхст-дзӕхстӕй балӕууыдысты ӕмӕ мӕ камерӕйы бакодтой. Уым фӕдӕн дыууӕ мӕйы. Кӕм дӕн, уый мӕ лӕг куы базыдта, уӕд мын ӕрбахаста мӕ дзаумӕттӕй цыдӕртӕ ӕмӕ иу гыццыл хӕринаг. Фӕстӕдӕр мӕ, 1941 азы августы, арвыстой сылгоймӕгты концлагермӕ Равенсбрюкмӕ, йе ’взӕры ном дардыл кӕмӕн айхъуыст, уырдӕм. Уыцы концлагерь уыди Берлинӕй (Германи) 80 километры дарддӕр.

«Ма тыхс, мӕ хо!»

Равенсбрюкмӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд нын загътой, зӕгъгӕ, йӕ диныл йӕ къух чи сиса ӕмӕ йӕ къух гӕххӕттыл чи ӕрфысса, уый йӕ хӕдзармӕ ауадздзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕз афтӕ нӕ бакодтон. Уӕд мӕ абанамӕ арвыстой, уым мын мӕ муртӕ байстой ӕмӕ мӕ сбӕгънӕг кодтой. Радтой мын дарӕс (хуыд ыл уыди сиренхуыз ӕртӕкъуымон), стӕй тӕбӕгъ, кружкӕ ӕмӕ уидыг. Абанайы ма фембӕлдтӕн цалдӕр хойыл Нидерландтӕй. Фыццаг ӕхсӕв нӕ бакодтой иу баракы. Куы мӕ ӕрцахстой, уӕдӕй нырмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы ӕхсӕв нӕ баурӕдтон мӕ кӕуын. Кӕугӕйӕ дзырдтон: «Дарддӕр цы бауыдзынӕн? Ам цас баззайдзынӕн?» Цы йӕ сусӕг кӕнон, уӕд Йегъовӕимӕ афтӕ ӕнгом нӕ уыдтӕн, уымӕн ӕмӕ рӕстдзинады цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нӕ уыдтӕн. Нырма мӕ бирӕ цыдӕртӕ хъуыди бамбарын. Дыккаг бон нӕ перекличкӕмӕ куы ӕрӕмбырд кодтой, уӕд иу хо Нидерландтӕй, ӕвӕццӕгӕн, федта, ӕнкъард кӕй уыдтӕн, уый, ӕмӕ мын афтӕ бакодта: «Ма тыхс, мӕ хо! Чи нын цы хъуамӕ ракӕна?»

Уый фӕстӕ нӕ акодтой ӕндӕр барактӕм, уым ныл тынг фӕцин кодтой нӕ немыцаг ӕмӕ голландиаг хотӕ. Уыдысты цалдӕр сӕдӕ хойы. Нӕ немыцаг хотӕй чидӕртӕ уыцы баракты афӕдзӕй фылдӕр цардысты. Уыдон мӕ тынг бафидар кодтой ӕмӕ гыццыл фӕхъӕлдзӕгдӕр дӕн. Дисы мӕ бафтыдта, нӕ хотӕ цы баракты цардысты, уыдон иннӕ барактӕй бирӕ сыгъдӕгдӕр кӕй уыдысты, уый. Ӕмӕ канд сыгъдӕгдӕр нӕ уыдысты, фӕлӕ ма нӕ баракты давгӕ дӕр нӕ кодтой, ӕлгъитгӕ дӕр ӕмӕ хыл дӕр ничи никӕимӕ кодта. Кӕд лагеры адӕм иууылдӕр фыдудӕй мардысты, уӕддӕр нын нӕ барактӕ абарӕн уыди сыгъдӕг сакъадахтимӕ чъизи денджызы астӕу.

Куыд цардыстӕм концлагеры

Концлагеры кусгӕ бирӕ кодтам, хӕргӕ та гыццыл. Райсомӕй-иу 5 сахатыл сыстадыстӕм ӕмӕ-иу нын уый фӕстӕ перекличкӕ скодтой. Цӕстдарджытӕ-иу нӕ ӕддейӕ иу сахаты бӕрц фӕлӕууын кодтой, ӕмӕ-иу сӕм нымады дӕр нӕ уыд, уаргӕ кодта ӕви-иу нӕ хур сыгъта. Ӕмӕ та-иу нын изӕры ногӕй 5 сахатыл перекличкӕ скодтой, нӕ къӕхтыл-иу тыхӕй лӕууыдыстӕм, афтӕмӕй. Уый фӕстӕ-иу иу гыццыл хъӕрмхуыпп ӕмӕ дзулы къӕбӕр бахордтам ӕмӕ-иу фырфӕлладӕй нӕ хуыссӕнтӕм тыхӕйты бахӕццӕ стӕм.

Хуыцаубоны йеддӕмӕ алы бон дӕр куыстон фермӕйы. Цӕвӕгӕй-иу мӕнӕу ӕркарстон, дзыхъхъытӕ-иу скъахтон ӕмӕ-иу хуыдон ныссыгъдӕг кодтон. Уӕззау ӕмӕ чъизи куыст уыд, фӕлӕ ӕрыгон кӕй уыдтӕн ӕмӕ мӕм фаг хъарутӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ мӕ бон уыди алы бон дӕр кӕнын. Стӕй-иу мӕхицӕн Хуыцауӕн кады зарджытӕ кодтон ӕмӕ-иу мӕхиуыл гыццыл фӕхӕцыдтӕн. Фӕлӕ-иу ахӕм бон нӕ уыд, ӕмӕ-иу мӕ лӕг ӕмӕ мӕ чызджы ма ӕрымысыдаин.

Кӕд нын хӕринаг бирӕ нӕ лӕвӕрдтой, уӕддӕр-иу хотӕ алы бон дӕр дзулы къӕбӕртӕ ӕмбырд кодтой, цӕмӕй-иу хуыцаубоны Библийы тыххӕй аныхас кӕнынмӕ куы ӕрӕмбырд стӕм, уӕд-иу иумӕ ахордтаиккам. Литературӕ нӕм нӕ уыд. Ӕмӕ-иу хистӕр иузӕрдион немыцаг хотӕ Библийӕ истытӕ куы дзырдтой, уӕд-иу сӕм хъусынӕй нал ӕфсӕстыстӕм. Суанг ма-иу Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр дӕр бӕрӕг кодтам.

Мӕ ныфс асаст, фӕсмон кӕнын, фӕныфсджындӕр дӕн

Хатт нын-иу цы куыст кӕнын кодтой, уый-иу баст уыд хӕстимӕ. Политикӕйы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайдтам, уымӕ гӕсгӕ хотӕй никуы ничи сразы ис, ӕмӕ-иу ӕз дӕр никуы сразы дӕн. Уый тыххӕй-иу нын цалдӕр боны хӕринаг нӕ радтой ӕмӕ-иу нын сахатгай перекличкӕтӕ кодтой. Иу хатт та зымӕджы 40 боны дӕргъы уазал баракты фестӕм.

Алы бон дӕр нын дзырдтой, зӕгъгӕ, уӕ диныл уӕ къух куы сисат ӕмӕ уӕ къухтӕ гӕххӕттыл куы ӕрфыссат, уӕд уӕ ауадздзыстӕм. Равенсбрюкы иу азы бӕрц куы фӕдӕн, уӕд мӕ ныфс бынтондӕр асаст. Мӕ лӕджы ӕмӕ мӕ чызджы ахӕм тынг ӕрымысыдтӕн, ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕм бацыдтӕн, уыцы гӕххӕт сӕ ракуырдтон ӕмӕ йыл мӕ къух ӕрфыстон.

Хотӕ уый куы базыдтой, уӕд мӕ иуӕй-иутӕ сӕхи ӕмбӕхсын райдыдтой. Фӕлӕ-иу мӕм дыууӕ ацӕргӕ немыцаг хойы, Хедвиг ӕмӕ Гертруд, ӕрбацыдысты ӕмӕ мын-иу дзырдтой, мах дӕ бирӕ уарзӕм, зӕгъгӕ. Хуыдоны-иу куы куыстам, уӕд-иу мын фӕлмӕнӕй ӕмбарын кодтой, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын тынг ахсджиаг хъуыддаг кӕй у. Стӕй йӕ кӕй уарзӕм, уый нӕ бон кӕй у равдисын, куы ницӕмӕй тӕрсӕм, уӕд. Сӕ дыууӕ дӕр мыл ныййарӕг мадау кӕй узӕлыдысты ӕмӕ мыл кӕй тыхстысты, уый мын-иу ахӕм ӕхсызгон уыди, ӕмӕ диссаг *. Цы ми бакодтон, уый бамбӕрстон ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕстдарджытӕм бацӕуын ӕмӕ сын зӕгъын, мӕ хъуыды аивтон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ иу изӕр иу хойӕн мӕ фӕнды тыххӕй загътон. Фӕлӕ нын, ӕвӕццӕгӕн, концлагеры хицау нӕ ныхас фехъуыста, ӕмӕ мӕ уый тыххӕй уыцы тӕккӕ изӕр Нидерландтӕм ӕндӕр концлагермӕ арвыстой. Цӕстдарджытӕй мын иу, абон дӕр ма йын йӕ цӕсгом хъуыды кӕнын, афтӕ куы бакӕнид: «Ды уӕддӕр Бибельфоршер дӕ (ома Библииртасӕг дӕ) ӕмӕ Бибельфоршерӕй баззайдзынӕ». Ӕз ын дзуапп радтон: «О, дӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндӕй баззайдзынӕн». Ныр дӕр ма мӕхиуыл дис фӕкӕнын, мӕ къух уыцы гӕххӕтыл куыд ӕрфыстон.

Нӕ къухтӕ нын цы гӕххӕтытыл ӕвӕрын кодтой, уым фыст уыд: «Ӕз дзырд дӕттын, Ӕппӕтдунеон Библииртасджыты Ӕхсӕнадӕй кӕй нал уыдзынӕн». Ӕз зыдтон, цы мӕ хъуыд аразын, уый. 1943 азы январы хӕдзармӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд та ногӕй райдыдтон хъусын кӕнын. Фӕлӕ мӕ нацисттӕ ногӕй куы ӕрцахстаиккой, уӕд мӕ ноджы карздӕр ӕфхӕрд баййӕфтаид.

Йегъовӕйӕн мӕ мӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр раттын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ та мӕ цардӕмбалимӕ нӕ хӕдзары дуӕрттӕ байгом кодтам, литературӕ чи ласта, уыдонӕн ӕмӕ цӕугӕ цӕстдарджытӕн. Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ адӕмы тынг кӕй уарзтон, уый мӕ бон афтӕмӕй кӕй уыд равдисын, ууыл тынг цин кодтон.

Бӕстӕ ныл батар ис

Хӕст куы нӕма фӕци, уымӕй цалдӕр мӕйы размӕ ныл уӕззау хабар ӕрцыд. 1944 азы октябры нӕ чызг ӕвиппайды дифтерияйӕ фӕрынчын ис, ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ амард. Нӕ хъӕбулыл аст азы йеддӕмӕ нӕ цыд.

Дӕ иунӕг хъӕбул дӕ разӕй фӕуа, зӕххыл уымӕй зындӕр ницы ис. Равенсбрюкы цытӕ бавзӕрстон, уыдӕттӕ мӕм мӕ чызджы фӕстӕ ницыуал кастысты. Нӕхимӕ-иу куы ныхъхъуыстам, уӕд нын-иу алы хатт удӕнцойдзинад хастой Псаломы 16:8 ныхӕстӕ: «Йегъовӕ ӕдзухдӕр ис мӕ цӕстыты раз. Ӕз никуы фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый ис мӕ рахиз фарс». Йегъовӕ нын нӕ чызджы кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл мӕ цардӕмбалимӕ никуы дызӕрдыг кодтам. Рӕстдзинад нӕ ныууагътам ӕмӕ алкӕддӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтам. Яп амард 1969 азы. Уый мын тынг ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаин.

Арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ циндзинад

Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдон мын рагӕй фӕстӕмӕ сты стыр цины хос. Хӕсты рӕстӕг куыд уыд, афтӕ-иу уый фӕстӕ дӕр махмӕ ӕрлӕууыдысты, не ’мбырд нын чи бӕрӕг кодта, уыцы цӕстдарджытӕ сӕ цардӕмбӕлттимӕ. Иу цӕугӕ цӕстдарӕг Мартен Каптейн нӕм йӕ ус Нелимӕ фӕцард 13 азы. Нел уӕззау низӕй куы фӕрычын ис, уӕд ӕм ӕртӕ мӕйы кастӕн, цалынмӕ нӕ амард, уӕдмӕ. Уыдон ӕмӕ мын не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг баххуыс кодтой, цӕмӕй цин кодтаин, Йегъовӕ мын цыдӕриддӕр радта, ууыл.

1995 азы мӕ царды ӕрцыд диссаджы хабар – Равенсбрюкмӕ мӕ фӕхуыдтой. Уым фембӕлдтӕн, концлагеры кӕимӕ уыдтӕн, уыцы хотыл. 50 азы сӕ нӕ федтон! Мах кӕрӕдзийыл тынг фӕцин кодтам ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийӕн ныфсытӕ февӕрдтам, чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ немӕ кӕй уыдзысты, уымӕй.

Апостол Павел Ромӕгтӕм 15:4 ахӕм ныхӕстӕ загъта, зӕгъгӕ нӕм нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы ис ныфс. Ӕз бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, ахӕм ныфс мын кӕй радта, уый тыххӕй. Уый фӕрцы мӕ бон уыди Йегъовӕйӕн суанг фӕлварӕнты дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын.

[Фиппаинаг]

^ 19 абз. Уыцы рӕстӕг Разамонӕг советимӕ бастдзинад кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ нейтралитеты тыххӕй ӕфсымӕртӕ иу хъуыдыйыл хӕст нӕ уыдысты.

[Ныв 10 фарсыл]

Япимӕ, 1930

[Ныв 10 фарсыл]

Нӕ чызг Вилли 7-аздзыдӕй

[Ныв 12 фарсыл]

1995 азы ногӕй фембӕлдыстӕм. Ӕз дӕн фыццаг рӕнхъы галиуырдыгӕй, дыккаг