Де ’мчырыстӕтты макуы ферох кӕн
Де ’мчырыстӕтты макуы ферох кӕн
«ДӔС азы дӕргъы нӕ бизнес йеддӕмӕ ӕндӕр ницыуал уыдтам, ӕмӕ тынг схъӕздыг стӕм. Кӕд рӕстдзинад гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдтам, уӕддӕр Хуыцауӕй тынг адард стӕм ӕмӕ нӕм тыхтӕ нал уыди фӕстӕмӕ рӕстдзинадмӕ раздӕхынӕн»,– дзурынц Ярослав ӕмӕ йӕ цардӕмбал Беатӕ *.
Ӕндӕр ӕфсымӕр та, Марек, зӕгъгӕ, афтӕ загъта: «Польшӕйы царды уавӕртӕ кӕй ивтой ӕмӕ дзы политикон ивындзинӕдтӕ кӕй уыди, уый тыххӕй иу куыст иннӕйы фӕдыл сӕфтон. Ӕмӕ цы акодтаин, уый нал зыдтон. Фӕлтӕрддзинад мӕм кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй фыццаг тарстӕн исты бизнес райдайын. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ тыхтӕ уыцы хъуыддаджы бафӕлвӕрдтон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ бинонтӕ ницы цух уыдзысты ӕмӕ мӕ уырнындзинадӕн дӕр тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн. Фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ бамбӕрстон, тынг кӕй рӕдыдтӕн».
Ӕргътӕ бонӕй-бонмӕ хӕрдмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ куыст дӕр зын ссарӕн кӕй у, уый тыххӕй иуӕй-иутӕн сӕ ныфс асӕтты, ӕмӕ уый фӕстӕ фӕсмон кӕуыл фӕкӕнынц, ахӕм уынаффӕтӕ рахӕссынц. Уый фыдӕй иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ фылдӕр рӕстӕг кусын райдыдтой, стӕй ма ӕндӕр куысты дӕр ныллӕууыдысты кӕнӕ сӕхи бизнес райдыдтой, кӕд сӕм фӕлтӕрддзинад нӕ уыд, уӕддӕр. Афтӕ хъуыды кӕнынц, Еккл. 9:11, 12).
ӕмӕ фылдӕр ӕхца куы кусой, уӕд сӕ бинонтӕ хуыздӕр цӕрдзысты ӕмӕ Хуыцауӕй нӕ адард уыдзысты. Фӕлӕ цард доны къусӕй уӕлдай кӕй нӕу, стӕй экономикӕ дыууӕрдӕм кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ адӕймагӕн йӕ хорз фӕндтӕй дӕр ницы рауайы. Ӕппынфӕстаг, иуӕй-иутӕ зыд кӕныны къӕппӕджы бахауынц ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ хъӕздыгдзинадыл баивынц (Хотӕй ӕмӕ ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ дунейы хъуыддӕгты фӕдыл афтӕ тынг адзӕгъӕл сты, ӕмӕ сын рӕстӕг нал ис Библи ахуыр кӕнынӕн, ӕмбырдтӕм цӕуынӕн ӕмӕ хъусын кӕнынӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый сӕ уырнындзинадыл ӕнӕмӕнгӕй фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕ адард кӕндзӕн. Стӕй ма ферох кӕнынц ноджы иу ахсджиаг хъуыддаг – «уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ сты, уыдонимӕ» сӕ цы тӕгтӕ бӕттынц, уый (Гал. 6:10). Иуӕй-иутӕ дзы гыццылгай-гыццылгай се ’мчырыстӕттӕй адард сты. Уӕдӕ ацы хъуыддагмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм.
Не ’мчырыстӕтты раз ныл ис хӕс
Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ кӕрӕдзи нӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавӕм, ӕмӕ уымӕн ис бирӕ фадӕттӕ (Ром. 13:8). Мыййаг, де ’мбырды ис, «ӕххуысмӕ чи дзыназы, ахӕм ӕфхӕрд адӕймӕгтӕ»? (Иов 29:12). Иуӕй-иутӕ дзы, чи зоны, цух ӕййафынц. Ӕмӕ сын нӕ бон баххуыс кӕнын куыд у, уый тыххӕй апостол Иоанн загъта: «Хъуаг чи ницӕмӕй ӕййафы, уый йе ’фсымӕры мӕгуырдзинад куы уына ӕмӕ йын куы нӕ фӕтӕригъӕд кӕна, уӕд уымӕй куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзы?» (1 Иоан. 3:17).
Чи зоны, ахӕм адӕмӕн ӕххуыс кӕныс ӕмӕ сӕ цух ницӕмӕй уадзыс. Фӕлӕ не ’мчырыстӕтты кӕй уарзӕм, уый ма нӕ бон у равдисын ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр. Иуӕй-иутӕ дзы, гӕнӕн ис, иунӕг кӕй сты кӕнӕ сӕ ныфс кӕй асаст, уый тыххӕй ӕххуысмӕ дзыназынц. Чи зоны сӕхи Хуыцауӕн лӕггад кӕныны аккагыл дӕр нӕ нымайынц, низтӕ сӕ сӕ быны скодтой кӕнӕ сын чидӕр амард. Нӕ бон сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауын у, лӕмбынӕг-иу сӕм куы байхъусӕм ӕмӕ-иу семӕ куы ныхӕстӕ кӕнӕм, уӕд. Афтӕмӕй сын сӕ зӕрдӕйы рыст гыццыл ӕрсабыр кӕндзыстӕм ӕмӕ сын баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уой (1 Фес. 5:14). Уый фӕрцы, не ’мчырыстӕтты ӕхсӕн цы уарзондзинад ис, уый фӕтыхджындӕр уыдзӕн.
Уӕлдайдӕр хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зоной зӕрдӕбынӕй хъусын, адӕймаджы уавӕры цӕуын ӕмӕ Библийӕ фӕлмӕнӕй уынаффӕ дӕттын (Хъуыд. 20:28). Афтӕмӕй ӕмбырды цӕстдарджытӕ фӕзмдзысты апостол Павелы. Павел та йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты «тынг... уарзта» (1 Фес. 2:7, 8).
Фӕлӕ хотӕй ӕмӕ ӕфсымӕртӕй исчи дзугӕй куы адзӕгъӕл уа, уӕд ма йӕ бон уыдзӕн йе ’мчырыстӕтты раз йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын? Суанг ӕмбырды цӕстдарджытӕй дӕр уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад йӕ фӕдыл нӕ асайдзӕн. Уӕдӕ, чырыстон
ахӕм къӕппӕджы куы бахауа, уӕд ын цы кӕнгӕ у?Царды сагъӕстӕ сӕ сӕ быны скодтой
Бинонты дарын ӕнцон нӕу, ӕмӕ уый тыххӕй адӕймаджы царды сагъӕстӕ сӕ быны скӕнынц ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ вӕййы (Матф. 13:22). Райдианы цы Марекы кой кодтам, уый афтӕ зӕгъы: «Мӕ бизнесӕй куы ницы рауад, уӕд сфӕнд кодтон фӕсарӕнтӕм ацӕуын ӕмӕ уым хорз куыст ссарын. Фыццаг уал ӕртӕ мӕймӕ ацыдтӕн, уый фӕстӕ ма дзы ноджы ӕртӕ мӕйы аззадтӕн, стӕй та ноджыдӕр. Хӕдзармӕ-иу искуы иухатт цыбыр рӕстӕгмӕ ӕруадтӕн. Мӕ бинойнаг ӕнӕуырнӕг уыд, ӕмӕ йӕ фарсмӕ кӕй нӕ уыдтӕн, уый тыххӕй тынг тыхсти».
Фӕлӕ уымӕй ӕрмӕст мӕ бинонты цардӕн нӕ уыд тӕссаг. «Бон-сауизӕрмӕ куыстон судзгӕ хуры бын,– зӕгъы Марек.– Кӕимӕ куыстон, уыдон ӕнӕгъдау адӕм уыдысты, ӕмӕ иннӕты сӕхицӕн тыхкуыст кӕнын кодтой. Бандиттӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Мӕ зӕрдӕ ӕппындӕр ницӕмӕй рухс кодта, мӕхимӕ кастӕн цагъар. Мӕхицӕн дӕр-иу мын рӕстӕг кӕй нал уыди, уый тыххӕй мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ бон нӕу иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын».
Марекы сӕр цытӕ баййӕфта, уый нын хъуамӕ уа зондзонӕн. Фӕсарӕнтӕм куы ацӕуӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕхца бакусӕм. Фӕлӕ ӕндӕр зындзинӕдты хай нӕхи нӕ бакӕндзыстӕм? Дзырдӕн, нӕ бинонты уырнындзинадӕн тӕссаг нӕ уыдзӕн ӕмӕ рӕвдыдцух нӕ уыдзысты? Не ’мбырдӕй нӕ адард уыдзыстӕм? Нӕ бон иннӕтӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уыцы кадӕй нӕ фӕцух уыдзыстӕм? (1 Тим. 3:2–5).
Цӕмӕй адӕймаг куысты бын фӕуа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг фӕсарӕнтӕм цӕуын нӕ хъӕуы. Ӕркӕсӕм-ма Ярослав ӕмӕ Беатӕйы хабармӕ. «Куыд адзӕгъӕл стӕм, уый хатгӕ дӕр нӕ фӕкодтам,– зӕгъы Ярослав.– Нӕ цард куы баиу кодтам, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ иу хорз ран хот-догтӕ уӕй кӕнын райдыдтам. Нӕ куыст размӕ ацыд, ӕмӕ сфӕнд кодтам нӕ бизнес фӕуӕрӕхдӕр кӕнын. Фӕлӕ нын рӕстӕг кӕй нал фаг кодта, уый тыххӕй ӕмбырдтӕ цух кӕнын райдыдтам. Уый размӕ та пионерӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй нал лӕггад кодтон. Стыр ӕхцатӕ кӕй куыстам, уымӕ гӕсгӕ стыр дукани бакодтам ӕмӕ иу ӕнӕуырнӕг адӕймагимӕ кусын райдыдтам. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ райдыдтон фӕсарӕнтӕм цӕуын, контракттӕ-иу скодтон, ӕмӕ-иу милуангай доллӕртӕ бакуыстам. Хӕдзары арӕх нӕ уыдтӕн, ӕмӕ мӕ цардӕмбалӕй ӕмӕ мӕ чызгӕй тынг адард дӕн. Нӕ бизнес размӕ тынг кӕй ацыди, уый тыххӕй, ӕппынфӕстаг, Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодтам. Ӕмбырдӕй кӕй фӕхауӕггаг стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’фсымӕртӕ нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нал уыдысты».
Ацы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис? Чырыстон куы фӕтырны, цӕмӕй царды дзӕбӕхӕй цӕра, уӕд къӕппӕджы бахауы, суанг фесафы «йӕ уӕлӕдарӕс» дӕр – йӕ чырыстон миниуджытӕ (Рарг. 16:15). Афтӕмӕй адард вӕййы, уый размӕ кӕмӕн ӕххуыс кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй.
Ахсджиагдӕр цы у, ууыл ахъуыды кӕн
Гӕнӕн ис, дзурӕм, мӕныл ахӕм хабар не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ хорз уаид, иууылдӕр куы ахъуыды кӕниккам, царды нӕ ӕнӕмӕнгдӕр цы хъӕуы, ууыл. Павел ныффыста: «Мах ацы дунемӕ ницы ӕрбахастам, ӕмӕ дзы хӕсгӕ дӕр ницы акӕндзыстӕм. Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм» (1 Тим. 6:7, 8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, царды уавӕртӕ алы бӕстӕты кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Иу бӕстӕйы, царды ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, ууыл нымад цы у, уый иннӕ бӕстӕйы, гӕнӕн ис, хъӕздыгдзинадыл нымад уа.
Цавӕрфӕнды уавӕрты ма цӕрӕм, уӕддӕр ӕркӕсӕм, Павел дарддӕр цы загъта, уымӕ: «Схъӕздыг уа, уымӕ чи тырны, уыдон... бахауынц фӕлварӕны ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ сӕм фӕзыны, адӕймаджы сӕфтмӕ ӕмӕ мӕлӕтмӕ чи кӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ» (1 Тим. 6:9). Къӕппӕг алы хатт дӕр йӕ амӕттагӕй ӕмбӕхст вӕййы, цӕмӕй дзы амӕттаг ӕнӕнхъӕлӕджы бахауа. Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй «фыдбылыз фӕндты» къӕппӕджы ма бахауӕм?
Царды нын сӕйрагдӕр цы у, уый куы сбӕрӕг кӕнӕм, уӕд нын фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ Библи ахуыр кӕнынӕн. Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ куы кувӕм, уӕд «алцыдӕр хорз зондзыстӕм ӕмӕ... алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уыдзыстӕм» иннӕтӕн 2 Тим. 2:15; 3:17).
баххуыс кӕнынмӕ (Цалдӕр азы дӕргъы Ярославӕн йе ’мбырдӕй фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕххуыс кодтой, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаид. Ӕмӕ Ярослав йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Цы йӕ сразӕнгард кодта, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Иухатт хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мемӕ куы ныхас кодтой, уӕд мын Библийӕ бакастысты, ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕндыд, фӕлӕ йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ныууадзын йӕ цӕст кӕмӕн нӕ уарзта, уыцы хъӕздыг ӕрыгон лӕппуйы тыххӕй. Уый фӕстӕ мӕ аивӕй бафарстой, зӕгъгӕ дын ацы хабар истӕуыл дзурӕг у. Ӕмӕ уӕд мӕ цӕстытӕ байгом сты!» (Ӕмб. 11:28; Мар. 10:17–22).
Ярослав йӕ зӕрдӕмӕ ныккаст, ӕмӕ йӕ цардыл лӕмбынӕг ахъуыды кодта, ӕмӕ сфӕнд кодта йе стыр бизнес ныууадзын. Дыууӕ азмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр уырнындзинады сӕ къахыл слӕууыдысты. Ярослав ныр у хистӕр нӕлгоймаг, ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн лӕггад кӕны, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕфсымӕртӕ бизнесы куы аныгъуылынц, ӕмӕ сӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ куы айрох вӕййынц, уӕд сын мӕхи тыххӕй радзурын, ӕнӕзонд ми кӕй у, адӕймаг йӕхи ӕнӕуырнӕгимӕ иу ӕфсондзы куы баифтындза, уый. Ӕнцон нӕ вӕййы, дуне нӕ цӕмӕй фӕсайы, уый ныхмӕ фидар фӕлӕууын ӕмӕ рӕстӕй архайын» (2 Кор. 6:14).
Марек дӕр бирӕ зындзинӕдты фӕстӕ йӕ цардыл ахъуыды кодта. Фӕсарӕнтӕм кӕй ацыд, уый фӕрцы йӕ бинонтӕ кӕд ӕхцацух нӕ уыдысты, уӕддӕр Марек Хуыцауӕй ӕмӕ йе ’фсымӕртӕй адард ис. Фӕлӕ иу бон лӕмбынӕг ахъуыды кодта, царды йын сӕйрагдӕр цы у, ууыл. «Уал азы дӕргъы уыдтӕн Варухы хуызӕн. Ӕз дӕр уыйау „ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домдтон мӕхицӕн“. Ӕппынфӕстаг мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйӕн байгом кодтон, ӕмӕ йын мӕ сагъӕстӕ радзырдтон. Уый фӕстӕ мӕ хъарутӕ бацыд, ӕмӕ та ногӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдтон» (Йер. 45:1–5). Марек ныр тырны иу «хорз хъуыддагмӕ» – фӕнды йӕ, цӕмӕй ӕмбырды цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕна (1 Тим. 3:1).
Фӕсарӕнтӕм хорз куыст ссарыны тыххӕй цӕуынвӕнд чи скӕны, уыдонӕн Марек ратты ахӕм уынаффӕ: «Фӕсарӕнты адӕймаг ӕнцонтӕй бахауы ацы фыддунейы къӕппӕджыты. Се ’взаг сын ӕвзӕр кӕй фӕзоны, уый тыххӕй йын зын вӕййы бынӕттон цӕрджытимӕ ныхас кӕнын. Хӕдзармӕ ӕхцаимӕ ӕрбаздӕхдзынӕ, фӕлӕ дӕ уырнындзинад афтӕ тынг ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн, ӕмӕ дӕ бирӕ рӕстӕг бахъӕудзӕн фӕстӕмӕ дӕ къахыл слӕууынӕн».
Куыстмӕ ӕмӕ ныл не ’фсымӕрты раз цы хӕс ис, уымӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Нӕ цардӕй фӕзминаг куы уӕм, уӕд иннӕты разӕнгард кӕндзыстӕм, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссой. Царды уӕз кӕуыл ӕрцыд, уыдоны хъӕуы ӕххуыс ӕмӕ сын сӕ рыст ӕмбарын. Баххуыс ма сын кӕндзӕн хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты хорз цӕвиттон дӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕн сӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсой ӕмӕ сӕ царды сагъӕстӕ сӕ быны ма скӕной (Дзут. 13:7).
Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй куысты ма аныгъуылӕм, ӕмӕ не ’мчырыстӕтты макуы ферох кӕнӕм (Фил. 1:10). Стӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрӕм ӕмӕ «Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг уӕм» (Лук. 12:21).
[Фиппаинаг]
^ 2 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.
[Нывтӕ 21 фарсыл]
Дӕ куыст дӕ ӕмбырдтӕм цӕуын нӕ хъыгдары?
[Нывтӕ 23 фарсыл]
Де ’мчырыстӕттӕн дӕ бон ӕххуыс кӕнын кӕй у, уыцы кадӕн аргъ кӕныс?