Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Ӕрвылазон хыгъды цы нымӕцтӕ вӕййы, уыдон куыд ӕмбарын хъӕуы?

Алы аз дӕр зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсӕм, «Ежегодник»-ы цы хыгъд вӕййы, уымӕ. Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы адӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд цӕттӕ кӕнынц, уый зонын нын тынг ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ цӕмӕй уыцы хыгъд бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ бӕлвырд зонӕм, сӕргӕндтӕ ӕмӕ нымӕцтӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый. Ӕркӕсӕм дзы иуӕй-иутӕм.

Лӕггады аз. Лӕггады аз райдайы сентябры ӕмӕ фӕвӕййы августы. «Ежегодник»-ы вӕййы ивгъуыд лӕггады азы хыгъд. Зӕгъӕм, 2011 азы «Ежегодник»-ы ис 2010 азы хыгъд, ома нымад цӕуы 2009 азы 1 сентябрӕй 2010 азы 31 августмӕ.

Хъусынгӕнджыты ӕппӕты фылдӕр нымӕц ӕмӕ рӕстӕмбис нымӕц. Хъусынгӕнджытӕм хауынц, аргъуыд чи райста, уыцы Ӕвдисӕнтӕ, стӕй, аргъуыд чи нӕма райста, фӕлӕ хорз хабар хъусын кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон дӕр. «Хъусынгӕнджыты ӕппӕты фылдӕр нымӕц» ист вӕййы, ӕппӕты фылдӕр хыгъдтӕ цы мӕй радтой, уымӕй. Уырдӕм бахӕссынц, уымӕй размӕ мӕй йӕ хыгъд ӕгӕр ӕрӕгмӕ чи радта ӕмӕ уыцы мӕйы хыгъдмӕ кӕй нӕ бахастой, уыдоны хыгъдтӕ дӕр. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ алы хъусынгӕнӕг дӕр хъуамӕ йӕ хыгъд алы мӕй дӕр афоныл дӕтта. «Хъусынгӕнджыты рӕстӕмбис нымӕц» та банымайынц афтӕ, ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ лӕггады азы дӕргъы ӕдӕппӕтӕй цы хыгъдтӕ раттынц, уыдон 12-ыл адих кӕнынц.

Сахӕттӕ ӕдӕппӕтӕй. 2011 азы «Ежегодник»-ы фенӕн ис, 2010 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй хъусын кодтой ӕдӕппӕтӕй 1,6 миллиард сахатӕй фылдӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн цы рӕстӕг лӕггад кӕнӕм, уый иууылдӕр уыцы нымӕцмӕ хаст не ’рцӕуы. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕй искӕй бабӕрӕг кӕныныл цас рӕстӕг хардз кӕнынц, уый хыгъдмӕ хаст не ’рцӕуы. Стӕй ӕмбырдты цас рӕстӕг вӕййӕм, нӕхӕдӕг Библи цас фӕахуыр кӕнӕм кӕнӕ, цы базонӕм, ууыл цас фӕхъуыды кӕнӕм, уыцы рӕстӕг дӕр нымад не ’рцӕуы.

Ӕхца. 2010 лӕггады азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕрмагонд пионертыл, миссионертыл ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджытыл бахардз кодтой 155 милуан доллӕрӕй фылдӕр. Фӕлӕ Библитӕ, чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ мыхуыр кӕнынӕн цас ӕхца бахъуыд, уый уырдӕм хаст не ’рцыд. Стӕй ӕгас дунейы дӕр Вефилты барвӕндонӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртыл ӕмӕ хотыл (сты 20 минӕй фылдӕр) цас ӕхца бахардз, уый дӕр хаст не ’рцыд.

Нысӕнттӕй чи саходы, уыдон. Ацы нымӕцмӕ хауынц, аргъуыд чи райста ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы, уыцы Ӕвдисӕнтӕ иууылдӕр. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уый у, зӕххыл чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕтты нымӕц. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ раздӕр цӕуыл ӕууӕндыдысты кӕнӕ нервытимӕ баст низтӕй рынчын кӕй сты, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрдзысты. Уымӕ гӕсгӕ, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл цал баззад, уый бӕлвырдӕй базонӕн нӕй, ӕмӕ нӕ уый хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны. Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы, уыдоны нӕмттӕ Разамонӕг совет никуы фӕфыссы *.

Мах зонӕм, ӕмӕ «стыр бӕллӕхы» дымгӕтӕ куы радымой, уӕд ма «нӕ Хуыцауы цагъартӕй», ома сӕрст чырыстӕттӕй, чидӕртӕ уыдзысты зӕххыл (Рарг. 7:1–3). Ӕмӕ цалынмӕ сӕрст чырыстӕттӕ зӕххыл цӕрынц, уӕдмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы. Ӕрвылазон хыгъдӕй нӕ бон у базонын, Йегъовӕйы адӕм ӕгас дунейы дӕр уыцы хъуыддаджы куыд архайынц, уый. Уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг та зӕххыл никуы уыди!

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Кӕс 2009 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг ӕмӕ йӕ разамонӕг совет», 24 фарс.