Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕны, уыцы «комы» ут

Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕны, уыцы «комы» ут

«Йегъовӕ рацӕудзӕн ӕмӕ уыцы адӕмтимӕ схӕцдзӕн, раджы заманты тохы бон куыд хӕцыд, афтӕ» (ЗАХ. 14:3).

1, 2. Тагъд рӕстӕджы цавӕр хӕст уыдзӕн ӕмӕ уыцы хӕсты мах цы нӕ хъӕудзӕн аразын?

ХАБАР уыд 1938 азы 30 октябры. Америкӕйы Иугонд Штатты милуангай адӕм хъуыстой иу зындгонд радиопрограммӕмӕ. Уыцы изӕр дзы ролтӕм гӕсгӕ кастысты ӕрымысгӕ хабӕртты чиныг. Ӕмӕ дзы иуафон бакастысты ног хабӕртты дикторы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дам, планетӕ Марсы цӕрджытӕ Зӕхмӕ ӕрбабырстой ӕмӕ йӕ хъавынц фесафынмӕ. Бирӕтӕ нӕ бамбӕрстой, уыцы ныхӕстӕ дӕр чиныгӕй кӕй уыдысты, уый. Афтӕ ахъуыды кодтой, ӕмӕ ӕцӕгдӕр хӕст райдыдта, ӕмӕ фыртӕссӕй сӕ сӕр ӕфснайынмӕ фесты.

2 Фӕлӕ разӕй ис ӕцӕг хӕст. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы хабармӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсынц. Уыцы хӕсты тыххӕй ӕрымысгӕ хабӕртты чиныгӕй нӕ базыдтам, фӕлӕ Библийӕ, Хуыцауы комытӕфӕй фыст чиныгӕй. Уый у Хуыцауы хӕст ацы фыддунейы ныхмӕ, Библи йӕ хоны Армагеддон (Рарг. 16:14–16). Уыцы рӕстӕг мах хӕцын никӕимӕ хъӕудзӕн. Дунейы цӕудзӕн ӕвирхъау хабӕрттӕ, фӕлӕ нӕ Йегъовӕ йе стыр хъаруйы фӕрцы диссаджы хуызы фервӕзын кӕндзӕн.

3. Цавӕр пехуымпарадыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕм нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ ӕрдарӕм?

3 Армагеддоны тыххӕй бирӕ хабӕрттӕ базонӕн ис Захарийы 14 сӕры фыст пехуымпарадӕй. Кӕд уыцы пехуымпарад 2 500 азы размӕ ӕрцыди фыст, уӕддӕр абон махӕй алкӕмӕ дӕр хауы (Ром. 15:4). Уыцы пехуымпарад амоны, Чырысти 1914 азы уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕмыл цы хабӕрттӕ цӕуы, уымӕ, стӕй ма, тагъд цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдонмӕ дӕр. Дзырд дзы цӕуы «стыр ком» ӕмӕ «царддӕттӕг дӕтты» тыххӕй (Зах. 14:4, 8). Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, уыцы «стыр ком» цы у ӕмӕ нӕ Йегъовӕ уым куыд хъахъхъӕны, уый тыххӕй. Базондзыстӕм ма, «царддӕттӕг дӕттӕ» цӕмӕ амонынц ӕмӕ нын цы пайда хӕссынц, уый дӕр. Ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбардзыстӕм, уыцы дӕттӕй нуазын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, стӕй ма нӕ фӕндгӕ дӕр кӕндзӕн, цӕмӕй дзы нуазӕм. Уӕдӕ ацы пехуымпарадмӕ не ’ргом куы раздахӕм, уӕд нын уый стыр пайда фӕуыдзӕн (2 Пет. 1:19, 20).

«ЙЕГЪОВӔЙЫ БОН» РАЙДЫДТА

4. а) «Йегъовӕйы бон» кӕд райдыдта? ӕ) 1914 азӕй дӕсазтӕ раздӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы хъусын кодтой? Хицӕуттӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ уымӕ цы цӕстӕй ракастысты?

4 Захарийы 14 сӕры цы пехуымпарад ис, уый райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Йегъовӕйы бон ӕрцӕуы». (Бакӕс Захарийы 14:1, 2.) Ацы ран «Йегъовӕйы бон» цы у? Уый у «Хицау Йесойы бон» ӕмӕ райдыдта 1914 азы, Йесо Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд (Рарг. 1:10; 11:15). Уымӕй дӕсазтӕ раздӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъусын кодтой, 1914 азы «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» кӕй фӕуыдзӕн ӕмӕ, чи никуыма уыд, ахӕм уӕззау рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн (Лук. 21:24). Адӕмтӕ уыцы хабармӕ цы цӕстӕй ракастысты? Сӕ хъус ӕм не ’рдардтой. Уый нӕ, фӕлӕ ма хицӕуттӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ уыцы зынгзӕрдӕ сӕрст чырыстӕттыл худтысты ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой. Афтӕмӕй уыдон худтысты Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ сты «уӕларвон Иерусалимы», ома Хуыцауы Паддзахады, минӕвӕрттӕ (Дзут. 12:22, 28).

5, 6. а) Знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куыд рацыдысты? ӕ) Горӕты ма «чи баззад, уыдон» чи уыдысты?

5 Пехуымпар Захари ныффыста, адӕмтӕ цы сараздзысты, уый тыххӕй: «Горӕт бацахсдзысты». «Горӕт», ома Иерусалим, амоны Хуыцауы Паддзахадмӕ. Ӕмӕ ма зӕххыл цы сӕрст чырыстӕттӕ ис, уыдонӕн уыцы Паддзахад у сӕ «бӕстӕ» (Фил. 3:20). Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг, Йегъовӕйы организацийы ахсджиаг хӕстӕ чи ӕххӕст кодта, уыцы ӕфсымӕрты куы ӕрцахстой ӕмӕ сӕ горӕт Атлантӕйы (штат Джорджи, АИШ) ахӕстоны куы бакодтой, уӕд сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ, «горӕт бацахстой», зӕгъгӕ. Знӕгтӕ сӕрст чырыстӕтты ӕнаххосӕй ӕмӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдтой, сӕ литературӕ парахат кӕнын сӕ нӕ уагътой ӕмӕ архайдтой хъусын кӕныны хъуыддаг бауромыныл. Афтӕмӕй сын знӕгтӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ «хӕдзӕрттӕ фӕхастой».

6 Фӕлӕ кӕд знӕгтӕ Хуыцауы адӕмӕй бирӕ фылдӕр уыдысты, кӕд сӕ ӕфхӕрдтой ӕмӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой, уӕддӕр сын раст дин фесафын нӕ бантыст. Сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты. Захари сӕ схуыдта, горӕты ма «чи баззад, уыдон», зӕгъгӕ. Знӕгтӕн сӕ къухы нӕ бафтыд, цӕмӕй сӕ «горӕтӕй... фӕсырдтаиккой».

7. Сӕрст чырыстӕттӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты?

7 Цымӕ Фыццаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕд знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы фӕдыл нал зылдысты? Нӕ, уый зӕгъӕн нӕй. Захари кӕй кой кӕны, уыцы ӕфхӕрд уый фӕстӕ дӕр ӕййӕфтой (Рарг. 12:17). Уый рабӕрӕг Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг. Сӕрст чырыстӕттӕ уӕд Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззадысты, уый нӕ абон стыр ныфс уадзы, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕн дӕр фӕразӕм. Зӕгъӕм, не ’нӕуырнӕг хиуӕттӕ, не ’мкусджытӕ кӕнӕ, кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, нӕ дины тыххӕй ныл куы фӕхудынц, уӕд нӕ фӕцудӕм (1 Пет. 1:6, 7). Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр «ӕмзондӕй фидар... лӕууӕм» ӕмӕ, «нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй ӕппындӕр... нӕ тӕрсӕм» (Фил. 1:27, 28). Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм, йе сӕфт сӕ чи уыны, уыцы дунейы ӕдас бынат кӕм хъуамӕ ссарой? (Иоан. 15:17–19).

ЙЕГЪОВӔ САРӔЗТА «СТЫР КОМ»

8. а) Хӕхтӕ Библийы иуӕй-иу хатт цӕмӕ фӕамонынц? ӕ) «Оливӕбӕлӕсты хох» цӕмӕ амоны?

8 Куыд федтам, афтӕмӕй ацы пехуымпарады Иерусалим амоны Хуыцауы Паддзахадмӕ. Ӕмӕ «Иерусалимы раз скӕсӕнырдыгӕй чи ис, уыцы оливӕбӕлӕсты хох» та цӕмӕ амоны? Уыцы хох «йӕ тӕккӕ астӕуыл дыууӕ дихы» куыд фӕуыдзӕн ӕмӕ дзы дыууӕ хохы куыд рауайдзӕн? Ӕмӕ уыцы хӕхтӕ Йегъовӕ, «мӕ хӕхтӕ», зӕгъгӕ, цӕмӕн хоны? (Бакӕс Захарийы 14:3–5.) Хӕхтӕ Библийы иуӕй-иу хатт фӕамонынц паддзахӕдтӕм, кӕнӕ хицауӕдтӕм. Стӕй арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ ӕдасдзинад дӕр Библийы арӕх баст вӕййынц Хуыцауы хохимӕ (Пс. 72:3; Ис. 25:6, 7). Уымӕ гӕсгӕ, «оливӕбӕлӕсты хох» амоны, Йегъовӕйы хицаудзинадмӕ, ӕгас Дун-дунейы хицау кӕй у, уымӕ.

9. «Оливӕбӕлӕсты хох» дыууӕ дихы кӕй фӕци, уый цӕуыл дзурӕг у?

9 «Оливӕбӕлӕсты хох» дыууӕ дихы кӕй фӕци, уый цӕуыл дзурӕг у? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ бӕлвырд хъуыддаджы тыххӕй скодта ноджыдӕр иу хицаудзинад – сфидар кодта, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахад. Ӕмӕ уый дӕр ис Йегъовӕйы къухы. Дыууӕ хицаудзинады дӕр Йегъовӕйы кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хоны, «мӕ хӕхтӕ», зӕгъгӕ (Зах. 14:4, 5).

10. Дыууӕ хохы ’хсӕн цы «стыр ком» фӕзынд, уый цы нысан кӕны?

10 Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ «йӕ къӕхтӕ ӕрӕвӕрдта» оливӕбӕлӕсты хохыл. Ӕмӕ, хох дыууӕ дихы куы фӕци ӕмӕ йӕ иу ӕмбис цӕгатырдӕм куы фӕцыд, йӕ иннӕ ӕмбис та – хуссарырдӕм, уӕд дӕр Йегъовӕ лӕугӕйӕ баззад уыцы дыууӕ хохыл. Хох дыууӕ дихы кӕй фӕци, уый тыххӕй Йегъовӕйы къӕхты ’хсӕн фӕзынд стыр ком. Уыцы «стыр ком» цы нысан кӕны? Адӕмӕн хӕхты ’хсӕн комы ӕдас куыд вӕййы, афтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн дӕр уыцы «стыр комы» Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты дӕлбар тӕссаг ницӕмӕй у. Йегъовӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй раст дин исчи фесафа. Оливӕбӕлӕсты хох кӕд адих? Уыцы хабар ӕрцыд 1914 азы, Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд. Пехуымпарады ма фыст ис, Йегъовӕйы адӕм уыцы «стыр коммӕ» кӕй лидздзысты. Уый та кӕд райдыдта ӕххӕст кӕнын?

ХУЫЦАУЫ АДӔМ УЫЦЫ «КОММӔ» ЛИДЗЫН РАЙДЫДТОЙ!

11, 12. а) Хуыцауы адӕм «коммӕ» лидзын кӕд райдыдтой? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмы йӕ фидар цонгӕй кӕй хъахъхъӕны?

11 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты» (Матф. 24:9). Адӕмтӕ сӕ се сӕфт уынын уӕлдай тынгдӕр райдыдтой 1914 азӕй фӕстӕмӕ, фӕстаг бонтӕ куы ралӕууыдысты, уӕд. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг знӕгтӕ иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты ӕгъатырӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ сын раст дин фесафын нӕ бантыст. 1919 азы Хуыцауы адӕм ссӕрибар сты Стыр Вавилоны, ома мӕнг дины, дзӕмбытӕй (Рарг. 11:11, 12). Растдӕр уыцы аз Хуыцауы адӕм лидзын райдыдтой, Йегъовӕйы «хӕхты ’хсӕн цы ком» фӕзынд, уырдӕм.

12 Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ сӕ 1919 азӕй фӕстӕмӕ дӕр хъахъхъӕны, зӕххыл кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр. Бирӕ азты дӕргъы алы бӕстӕты хицӕуттӕ архайдтой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мауал хъусын кодтаиккой ӕмӕ сӕ литературӕ мауал парахат кодтаиккой. Ахӕм хабӕрттӕ ма ныр дӕр кӕцыдӕр бӕстӕты ӕрцӕуы. Фӕлӕ знӕгтӕ цасфӕнды ма архайой, уӕддӕр сӕ бон нӕ бауыдзӕн раст дин фесафын. Йегъовӕ дарддӕр дӕр йӕ хъомысджын цонгӕй йӕ адӕмы хъахъхъӕндзӕн (Дык. з. 11:2).

13. Цы хъӕуы, цӕмӕй, Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕны, уыцы «комы» уӕм ӕмӕ уый абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?

13 Йегъовӕйыл дарддӕр дӕр иузӕрдион куы уӕм ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл фидар куы лӕууӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырысти хъахъхъӕндзысты. Ӕмӕ нӕ уӕд Хуыцауы «къухӕй ничи аскъӕфдзӕн» (Иоан. 10:28, 29). Мах хъуамӕ Йегъовӕйы нымайӕм Дунедарӕг Стыр Хуыцауыл ӕмӕ хъуамӕ йӕ Фырты разамындмӕ хъусӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ алцӕмӕй дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уый нӕ къухы ӕфта. Тагъд райдайдзӕн стыр бӕллӕх, ӕмӕ нӕ уӕд ноджы тынгдӕр бахъӕудзӕн йе ’ххуыс. Уӕдӕ абон уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй, Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕны, уыцы «комы» уӕм.

«ТОХЫ БОН» ӔРХӔЦЦӔ КӔНЫ

14, 15. Хуыцау цы адӕмы нӕ хъахъхъӕна, уыдонӕн йӕ «тохы бон» сӕ хабар куыд уыдзӕн?

14 Ацы дунейы кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕна, афтӕ Хӕйрӕг тынгӕй-тынгдӕр цӕудзӕн Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ. Фӕлӕ та Хӕйрӕг иубон Хуыцауы адӕмыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд уый уыдзӕн фӕстаг хатт. Уыцы бон Йегъовӕ тохы бацӕудзӕн ӕмӕ йе знӕгты се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн. Уый уыдзӕн, пехуымпар Захари цы «тохы боны» тыххӕй ныффыста, уыцы бон. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ хъомысджын хӕстон кӕй у, уый уыцы тохы куыд рабӕрӕг уыдзӕн, афтӕ никуыма (Зах. 14:3).

15 Уыцы тохы бон, Хуыцау цы адӕмы нӕ хъахъхъӕна, уыдонӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн? «Афтӕ зынаргъ чи у, уыцы рухсӕй», ома Хуыцауы хорзӕхӕй, хайджын нӕ уыдзысты. Захарийы пехуымпарады ма фыст ис, «бӕхтӕ, хӕргӕфстӕ, теуатӕ, хӕрджытӕ ӕмӕ ӕндӕр хӕдзарон фос» кӕй «ныссӕлдзысты». Уыцы цӕрӕгойтӕй-иу пайда кодтой хӕсты дӕр. Уӕдӕ ацы ныхӕстӕ уымӕ амонынц, ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ хӕстон техникӕйӕ спайда кӕнӕн нал уыдзӕн – раст цыма сӕлгӕ ныккодтой, афтӕ уыдзысты. Пехуымпарады ма фыст ис, Йегъовӕ йе знӕгты фыднизӕй кӕй бафхӕрдзӕн – «сӕ цӕстытӕ сӕ къуырфыты бамбийдзысты, се ’взаг та сӕ дзыхы бамбийдзӕн». Мах ӕй нӕ зонӕм, ацы ныхӕстӕ комкоммӕ сӕххӕст уыдзысты ӕви нӕ, фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ сӕ бон нал уыдзӕн Хуыцауы адӕмӕн зиан ӕрхӕссын, стӕй Хуыцауы ныхмӕ дзурын дӕр (Зах. 14:6, 7, 12, 15). «Зӕххон паддзӕхтӕ се ’фсӕдтимӕ» иууылдӕр Хӕйрӕджы фарс слӕудзысты. Фӕлӕ, зӕххыл кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр сӕ иу дӕр нӕ аирвӕздзӕн (Рарг. 19:19–21). «Уыцы бон, Йегъовӕ кӕй ныццӕгъда, уыдон хаудӕй лӕудзысты зӕххыл, иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ» (Йер. 25:32, 33).

16. Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм? Стыр бӕллӕхы рӕстӕг уӕлдай ахсджиаг цы уыдзӕн?

16 Хӕст алкӕмӕн дӕр хӕссы зиан, ӕппынфӕстаг чи фӕуӕлахиз вӕййы, суанг уыдонӕн дӕр. Адӕмӕн сӕ царды уавӕртӕ фӕфыддӕр вӕййынц. Хӕринаг сын нал фӕфаг кӕны. Сӕ мулк, сӕ фӕллой фесафынц. Раздӕр сын цы бартӕ уыд, уыцы бартӕ сын нал вӕййы. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг мах ахӕм зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд куыд кӕндзыстӕм? Фырмӕтӕй, куыд бакӕнӕм, уый нал зондзыстӕм? Нӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ нӕхимӕ ныхъхъусдзыстӕм? Хуыцауы ныууаддзыстӕм? Уӕдӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг уӕлдай ахсджиаг уыдзӕн, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, кӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. Афтӕмӕй мах уыдзыстӕм, Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕны, уыцы «комы». (Бакӕс Аввакумы 3:17, 18.)

«РАГУЫЛФ КӔНДЗЫСТЫ ЦАРДДӔТТӔГ ДӔТТӔ»

17, 18. а) «Царддӕттӕг дӕттӕ» цы сты? ӕ) «Скӕсӕн денджыз» ӕмӕ «ныгуылӕн денджыз» цӕмӕ амонынц? б) Цы аразын дӕ фӕнды ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр?

17 Армагеддон куы фӕуа, уӕд Чырыстийы паддзахбадӕнӕй «рагуылф кӕндзысты царддӕттӕг дӕттӕ». Уыцы «царддӕттӕг дӕттӕ» сты, Йегъовӕ адӕмӕн ӕнусон цард раттыны тыххӕй цыдӕриддӕр аразы, уый. Захарийы пехуымпарады «скӕсӕн денджыз» у Мард денджыз, «ныгуылӕн денджыз» та – Зӕххастӕу денджыз. Дыууӕ денджызы дӕр амонынц адӕммӕ. Мард денджыз амоны, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдонмӕ. Алыхуызон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕй йедзаг чи у, уыцы Зӕххастӕу денджыз та амоны, Армагеддоны хӕсты чи фервӕздзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕммӕ». (Бакӕс Захарийы 14:8, 9; Рарг. 7:9–15.) Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр нуаздзысты «царддӕттӕг дӕттӕй», кӕнӕ «царды доны цӕугӕдонӕй». Уый фӕрцы се ’ппӕт дӕр суыдзысты ӕххӕст ӕмӕ цӕрдзысты ӕнустӕм (Рарг. 22:1, 2).

Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕны, уыцы «комы» ут

18 Йегъовӕ ацы фыддуне куы сафа, уӕд нӕ бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нӕ йӕ ног дунемӕ бакӕндзӕн. Кӕд нӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уынынц, уӕддӕр мах нӕхицӕн фидарӕй загътам, Хуыцауы Паддзахадыл ӕнувыд кӕй уыдзыстӕм ӕмӕ, Йегъовӕ цы «ком» хъахъхъӕны, уырдыгӕй кӕй никуы рацӕудзыстӕм.