Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Фӕлварӕны рӕстӕджы» фидар фӕлӕууыдысты

«Фӕлварӕны рӕстӕджы» фидар фӕлӕууыдысты

ФЫЦЦАГ дунеон хӕсты рӕстӕг бирӕтӕ бамбӕрстой, Библииртасджытӕ хӕстмӕ кӕй нӕ цӕуынц (Ис. 2:2–4; Иоан. 18:36; Еф. 6:12). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Великобританийы цытӕ бавзӕрстой?

Хенри Хадсон

1916 азы Великобританийы цы закъон рацыд, уымӕ гӕсгӕ ӕфсадмӕ кодтой, 18 азӕй 40 азы онг кӕуыл цыд ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм нӕлгоймӕгты. Фӕлӕ закъон уыцы хӕсӕй сӕрибар кодта, «йӕ дины ӕмӕ йе ’фсармы тыххӕй» ӕфсадмӕ чи нӕ цыд, уыдоны. Сӕрмагонд тӕрхондӕтты та ӕвзӕрстой, кӕй уыд ӕфсадӕй суӕгъд кӕнӕн ӕмӕ-иу кӕй суӕгъд кодтой, уый ӕфсадмӕ цӕуыны бӕсты цы куыст хъуамӕ кодтаид, уый.

Фӕлӕ кӕд ахӕм закъон рацыд, уӕддӕр Библииртасджытӕй иуӕй-иуты уыцы хӕсӕй не ссӕрибар кодтой, ӕмӕ дзы 40 адӕймаджы ӕфсӕддон ахӕстӕтты сбадын кодтой, 8 та дзы Францимӕ хӕстмӕ арвыстой. Ӕфсымӕртӕ уыцы хъуыддаг растыл кӕй нӕ банымадтой, уый фӕдыл Великобританийы сӕйраг министр Герберт Асквитмӕ арвыстой фыстӕг 5 500 къухфыстимӕ.

Францимӕ кӕй арвыстой, уыцы 8 адӕймаджы сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз кӕй нӕ истой, уый тыххӕй сын мӕлӕты тӕрхон кӕй рахастой – хъуамӕ сӕ фехстаиккой. Фӕлӕ сӕ марынмӕ куы ракодтой, уӕд сын загътой, маргӕ сӕ кӕй нӕ акӕндзысты, фӕлӕ 10 азы ахӕстоны кӕй фӕбаддзысты. Стӕй сӕ фӕстӕмӕ Англимӕ ӕнӕуи ахӕстӕттӕм арвыстой.

Джеймс Фредерик Скотт

Хӕст бирӕ рӕстӕг ахаста, ӕмӕ ӕфсадмӕ кӕнын райдыдтой, бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыцы нӕлгоймӕгты дӕр. Манчестеры тӕрхондоны, Английы, ӕвзӕрстой Хенри Хадсоны хъуыддаг, цӕмӕй-иу уый фӕстӕ ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл тӕрхондоны ногӕй уынаффӕ хӕссын мауал хъуыдаид. Хенри Хадсон уыд дохтыр ӕмӕ Библииртасӕг. Хенрийы 1936 азы, 3 августы, тӕрхондоны аххосджыныл банымадтой, фӕивар ӕй кодтой ӕмӕ йӕ ӕфсадмӕ арвыстой. Уыцы рӕстӕг ма Эдинбурджы, Шотландийы, ӕвзӕрстой 25-аздзыд чиныгхӕссӕг Джеймс Фредерик Скотты хъуыддаг дӕр. Тӕрхондон уынаффӕ рахаста, аххосджын нӕу, зӕгъгӕ. Хицауад уыцы тӕрхоны уынаффӕйыл уӕлдӕр инстанцимӕ хъаст бахаста, фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ хъуыды аивта ӕмӕ йӕ тыхтӕ радта, Лондоны кӕй ӕвзӕрстой, уыцы хъуыддагмӕ. Уый уыд Герберт Кипсы хъуыддаг. Кипсы аххосджыныл банымадтой, фӕивар ӕй кодтой ӕмӕ йӕ ӕфсадмӕ арвыстой.

1916 азы, сентябры, 264 ӕфсымӕры тӕрхондонмӕ курдиат бахастой, цӕмӕй сӕ ӕфсадмӕ цӕуынӕй ссӕрибар кодтаиккой. Уыдонӕй 5 адӕймаджы ссӕрибар кодтой, 154 бахӕс кодтой уӕззау куыстытӕ кӕнын, 23 арвыстой ӕфсадмӕ, хӕстмӕ бар чи нӕ дардта, ахӕм куыстытӕ кӕнынмӕ, 82 радтой ӕфсӕдты къухмӕ. Уыцы 82 ӕфсымӕрӕй фӕстӕдӕр кӕйдӕрты ахӕстоны сбадын кодтой, хицӕутты бардзырдтӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй. Уым сын алы фыдмитӕ кӕй кодтой, уый бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ сӕ уӕд хицауад арвыста, ахст адӕмы кӕм фӕкусын кӕнынц, ахӕм лагермӕ.

Прайс Хьюз

Эдгар Клэй ӕмӕ, фӕстӕдӕр Британийы филиалы цӕстдарӕг чи уыд, уыцы ӕфсымӕр, Прайс Хьюз, куыстой Уэльсы ауӕзты (дамба). Францийӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы 8 ӕфсымӕрӕй иуы, Герберт Синьоры, арвыстой Йоркширмӕ Уэйкфилды ахӕстонмӕ. Иннӕты та арвыстой Дартмуры ахӕстонмӕ, ӕмӕ уым фыдуавӕрты уӕззау куыст кодтой. Ӕфсадмӕ цӕуын чи нӕ куымдта, ахӕм адӕм уыцы ахӕстонӕй фылдӕр никуы уыд.

Франк Плат, Библииртасӕг, ӕфсадмӕ ацӕуыныл сразы ис, цӕмӕй, хӕстмӕ бар чи нӕ дардта, ахӕм куыстытӕ кодтаид, фӕлӕ хӕцӕнгарз йӕ къухмӕ сисын куы нӕ бакуымдта, уӕд ын бирӕ рӕстӕг алы фыдмитӕ фӕкодтой. Аткинсон Паджетт рӕстдзинад базыдта, ӕфсадмӕ куы ацыд, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Уый дӕр карз ӕфхӕрд баййӕфта, хӕцӕнгарз йӕ къухмӕ кӕй нӕ иста, уый тыххӕй.

Герберт Синьор

Кӕд не ’фсымӕртӕ 100 азы размӕ бынтон хорз не ’мбӕрстой, чырыстӕттӕ ацы дунейӕ не сты, зӕгъгӕ, цы нысан кӕны, уый, уӕддӕр сӕ тынг фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ацы статьяйы цы ӕфсымӕрты кой ис, уыдон фӕзминаг сты, «фӕлварӕны рӕстӕджы» дунейы хъуыддӕгтӕй хи хизын куыд хъӕуы, уымӕй (Рарг. 3:10). (Нӕ архивтӕй Великобританийы.)