Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уе ’взонджы бонты раст уынаффӕтӕ хӕссут

Уе ’взонджы бонты раст уынаффӕтӕ хӕссут

«Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ... кадджын кӕнут Йегъовӕйы ном» (ПС. 148:12, 13).

1. Абон ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ цавӕр диссаджы хъуыддаджы архайынц?

МАХ цӕрӕм диссаджы рӕстӕджы. Ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр милуангай адӕм лӕггад кӕнынц ӕцӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ афтӕ никуыма уыди (Рарг. 7:9, 10). Уыцы адӕмы ’хсӕн ис бирӕ ӕрыгӕттӕ. Уыдон адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, Библийы цы царддӕттӕг хабар ис, уый базонынӕн, ӕмӕ сыл бирӕ ӕхсызгон хабӕрттӕ ӕрцӕуы (Рарг. 22:17). Чидӕртӕ сӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынц ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц сӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивынӕн. Чидӕртӕ та зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕмӕн (Пс. 110:3; Ис. 52:7). Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ды дӕр уыцы диссаджы хъуыддаджы фылдӕр архайай?

2. Тимофейы хабарӕй куыд зыны, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕрыгӕттӕ дӕр цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕной? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

2 Ӕрыгӕттӕ, ныртӕккӕ раст уынаффӕтӕ куы хӕссат, уӕд уын фидӕны уый баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразынӕн. Зӕгъӕм, Тимофей-иу рахаста раст уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы фӕстӕдӕр, 20 азы бӕрц ыл куы цыд, уӕд, йӕ бон баци миссионерӕй лӕггад кӕнын (Хъуыд. 16:1–3). Фессалоникӕйы ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд горӕты цӕрджытӕй чидӕртӕ Павелы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ йӕ уырдыгӕй ацӕуын бахъуыд. Уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ Павел ӕрыгон Тимофейӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Фессалоникӕмӕ аздӕхтаид ӕмӕ ӕфсымӕрты бафидар кодтаид (Хъуыд. 17:5–15; 1 Фес. 3:1, 2, 6). Ахъуыды-ма кӕн, Тимофейӕн уый куыд ӕхсызгон уыдаид!

ДӔ ЦАРДЫ АХСДЖИАГДӔР УЫНАФФӔ

3. Дӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ цавӕр у ӕмӕ йӕ кӕд хъуамӕ рахӕссай?

3 Ӕрыгонӕй адӕймаджы фӕхъӕуы алыхуызон ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайын. Ӕппӕты хуыздӕр кӕд у уыцы уынаффӕ рахӕссын? Йегъовӕ зӕгъы: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты» (Еккл. 12:1). Йегъовӕйы дӕ зӕрдыл дарыс, зӕгъгӕ, уый ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнай (Дык. з. 10:12). Уый уыдзӕн дӕ царды ахсджиагдӕр уынаффӕ. Ӕмӕ уыцы уынаффӕ тынг фӕзындзӕн дӕ фидӕныл (Пс. 71:5).

4. Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕндзынӕ, ууыл цавӕр ахсджиаг уынаффӕтӕ фӕзындзысты?

4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕ, дӕ фидӕныл ӕрмӕст уыцы уынаффӕ нӕ фӕзындзӕн. Зӕгъӕм, хъӕудзӕн ма дӕ аскъуыддзаг кӕнын, бинонтӕ скӕндзынӕ ӕви нӕ, стӕй дӕ цард кӕимӕ баиу кӕндзынӕ ӕмӕ цавӕр куысты кусдзынӕ, уый дӕр. Уыдон сты тынг ахсджиаг уынаффӕтӕ, фӕлӕ уал фыццаг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнай, Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕндзынӕ ӕви нӕ (Дык. з. 30:19, 20). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ацы уынаффӕтӕ иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ баст сты. Бинонтӕ скӕныны тыххӕй ӕмӕ куысты тыххӕй цы уынаффӕтӕ рахӕссай, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕндзынӕ, уый. (Абар Лукайы 14:16–20.) Иннӕрдыгӕй та, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый фӕзындзӕн, бинонтӕ скӕныны кӕнӕ куыст равзарыны фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахӕсдзынӕ, ууыл. Уӕдӕ уал фыццаджыдӕр аскъуыддзаг кӕн, царды дын ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый (Фил. 1:10).

ЦАЛЫНМӔ ӔРЫГОН ДӔ, УӔДМӔ ЦЫ АРАЗДЗЫНӔ?

5, 6. Юичиройы хабарӕй куыд зыны, раст уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн фылдӕр фадӕттӕ кӕй уыдзӕн? (Ноджыдӕр кӕс ацы журналы статья «Сывӕллон куы уыдтӕн, уӕд цы равзӕрстон».)

5 Кӕд дӕхицӕн загътай, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕ, уӕд дӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын, Хуыцау дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ стӕй аскъуыддзаг кӕнын, куыд ын лӕггад кӕндзынӕ. Японийӕ иу ӕфсымӕр ныффыста: «14 азы мыл куы цыди, уӕд хистӕр нӕлгоймагимӕ уацамынды ацыдтӕн. Уый бафиппайдта, зӕрдиагӕй кӕй нӕ хъусын кодтон. Ӕмӕ мын уӕд фӕлмӕнӕй загъта: „Юичиро, ацу уӕхимӕ. Ӕрбад-иу ӕмӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, Йегъовӕ дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл“. Ӕз дӕр афтӕ бакодтон. Раст зӕгъгӕйӕ, цалдӕр боны фӕхъуыдытӕ кодтон ӕмӕ Хуыцаумӕ фӕкуывтон. Сабыргай мӕ зондахаст фӕивта. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта. Ӕхсызгон мын уыд нӕ литературӕйы миссионерты тыххӕй кӕсын, ӕмӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕныныл хъуыды кӕнын райдыдтон».

6 Юичиро дарддӕр радзырдта: «Мӕн фӕндыди Йегъовӕйӕн ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын, ӕмӕ цӕмӕй мӕ нысан мӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй райдыдтон бӕлвырд къахдзӕфтӕ аразын. Зӕгъӕм, райдыдтон англисаг ӕвзаг ахуыр кӕнын. Скъола куы фӕдӕн, уӕд ссардтон, къуыри цалдӕр сахаты йеддӕмӕ кӕм нӕ хъуыди кусын, ахӕм куыст – англисаг ӕвзаг амыдтон. Ӕмӕ уый фӕрцы мӕ бон уыди пионерӕй лӕггад кӕнын. 20 азы мыл куы цыд, уӕд райдыдтон монгойлаг ӕвзаг ахуыр кӕнын ӕмӕ мӕ бон баци монгойлаг къорд бабӕрӕг кӕнын дӕр. Дыууӕ азы фӕстӕ та, 2007 азы, ацыдтӕн Монголимӕ. Уым-иу пионертимӕ куы хъусын кодтон, уӕд-иу федтон, адӕм рӕстдзинад куыд тынг агурынц, ӕмӕ мӕ бафӕндыд Монголимӕ цӕрынмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ уыцы адӕмӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ Японимӕ ацыдтӕн, цӕмӕй мӕ хъуыддӕгтӕ спълан кодтаин. 2008 азы апрелӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнын Монголийы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ам цӕрын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ адӕм хорз хабармӕ зӕрдиагӕй хъусынц ӕмӕ сын мӕ бон у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой. Мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг кӕй равзӕрстон».

7. Цавӕр уынаффӕтӕ дӕ хъӕуы рахӕссын? Моисей дын фӕзминаг куыд у?

7 Ӕрыгӕттӕ, алчидӕр уӕ йӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕндзӕн, уый (Йес. Н. 24:15). Махӕн нӕ бон нӕу сымахӕн зӕгъын, бинонтӕ скӕнат ӕви ма скӕнат кӕнӕ уӕ цард кӕимӕ баиу кӕнат. Стӕй, цавӕр куыст хъуамӕ равзарат, уый дӕр уын нӕ бон нӕу зӕгъын. Бирӕ рӕстӕг ахуыр кӕнын цы куыстыл нӕ хъӕуа, ахӕм куыст равзардзыстут? Уый уӕхицӕй кӕнгӕ у. Сымахӕй чидӕртӕ цӕрынц мӕгуыр хъӕуты, чидӕртӕ та – хъӕздыг горӕтты. Кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнут уӕ удыхъӕдӕй, уӕ курдиӕттӕй ӕмӕ уӕ зонындзинӕдтӕй, стӕй ма, уӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ уын Хуыцауы хъуыддаджы цавӕр нысӕнттӕ ис, уымӕй дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнут, рагон Египеты чи цард, уыцы дзуттаг фӕсивӕд ӕрыгон Моисейӕ куыд тынг хицӕн кодтой, афтӕ. Моисей фараоны чызджы лӕппуйыл нымад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын алцыдӕр уыди. Фӕлӕ иннӕ дзуттӕгтӕ та уыдысты цагъартӕ (Рац. 1:13, 14; Хъуыд. 7:21, 22). Уыдон дӕр сымахау цардысты тынг ахсджиаг рӕстӕджы (Рац. 19:4–6). Алчидӕр сӕ хъуамӕ аскъуыддзаг кодтаид, йӕ цард дарддӕр куыд араздзӕн. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Моисей рахаста раст уынаффӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:24–27.)

8. Ӕрыгӕттӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын сӕ бон цӕй фӕрцы уыдзӕн?

8 Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕ уын ӕххуыс кӕны раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Уый Библийы ныффыссын кодта, алыхуызон уавӕрты уын стыр ӕххуыс чи фӕуыдзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ (Пс. 32:8). Кӕцыдӕр уагӕвӕрдӕй куыд спайда кӕнӕн ис, уый куы нӕ зонат, уӕд та уӕ бон у ӕххуыс ракурын уӕ чырыстон ныййарджытӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй (Ӕмб. 1:8, 9). Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм Библийы уагӕвӕрдтӕй ӕртӕмӕ. Уыдон уын баххуыс кӕндзысты раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн.

ӔХХУЫС ДЫН ЧИ ФӔУЫДЗӔН, ӔРТӔ АХӔМ УАГӔВӔРДЫ

9. а) Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ нын Йегъовӕ уынаффӕ хӕссыны бар кӕй радта, уымӕй нын скад кодта? ӕ) Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад куы агурай, уӕд дын цавӕр фадӕттӕ уыдзӕн?

9 Фыццаджыдӕр агур Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад. (Бакӕс Матфейы 6:19–21, 24–26, 31–34.) Йегъовӕ адӕймагӕн ахӕм кад скодта, ӕмӕ йын радта уынаффӕ хӕссыны бар. Де ’рыгон бонты хъусын кӕнынӕн цас рӕстӕг хицӕн кӕндзынӕ, уый фӕдыл дӕр уынаффӕ дӕхӕдӕг хӕссыс. Фӕлӕ Йесо загъта, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй хъуамӕ агурӕм. Ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд дын бирӕ фадӕттӕ уыдзӕн, цӕмӕй равдисай, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзыс, стӕй Йегъовӕйӕ ӕнустӕм цӕрыны ныфсы тыххӕй бузныг кӕй дӕ. Бинонты цард ӕмӕ куысты фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахӕсдзынӕ, уыдонӕй цы уыдзӕн бӕрӕг? Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй агурыс ӕви дӕ сӕйраг мӕт ӕхца ӕмӕ мулкыл кӕй у?

10. Йесо амондджын цӕмӕн уыд ӕмӕ ды дӕр амондджын цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

10 Иннӕтӕн лӕггад кӕнын дын цины хос уӕд. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:20, 21, 24, 35.) Ацы уагӕвӕрд у царды сӕйрагдӕр уагӕвӕрдтӕй сӕ иу. Йесо дӕр уыцы хабар зыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕхи фӕндон не ’ххӕст кодта, фӕлӕ йӕ Фыды фӕндон. Стӕй ма адӕмӕн дӕр хорз хабар хъусын кодта. Ӕмӕ уый фӕрцы уыди тынг амондджын (Лук. 10:21; Иоан. 4:34). Ӕвӕццӕгӕн ӕй ды дӕр дӕхицӕй зоныс, искӕмӕн ӕххуыс кӕнын куыд ӕхсызгон хъуыддаг у, уый. Уӕдӕ дӕ царды ахсджиагдӕр уынаффӕтӕ, Йесо цы уагӕвӕрдтӕ бацамыдта, уыдонмӕ гӕсгӕ куы хӕссай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр уыдзынӕ амондджын ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ (Ӕмб. 27:11).

11. Варух йӕ циндзинад цӕй тыххӕй фесӕфта ӕмӕ йын Йегъовӕ цавӕр уынаффӕ радта?

11 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнай, уымӕй амондджындӕр хъуыддаг нӕй (Ӕмб. 16:20). Куыд зыны, афтӕмӕй Йеремийы писырӕй, Варухӕй, уыцы хъуыддаг айрох. Иуафон ын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын циндзинад нал хаста. Йегъовӕ йын загъта: «Ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн. Ма дом. Ӕз ӕппӕт адӕмыл дӕр бӕллӕх ӕруадздзынӕн... дӕуӕн та дӕ уд бахъахъхъӕндзынӕн, кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай, уым» (Йер. 45:3, 5). Куыд хъуыды кӕныс, Варух амондджын кӕд уыдаид? Йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ куы цардаид ӕви Хуыцауӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кодтаид, ӕмӕ уый фӕрцы, Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд куы фервӕзтаид? (Иак. 1:12).

12. Рамиро ӕрыгонӕй цавӕр уынаффӕ рахаста ӕмӕ йын уый хорзӕй цы ’рхаста?

12 Иу ӕфсымӕр, Рамиро, зӕгъгӕ, иннӕтӕн кӕй лӕггад кӕны, уый фӕрцы у амондджын. Рамиро зӕгъы: «Ӕз схъомыл дӕн мӕгуыр хъӕууон бинонты ’хсӕн, цардыстӕм Анды хӕхты. Иуафон мын фадат фӕзынд, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырмӕ бацыдаин – мӕ хистӕр ӕфсымӕр мын загъта, дӕ ахуырӕн, дам, дын ӕз фиддзынӕн. Фӕлӕ уымӕй гыццыл раздӕр ӕз донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ӕмӕ мын уыди ӕндӕр нысан – иу пионер мӕ йемӕ иу гыццыл хъӕумӕ хъусын кӕнынмӕ фӕхуыдта, ӕмӕ хъуамӕ уырдӕм ацыдаин. Куы ацыдыстӕм, уӕд сахуыр кодтон сӕрӕлвынӕгыл ӕмӕ мӕхицӕн байгом кодтон гыццыл сӕрӕлвынӕн, цӕмӕй мӕ бон уыдаид мӕхи фӕдарын. Адӕмӕн-иу куы хъусын кодтам, уӕд-иу бирӕтӕ зӕрдиагӕй сразы сты Библи ахуыр кӕныныл. Фӕстӕдӕр дзы фӕзынд ӕмбырд бынӕттон ӕвзагыл, ӕмӕ ӕз дӕр уыцы ӕмбырды лӕггад кӕнын райдыдтон. Ныр 10 азы дӕргъы ам ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Адӕмӕн сӕ мадӕлон ӕвзагыл хорз хабар кӕй хъусын кӕнын, уый мын цы стыр циндзинад хӕссы, ахӕм циндзинад мын иу куыст дӕр не ’рхастаид».

Рамиройӕн стыр цины хос у, йе ’рыгонӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕны, уый (кӕс 12 абзац)

13. Йегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнынӕн ӕвзонджы бонтӕ замманай рӕстӕг цӕмӕн сты?

13 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын циндзинад хӕссӕд. (Бакӕс Екклесиаст 12:1.) Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын райдайай, уый тыххӕй уал хъуамӕ хорз куыст ссарай. Ӕвзонджы бонтӕ сты замманай рӕстӕг Йегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнынӕн. Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн нырма сӕхи бинонтӕ нӕй, стӕй ӕнӕниз ӕмӕ фидар сты, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын. Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ Йегъовӕйы тыххӕй цы фӕнды аразын? Чи зоны, дӕ нысан у пионерӕй лӕггад кӕнын. Кӕнӕ дӕ, чи зоны, фӕнды, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕмӕн хъусын кӕнын. Йе та, чи зоны, дӕхи ӕмбырды дӕр дӕ бон у фылдӕр аразын. Хуыцауы хъуыддаджы дын цавӕрфӕнды нысан ма уа, уӕддӕр дӕ хъӕудзӕн дӕхи фӕдарыны тыххӕй исты куыст ссарын. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Цавӕр куыст равзардзынӕн? Ӕмӕ мӕ уыцы куыстыл цас бахъӕудзӕн ахуыр кӕнын?»

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРДТӔ СТЫР ӔХХУЫС СТЫ РАСТ УЫНАФФӔТӔ ХӔССЫНӔН

14. Куыст агургӕйӕ къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уай?

14 Ацы статьяйы цы ӕртӕ уагӕвӕрдмӕ ӕркастыстӕм, уыдон дын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты куыст ӕвзаргӕйӕ. Дӕ ахуыргӕнджытӕ кӕнӕ, адӕмӕн куыст чи ссары, уыцы организацитӕ, ӕвӕццӕгӕн, зондзысты, цавӕр куыст ис ссарӕн, кӕм цӕрыс, уым кӕнӕ дӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын кӕдӕм фӕнды, уыцы ран. Цы уынаффӕ дын раттой, уый дын, чи зоны, ӕххуыс фӕуа, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ уай къӕрцхъус. Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ архайой, цӕмӕй дын ацы дуне бауарзын кӕной (1 Иоан. 2:15–17). Ацы дуне адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, де ’ргом уыдӕттӕм куы аздахай, уӕд фӕсайды уыдзынӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 14:15; Йер. 17:9.)

15, 16. Куысты фӕдыл дын хорз уынаффӕ раттын кӕй бон у?

15 Куыст равзарыны фадат дын куы фӕзына, уӕд дӕ хъӕудзӕн, цӕмӕй дын исчи хорз уынаффӕ ратта (Ӕмб. 1:5). Чи дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй куыст ӕвзаргӕйӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ бацархайай? Йегъовӕйы ӕмӕ дӕу чи уарзы, стӕй дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ уавӕртӕ дӕр хорз чи зоны, уыцы адӕм. Уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕнай ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фӕдыл ма ацӕуай, фӕлӕ зондджынӕй архайай. Цы дын зӕгъой, уый фӕрцы, чи зоны, дӕ нысӕнттыл ноджыдӕр иу хатт ахъуыды кӕнай. Ӕмӕ кӕд дӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы уарзынц, уӕд дын уыдон дӕр стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Хорз уынаффӕтӕ ма дын ратдзысты де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай ма дӕ бон аныхас кӕнын у пионертӕй ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕй искӕимӕ. Бафӕрс-иу сӕ, Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын цӕмӕн райдыдтой, пионертӕй лӕггад кӕнын куыд райдыдтой ӕмӕ сӕхи цӕй фӕрцы дарынц, стӕй сын сӕ лӕггад хорзӕй цы хӕссы, уыдӕттӕй (Ӕмб. 15:22).

16 Хорз дӕ чи зоны, ахӕм адӕймаг бамбардзӕн, цавӕрдӕр хъуыддаг саразын дӕ цӕмӕн фӕнды, уый ӕмӕ дын уынаффӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ ратдзӕн. Зӕгъӕм, хистӕр кълӕсты бирӕ ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй дӕ фӕнды скъола ныууадзын, ӕмӕ зӕгъыс, пионерӕй лӕггад кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Чи дӕ уарзы, уымӕн зын базонӕн нӕ уыдзӕн, скъола ныууадзын дӕ ӕцӕгӕй цӕмӕн фӕнды, уый. Уыцы адӕймаг дын баххуыс кӕндзӕн иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарынӕн: скъола куы нӕ ныууадзай, уӕд сахуыр уыдзынӕ фӕразондзинадыл ӕмӕ-иу исты хъуыддаг аразгӕйӕ дӕ къухтӕ уайтагъд не ’руадздзынӕ. Уыцы миниуӕг та дӕ ӕнӕмӕнгӕй бахъӕудзӕн, кӕд дӕ Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд (Пс. 141:5; Ӕмб. 6:6–10).

17. Нӕхи цавӕр куыстӕй хъуамӕ хизӕм?

17 Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй алчидӕр бахауы ахӕм уавӕрты, ӕмӕ йын тӕссаг вӕййы, йӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн кӕнӕ Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзӕн, уымӕй (1 Кор. 15:33; Кол. 2:8). Куысты тыххӕй куы зӕгъӕм, уӕд чырыстонӕн кӕцыдӕр куыстыты уӕлдай тӕссаг вӕййы, йӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн, уымӕй. Чи зоны, дӕхӕдӕг дӕр зоныс, йӕ куысты тыххӕй «йӕ уырнындзинады нау [кӕмӕн] ныппырх», ахӕмты (1 Тим. 1:19). Уӕдӕ Хуыцауӕй кӕй тыххӕй адард уыдзынӕ, ахӕм куыст куы нӕ равзарай, уӕд уый зондыл дзурӕг уыдзӕн (Ӕмб. 22:3).

ЙЕГЪОВӔЙӔН ӔРЫГОНӔЙ КӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫС, УЫЙ ДЫН ЦИНЫ ХОС УӔД

18, 19. Кӕд искӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын нӕма фӕнды, уӕд ын цы баххуыс кӕндзӕн?

18 Кӕд дӕ зӕрдиагӕй фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уӕд, ӕрыгӕттӕн уыцы хъуыддаджы цы диссаджы фадӕттӕ ис, уыдонӕй пайда кӕн. Йегъовӕйӕн дын ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕсс (Пс. 148:12, 13).

19 Фӕлӕ дӕ, чи зоны, нӕма фӕнды Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын. Куыд хъуамӕ бакӕнай уӕд? Дарддӕр дӕр дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Апостол Павел ныффыста: «Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат» (Фил. 2:13). Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы. Уый дын дӕтты ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ. Ӕмӕ дын уымӕй хуыздӕр ничи баххуыс кӕндзӕн де ’взонджы бонты раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн.