Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахад архайы 100 азы. Цы йын бантыст?

Хуыцауы Паддзахад архайы 100 азы. Цы йын бантыст?

«Стыр ӕмӕ диссаг сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ... ӕнусты Паддзах!» (РАРГ. 15:3).

1, 2. Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы цы сараздзӕн ӕмӕ, уыцы Паддзахад кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл фидарӕй цӕмӕн ис ӕууӕндӕн?

НӔ ЭРӔЙЫ 31 азы уалдзӕджы Йесо Чырысти Капернауммӕ хӕстӕг куы уыд, уӕд уым хохыл йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Хуыцаумӕ кувой, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ (Матф. 6:10). Уыцы Паддзахад искуы ӕрцӕудзӕн, уый абон бирӕты нӕ уырны. Фӕлӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕй фехъусдзӕн ӕмӕ йӕ Паддзахад ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзӕн.

2 Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы баиу кӕндзӕн, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ йын зӕххыл дӕр цы бинонтӕ ис, уыдоны. Хуыцау йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл ис фидарӕй ӕууӕндӕн (Ис. 55:10, 11). Уӕвгӕ, Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы дӕр сси Паддзах! Уый бӕрӕг у, фӕстаг 100 азы дӕргъы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй. Хуыцауӕн зӕххыл ис милуангай иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ уыдоны тыххӕй уый аразы стыр ӕмӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ (Зах. 14:9; Рарг. 15:3). Фӕлӕ, Йегъовӕ Паддзах кӕй сси, уый иу хабар у, йӕ Паддзахад кӕй ӕрцӕудзӕн, уый та – ӕндӕр. Цымӕ уыцы дыууӕ хабары кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц ӕмӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВӔРД ПАДДЗАХ АРХАЙЫН РАЙДЫДТА

3. а) Йесо Паддзах кӕд ӕмӕ кӕм сси? ӕ) Хуыцауы Паддзахад 1914 азы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (Кӕс фиппаинаг.)

3 19 ӕнусы кӕронмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой, пехуымпар Данел 2 500 азы размӕ цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон: «Уыцы паддзӕхты рӕстӕг уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад» (Дан. 2:44). Библииртасджытӕ дӕсазты дӕргъы дзырдтой, 1914 аз тынг ахсджиаг аз кӕй уыдзӕн. Уыцы рӕстӕг адӕмӕй бирӕтӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кастысты. Иу фыссӕг уый тыххӕй ныффыста: «1914 азы ӕгас дуне дӕр ӕнхъӕлмӕ каст хорз цардмӕ, ныфс дзы уыди рухс фидӕнӕй». Фӕлӕ уыцы аз фӕстӕдӕр райдыдта Фыццаг дунеон хӕст, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, кӕй сӕххӕст Библийы пехуымпарад. Адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййӕфтой, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ фыднизтӕ кӕй сарӕх сты, стӕй иннӕ пехуымпарӕдтӕ дӕр кӕй ӕххӕст кодтой, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ растдӕр 1914 азы Йесо Чырысти уӕлӕрвты сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах *. Йегъовӕ йӕ Фырты Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ афтӕмӕй ӕндӕрхуызон архайын кӕй райдыдта, уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ногӕй сси Паддзах!

4. Хуыцауы ногӕвӕрд Паддзах фыццаг цы сарӕзта ӕмӕ уый фӕстӕ йе ’ргом кӕмӕ раздӕхта?

4 Хуыцауы ногӕвӕрд Паддзах фыццаг цы сарӕзта, уый уыд, йӕ Фыды сӕйраг знаг Хӕйрӕгимӕ кӕй схӕцыд. Йесо ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй ӕрӕппӕрстой. Уӕлӕрвты ууыл тынг цин кодтой, фӕлӕ зӕххӕн та уыцы хабар ӕрхаста, уый размӕ чи никуыма уыд, ахӕм хъизӕмӕрттӕ. (Бакӕс Раргомад 12:7–9, 12.) Уый фӕстӕ Паддзах йе ’ргом раздӕхта йӕ зӕххон фӕдылдзӕуджытӕм – хъуамӕ сӕ ссыгъдӕг кодтаид, ахуыр сӕ кодтаид ӕмӕ, куыд архайынц, уыцы хъуыддаджы бӕлвырд ивындзинӕдтӕ скодтаид. Уый фӕрцы Хуыцауы фӕндон хуыздӕр ӕххӕст кодтаиккой. Цӕй уӕдӕ базонӕм, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ куыд архайдтой ӕмӕ уымӕй махӕн фӕзминаг куыд сты.

ПАДДЗАХ ЙӔ ИУЗӔРДИОН ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТЫ ССЫГЪДӔГ КОДТА

5. Йесо 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг цавӕр хъуыддаг арӕзта?

5 Йесо уӕлӕрвтӕ Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕй куы ссыгъдӕг кодта, уӕд ын Йегъовӕ бахӕс кодта, цӕмӕй зӕххыл йӕ фӕдылдзӕуджыты уавӕрмӕ ӕркастаид ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодтаид. Уый тыххӕй ныффыста пехуымпар Малахи (Мал. 3:1–3). Хабӕрттӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты сыгъдӕг кодта 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг *. Цӕмӕй мах дӕр, Йегъовӕйӕн ӕгас Дун-дунейы цы стыр бинонтӕ ис, уыдонӕй уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм сыгъдӕг (1 Пет. 1:15, 16). Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй мӕнг динтӕ ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй нӕхи ма фӕчъизи кӕнӕм.

6. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг нын чи дӕтты ӕмӕ нӕ уыцы хӕринаг ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы?

6 Уый фӕстӕ Паддзах Йесо снысан кодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары». Йесойы «дзугмӕ» чи хауы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыцы цагъар хъуамӕ ӕдзухдӕр лӕвӕрдтаид уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45–47; Иоан. 10:16). 1919 азӕй фӕстӕмӕ сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорд «хӕдзаронтӕн» хӕринаг дӕтты ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕс иузӕрдионӕй ӕххӕст кӕны. Уыцы къорд нын парахатӕй цы хӕринаг дӕтты, уый руаджы нӕ уырнындзинад кӕны фидарӕй-фидардӕр. Уый фӕрцы ма нӕ тынгдӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕггад, нӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ Хуыцауы цӕсты уой сыгъдӕг, стӕй цӕмӕй нӕ буар дӕр ӕмӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, уый дӕр сыгъдӕг дарӕм. Уыцы хӕринаджы фӕрцы ма нӕ цагъар ахуыр кӕны ӕмӕ нӕ цӕттӕ кӕны, цӕмӕй зӕрдиагӕй архайӕм зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаджы – хъусын кӕныны хъуыддаджы. Ды дӕр уыцы хӕринаджы фӕрцы ӕдзухдӕр дӕ уырнындзинад фидар кӕныс?

ПАДДЗАХ ЙӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНЫ ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНЫН

7. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд цавӕр ахсджиаг хъуыддаг райдыдта ӕмӕ уыцы хъуыддаг цас хъуамӕ ахастаид?

7 Чырысти зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43). Йесо уыцы куыст кодта ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг, ӕмӕ йын уымӕй сӕйрагдӕр ницы уыд. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Цӕут ӕмӕ адӕмӕн дзурут, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ» (Матф. 10:7). Йесо куы райгас, уӕд загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уыцы хабар кӕй фӕхӕццӕ кӕндзысты «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы хъуыддаджы сын йӕхӕдӕг кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цалынмӕ ацы дунейы кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матф. 28:19, 20).

8. Паддзах Йесо зӕххыл йӕ адӕмы хъусын кӕнынмӕ куыд сразӕнгард кодта?

8 1919 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ноджы ахсджиагдӕр сси (Матф. 24:14). Паддзах Йесо уӕлӕрвтӕй разамынд лӕвӕрдта, стӕй ма зӕххыл йӕхицӕн ӕрӕмбырд кодта, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыцы фӕдылдзӕуджыты гыццыл къорд. Уыдон зӕрдиагӕй бавнӕлдтой Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынмӕ – Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты кӕй архайы, уыцы хорз хабар райдыдтой ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнын (Хъуыд. 10:42). Зӕгъӕм, 1922 азы сентябры 20 000 адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ Сидар-Пойнты (штат Огайо, АИШ). Ӕфсымӕр Рутерфордӕн дзы уыди раныхас, «Уӕларвон Паддзахад къӕсӕрыл ис», зӕгъгӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд цин кодтаиккой, Рутерфорд ахӕм ныхӕстӕ куы загъта: «Паддзах паддзахиуӕг кӕны! Сымах стут йӕ минӕвӕрттӕ. Уӕдӕ хъусын кӕнут, хъусын кӕнут, хъусын кӕнут Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй!» Ӕмӕ иннӕ бон дыууӕ мин адӕймаджы ацыдысты хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ. Иуӕй-иутӕ дзы бахӕццӕ сты, конгрессы бынатӕй 72 километры дарддӕр чи уыд, уыцы хӕдзӕрттӕм дӕр. Иу ӕфсымӕр мӕнӕ цы загъта: «Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ нӕ куыд сразӕнгард кодтой, стӕй уыйбӕрц хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд зынгзӕрдӕ разындысты, уый мӕ никуы ферох уыдзӕн!» Уыцы конгрессы чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕ сразы уыдаиккой йӕ ныхӕстимӕ.

9, 10. а) Цы арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕ ахуыр кӕной ӕмӕ ӕнтыстджындӕр уой? ӕ) Нӕ организацийы цы скъолатӕ ис, уыдон дӕуӕн цавӕр пайда ӕрхастой?

9 1922 азмӕ 17 000 адӕймагӕй фылдӕр хъусын кодтой 58 бӕстӕйы. Фӕлӕ сӕ хъуыди ахуыр кӕнын. Фыццаг ӕнусы Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бӕлвырд бацамыдта, цы хъуамӕ хъусын кодтаиккой, стӕй кӕм ӕмӕ куыд (Матф. 10:5–7; Лук. 9:1–6; 10:1–11). Чырысти абон дӕр йӕ хъус дары, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр хорз разамынд лӕвӕрд цӕуа ӕмӕ сӕ ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый сын уа (2 Тим. 3:17). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кӕны ӕмбырдты фӕрцы. Ӕгас зӕххыл дӕр ис 111 000 ӕмбырдӕй фылдӕр, ӕмӕ уыцы ӕмбырдты алы къуыри дӕр вӕййы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола. Уыцы скъолайы авд милуан хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр ахуыр кӕнынц арӕхстджынӕй хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон вӕййы «алыхуызон адӕмӕн дӕр» сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 9:20–23.)

10 Уыцы скъолайӕ уӕлдай ма нӕ организацийы ис ӕндӕр скъолатӕ дӕр, зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, пионертӕн, ӕнӕус ӕфсымӕртӕн, чырыстон бинонтӕн, филиалты комитеты уӕнгтӕ ӕмӕ сӕ устытӕн, цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ устытӕн, стӕй миссионертӕн *. Чырыстон бинонтӕн цы скъола ис, уым чи ахуыр кодта, уыдонӕй чидӕртӕ афтӕ загътой: «Ацы скъолайы цы базыдтам, уый фӕрцы Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр бауарзтам, стӕй ныр нӕ бон у адӕмӕн ноджы хуыздӕр ӕххуыс кӕнын».

11. Кӕд Хӕйрӕг Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ ныхмӕ цӕуы, уӕддӕр сын хорз хабар хъусын кӕнын цӕй фӕрцы ӕнтысы?

11 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынӕн цы аразынц, уыдӕттӕ Хӕйрӕг дӕр уыны. Уыцы знаг алы мадзалӕй дӕр архайы хъусын кӕныны хъуыддаг бауромыныл. Фӕлӕ йӕ фыдвӕндтӕй ницы рауайдзӕн. Йегъовӕ йӕ Фырты сӕвӕрдта, «цыдӕриддӕр хицауад, хицаудзинад, барджынтӕ, сӕргълӕуджытӕ... ис, уыдонӕй... се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр» (Еф. 1:20–22). Паддзах Йесойӕн ӕппӕты сӕйраг у, цӕмӕй йӕ Фыды фӕндон сӕххӕст уа, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты хъахъхъӕны ӕмӕ сын разамынд дӕтты *. Уый фӕрцы уыдон хорз хабар дарддӕр дӕр хъусын кӕнынц ӕмӕ милуангай сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Цӕй стыр кад у махӕн уыцы диссаджы хъуыддаджы архайын!

ПАДДЗАХ ИВЫНДЗИНӔДТӔ СКОДТА, ЦӔМӔЙ ЙӔ АДӔМӔН ФЫЛДӔР ӔНТЫСА

12. 1914 азӕй фӕстӕмӕ Йесо цавӕр ивындзинӕдтӕ скодта?

12 Йесо 1914 азы Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕ ивындзинӕдтӕ скодта, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куыд архайынц, уыцы хъуыддаджы. Уый фӕрцы сӕ бон у йӕ Фыды фӕндон хуыздӕр ӕххӕст кӕнын. (Бакӕс Исайы 60:17.) 1919 азы алы ӕмбырды дӕр снысан кодтой уацамындӕн разамынддӕттӕг ӕфсымӕры, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагмӕ йӕ хъус дардтаид. 1927 азы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ райдыдтой алы хуыцаубон дӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. 1931 азы Йегъовӕйы адӕм райстой ног ном, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ уый сразӕнгард кодта ноджы зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕнынмӕ (Ис. 43:10–12). 1938 азӕй фӕстӕмӕ ӕмбырды бӕрнон ӕфсымӕртыл хъусынгӕнджытӕ хъӕлӕс нал кӕнынц. Цӕмӕй ӕфсымӕры цӕстдарӕгӕй снысан кӕной, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ уа, Библимӕ гӕсгӕ цӕстдарӕгмӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон. 1972 азӕй фӕстӕмӕ ӕмбырдӕн разамынд ӕрмӕстдӕр иу хистӕр нӕлгоймаг нал дӕтты, фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгты совет. Хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр суа, уый аккаг чи уыд, уыдоны разӕнгард кодтой, цӕмӕй «Хуыцауы дзуг» хизынӕн ӕххуыс кодтаиккой (1 Пет. 5:2). 1976 азы Разамонӕг советы скодтой ӕхсӕз комитеты, цӕмӕй сӕ хъус дардтаиккой, ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕ. Ӕмӕ абоны онг дӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд дӕтты, цӕмӕй алцыдӕр аразой, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ.

13. Паддзах Йесойӕн 100 азмӕ цы стыр хъуыддӕгтӕ бантыст, уыдон дӕ цардыл куыд фӕзындысты?

13 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Паддзах Йесойӕн 100 азмӕ цы стыр хъуыддӕгтӕ бантыст, уыдоныл. Уый ссыгъдӕг кодта, Йегъовӕйы ном чи хастаид, уыцы адӕмы. 239 бӕстӕйы хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонӕн разамынд дӕтты ӕмӕ милуангай адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Йесо ӕрӕмбырд кодта авд милуан иузӕрдион хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр, ӕмӕ уыдонӕй алчидӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕны йӕ Фыды фӕндон (Пс. 110:3). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ Паддзахады руаджы аразы стыр ӕмӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ ноджы диссагдӕр хъуыддӕгтӕ нырма разӕй сты!

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ФИДӔНЫ ЦАВӔР АРФӔДЗИНӔДТӔ ӔРХӔСДЗӔН

14. а) Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ, уӕд дзы афтӕмӕй цы фӕкурӕм? ӕ) 2014 азӕн цавӕр стих ӕрцыд ӕвзӕрст ӕмӕ цӕмӕн?

14 Кӕд Йегъовӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы 1914 азы Паддзахӕй сӕвӕрдта, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уымӕй кӕронмӕ сӕххӕст сты нӕ куывды ныхӕстӕ, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ (Матф. 6:10). Библийы ныхӕстӕм гӕсгӕ Йесо хъуамӕ «бацыдаид йе знӕгты ’хсӕнмӕ ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодтаид» (Пс. 110:2). Хӕйрӕджы къухы чи ис, уыцы хицауӕдтӕ ныронг дӕр Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ архайынц. Уӕдӕ Хуыцаумӕ йӕ Паддзахады ’рцыды тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд дзы афтӕмӕй фӕкурӕм, цӕмӕй йе ’вӕрд Паддзах ӕмӕ иннӕ 144 000 паддзахы ацы дунейы хицауӕдтӕн кӕрон скӕной ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ чидӕриддӕр архайы, уыдоны фесафой. Уыцы хабарӕй сӕххӕст уыдзысты Данелы 2:44 фыст ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр». Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ чи архайы, уыцы хицауӕдтӕй иу дӕр нал баззайдзӕн (Рарг. 6:1, 2; 13:1–18; 19:11–21). Уыцы хабӕрттӕм бирӕ нал хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ 2014 азӕн, Хуыцауы Паддзахады хицаудзинадыл 100 азы кӕд ӕххӕст кӕны, уыцы азӕн, ӕвзӕрст ӕрцыдысты Матфейы 6:10 стихӕй ист ныхӕстӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»!

2014 азы стих: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад» (Матфейы 6:10).

15, 16. а) Чырысти мин азы Паддзах куы уа, уӕд зӕххыл цавӕр диссаджы хабӕрттӕ цӕудзӕн? ӕ) Паддзах Йесо ӕппынфӕстаг цы сараздзӕн ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы фӕндон кӕронмӕ куыд сӕххӕст уыдзӕн?

15 Чырысти зӕххыл Хуыцауы знӕгты куы фесафа, уӕд Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты мин азмӕ дӕлдзӕхмӕ ныппардзӕн (Рарг. 20:1–3). Хӕйрӕг адӕмы ӕвзӕр зондыл нал араздзӕн. Ӕмӕ уӕд Хуыцауы Паддзахад адӕмы схайджын кӕндзӕн, Чырыстийы нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Адамы тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн. Паддзах Йесо милуангай адӕмы райгас кӕндзӕн ӕмӕ батыхсдзӕн ууыл, цӕмӕй уыдонӕн дӕр Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕной (Рарг. 20:12, 13). Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт, раст Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн. Ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕм иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст.

16 Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон сӕххӕст уыдзӕн, Йегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Уый фӕстӕ Йесо Паддзахад фӕстӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм ратдзӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:24–28.) Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы ’хсӕн минӕвар нал хъӕудзӕн. Хуыцауӕн йӕ уӕларвон фырттӕ ӕмӕ йӕ зӕххон сывӕллӕттӕ иу бинонтау йемӕ иудзинады уыдзысты.

17. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дӕ цы аразын фӕнды?

17 Хуыцауы Паддзахадӕн 100 азмӕ цы диссаджы хъуыддӕгтӕ бантыст, уыдон махӕн ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕйӕн хицауы бартӕ йӕ къухы кӕй сты ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Цӕй уӕдӕ нӕ Хицауӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ хъусын кӕнӕм Паддзах ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй. Мах фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывды ныхӕстӕ, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ, ӕнӕмӕнг кӕй фехъусдзӕн!