БИОГРАФИ
Мӕ царды ӕхсызгондӕр мысинӕгтӕ
1947 аз. Сальвадоры горӕт Санта-Анӕйы католикон сауджынтӕ архайдтой адӕмы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ скӕнын. Иу бон ӕфсымӕртӕ миссионерты хӕдзары «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр уагътой, ӕмӕ хӕдзары дуар уыди гом. Гъемӕ сыл уырдӕм лӕппутӕ стыр дуртӕ ӕхсын райдыдтой. Сауджынтӕ семӕ дуне адӕм ракодтой, ӕмӕ уыцы лӕппутӕ дӕр семӕ уыдысты. Адӕмӕй кӕмӕдӕрты уыди рухсгӕнӕнтӕ, иннӕтӕм та – иконӕтӕ. Дыууӕ сахаты дӕргъы хӕдзарыл дуртӕ ӕхстой ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд сыгъдӕг Мады Майрӕм!» ӕмӕ «Йегъовӕ амӕлӕд!». Афтӕмӕй миссионерты фӕтӕрсын кӕнынмӕ хъавыдысты, цӕмӕй уыцы горӕтӕй фӕлыгъдаиккой. Афтӕ кӕй уыди, уый фидарӕй зонын, уымӕн ӕмӕ, 67 азы размӕ уыцы фембӕлды цы миссионертӕ уыди, уыдонӕй сӕ иу уыдтӕн ӕз *.
УЫЦЫ хабарӕй дыууӕ азы раздӕр ӕз ӕмӕ, миссионерӕй кӕимӕ лӕггад кодтон, уыцы хо Ивлин Траберт фестӕм Галаады скъолайы цыппӕрӕм кълас. Уӕд скъола цыди горӕт Итакӕмӕ хӕстӕг (штат Нью-Йорк). Скъолайы фӕстӕ нӕ снысан кодтой Санта-Анӕмӕ. Миссионерӕй фӕлӕггад кодтон 29 азы бӕрц. Фӕлӕ уын цалынмӕ мӕ лӕггады хабӕрттӕ бӕстондӕр радзурон, уӕдмӕ уал мӕ фӕнды, миссионерӕй лӕггад кӕнын цӕмӕн сфӕнд кодтон, уый тыххӕй радзурын.
МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ МЫН НЫУУАГЪТОЙ ЗЫНАРГЪ БЫНТӔ
Мӕ ныййарджытӕ, Джон ӕмӕ Евӕ Олсон, цардысты горӕт Споканы (штат Вашингтон, АИШ). Ӕмӕ 1923 азы ӕз дӕр уым райгуырдтӕн. Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад лютерантӕ уыдысты. Фӕлӕ аргъуаны афтӕ кӕй дзырдтой, мӕлӕты фӕстӕ адӕм зындоны арты судзысты, зӕгъгӕ, уый сӕ нӕ уырныдта, уымӕн ӕмӕ уарзондзинады Хуыцау афтӕ куыд хъуамӕ кӕна, уый сӕ бон бамбарын нӕ уыди (1 Иоан. 4:8). Мӕ фыд дзулфыцӕны куыста, ӕмӕ йын иу ӕхсӕв йе ’мкусӕг бамбарын кодта, зӕгъгӕ, Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ адӕм зындоны хъизӕмар кӕнынц. Цасдӕры фӕстӕ мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ базыдтой, мӕлӕты фӕстӕ ма цард ис ӕви нӕ, уый тыххӕй Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый.
Уӕд мыл фараст азы йеддӕмӕ нӕ цыди. Фӕлӕ мӕ ныййарджытӕ, Библийӕ цы диссаджы хъуыдытӕ базыдтой, уый тыххӕй-иу куыд зӕрдиагӕй дзырдтой ӕмӕ-иу сӕм ӕз дӕр куыд лӕмбынӕг хъуыстон, уый дзӕбӕх хъуыды кӕнын. Сӕ зӕрдӕты зынг ноджы тынгдӕр ссыгъд, ӕцӕг Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уый куы базыдтой ӕмӕ сын Троицӕйы ахуырад сӕ зонд куы нал хӕццӕ кодта, уӕд. Библийы ахуырӕдтӕ ӕз дӕр губкӕйау цъырдтон ӕмӕ афтӕмӕй базыдтон, адӕймаджы чи «ссӕрибар кӕны», уыцы «рӕстдзинад» (Иоан. 8:32). Уымӕ гӕсгӕ мӕм Библи ахуыр кӕнын зын никуы касти – алкӕддӕр мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди Хуыцауы Ныхас арф иртасын. Ӕмӕ кӕд тынг ӕфсӕрмыгӕнаг уыдтӕн, уӕддӕр ӕз дӕр мӕ ныййарджытимӕ цыдтӕн уацамынды. Уыдон донаргъуыд райстой 1934 азы. 1939 азы, 16-аздзыдӕй, ӕз дӕр райстон донаргъуыд ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг.
1940 азы сӕрды мӕ ныййарджытӕ нӕ хӕдзар ауӕй кодтой ӕмӕ не ’ртӕ дӕр иумӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтам горӕт Кёр-д’Алены (штат Айдахо). Цардыстӕм ӕххуырст хӕдзары, нӕ бынмӕ та машинӕтӕ цалцӕг кодтой. Нӕ хӕдзары уагътой ӕмбырдтӕ дӕр. Уыцы рӕстӕг фылдӕр ӕмбырдтӕн Паддзахады залтӕ нӕ уыди, ӕмӕ-иу хӕдзары искӕмӕ кӕнӕ ӕххуырст фатерты ӕмбырд кодтой.
1941 азы мӕ ныййарджытимӕ уыдтӕн конгрессы горӕт Сент-Луисы (штат Миссури). Хуыцаубон уыди «Сывӕллӕтты бон», ӕмӕ, 5 азӕй 18 азы онг кӕуыл цыди, уыдон бадтысты ӕппӕты разӕй, сценӕмӕ хӕстӕг. Ӕфсымӕр Джозеф Рутерфордӕн йӕ раныхас йӕ кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд кӕстӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Сывӕллӕттӕ... Хуыцаумӕ ӕмӕ йе ’вӕрд Паддзахы коммӕ кӕсын кӕй фӕнды, уыдон... уӕ хорзӕхӕй, уе ’ппӕт дӕр слӕуут!» Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр куы слӕууыдыстӕм, уӕд ӕфсымӕр Рутерфорд загъта: «Акӕсут-ма, Хуыцауы Паддзахадӕн цас ног ӕвдисӕнтӕ ис – 15 минӕй фылдӕр!» Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ ноджы фидардӕрӕй аскъуыддзаг кодтон, мӕ цард пионерӕй лӕггад кӕнынӕн кӕй ратдзынӕн.
НӔ БИНОНТӔ ЛӔГГАД КӔНЫНЦ, ӔХХУЫС КӔМ ХЪӔУЫ, УЫМ
Сент-Луисы конгрессӕй фондз мӕйы фӕстӕ мӕ ныййарджытимӕ алыгъдыстӕм Калифорнийы хуссар хаймӕ. Уым лӕггад кодтам горӕт Окснарды, бахӕс нын кодтой уыцы горӕты ӕмбырд скӕнын. Цӕргӕ та кодтам гыццыл автоприцепы. Уыди дзы ӕрмӕстдӕр иу сынтӕг. Мӕнӕн та-иу алы ӕхсӕв дӕр «сынтӕг» скодтой, хӕринаг кӕуыл хордтам, уыцы стъолыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныр мӕ уавӕртӕ бынтон ӕндӕр уыдысты – раздӕр мын мӕхи къомнӕт уыди!
Калифорнимӕ куы ’рцыдыстӕм, уый хӕдразмӕ, 1941 азы 7 декабры, Япони ӕрбабырста Гавайы сакъадӕхтыл наулӕууӕн горӕт Пёрл-Харбормӕ. Ӕмӕ иннӕ бон Иугонд Штаттӕ Дыккаг дунеон хӕсты архайын райдыдтой. Хицауад алы ран постытӕ сӕвӕрдта, ӕмӕ нын ӕхсӕв рухс судзыны бар нӕ лӕвӕрдтой. Япойнаг доныбынтыцӕуӕг наутӕ Калифорнийы былгӕрӕтты разил-базил кодтой, ӕмӕ сын саудалынджы зындӕр уыдаид, кӕдӕм хъавыдысты, уыцы бынӕттӕм ӕхсын.
Цалдӕр мӕйы фӕстӕ, 1942 азы сентябры, уыдыстӕм конгрессы горӕт Кливленды (штат Огайо). Конгресс хуынди «Ног дуне» ӕмӕ дзы ӕфсымӕр Нейтан Норрӕн уыди раныхас «Цымӕ сабырдзинад бирӕ ахӕсдзӕн?». Ныхас кодта Раргомады чиныджы 17-ӕм сӕрыл. Уым дзырд цӕуы, зӕгъгӕ, «сырд уыд ӕмӕ нал ис, фӕлӕ тагъд схиздзӕн дӕлдзӕхӕй» (Рарг. 17:8, 11). Ӕфсымӕр Норр бамбарын кодта, уыцы «сырд» кӕй уыд Нациты Лигӕ. Уыцы организацийӕн 1939 азӕй фӕстӕмӕ йӕ кой никӕцӕйуал райхъуыст, фӕлӕ Библийы бирӕ раздӕр фыст уыди, йӕ бӕсты кӕй хъуамӕ фӕзындаид ӕндӕр организаци ӕмӕ зӕхмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сабырдзинад кӕй хъуамӕ ӕрхастаид. Гъемӕ, 1945 азы Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕд уыцы «сырд» йӕ сӕр ногӕй сдардта – фӕзынд Иугонд Нациты Организаци. Уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдтой ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ уӕдӕй абоны онг нӕ нымӕцыл цас бафтыд, уый диссаг куыннӕ у!
Уыцы пехуымпарады фӕрцы бамбӕрстон, разӕй нӕм цы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Ӕмӕ иннӕ аз Галаады скъола кӕй байгом уыдзӕн, уый тыххӕй куы фехъусын кодтой, уӕд мӕ бафӕндыд миссионерӕй лӕггад кӕнын. 1943 азы мӕ пионерӕй снысан кодтой горӕт Портлендмӕ (штат Орегон). Уыцы азты-иу патефонтимӕ хъусын кодтам. Адӕймагӕн-иу йӕ хӕдзары раз цыбыр раныхас сӕвӕрдтам, ӕмӕ-иу ӕм куы байхъуыста, уӕд ын-иу Хуыцауы Паддзахады тыххӕй литературӕ ныууагътам. Уыцы аз мӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр уыдысты, миссионерӕй лӕггад кӕнын куыд хорз уаид, ууыл.
1944 азы мӕ мӕ зынаргъ ӕмбал Ивлинимӕ Галаадмӕ фӕхуыдтой, ӕмӕ фырцинӕй зӕххыл дӕр нал лӕууыдтӕн. Фондз мӕйы дӕргъы нын нӕ ахуыргӕнджытӕ ӕвдыстой, куыд ис Библи афтӕ ахуыр кӕнӕн, цӕмӕй нын циндзинад хӕсса. Уыцы ӕфсымӕртӕ нӕ сӕ сӕрныллӕгдзинадӕй дисы ӕфтыдтой. Афтӕ-иу уыди, ӕмӕ-иу нын сихоры рӕстӕг уырдыг лӕууыдысты. Галаады скъола каст фестӕм 1945 азы 22 январы.
ЛӔГГАД КӔНЫН МИССИОНЕРӔЙ
Ӕз ӕмӕ Ивлин, стӕй Лео ӕмӕ Эстер Махан дӕр Сальвадормӕ ӕрхӕццӕ стӕм 1946 азы июны. Ӕмӕ нӕхи цӕстӕй федтам, Йесо цы загъта, уый – хуымтӕ «фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ уыдысты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35). Райдианы цы хабар радзырдтон, уый хорз ӕвдисы, дины разамонджытӕ нӕм мӕстӕй куыд фыхтысты, уый. Уыцы хабарӕй иу къуыри раздӕр Санта-Анӕйы фыццаг хатт ауагътам районон конгресс. Алкӕм дӕр адӕмы хуыдтам ӕргом раныхасмӕ, ӕмӕ йӕм 500 адӕймаджы бӕрц куы ’рбацыд, уӕд ма нӕ цинӕн кӕрон кӕм уыди. Дины разамонджытӕ афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ нӕ горӕтӕй лидзӕг фӕкӕндзысты. Фӕлӕ нӕ уый бӕсты ноджы тынгдӕр сразӕнгард кодтой, цӕмӕй уым баззадаиккам ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кодтаиккам. Уыдон адӕмы фӕдзӕхстой, Библи ма кӕсут, зӕгъгӕ. Стӕй адӕмӕй иуӕй-иутӕй фӕстӕмӕ йӕхи Библи никӕмӕ уыди. Фӕлӕ дзы уӕддӕр бирӕты тынг фӕндыд рӕстдзинад базонын. Куы-иу ӕй базыдтой, ӕмӕ испайнаг ӕвзаг уый тыххӕй ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй сын ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, зӕххыл ногӕй Дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй радзурӕм, уӕд-иу сын тынг ӕхсызгон уыди.
Мӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иу уыд Розӕ Асенсио. Иу нӕлгоймагимӕ цард, фӕлӕ, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕй ныууагъта. Ӕмӕ уӕд уыцы нӕлгоймаг дӕр райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Уый фӕстӕ сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ баиу кодтой, донаргъуыд райстой ӕмӕ зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕ систы. Розӕ уыди Санта-Анӕйы бынӕттон пионертӕй фыццаг *.
Розӕйӕн гыццыл дукани уыди, ӕмӕ-иу хъусын кӕнынмӕ куы цыд, уӕд-иу ӕй сӕхгӕдта. Йӕ ныфс дардта, цы йӕ хъӕуы, уымӕй йӕ Йегъовӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, цалдӕр сахаты фӕстӕ-иу йӕ дукани ногӕй куы байгом кодта, уӕд-иу дзы ӕлхӕнджытӕй къух бакӕнӕн нал уыди. Розӕ йӕхиуыл бавзӕрста, Матфейы 6:33 цы фыст ис, уый ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта.
Ӕхсӕз миссионерӕй иумӕ иу хӕдзар баххуырстам ӕмӕ уым цардыстӕм. Иу бон, кӕй хӕдзары цардыстӕм, уыцы лӕгмӕ бынӕттон сауджын ӕрбацыд ӕмӕ йӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ ма, дам, сын дӕ хӕдзар куы дӕттай, уӕд дӕу дӕр ӕмӕ дӕ усы дӕр аргъуанӕй ратӕрдзыстӕм. Фӕлӕ хӕдзары хицауӕн, зындгонд бизнесменӕн, сауджынты митӕй йӕ зӕрдӕ цъӕх уыди, ӕмӕ йӕ зондыл нӕ ацыд. Уыцы сауджынӕн ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ мӕ тынг не ’ндавы, аргъуанӕй мӕ ратӕрдзысты ӕви нӕ. Махӕн та загъта, нӕ бон кӕй у уыцы хӕдзары, цас нӕ фӕнды, уыйбӕрц цӕрын.
ДЗЫРДДЗӔУГӔ АДӔЙМАГ ССИ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔН
Бӕстӕйы сӕйраг горӕт Сан-Сальвадоры та ӕндӕр миссионер Библи ахуыр кодта зындгонд инженер Балтасар Перлӕйӕн йӕ усимӕ. Балтасарӕн тынг хорз зӕрдӕ уыди, фӕлӕ дины разамонджыты цӕстмӕ митӕм кӕсгӕйӕ Хуыцауыл нал ӕууӕндыд. Сальвадоры филиал саразыны рӕстӕг куы ’рцыди, уӕд рӕстдзинады фӕндагыл нӕма слӕууыд, фӕлӕ нын загъта, зӕгъгӕ уын филиалӕн проект скӕндзынӕн ӕмӕ агъуыстытӕ самайдзынӕн. Ӕмӕ йӕ куысты тыххӕй иу капекк дӕр ӕхца нӕ райста.
Арӕзтады рӕстӕг Йегъовӕйы адӕмимӕ ноджы хуыздӕр базонгӕ ӕмӕ уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодта, раст дин кӕй ссардта, ууыл. Донаргъуыд райста 1955 азы 22 июлы, йӕ ус Паулинӕ та уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц сӕ дыууӕ сывӕллоны дӕр. Сӕ лӕппу Балтасар 49 азы дӕргъы лӕггад кӕны Бруклины Вефилы ӕмӕ афтӕмӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ӕнтыстджынӕй размӕ цӕуа. Ныр та ис Америкӕйы Иугонд Штатты филиалы комитеты *.
Сан-Сальвадоры конгресстӕ уадзын куы райдыдтам, уӕд нын ӕфсымӕр Перлӕ ссардта стыр спортивон зал, цӕмӕй-иу уым ӕрӕмбырд уыдаиккам. Фыццаг-иу дзы ӕрмӕстдӕр цалдӕр хайы бацахстам. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы азӕй-азмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтам, ӕмӕ-иу фӕстагмӕ зал ӕнӕхъӕнӕй дӕр бацахстам ӕмӕ дзы цӕугӕ дӕр нал кодтам! Конгрессты-иу федтон, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдоны. Сӕхӕдӕг кӕимӕ ахуыр кодтой ӕмӕ ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, уыдоны-иу мӕм ӕрбакодтой ӕмӕ-иу мын дзырдтой, «дӕ цоты цотимӕ» базонгӕ у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ-иу мын ӕхсызгон куыннӕ уыди.
Иухатт та мӕм конгрессы иу ӕфсымӕр ӕрбацыд ӕмӕ мын афтӕ, хатыр, дам, дӕ хъуамӕ ракурон. Ӕз ӕй зонгӕ дӕр нӕ бакодтон ӕмӕ сцымыдис дӕн, хатыр мӕ цӕй тыххӕй куры, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мын уый загъта: «Ӕз дӕн, Санта-Анӕйы уыл дуртӕ чи ӕхста, уыцы лӕппутӕй сӕ иу». Ныр уый дӕр мемӕ иумӕ лӕггад кодта Йегъовӕйӕн! Фырцинӕй мӕ зӕрдӕ мӕ риуӕй рацӕйгӕпп кодта! Уӕд ӕй ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, царды мидӕг ӕххӕстрӕстӕг лӕггадӕй арфӕйагдӕр хъуыддаг кӕй нӕй.
ФӔСМОН НИЦӔУЫЛ КӔНЫН
Сальвадоры миссионерӕй лӕггад кодтон 29 азы бӕрц. Фыццаг лӕггад кодтон горӕт Санта-Анӕйы, стӕй – Сонсонатейы, уый фӕстӕ – Санта-Теклӕйы ӕмӕ фӕстагмӕ та – Сан-Сальвадоры. 1975 азы бирӕ фӕрахъуыды-бахъуыды кодтон, бирӕ фӕкуывтон Йегъовӕмӕ ӕмӕ аскъуыддзаг кодтон, миссионерӕй кӕй нал лӕггад кӕндзынӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ Споканмӕ кӕй аздӕхдзынӕн. Мӕ иузӕрдион ныййарджытыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, ӕмӕ сӕ хъуыди ме ’ххуыс.
Мӕ фыд амард 1979 азы. Ӕмӕ уый фӕстӕ аст азы та кастӕн мӕ мадмӕ. Азӕй-азмӕ лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр ӕмӕ ӕнӕбонӕй-ӕнӕбондӕр кодта. Ӕмӕ 94-аздзыдӕй амард. Уыцы зын рӕстӕг тынг бафӕлладтӕн, хъарутӕ мӕм нал уыд ӕмӕ мын циндзинад ӕппындӕр ницыуал хаста. Афтӕ дӕр-иу мӕм каст, цыма зыбыты иунӕг дӕн ӕмӕ никӕй хъӕуын. Фӕлӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ куывтон, ӕмӕ та-иу мӕ цыма йӕ фӕлмӕн къухӕй ӕрбахъӕбыс кодта, афтӕ-иу мын фенцон. Ӕмӕ уый фӕрцы уыцы фӕлварӕны нӕ фӕцудыдтон. Раст мын цыма Йегъовӕ афтӕ дзырдта, «дӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр [дӕ] ӕз... хӕсдзынӕн, ӕххуыс дын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ирвӕзын кӕндзынӕн» (Ис. 46:4).
1990 азы алыгътӕн горӕт Омакмӕ (штат Вашингтон). Уым та ногӕй банкъардтон, мӕ бон кӕй у, испайнаг ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонӕй цалдӕр донаргъуыд дӕр райстой. Афтӕ лӕггад кодтон 2007 азы онг. Фӕлӕ Омакы мӕ хӕдзармӕ зилын мӕ бон кӕй нал уыди, уымӕ гӕсгӕ уыцы аз ноябры цӕрынмӕ рахызтӕн квартирӕмӕ, уырдӕм хӕстӕг гыццыл горӕт Шеланмӕ (штат Вашингтон). Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕм уыцы горӕты испайнаг ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ хъус дарынц, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг бузныг дӕн. Уыцы ӕмбырды мӕн йеддӕмӕ ацӕргӕ Ӕвдисӕн нӕй, ӕмӕ мӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ «бабу» фӕхонынц.
Цӕмӕй мӕ «мацы хъыгдардтаид», афтӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтаин, уый тыххӕй кӕд мой не скодтон ӕмӕ мын мӕхи бинонтӕ нӕй, уӕддӕр мын рӕстдзинады ис бирӕ сывӕллӕттӕ (1 Кор. 7:34, 35). Хъуыды-иу кодтон, ацы дунейы уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ мын алцыдӕр уа. Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтон, царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уымӕ – Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынмӕ. Ног дунейы та мын рӕстӕг фагӕй дӕр фылдӕр уыдзӕн, цы мӕ фӕнда, уыдӕттӕ аразынӕн. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы Псалом 145:16. Фыст дзы ис, Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр кӕй ратдзӕн, «йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый».
Ныр мыл 91 азы цӕуы. Фӕлӕ ме ’нӕниздзинадӕй нӕ хъаст кӕнын, ӕмӕ нырма дӕр дӕн пионер. Пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын, уый фӕрцы мӕ зӕрдӕ нӕ зӕронд кӕны ӕмӕ мӕ царды бонтӕ дзӕгъӕлы не ’рвитын. Кӕддӕр Сальвадормӕ куы ’рцыдтӕн, хъусын кӕныны хъуыддаг дзы нырма уӕд слӕууыд йӕ къахыл. Ӕмӕ кӕд Хӕйрӕг ӕдзухдӕр нӕ ныхмӕ цӕуы, уӕддӕр ныртӕккӕ уыцы бӕстӕйы ис 39 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Ӕмӕ мын уый мӕ уырнындзинад тынг фидар кӕны. Бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмы фыдӕбонӕн кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй ӕххуыс кӕны!