Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕуӕн дӕ бон у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл фӕуӕлахиз уай!

Дӕуӕн дӕ бон у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл фӕуӕлахиз уай!

«[Хӕйрӕджы] ныхмӕ фӕлӕуут, уырнындзинады фидар ут, афтӕмӕй» (1 ПЕТ. 5:9).

1. а) Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнын абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у? б) Кӕцӕй йӕ зонӕм, нӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл фӕуӕлахиз уӕм?

ХӔЙРӔГ тох кӕны, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонимӕ ӕмӕ «ӕндӕр фыстимӕ» (Иоан. 10:16). Фӕнды йӕ, цӕмӕй ма йын цы цыбыр рӕстӕг баззад, уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй фылдӕры раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕна. (Бакӕс Раргомад 12:9, 12.) Цымӕ нӕ бон у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыннӕ! Библийы фыст ис: «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн» (Иак. 4:7).

2, 3. а) Хӕйрӕджы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй адӕмы ма уырна, ӕцӕгӕй кӕй ис, уый? б) Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый кӕцӕй зоныс?

2 Бирӕтӕн афтӕ куы зӕгъай, Хӕйрӕг ис, зӕгъгӕ, уӕд дыл фӕхуддзысты. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты адӕм сӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ сӕ кой ӕрмӕстдӕр аргъӕутты, кинонывты ӕмӕ видеохъӕзтыты вӕййы. Ахӕм адӕм фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, иу зондджын адӕймаджы дӕр нӕ бауырндзӕн, фыдгӕнӕг зӕдтӕ кӕй ис, уый. Цымӕ адӕм афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, ӕмӕ нӕдӕр Хӕйрӕг ис, нӕдӕр дӕлимонтӕ, уый тыххӕй Хӕйрӕг мӕсты кӕны? Ӕппындӕр нӕ! Хӕйрӕгӕн, чи йыл не ’ууӕнды, уыдоны фӕсайын ӕнцондӕр у (2 Кор. 4:4). Уый йӕхӕдӕг парахат кӕны ахӕм мӕнг хъуыдытӕ, цӕмӕй афтӕмӕй дӕр адӕмы сайа.

3 Фӕлӕ мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, зонӕм, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый. Мах зонӕм, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис. Кӕцӕй? Библийы фыст ис, Евӕимӕ калмы уылты Сайтан кӕй ныхас кодта (Райд. 3:1–5). Йегъовӕйӕн Иовы фыдкой дӕр уый фӕкодта (Иов 1:9–12). Стӕй Йесойы дӕр Хӕйрӕг фӕлвӕрдта (Матф. 4:1–10). Ӕмӕ 1914 азы Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд дӕр, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдонимӕ «тох кӕнын» Хӕйрӕг райдыдта (Рарг. 12:17). Уыцы хӕст абоны онг дӕр цӕуы – Хӕйрӕг ныр дӕр архайы, цӕмӕй сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ ӕндӕр фысты Хуыцауӕй фӕиппӕрд кӕна. Цӕмӕй уыцы хӕсты фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Сайтаны ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, уый нӕ бон кӕй фӕрцы бауыдзӕн, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ.

ДӔХИ ХИЗ СӔРБӔРЗОНДДЗИНАДӔЙ

4. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Сайтанӕй сӕрбӕрзонддӕр ничи у?

4 Хӕйрӕг афтӕ сӕрбӕрзонд у, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Уыцы фыдгӕнӕг зӕд йӕ ныфс бахаста, цӕмӕй сдзырддаг кодтаид, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, ӕмӕ хицау уа. Стӕй ма ууыл дӕр архайы, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн лӕггад кӕной. Афтӕ чи кӕны, уымӕй сӕрбӕрзонддӕр ма чи хъуамӕ уа! Уӕдӕ цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи сӕрбӕрзонддзинадӕй хизӕм ӕмӕ сӕрныллӕг уӕм. (Бакӕс 1 Петры 5:5.)

5, 6. а) Адӕймаг йӕхицӕн аргъ кӕна, уый ӕвзӕр у? Бамбарын ӕй кӕн. б) Библийӕ цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, сӕрбӕрзонд уай, уый тӕссаг кӕй у?

5 Адӕймаг йӕхицӕн аргъ кӕна, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Стӕй, йӕхицӕн йе та ӕндӕр кӕмӕндӕр хорзӕй цы бантыст кӕнӕ йӕм хорзӕй цы ис, уымӕй сӕрыстыр уа, уый дӕр ӕвзӕр нӕу. Апостол Павел фыста: «Мах Хуыцауы ӕмбырдты сымахӕй сӕрыстыр стӕм, уымӕн ӕмӕ, цы ’фхӕрд ӕмӕ цы зындзинӕдтӕ ӕййафут, уыдоны стут фидар ӕмӕ уӕм ис уырнындзинад» (2 Фес. 1:4). Уӕдӕ адӕймаг иннӕты хорз хъуыддӕгтыл цин кӕна ӕмӕ йӕхицӕй сӕрыстыр уа, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Мах нӕ бинонтӕй, нӕ адӕмыхаттӕй ӕмӕ нӕ бӕстӕйӕ хъуамӕ ӕфсӕрмы ма кӕнӕм (Хъуыд. 21:39).

6 Фӕлӕ адӕймаг сӕрбӕрзонд куы суа, уӕд ын иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрын зын уыдзӕн. Ӕппӕты стырдӕр бӕллӕх та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар дӕр нал уыдзӕн. Сӕрбӕрзонд адӕймагӕн хъыг вӕййы, уынаффӕ йын куы фӕдӕттынц, уӕд, ӕмӕ йӕм хъусгӕ дӕр нӕ бакӕны (Пс. 141:5). Стӕй йӕхицӕй хъал вӕййы ӕмӕ иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ фӕкӕсы, уымӕн ӕмӕ афтӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ уыдонӕй хуыздӕр у, кӕд афтӕ нӕ вӕййы, уӕддӕр. Йегъовӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй йе сӕфт уыны (Йез. 33:28; Амос 6:8). Фӕлӕ Хӕйрӕгӕн та ӕхсызгон вӕййы, адӕм уыйау сӕхицӕй хъал куы вӕййынц ӕмӕ сӕхицӕй куы феппӕлынц, уӕд. Ахъуыды-ма кӕн, Нимрод, фараон ӕмӕ Авессалом сӕ фырсӕрбӕрзондӕй сӕхицӕй куы ’ппӕлыдысты, уӕд Хӕйрӕг куыд цин кодтаид! (Райд. 10:8, 9; Рац. 5:1, 2; 2 Сам. 15:4–6). Каин Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай кӕй фӕци, уый дӕр йӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй уыд. Йегъовӕ йын йӕхӕдӕг радта уынаффӕ, фӕлӕ Каин афтӕ сӕрбӕрзонд уыд, ӕмӕ йӕм нӕ байхъуыста. Хивӕнд кӕй уыд ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхст кӕй ницӕмӕ ӕрдардта, уый тыххӕй йӕхи бӕллӕхы баппӕрста (Райд. 4:6–8).

7, 8. а) Адӕмӕн сӕ сӕрбӕрзонддзинад арӕх цӕмӕй рабӕрӕг вӕййы? б) Бамбарын кӕн, сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй ӕмбырды фарнӕн фехӕлынӕй тӕссаг цӕмӕн у.

7 Нӕ рӕстӕджы адӕмы сӕрбӕрзонддзинад бирӕ алыхуызон фыдхъуыддӕгтӕй рабӕрӕг вӕййы. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй иу у, иу адӕмыхатт иннӕмӕй йе сӕфт кӕй фӕуыны, цы бӕстӕйӕ сты кӕнӕ сӕ буары хуыз ӕндӕр кӕй у, уый тыххӕй. Се сӕфт сӕ цӕмӕн фӕуынынц? Уымӕн ӕмӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ уыдонӕй хуыздӕр сты. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг расайы змӕстытӕ ӕмӕ хӕстытӕ, ӕмӕ ма суанг ӕнӕхъӕн адӕмыхатт цӕгъдын кӕй райдайынц, уый дӕр.

8 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон ӕмбырды ахӕм хъуыддӕгтӕн бынат нӕй. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй фӕбыцӕу кӕнынц, уый вӕййы сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй, ӕмӕ ахӕм быцӕутӕ, чи зоны, фыддӕр цӕмӕдӕрты дӕр ӕркӕной. Раст афтӕ уыд сӕ хабар фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты, ӕмӕ сӕ Иаков дӕр комкоммӕ уымӕн бафарста: «Уӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуыл хӕцут ӕмӕ цӕуыл хыл кӕнут?» (Иак. 4:1). Нӕ зӕрдӕйы арф кӕмдӕр иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл куы нымайӕм, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй фӕхъыг кӕнӕм (Ӕмб. 12:18). Ӕцӕгдӕр, сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй ӕмбырды фарнӕн фехӕлынӕй тӕссаг у.

9. Библи нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕты сӕрбӕрзонддзинадӕн бынат ма дӕттӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

9 Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр стӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ «хъалзӕрдӕ адӕймагӕй» йе сӕфт кӕй уыны (Ӕмб. 16:5). Стӕй ма хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф ныккӕсӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл. Кӕд нӕхи уыдонӕй хуыздӕрыл нымайӕм, уӕд рох кӕнӕм, Хуыцау «иу адӕймагӕй [кӕй] рауагъта ӕппӕт адӕмты» (Хъуыд. 17:26). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр стӕм иу адӕмыхаттӕй, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр рацыдысты Адамӕй. Уӕдӕ куыд ӕнӕзонд ми у афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ кӕцыдӕр адӕмыхӕттытӕ иннӕтӕй хуыздӕр сты! Мах дӕр ахӕм хъуыдыйыл хӕст куы уӕм, уӕд Хӕйрӕгӕн фадат дӕтдзыстӕм, цӕмӕй ӕрлӕмӕгъ кӕна, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ цы иудзинад ис, уый (Иоан. 13:35). Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ сӕрбӕрзонддзинадӕн йӕ кой дӕр ма уа (Ӕмб. 16:18).

МУЛЧЫ ФӔДЫЛ МА ЦУ ӔМӔ АЦЫ ДУНЕ МА УАРЗ

10, 11. а) Ацы дуне бауарзын ӕнцон цӕмӕн у? б) Димас ацы дуне кӕй бауарзта, уый йӕ цӕмӕ ӕркодта?

10 Хӕйрӕг у «ацы дунейы хицау», ӕмӕ йыл йӕ бар цӕуы (Иоан. 12:31; 1 Иоан. 5:19). Уымӕ гӕсгӕ, ацы дуне адӕймаджы цӕмӕ разӕнгард кӕны, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ сты Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дунейы цы ис, уымӕй алцы ӕвзӕр нӕу. Фӕлӕ дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Хӕйрӕг кӕй архайдзӕн, цӕмӕй нын, йӕ къухы цы дуне ис, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ афтӕ сцыбӕл кӕна, ӕмӕ тӕригъӕд саразӕм. Йе та архайдзӕн, цӕмӕй ацы дуне бауарзӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ мауал лӕггад кӕнӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 2:15, 16.)

11 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ ацы дуне бауарзтой. Зӕгъӕм, Павел ныффыста: «Димас бауарзта ацы дуне, ӕмӕ мӕ ныууагъта» (2 Тим. 4:10). Димас ацы дунейы афтӕ тынг цы бауарзта, цӕмӕй Павелы ныууагътаид, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Чи зоны, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй фылдӕр бауарзта мулк ӕмӕ ӕхца. Кӕд йӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд йӕхи ӕнӕхай фӕкодта, Хуыцауы хъуыддаджы йӕм цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕй. Ӕмӕ цӕй тыххӕй? Йегъовӕ йӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодтаид, уыдонӕй хуыздӕр ын ацы дуне ницы радтаид! (Ӕмб. 10:22).

12. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ нӕ хъӕздыгдзинад «йӕ фӕдыл асайа»?

12 Ахӕм хабар, гӕнӕн ис, ӕмӕ махыл дӕр ӕрцӕуа. Алы чырыстоны дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ бон уа йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты дарын (1 Тим. 5:8). Йегъовӕйы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй царды исты цух ӕййафӕм, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Адам ӕмӕ Евӕйы диссаджы рӕсугъд дзӕнӕты кӕй ӕрцӕрын кодта, уымӕй (Райд. 2:9). Фӕлӕ Хӕйрӕгӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ мулкмӕ сцыбӕл кӕна, ӕмӕ нӕ «хъӕздыгдзинад... йӕ фӕдыл асайа» (Матф. 13:22). Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, цӕмӕй адӕймаг амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ уа бирӕ ӕхца ӕмӕ мулк. Кӕд мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕхӕдӕг нӕхи сайӕм ӕмӕ нын тӕссаг у, зынаргъдӕрӕй нӕм цы ис, уымӕй нӕхи ӕнӕхай куы фӕкӕнӕм, ома Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ куы нал уӕм. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). Кӕд хъӕздыгдзинады «цагъартӕ» стӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕнӕм. Хӕйрӕджы та растдӕр уый фӕнды! Уӕдӕ дын ӕхца кӕнӕ, ӕхцайӕ балхӕнӕн цы ис, уыдӕттӕ, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, уымӕй ахсджиагдӕр макуы суӕнт. Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:6–10.)

ДӔХИ ХИЗ ӔНӔГЪДАУДЗИНАДӔЙ

13. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ ӕмӕ бинонты цардмӕ ацы дунейы цы цӕстӕй кӕсынц?

13 Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй ма ноджыдӕр иу у ӕнӕгъдаудзинад. Абон бирӕтӕ афтӕ фӕзӕгъынц, ӕмӕ, дам, адӕймаг йӕ цардӕмбалыл ӕнувыд кӕй хъуамӕ уа, уый йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бӕтты, стӕй, дам, нӕ рӕстӕджы афтӕ цӕрӕн нал ис. Ахӕм цӕстӕй кӕсынц, лӕг ӕмӕ ус закъонмӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ кӕй хъуамӕ ӕрфыссой, уымӕ дӕр. Зӕгъӕм, иу актрисӕ загъта: «Нӕдӕр нӕлгоймагӕн, нӕдӕр сылгоймагӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр иу адӕймагимӕ цӕра. Ӕз иу ахӕм адӕймаджы дӕр нӕ зонын, ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл ӕнувыд уа кӕнӕ та йӕ уый фӕндгӕ кӕна». Иу актер та загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, адӕймаг афтӕ конд нӕу, цӕмӕй цӕрӕнбонты уыцы иу адӕймагимӕ фӕцӕра». Хуыцау бинонты цардӕн цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый зындгонд адӕм куы фӕфауынц, уӕд Хӕйрӕг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цин фӕкӕны. Ӕппындӕр ӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм ӕмкъайадӕн аргъ кӕной ӕмӕ бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕной. Уӕдӕ цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ бинонты цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм.

14, 15. Дӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ дӕ ӕнӕгъдау ми бакӕнынмӕ куы цыбӕл кӕной, уӕд дӕ бон цы у саразын?

14 Бинонтӕ дын ис ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайай, цӕмӕй дӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хизай. Цымӕ уый ӕнцон у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Зӕгъӕм, кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, скъолайы фехъусыс, де ’мкъласӕгтӕ сӕхицӕй куыд феппӕлынц, кӕимӕ сӕ бафӕнды, уыимӕ ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уымӕй. Чи зоны ма феппӕлынц, кӕрӕдзимӕ цы ’нӕгъдау СМС-тӕ ӕмӕ цы хӕлд къамтӕ фервитынц, уыдонӕй дӕр. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ иуӕй-иу бӕстӕты уыцы хъуыддаг нымад у сывӕллӕтты порнографи парахат кӕныныл. Библийы фыст ис: «Хӕтгӕ чи кӕны, уый... йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы» (1 Кор. 6:18). Адӕймаг ӕнӕгъдау цард куы фӕкӕны, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕрынчын уа хӕцгӕ низтӕй. Ӕмӕ бирӕтӕ уыцы низтӕй фӕхъизӕмар кӕнынц ӕмӕ мӕлгӕ дӕр акӕнынц. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, фӕлӕ кӕимӕдӕр ӕмуат чи ’рцыд, уыцы ӕрыгӕттӕн сӕ фылдӕр зӕгъынц, уыцы хъуыддагыл кӕй фӕсмон кӕнынц. Ацы дунейы цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдоны хӕтындзинад афтӕ ӕвдисынц, цыма дзы ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕмӕ уый тыххӕй адӕймаг, гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнын райдайа, ӕмӕ Хуыцауы закъӕтты сӕрты куы ахиза, уӕд ын ницы уыдзӕн. Ахӕм мӕнг хъуыдытыл чи баууӕнды, уыдоны «тӕригъӕд йӕ фӕдыл... асайы» ӕмӕ Хӕйрӕджы къӕппӕджы бахауынц (Дзут. 3:13).

15 Кӕд дӕ дӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕнӕгъдау ми бакӕнынмӕ цыбӕл кӕнынц, уӕд дӕ бон цы у саразын? Уыцы хъуыддаджы дын дӕхиуыл хӕцын зын кӕй у, ууыл дӕхи раз басӕтт (Ром. 7:22, 23). Хуыцаумӕ кув ӕмӕ дзы хъарутӕ кур (Фил. 4:6, 7, 13). Дӕхи хиз, ӕнӕгъдаудзинадмӕ дӕ чи ’ркӕндзӕн, ахӕм уавӕртӕй (Ӕмб. 22:3). Ӕмӕ дӕ исты кӕнӕ исчи куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу дзы уайтагъд «алидз» (Райд. 39:12).

16. Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ын Йесо цы загъта ӕмӕ уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Фӕлварӕнты рӕстӕг фидар лӕууын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын диссаджы цӕвиттон ныууагъта Йесо Чырысти. Хӕйрӕг ын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕрдта, уыдӕттӕй йын йӕхи сайын нӕ бауагъта. Йӕ ныхӕстыл ын рахъуыды-бахъуыды нӕ кодта, фӕлӕ йын уайтагъд загъта: «Фыст у». (Бакӕс Матфейы 4:4–10.) Йесо хорз зыдта Хуыцауы Ныхас, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыди фӕлварӕны рӕстӕг дзуапп Фыстадӕй раттын. Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ уый бар ма раттӕм, ӕмӕ нӕ сцыбӕл кӕна, ӕмӕ ӕнӕгъдау ми саразӕм (1 Кор. 6:9, 10).

КӔРОНМӔ ФИДАР ЛӔУУ, ӔМӔ ФӔУӔЛАХИЗ УАЙ

17, 18. а) Хӕйрӕг ма цавӕр хӕцӕнгӕрзтӕй пайда кӕны ӕмӕ нӕм уый диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса? б) Хӕйрӕгмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ дын уый куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй кӕронмӕ фидар лӕууай?

17 Сӕрбӕрзонддзинад, мулк уарзын ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад сты, Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕй тох кӕны, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр ӕртӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма бирӕ ӕндӕр хӕцӕнгӕрзтӕй пайда кӕны. Зӕгъӕм, иуӕй-иу чырыстӕттӕн сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ цӕуынц кӕнӕ сыл скъолайы се ’мгӕрттӕ худынц. Кӕмӕндӕрты та сӕ бӕстӕйы хицауад хъусын кӕныны бар нӕ дӕтты. Ахӕм зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый нӕм диссаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты рагацау бафӕдзӕхста: «Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕм дӕр се сӕфт уындзысты. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матф. 10:22).

Хӕйрӕг ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзӕн (кӕс 18 абзац)

18 Уӕдӕ нӕ цы хъӕуы, цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ тох кӕнӕм ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уӕм? Йесо загъта: «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ» (Лук. 21:19). Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу махӕн ахӕм зиан ракӕнын, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа. Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕй нӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн, уый нӕхӕдӕг куы нӕ бауадзӕм, уӕд (Ром. 8:38, 39). Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй исчи мӕлгӕ куы акӕна, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ Хӕйрӕг фӕуӕлахиз. Йегъовӕ уыцы адӕймаджы райгас кӕндзӕн (Иоан. 5:28, 29). Хӕйрӕгмӕ та хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ацы фыддуне сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд 1 000 азмӕ дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн (Рарг. 20:1–3). Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон Хӕйрӕг цыбыр рӕстӕгмӕ «йӕ ахӕстонӕй уагъд ӕрцӕудзӕн» ӕмӕ фӕстаг хатт бафӕлвардзӕн ӕххӕст адӕмы фӕсайын. Ӕмӕ уый фӕстӕ сӕфт ӕрцӕудзӕн (Рарг. 20:7–10). Хӕйрӕгӕн йӕ бонтӕ нымад сты, дӕумӕ та диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Уӕдӕ йӕ ныхмӕ лӕуу ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Дӕуӕн дӕ бон у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл фӕуӕлахиз уай!