Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Йезекилы чиныджы ис, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гогы кой. Цымӕ уый чи у?

Бирӕ азты дӕргъы нӕ литературӕйы фыстам, зӕгъгӕ, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог амоны, уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст чи ’рцыд, уыцы Сайтан Хӕйрӕгмӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Раргомады чиныгмӕ гӕсгӕ Хӕйрӕг у, ӕгас дунейы дӕр адӕмы Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ чи рацӕуын кӕндзӕн, уый (Рарг. 12:1–17). Уӕдӕ раздӕр афтӕ нымадтам, ӕмӕ Гог у Хӕйрӕджы нӕмттӕй сӕ иу.

Фӕлӕ уӕддӕр цавӕрдӕр фарстатӕ зын бамбарӕн уыдысты. Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм хъуыддӕгтыл: Гог сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ йӕ «ратдзӕн тугдзых мӕргътӕн, алыхуызон мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн, ӕмӕ... [йӕ] бахӕрдзысты» (Йез. 39:4). Стӕй ма Йегъовӕ загъта: «Уыцы бон ӕз Гогӕн уым ратдзынӕн бынат, кӕм ӕй баныгӕной, ахӕм бынат Израилы» (Йез. 39:11). Фӕлӕ Хӕйрӕг ӕнӕуынгӕ уӕларвон удгоймаг у, ӕмӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ йӕ мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕ бахӕрой? Стӕй уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ зӕххы ныгӕд ӕрцӕуа? Библийы бӕлвырд фыст ис, Хӕйрӕджы хӕргӕ кӕнӕ ныгӕнгӕ кӕй нӕ бакӕндзысты, фӕлӕ йӕ мин азмӕ дӕлдзӕхы кӕй ныппардзысты (Рарг. 20:1, 2).

Библийы ма фыст ис, мин азы кӕрон Сайтаны дӕлдзӕхӕй кӕй рауадздзысты, «цӕмӕй фӕсайа зӕххӕн йӕ цыппар кӕроны цӕрӕг адӕмты – Гогы ӕмӕ Магогы – ӕмӕ сӕ цӕмӕй хӕстмӕ ӕрӕмбырд кӕна» (Рарг. 20:8). Фӕлӕ кӕд Сайтан Гог у, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ хъуамӕ йӕхӕдӕг йӕхи фӕсайа. Ӕмӕ уый гӕнӕн та куыд ис? Уӕдӕ дзырд «Гог» нӕдӕр Йезекилы пехуымпарады, нӕдӕр Раргомады чиныджы Сайтанмӕ нӕ амоны.

Уӕдӕ Магогы зӕххӕй Гог чи у? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Библи лӕмбынӕг раиртасӕм ӕмӕ базонӕм, Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи рацӕудзӕн, уый. Библийы фыст ис, сӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог», «цӕгатаг паддзах» ӕмӕ «зӕххон паддзӕхтӕ» (Йез. 38:2, 10–13; Дан. 11:40, 44, 45; Рарг. 17:14; 19:19). Цымӕ уыцы стихты алыхуызон хабӕртты кой цӕуы? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй Библи алыхуызон ныхӕстӕй дзуры уыцы иу хабары тыххӕй. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Библийӕ бӕрӕг у, Армагеддоны хӕст кӕмӕй райдайдзӕн, уыцы фӕстаг тохы ӕппӕт адӕмтӕ дӕр кӕй архайдзысты (Рарг. 16:14, 16).

Уӕдӕ ацы стихтӕ кӕрӕдзиимӕ куы абарӕм, уӕд фендзыстӕм, Магогы зӕххӕй Гог Сайтанмӕ кӕй нӕ амоны. Магогы зӕххӕй Гог амоны адӕмты къордмӕ. Цымӕ уыцы къорды разамонӕг «цӕгатаг паддзах» уыдзӕн? Уый фидарӕй зӕгъын нӕ бон нӕу. Фӕлӕ нӕм уыцы хъуыды раст кӕсы, Йегъовӕ Гогӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Йегъовӕ йын загъта: «Ды рацӕудзынӕ дӕ бынатӕй, цӕгаты кӕрӕттӕй, ӕмӕ демӕ уыдзӕн бирӕ адӕмтӕ, иууылдӕр баддзысты бӕхтыл, тынг бирӕ адӕм, ӕнӕнымӕц ӕфсад» (Йез. 38:6, 15).

Пехуымпар Данел царди Йезекилы рӕстӕджы ӕмӕ уый дӕр ныффыста цӕгатаг паддзахы тыххӕй: «Хурыскӕсӕнӕй ӕмӕ цӕгатӕй ахӕм хабӕрттӕ ӕрыхъуысдзӕн, ӕмӕ катайы бацӕудзӕн. Ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ рацӕудзӕн, цӕмӕй бирӕты пырх кӕна ӕмӕ сӕ сӕфты хай кӕна. Йӕ цатыртӕ, галуаны хуызӕн цатыртӕ, ӕрӕвӕрдзӕн стыр денджыз ӕмӕ Рӕсугъд бӕстӕйы сыгъдӕг хохы ’хсӕн. Фӕлӕ йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ничи баххуыс кӕндзӕн» (Дан. 11:44, 45). Ацы ныхӕстӕ сты, Йезекилы чиныджы Гогы тыххӕй цы фыст ис, уый хуызӕн (Йез. 38:8–12, 16).

Фӕстаг тохы фӕстӕ цы ӕрцӕудзӕн? Данел загъта: «Уыцы рӕстӕг [Армагеддоны] сыстдзӕн Михаил [Йесо Чырысти], дӕ адӕмы сӕрыл [1914 азӕй фӕстӕмӕ] чи хӕцы, уыцы номдзыд кънйаз. Уӕд скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг [стыр бӕллӕх], адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй суанг уыцы рӕстӕджы онг чи никуыма уыд, ахӕм. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг дӕ адӕм фервӕздзысты. Фервӕздзӕн, чиныджы чидӕриддӕр фыст уа, уый» (Дан. 12:1). Ахӕм ныхӕстӕ ма кӕсӕм, Чырыстийы тыххӕй Раргомады 19:11–21 стихты цы фыст ис, уым.

Фӕлӕ Раргомады 20:8 стихы «Гог ӕмӕ Магог» та чи у? Уый амоны, мин азы кӕрон фӕстаг фӕлварӕны рӕстӕг Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацӕудзӕн, уыдонмӕ. Уыцы адӕм дӕр се сӕфт фендзысты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй ӕмӕ уымӕй уыдзысты, стыр бӕллӕхы кӕрон Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи рацӕудзӕн, уыдоны хуызӕн, ома, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гогы хуызӕн. Ӕмӕ, Армагеддоны чи фесӕфдзӕн, уыдонау уыцы адӕм дӕр сӕфт ӕрцӕудзысты (Рарг. 19:20, 21; 20:9). Уӕдӕ, мин азы кӕрон Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи рацӕудзӕн, уыдон «Гог ӕмӕ Магог» дзӕгъӕлы нӕ хуыйнынц.

Библи лӕмбынӕг кӕй иртасӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ тынг фӕнды базонын, фидӕны «цӕгатаг паддзах» чи уыдзӕн, уый. Фӕлӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ адӕмты чифӕнды ма ракӕна, уӕддӕр мах фидарӕй зонӕм дыууӕ хъуыддаджы: 1) Магогы зӕххӕй Гогы ӕмӕ йын йе ’фсад ныппырх кӕндзысты ӕмӕ фесафдзысты; 2) Паддзах Йесо Чырысти Хуыцауы адӕмы фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ бакӕндзӕн, фӕрнӕй ӕмӕ ӕдасӕй кӕм цӕрдзысты, уыцы ног дунемӕ (Рарг. 7:14–17).