Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн «фыдбонты» рӕстӕг дӕр

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн «фыдбонты» рӕстӕг дӕр

«МЕ ’НӔНИЗДЗИНАД фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны»,– ӕнкъардӕй загъта, 70 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр, Эрнст *, зӕгъгӕ. Чи зоны, ды дӕр афтӕ фӕзӕгъыс. Кӕд дыл азтӕ рацыди, де ’нӕниздзинад лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны ӕмӕ де уӕнгты кӕддӕры хъару нал ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Екклесиасты 12 сӕры фыст ныхӕстӕ хорз ӕмбарыс. Фыццаг стихы дзы зӕронды бонтӕ хуынд цӕуынц «фыдбонтӕ». Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ныр дӕ царды рыст ӕмӕ маст йеддӕмӕ хорзӕй ницыуал уыдзӕн. Уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд уай ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнай.

ДӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР КӔН

Нӕ зынаргъ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, сымах цы зындзинӕдтӕ ӕвзарут, уыцы зындзинӕдтӕ ма бирӕтӕ бавзӕрстой. Рагзаманты Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уыдысты ахӕм уавӕрты. Зӕгъӕм, Исахъ, Иаков ӕмӕ Ахи цӕстӕй нал уыдтой (Райд. 27:1; 48:10; 1 Пад. 14:4). Паддзах Давид ӕдзухдӕр уазал кодта, «нал тӕфсти» (1 Пад. 1:1). Хъӕздыг лӕг Верзели хӕринаджы ад нал ӕмбӕрста, стӕй зарӕггӕнджыты хъӕлӕс дӕр нал ӕвзӕрста (2 Сам. 19:32–35). Авраам ӕмӕ Ноемин та сӕхиуыл бавзӕрстой, цардӕмбалы мӕлӕт цы стыр маст ӕрхӕссы, уый (Райд. 23:1, 2; Руф 1:3, 12).

Цымӕ сын цы баххуыс кодта, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъуыстаиккой ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой? Авраамы йӕ зӕронды бонты дӕр фидарӕй уырныдта, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый, ӕмӕ дзы «йӕ уырнындзинад... бауагъта тых» (Ром. 4:19, 20). Махӕн дӕр нӕ уырнындзинад хъуамӕ уа фидар. Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидар уыдзӕн ӕви нӕ, уый йӕ карӕй кӕнӕ йӕ уавӕртӕй йе та, йӕ бон цы у, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Зӕгъӕм, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иаковыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руагътой, цӕстӕй куы нал уыдта ӕмӕ куы ’руатон, уӕд дӕр Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндыд (Райд. 48:1–4, 10; Дзут. 11:21). Йегъовӕйӕн абон дӕр ис ахӕм иузӕрдион ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕ. Зӕгъӕм, Инесыл цӕуы 93 азы ӕмӕ цы низӕй хъӕрзы, уый тыххӕй йе уӕнгты тых нал ис (атрофия мышц). Инес загъта: «Йегъовӕ мын алы бон дӕр, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ арфӕ кӕны. Алы бон дӕр фӕхъуыды кӕнын Дзӕнӕтыл, ӕмӕ мӕ уый стыр ныфс уадзы». Цӕй хорз зӕрдӕйы уаг ис ацы хойӕн!

Мах нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, Хуыцаумӕ кӕй кувӕм, йӕ Ныхас ын кӕй иртасӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уый фӕрцы. Ацӕргӕ пехуымпар Данел бон ӕртӕ хатты куывта Хуыцаумӕ ӕмӕ йын ӕдзухдӕр йӕ Ныхас ахуыр кодта (Дан. 6:10; 9:2). Ацӕргӕ идӕдз сылгоймаг Аннӕ та «ӕдзух уыд кувӕндоны» (Лук. 2:36, 37). Дӕ уавӕр дӕ куы фӕамоны, уӕд ӕмбырдмӕ кӕй ацӕуыс ӕмӕ дзы дӕ бон куыд у, афтӕ кӕй фӕархайыс, уый фӕрцы ӕрмӕст дӕхӕдӕг нӕ бафидар вӕййыс, фӕлӕ ма иннӕтӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтауыс. Стӕй, кӕд дӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр дӕ куывдтытӕ Йегъовӕйӕн алкӕддӕр ӕхсызгон вӕййынц (Ӕмб. 15:8).

Иннӕты фидар кӕн

Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, сымахӕй бирӕтӕн зын у йе та бынтондӕр уӕ бон нӕу кӕсын кӕнӕ ӕмбырдтӕм цӕуын, кӕд уӕ уый фӕндгӕ тынг кӕны, уӕддӕр. Цымӕ ахӕм уавӕры цы ис саразӕн? Цыдӕриддӕр гӕнӕнтӕ уын ис, уыдонӕй пайда кӕнут. Йӕ бон ӕмбырдтӕм цӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонӕй бирӕтӕ ӕмбырды программӕмӕ фӕхъусынц телефонӕй. 79 азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ йӕ цӕстырухс бонӕй-бонмӕ кӕмӕн мынӕг кӕны, иу ахӕм хо, Инге, зӕгъгӕ, ӕмбырдтӕм йӕхи фӕцӕттӕ кӕны, иу ӕфсымӕр ын кӕй ӕххуыс кӕны, уый фӕрцы – ӕмбырды кӕй ахуыр кӕндзысты, уыцы ӕрмӕг ын компьютерӕй гӕххӕттыл стыр шрифтӕй рауадзы.

Чи зоны, дӕуӕн ис, бирӕтӕн тынг цы нӕ фаг кӕны, уый – сӕрибар рӕстӕг. Дӕ бон у, ӕмӕ уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнай, зӕгъӕм, Библи ӕмӕ нӕ публикациты записьтӕм, стӕй раныхӕстӕ ӕмӕ аудиодрамӕты записьтӕм хъусай. Дӕ бон ма у де ’мчырыстӕттӕй искӕмӕ телефонӕй бадзурын ӕмӕ йын «бахай кӕнын, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй», цӕмӕй «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уат» (Ром. 1:11, 12).

ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ЗӔРДИАГӔЙ АРХАЙ

Хъусын кӕн

«Хуыцауӕн раздӕрау лӕггад кӕнын дӕ бон мауал уа, уый тынг зын у»,– загъта, 80 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо, Кристӕ, зӕгъгӕ. Цымӕ ацӕргӕ чырыстӕттӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ циндзинад ма фесӕфа? 75 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр, Питер, загъта: «Алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕс. Дӕ бон цы нал у, ӕдзухдӕр уыдӕттыл ма хъуыды кӕн, фӕлӕ, дӕ бон цы у, уый зӕрдиагӕй араз».

Ахъуыды кӕн, дӕ уавӕрты дӕ бон куыд у хъусын кӕнын. Хайдийӕн йӕ бон нал у раздӕрау хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Ӕмӕ йыл кӕд 80 азӕй фылдӕр цӕуы, уӕддӕр сахуыр кодта компьютеры писмотӕ фыссын. Иуӕй-иу ацӕргӕ хъусынгӕнджытӕ адӕмимӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнын райдайынц, парчы кӕнӕ автобусы лӕууӕндӕтты куы фӕбадынц, уӕд. Кӕд зӕрӕдты хӕдзары цӕрыс, уӕд та дӕ бон у, ӕмӕ уыцы бынат дӕ участокыл нымайай, ӕмӕ уым чи кусы ӕмӕ дзы чи цӕры, уыдонӕн хъусын кӕнай.

Уазӕгуарзон у

Паддзах Давид йӕ зӕронды бонты зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй раст дин дидинӕг калдтаид. Зӕгъӕм, кувӕндон саразынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уый ӕрцӕттӕ кодта, стӕй уыцы хъуыддагӕн стыр мысайнаг дӕр радта (1 Аз. 28:11–29:5). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕ хъус дарын, ӕгас зӕххыл дӕр Паддзахады хъуыддаг размӕ куыд цӕуы, уымӕ, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы, дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, дӕ бон у де ’мбырды пионертӕн кӕнӕ иннӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕн ныфсы ныхӕстӕ дзурын, исты гыццыл лӕвӕрттӕ сын кӕнын кӕнӕ сӕ уазӕгуаты хонын. Стӕй ма дӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй ӕрыгӕттӕн, бинонтӕн, ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн, рынчынтӕн, стӕй бӕрнон ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕна.

Нӕ буц хистӕртӕ, сымахӕн ӕмӕ уӕ лӕггадӕн стыр аргъ ис. Нӕ уӕларвон Фыд уӕ никуы аппардзӕн (Пс. 71:9). Йегъовӕ уӕ бирӕ уарзы ӕмӕ йын тынг зынаргъ стут. Тагъд ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ ныл азтӕ цӕудзысты, фӕлӕ нын масты хос нал уыдзысты ӕмӕ сӕ «фыдбонтӕ» дӕр ничиуал схондзӕн. Не ’ппӕт дӕр уыдзыстӕм саг-сӕгуытты хуызӕн, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕниз, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ лӕггад кӕндзыстӕм!

^ 2 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.