Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы нын дзуры Чырысти

Адӕймагӕн ӕцӕг амонд цы хӕссы?

Адӕймагӕн ӕцӕг амонд цы хӕссы?

Амонд цӕмӕй кӕнгӕ у?

▪ Иухатт Чырыстимӕ байхъусынмӕ ӕрбацыд бирӕ адӕм. Семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд фыццаджыдӕр скодта амонды кой: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3). Ацы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц?

Цӕмӕй адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр цӕрой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы улӕфын, дон нуазын ӕмӕ хӕрын. Фӕлӕ адӕм фосӕй цӕмӕйдӕр хицӕн кӕнынц – уыдон хъуыды кӕнынц Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ уый у се Сфӕлдисӕг. Уӕдӕ нын Хуыцауы йеддӕмӕ ничи бамбарын кӕндзӕн, цӕмӕн цӕрӕм, уый. Ӕмӕ уый ӕмбарын та уый тыххӕй хъӕуы, цӕмӕй амондджын уӕм. Йесо загъта: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матфейы 4:4). Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ’мбары, уыдон сты амондджын, уымӕн ӕмӕ ӕнгомдӕр кӕнынц «амондджын Хуыцау» Йегъовӕимӕ, ӕмӕ сын уый дӕтты ныфс фидӕнӕй. Ӕнӕ уыцы ныфсӕй та адӕймаг амондджын никуы уыдзӕн (1 Тимофеймӕ 1:11).

Йесо адӕмы зӕрдӕты ныфс куыд уагъта?

▪ «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты»,– загъта Чырысти (Матфейы 5:5). Йесо адӕмы зӕрдӕты ныфс уагъта, рынчынты кӕй дзӕбӕх кодта ӕмӕ мӕрдты кӕй ӕгас кодта, уымӕй. Уымӕй уӕлдай ма хъусын кодта ныфсы хабар. Йесо бамбарын кодта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16). Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыцы адӕм ӕнустӕм зӕххыл амондджынӕй цӕрдзысты. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, цӕй стыр арфӕдзинад у, ӕнустӕм сӕрныллӕг адӕмы ’хсӕн цӕрын! Ӕмӕ диссаг нӕу, Хуыцауы Ныхасы афтӕ фыст кӕй ис: «Цы ныфс уын ис, уый уын уӕд цины хос» (Ромӕгтӕм 12:12). Чырысти ма дзырдта, абон дӕр амондджынӕй цӕрӕн куыд ис, уый тыххӕй дӕр.

Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, амонд ссарӕн куыд ис?

▪ Йесо радта хорз уынаффӕтӕ, зӕгъӕм, адӕмимӕ ӕмӕ бинонтимӕ цӕрын куыд хъӕуы, сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кӕсын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй (Матфейы 5:21–32; 6:1–5, 19–34). Чырыстийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын.

Адӕймаг амондджын уыдзӕн, рӕдау куы уа, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Зӕгъӕм, Чырысти загъта: «Куывд куы кӕнай, уӕд-иу фӕхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты. Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ хорздзинад цӕмӕй бафидой, уый сӕм нӕй» (Лукайы 14:13, 14). Уӕдӕ амонд уымӕй кӕнгӕ нӕу, адӕймаг фылдӕр йӕхиуыл куы хъуыды кӕна, фӕлӕ иннӕтыл куы хъуыды кӕна, уымӕй.

Адӕймаг амондджын сӕйраджыдӕр цӕй фӕрцы уыдзӕн?

▪ Адӕмӕн куы лӕггад кӕнай, исты хорздзинад сын куы аразай, уӕд уыдзынӕ амондджын. Фӕлӕ ноджы амондджындӕр та уыдзынӕ, Хуыцауӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд. Амондджын фӕхонынц, сӕ сывӕллӕттӕй сӕрыстыр чи у, уыцы ныййарджыты. Фӕлӕ уыдоны амонд дӕр нӕй абарӕн, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ адӕймаг куыд амондджын вӕййы, уыимӕ. Уый бӕрӕг у, иухатт Чырысти адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд цы загъта, уымӕй. «Адӕмы ’хсӕнӕй [йын] иу сылгоймаг хъӕрӕй загъта: „Цы амондджын у, дӕу йӕ гуыбыны чи хаста ӕмӕ дын дзидзи чи дардта, уыцы мад!“ Фӕлӕ йын уый загъта: „Нӕ, амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!“» (Лукайы 11:27, 28).

Йесо йӕ уӕларвон Фыды фӕндон кӕй ӕххӕст кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ цардӕй уыд райгонд ӕмӕ уыд амондджын. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм базоной, сӕ бон ӕнустӕм цӕрын кӕй у. Иухатт Чырысти иу адӕймагӕн ӕнусон царды тыххӕй куы радзырта, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын» (Иоанны 4:13, 14, 34). Уӕдӕ, цӕмӕй ды дӕр амондджын уай, уый тыххӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕн – Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй иннӕтӕн дзур.

Фылдӕр базонӕн ис чиныджы «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг» 75-ӕм сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв 16 фарсыл]

Цӕй тыххӕй цӕрӕм, уый куы ’мбарӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын