Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл

Мексикӕйӕ иу сылгоймаг, Лоидӕ *, зӕгъы: «Скъолайӕн йӕхи мидӕг ахуыргӕнинӕгтӕн презервативтӕ кӕй фӕдӕттынц, уый тыххӕй ӕрыгӕттӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, презервативӕй пайда кӕн, ӕндӕр».

Японийӕ иу сылгоймаг, Нобуко, зӕгъы: «Мӕ лӕппуйы куы бафарстон, зӕгъын, дӕ уарзонимӕ иунӕгӕй куы баззайай, уӕд куыд бакӕндзынӕ, уӕд мын загъта, нӕ, дам, ӕй зонын».

ДӔ СЫВӔЛЛОН къахӕй куы ауади, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бацархайдтай, цӕмӕй йын хӕдзары тӕссаг мацӕмӕй уа. Чи зоны, розеткӕтӕ истӕмӕй сӕхгӕдтай, цыргъ дзауматӕ бамбӕхстай ӕмӕ йын асинтӕй рахауӕн куыд ма уа, ууыл дӕр батыхстӕ – иу ныхасӕй, алцыдӕр сарӕзтай, цӕмӕй дӕ сывӕллоныл мацы бӕллӕх ӕрцӕуа.

Бӕргӕ, сывӕллоны стырӕй дӕр афтӕ ӕнцон куы уаид бӕллӕхӕй бахъахъхъӕнын! Сывӕллон куы фӕхъомыл вӕййы, уӕд ныййарӕг фылдӕр цӕуылдӕрты фӕтыхсы. Чи зоны, ды дӕр мӕт кӕныс: «Кӕд, мыййаг, мӕ лӕппу порнографимӕ фӕкӕсы?» Кӕнӕ фӕхъуыды кӕныс: «Мыййаг, мӕ чызг телефонӕй, ӕнӕфсарм хуызы ӕвдыст кӕм у, ахӕм къамтӕ фервиты?» Ӕмӕ дӕ ӕппӕты тынгдӕр тасы чи ’фтауы, уыцы фарста та у: «Кӕд, мыййаг, искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуы?»

Алы къахдзӕф хъахъхъӕнын бӕллӕхӕй нӕ хъахъхъӕны

Иуӕй-иу ныййарджыты фӕфӕнды, цӕмӕй суткӕ 24 сахаты сӕ сывӕллӕттӕ сӕ разы уой, ӕмӕ сын сӕ алы къахдзӕф дӕр фӕхъахъхъӕнынц, къуырттон карк йӕ цъиуты куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд бирӕтӕ бамбарынц, уый хорзмӕ кӕй нӕ кӕны – сӕ сывӕллӕттӕ уӕддӕр сусӕгӕй аразын райдайынц, кӕмӕй сын тарстысты, уыцы ’взӕр хъуыддӕгтӕ.

Уӕдӕ бӕрӕг у, сывӕллонӕн йӕ алы къахдзӕф хъахъхъӕнын кӕй ницы пайда у. Хуыцау Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр йе сконд адӕмӕн сӕ алы къахдзӕф нӕ хъахъхъӕны, афтӕмӕй мӕ коммӕ кӕсдзысты, зӕгъгӕ, ӕмӕ сымах дӕр, ныййарджытӕ, нӕ хъӕуы афтӕ кӕнын (Дыккаг закъон 30:19). Уӕдӕ уӕд уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хорз ӕгъдауыл хӕст уой ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссой? (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй уыцы хъуыддагыл дӕ сывӕллонимӕ ныхас кӕнай, ӕмӕ уый райдайын хъӕуы, гыццыл ма куы уа, уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 22:6) *. Куы фестырдӕр уа, уӕд дӕр ныхас кӕн йемӕ. Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый дӕ сывӕллон хъуамӕ дӕуӕй базона. Британийӕ иу чызг, Алишӕ, зӕгъы: «Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл нӕ не ’мгӕрттимӕ фӕфӕнды ныхас кӕнын, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Мах фӕнды, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгты тыххӕй немӕ нӕ ныййарджытӕ ныхас кӕной. Мах сын сӕ ныхасыл ӕууӕндӕм».

Ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм цы у, уый амонын цӕмӕн хъӕуы

Сывӕллон куыд стырдӕр кӕны, афтӕ йын фылдӕр дзурын фӕхъӕуы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй. Сывӕллон мады гуыбыны куыд сӕвзӕры ӕмӕ куыд райгуыры, ӕрмӕст уый зонын ын фаг нал вӕййы. Уымӕй уӕлдай ма сывӕллон хъуамӕ сахуыр уа, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» дӕр (Дзуттӕгтӕм 5:14). Иудзырдӕй, сывӕллӕттӕ хъуамӕ фидарӕй зоной, цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ, стӕй уый хъуамӕ ӕрмӕст зонгӕ ма кӕной, фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр уыцы раст зондыл хӕст уой ӕмӕ уый сӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг уа. Уӕдӕ куыд у дӕ бон дӕ сывӕллоны ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл ахуыр кӕнын?

Фыццаджыдӕр уал ахъуыды кӕн, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл дӕхӕдӕг цы нымайыс, ууыл. Зӕгъӕм, фидарӕй хӕст дӕ ахӕм хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуой, уӕд уый хӕтындзинад у (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3). Ӕвӕццӕгӕн дын дӕ хъуыды дӕ сывӕллӕттӕ дӕр зонынц ӕмӕ, уыцы хъуыддаджы фӕдыл Библийы цы фыст ис, уый дӕр сӕ бон у зӕгъын. Куы сӕ бафӕрсай, уӕд дын, чи зоны, уайтагъд зӕгъой, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цалынмӕ лӕг ӕмӕ ус не суой, уӕдмӕ сын ӕмуат ӕрцӕуын кӕй не ’мбӕлы.

Фӕлӕ уый фаг нӕу. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, сӕ ныййарджытӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уыимӕ разы кӕй сты. Фӕлӕ, хъуыддаг хъуыддагмӕ куы ’рцӕуы, уӕд сӕхи куыд фӕдарынц, уый тыххӕй уыцы чиныджы фыст ис: «Сӕхицӕн уый фӕдыл бӕлвырд хъуыды нӕ вӕййы. Ӕнӕнхъӕлӕджы ахӕм уавӕры куы бахауынц, ӕмӕ сӕ уайтагъд хъӕуы уынаффӕ рахӕссын, уӕд фӕтыхсынц – нӕ йӕ фӕзонынц, цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы» («Sex Smart»). Растдӕр уый тыххӕй хъӕуы ӕрыгӕтты бӕлвырд зонын, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм цы у, уый. Уыцы хъуыддаджы сын дӕ бон баххуыс кӕнын куыд у?

Ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармыл цы нымайыс, уый ӕргом дзур.

Кӕд фидарӕй уыцы хъуыдыйыл хӕст дӕ, ӕмӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усӕн ис, уӕд уый дӕ сывӕллонӕн дӕр дзур – цас бӕлвырддӕр ӕмӕ арӕхдӕр, уыйас хуыздӕр. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, «ныййарджытӕ сӕ бинонты ’хсӕн бӕлвырд куы фӕдзурынц, ӕрыгӕттӕ бинонты хъуыддаг бакӕныны размӕ ӕмуат ӕрцӕуой, уый растыл кӕй нӕ нымайынц, уӕд сӕ сывӕллӕттӕ уыцы хъуыддагӕй сӕхи тынгдӕр фӕхизынц» («Beyond the Big Talk»).

Уӕлдӕр куыд загъд уыд, афтӕмӕй, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм цы у, уый тыххӕй ӕрмӕст дзурын фаг нӕу, цӕмӕй дӕ фырт кӕнӕ дӕ чызг, цы йын амоныс, уымӕ гӕсгӕ цӕрын райдайа. Фӕлӕ уӕддӕр, уӕ бинонты ’хсӕн хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл нымад цы у, уый куы зона, уӕд уый йӕ зондахастыл фӕзындзӕн. Ӕмӕ ахуыргӕндтӕ сбӕрӕг кодтой: сывӕллӕттӕ ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарммӕ ӕппынфӕстаг сӕ ныййарджыты цӕстӕй кӕсын райдайынц, кӕд фыццаг афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дарынц, уӕддӕр.

УЫНАФФӔ. Ног хабӕртты цы вӕййы, уымӕй-иу спайда кӕн, цӕмӕй дӕ сывӕллонимӕ ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармы тыххӕй аныхас кӕнай ӕмӕ йын дӕ хъуыды бамбарын кӕнай. Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр тыхми кӕй бакодтой, уый кой куы уа ног хабӕртты, уӕд дӕ бон у зӕгъын: «Ай бӕллӕх нӕу, иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсынц? Дзаумайӕ уӕлдай сын не сты. Куыд хъуыды кӕныс, ахӕм митыл кӕм сахуыр вӕййынц?»

Хъуыддагмӕ ӕрмӕст иуырдыгӕй ма кӕс.

Хӕтын раст кӕй нӕу, уый тыххӕй дзурын ӕнӕмӕнг у (1 Коринфӕгтӕм 6:18; Иаковы 1:14, 15). Фӕлӕ уӕддӕр, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый, Библимӕ гӕсгӕ, сӕйраджыдӕр у Хуыцауы лӕвар, Хӕйрӕджы къӕппӕг нӕ, фӕлӕ (Ӕмбисӕндтӕ 5:18, 19; Соломоны зарӕг 1:2). Ацы хъуыддаджы хи хъахъхъӕнын цӕмӕй хъӕуы, дӕ сывӕллонӕн ӕрмӕст уый кой куы кӕнай, уӕд ӕм раст цӕстӕй, ома, Библи куыд амоны, ахӕм цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн. Францийӕ иу ӕрыгон сылгоймаг, Корринӕ, дзуры: «Мӕ фыд ӕмӕ мын мӕ мад арӕхдӕр дзырдтой, хӕтын куыд ӕвзӕр ми у, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ мӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ ӕмуат ӕрцӕуын чъизи ми у».

Бацархай, цӕмӕй дӕ сывӕллон, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ раст цӕстӕй кӕса. Мексикӕйӕ иу сылгоймаг, Надия, дзуры: «Мӕн фӕндыд мӕ цотӕн бамбарын кӕнын, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ уый у Хуыцау Йегъовӕйы диссаджы лӕвар, ӕмӕ сын ӕй уый тыххӕй радта, цӕмӕй сын циндзинад хӕсса. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг хъуамӕ уа ӕрмӕст лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн. Уыцы лӕварӕй куыд пайда кӕнӕм, уый нын кӕнӕ циндзинад хӕсдзӕн, кӕнӕ – маст».

УЫНАФФӔ. Иннӕ хатт, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уыцы хабӕрттыл дӕ сывӕллонимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу дӕ ныхас хорз истӕмӕй фӕу. Ма-иу ӕфсӕрмы кӕн афтӕ дзурын, зӕгъгӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый Хуыцауы диссаджы лӕвар у ӕмӕ фидӕны, дӕхицӕн цардӕмбал куы уа, уӕд дзы ды дӕр хайджын уыдзынӕ. Зӕгъ-иу ын, кӕй нӕ дызӕрдыг кӕныс, цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ Хуыцауы закъоны сӕрты кӕй нӕ ахиздзӕн.

Ахуыр ӕй кӕн дардыл хъуыды кӕнын.

Цӕмӕй ӕрыгӕттӕ царды алы хъуыддаджы дӕр раст уынаффӕтӕ хӕссой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын, цавӕрдӕр уавӕры цы ис бакӕнӕн ӕмӕ сӕ уынаффӕ хорзмӕ ӕркӕндзӕн ӕви ӕвзӕрмӕ. Афтӕ ма хъуыды кӕн, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зонын сын фаг кӕй у. Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, иу ахӕм сылгоймаг Австралийӕ, Эммӕ, дзуры: «Ӕрыгонӕй мыл цы рӕдыдтытӕ ’рцыд, уыдон мӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууынц, уӕд ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуын, ӕмӕ, Хуыцауы закъӕттӕ кӕй зоныс, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ семӕ разы дӕ. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг ӕмбара, куы сӕ ’ххӕст кӕна, уӕд ын уый цы пайда уыдзӕн, ӕмӕ сӕ куы не ’ххӕст кӕна, уӕд та йыл цы ’рцӕудзӕн, уый».

Ацы хъуыддаджы стыр ӕххуыс у Библи, уымӕн ӕмӕ арӕх цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддагӕй ӕрмӕст фӕдзӕхсгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма, уыцы хъуыддаг цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый дӕр ӕмбарын кӕны. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндтӕ 5:8, 9 ӕрыгон адӕймаджы фӕдзӕхсынц, цӕмӕй хӕтындзинадӕй йӕхи хиза. Цӕмӕн? 9-ӕм стих ӕмбарын кӕны: «Цӕмӕй дӕ кад иннӕтӕн ма раттай». Ацы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй лӕппу ӕмӕ чызг, цалынмӕ лӕг ӕмӕ ус не суой, уӕдмӕ ӕмуат куы ’рцӕуой, уӕд се ’фсарм фӕчъизи уыдзӕн, Хуыцауы цӕсты ӕнаипп нал уыдзысты ӕмӕ сӕхицӕн раздӕрау нал аргъ кӕндзысты. Ӕмӕ сӕ фидӕны, уыдӕттӕ кӕмӕй нӕй зӕгъӕн, ахӕм адӕймагимӕ сӕ цард баиу кӕнын куы бафӕнда, уӕд сын уыцы адӕймаджы цӕсты стыр аргъ нӕ уыдзӕн. Адӕймаг Хуыцауы закъӕттӕ куы ницӕмӕ фӕдары, уӕд уый йе ’нӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзыны, стыр мӕстытӕ йын бавзарын кӕны ӕмӕ йӕ Хуыцауӕй адард кӕны. Ӕмӕ дӕ сывӕллон уыдӕттыл куы хъуыды кӕна, уӕд ӕй Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын зӕрдиагдӕрӕй фӕнддзӕн *.

УЫНАФФӔ. Хуыцауы закъӕттӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, уый дӕ сывӕллон хуыздӕр бамбардзӕн, цӕвиттонтӕ-иу ын куы ’рхӕссай, уӕд. Зӕгъӕм, дӕ бон у афтӕ зӕгъын: «Физонӕг цы артыл скӕнӕм, уый пайда хӕссы, хъӕдыл цы арт сирвӕзы, уый та – зиан. Иу дӕр арт ӕмӕ иннӕ дӕр арт, фӕлӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц? Хуыцау ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй цы закъон радта, уымӕ та ацы цӕвиттон куыд хауы?» Йемӕ аныхас кӕн Ӕмбисӕндтӕ 5:3–14 стихтыл ӕмӕ йын бамбарын кӕн, хӕтындзинад цы стыр зиан ӕрхӕссы, уый.

Японийӕ иу 18-аздзыд лӕппу, Такао, зӕгъы: «Зонын ӕй, раст цы у, уый кӕй хъуамӕ аразон, фӕлӕ мӕ уый тыххӕй ӕдзух хъӕуы мӕ зӕрдӕйы фӕндтимӕ тох кӕнын». Ахӕм уавӕры чи ис, уыцы ӕрыгӕттӕн ныфсы хос цы фӕуыдзӕн? Куы йӕ зоной, ӕрмӕст уыдоны кӕй нӕ хъӕуы сӕ зӕрдӕйы фӕндтимӕ тох кӕнын. Апостол Павел фидар уырнындзинады хицау уыд, фӕлӕ уый дӕр загъта: «Раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад» (Ромӕгтӕм 7:21).

Ӕрыгӕттӕ хъуамӕ ӕмбарой, зӕрдӕйы фӕндтимӕ тох кӕнын алыхатт ӕвзӕр кӕй нӕ вӕййы. Сӕ мидӕг цы тох цӕуы, уый сын баххуыс кӕндзӕн, сӕйрагдӕр сын цавӕр миниуджытӕ сты, уый бамбарынӕн. Ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын ахӕм фарстатыл: «Цы мӕ фӕнды? Цӕмӕй мӕ цардӕн хицау мӕхӕдӕг уон ӕмӕ мӕ иууылдӕр зоной, фидар удыхъӕд кӕмӕн ис ӕмӕ Хуыцауы цӕсты ӕнаипп чи у, ахӕм адӕймагӕй? Ӕви мӕ цӕмӕй ахӕм адӕймагӕй зоной, иннӕты зондӕй чи цӕры ӕмӕ йӕ монцты фӕдыл чи цӕуы?» Дӕ сывӕллон, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм цы у, уый хорз куы ’мбара, уӕд ацы фарстатӕн раст дзуапп ратдзӕн.

^ 3 абз. Ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 10 абз. Дӕ сывӕллонимӕ ацы хъуыддагыл фыццаг хатт куыд аныхас кӕнӕн ис ӕмӕ, куыд стырдӕр кӕны, афтӕ йын фылдӕр ӕмбарын кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй кӕс брошюрӕ «Пять секретов, как быть довольным жизнью», 12–14 фӕрстӕ.

^ 22 абз. Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Вопросы молодежи. Практические советы», 2 том, 42–47 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Цӕмӕй бӕрӕг у, мӕ сывӕллон хорз кӕй ӕмбары, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм цы у, уый?

  • Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл мӕ сывӕллонимӕ куы фӕныхас кӕнын, уӕд уыцы хъуыддаг арӕхдӕр куыд фӕхонын – Хуыцауы лӕвар ӕви Хӕйрӕджы къӕппӕг?