Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти. Куыд цард?

Чырысти. Куыд цард?

Чырысти. Куыд цард?

«Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (ИОАННЫ 4:34).

ЧЫРЫСТИ ацы ныхӕстӕ кӕд загъта, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм, царды йын сӕйрагдӕр цы уыд, уый. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ райсомӕй сихормӕ уыдысты фӕндагыл, сӕ фӕндаг та уыд Самарийы хӕхбӕстыл (Иоанны 4:6, фиппаинаг). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ йын ӕххормаг куыннӕ уыдзӕн, ӕмӕ йын загътой, исты ахӕр, зӕгъгӕ (Иоанны 4:31–33). Йесо сын цы загъта, уымӕй зыны, йӕ царды нысан цы уыд, уый. Хуыцауы хъуыддаг ын хӕринагӕй дӕр ахсджиагдӕр уыд. Ӕмӕ уый ӕвдыста ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр. Куыд?

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кодта ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта. Библи ӕмбарын кӕны, Чырыстийӕн йӕ сӕйраг куыст цы уыд, уый: «[Йесо] зилын байдыдта ӕгас Галилейӕйыл... адӕмы ахуыр кодта [ӕмӕ] хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Матфейы 4:23). Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй адӕмӕн ӕрмӕст хъусын нӕ кодта. Ахуыр дӕр ма сӕ кодта – уыцы Паддзахадимӕ баст хабӕрттӕ сын амыдта, ӕмбарын сын сӕ кодта ӕмӕ сын фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста. Йӕ ныхасы сӕр алкӕддӕр уыд Хуыцауы Паддзахад.

Чырысти зӕххыл цы рӕстӕг лӕггад кодта, уыцы рӕстӕг райдианӕй суанг кӕронмӕ амыдта, Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ цы сараздзӕн, уый. Ӕркӕсӕм, уыцы Паддзахады тыххӕй Йесойы ныхӕстӕй цы ахсджиаг хабӕрттӕ у нӕ бон базонын ӕмӕ Библийы уый тыххӕй кӕм ис фыст, уымӕ.

▪ Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад, ӕмӕ Йесойы та Йегъовӕ сӕвӕрдта уыцы Паддзахады Паддзахӕй (МАТФЕЙЫ 4:17; ИОАННЫ 18:36).

▪ Уыцы Паддзахад срухс кӕндзӕн Хуыцауы ном ӕмӕ афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон зӕххыл дӕр уа, уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ (МАТФЕЙЫ 6:9, 10).

▪ Хуыцауы Паддзахады фӕрцы ӕгас зӕхх дӕр дзӕнӕт суыдзӕн (ЛУКАЙЫ 23:42, 43).

▪ Тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (МАТФЕЙЫ 24:3, 7–12).

Арӕзта диссӕгтӕ. Чырыстийы сӕйраджыдӕр зыдтой «Ахуыргӕнӕгӕй» (Иоанны 13:13). Фӕлӕ зӕххыл цы ӕртӕ ӕмӕ ’рдӕг азы лӕггад кодта, уыцы рӕстӕг бирӕ стыр диссӕгтӕ дӕр сарӕзта. Уыцы диссӕгтӕ бӕлвырд кодтой дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаджыдӕр, бӕлвырд кодтой, Йесо Хуыцауӕй ’рвыст кӕй у (Матфейы 11:2–6). Дыккаджы та, ӕвдыстой, фидӕны Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы уа, уӕд ӕппӕт зӕххыл дӕр цы сараздзӕн, уый. Цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй мӕнӕ цалдӕр:

▪ Ныссабыр кодта абухгӕ денджыз ӕмӕ тыхдымгӕ (МАРЧЫ 4:39–41).

▪ Дзӕбӕх кодта рынчынты, куырмыты, къуырматы ӕмӕ къуылыхты (ЛУКАЙЫ 7:21, 22).

▪ Цалдӕр дзул ӕмӕ цалдӕр кӕсагӕй дуне адӕмы бафсӕста (МАТФЕЙЫ 14:17–21; 15:34–38).

▪ Ӕппынкъаддӕр ӕртӕ адӕймаджы райгас кодта (ЛУКАЙЫ 7:11–15; 8:41–55; ИОАННЫ 11:38–44).

Цӕй диссаджы цард уыдзӕн зӕххыл, адӕмӕн ахӕм хъомысджын Паддзах куы уа, уӕд!

Ӕргом кодта Хуыцау Йегъовӕйы миниуджытӕ. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый йӕ Фырт Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр никӕй бон у бамбарын кӕнын. Йесо уыд, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг», ӕмӕ зӕдтӕй уымӕй фылдӕр уӕлӕрвты Йегъовӕимӕ ничи фӕцард (Колоссӕгтӕм 1:15). Ахъуыды-ма кӕн, цӕй хорз фадат ын уыд йӕ Фыды зондахаст бамбарынӕн, стӕй йӕ фӕндон, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ миниуджытӕ базонынӕн.

Йесойӕн йӕ бон уыд фидарӕй зӕгъын: «Фырт чи у, уый Фыды йеддӕмӕ ничи зоны. Фыд чи у, уый дӕр Фырты йеддӕмӕ ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый йеддӕмӕ ничи зоны» (Лукайы 10:22). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнувыдӕй адӕмӕн ӕргом кодта, йӕ Фыд цавӕр удыхъӕды хицау у, уый. Чырыстийы йеддӕмӕ никӕй бон уыд уыдӕттӕ бамбарын кӕнын: уый уыд уӕлӕрвты зӕдты ’хсӕн ӕмӕ Иунӕг Кадджын Стыр Хуыцауы раз, ӕмӕ дзырдта, йӕхӕдӕг цы федта ӕмӕ цы базыдта, уыдӕттӕ (Иоанны 8:28).

Йесо йӕ Фыды тыххӕй уӕлӕрвты цӕргӕйӕ цы базыдта, уыдӕттӕ зӕххон адӕмӕн амыдта хуымӕтӕг ӕвзагӕй, цӕмӕй йӕ ӕнцонтӕй бамбӕрстаиккой ӕмӕ сын цы дзырдта, уымӕй сӕ царды спайда кодтаиккой.

Ӕркӕсӕм, Чырысти йӕ Фыды цавӕр дыууӕ ахсджиаг мадзалы фӕрцы раргом кодта, уымӕ.

▪ Йесо адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕргом кодта Йегъовӕйӕн йӕ ном, йӕ фӕндон ӕмӕ йӕ миниуджытӕ (ИОАННЫ 3:16; 17:6, 26).

▪ Йӕ хъуыддӕгтӕй Йесо раргом кодта Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕй бирӕтӕ. Чырыстийы удыхъӕды йӕ Фыды миниуджытӕ афтӕ ирдӕй зындысты, ӕмӕ йӕ бон уыд зӕгъын, кӕд уӕ фӕнды мӕ Фыды базонын, уӕд мӕнмӕ бакӕсут, зӕгъгӕ (ИОАННЫ 5:19; 14:9).

Мах стыр дисы ӕфтауы Чырыстийы цард. Цӕмӕн амард, уый дӕр ма куы базонӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд ӕнӕкӕрон хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм.