Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Писмо Мадагаскарӕй

Рӕсугъд музыкӕйӕ уӕлдай нӕу

Рӕсугъд музыкӕйӕ уӕлдай нӕу

МӔ ЦАРДӔМБАЛИМӔ нӕ арвыстой миссионертӕй Мадагаскармӕ. Нӕ хиуӕттӕн ӕмӕ не ’мбӕлттӕн хӕрзбон загътам, нӕ цӕссыгтӕ нынныхъуырдтам ӕмӕ, кӕд гыццыл тӕрсгӕ дӕр кодтам, уӕддӕр нӕ фӕндагыл араст стӕм. Мах нӕ ныфс дардтам, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.

Никуы ферох кӕндзыстӕм, Мадагаскары фыццаг хатт ӕмбырды куы уыдыстӕм, уый. Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй статья ӕвзаргӕйӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дзуапп куы лӕвӕрдтой, уӕд нӕм афтӕ фӕкаст, цыма оркестр цӕгъды, фарстатӕ цы ’фсымӕр лӕвӕрдта, уый та цыма йӕ дирижёр уыд. Малагасиаг ӕвзаг нӕм каст музыкӕйы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ, цы дзырдтой, уый не ’мбӕрстам. Цалынмӕ ӕвзаг ӕмбарын райдыдтам, уӕдмӕ бирӕ рӕстӕг рацыд.

Ӕмбырды фыццаг хатт ӕфсымӕры фарста куы бамбӕрстон, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы хъӕрӕй дзуапп радтон. Мӕ фарсмӕ чи бадт, уыдон мӕ фехъуыстой, ӕмӕ ма ӕз дӕр мӕ дзых мӕ къухӕй ахгӕдтон, цӕмӕй мӕ худын баурӕдтаин. Фефсӕрмы дӕн, фӕлӕ мын ӕхсызгон дӕр уыд, цыдӕр кӕй бамбӕрстон, уый.

Бӕргӕ мӕ хӕс уыди, цӕмӕй иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕзминаг уыдаин. Фӕлӕ мын уыдон сӕхӕдӕг ӕххуыс кодтой. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ-иу хоты руаджы мӕхи адӕмимӕ ныхас кӕнынмӕ бацӕттӕ кодтон. Уыдон ма-иу мын бацамыдтой, Библийӕ кӕцы стихтӕ бакӕсӕн ис, уый.

Иухатт иу хоимӕ адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кодтам. Уыцы рӕстӕг иу гыццыл лӕппу хъӕр кӕнын райдыдта: «Ваза́! Ваза́!». Малагасиаг ӕвзагыл уый нысан кӕны «фӕсарӕйнаг». Мах нӕ цыд фӕтагъддӕр кодтам, цӕмӕй йӕ хъӕрмӕ иннӕ сывӕллӕттӕ ма ’рӕмбырд уыдаиккой. Фӕлӕ йыл уалынмӕ ӕндӕр лӕппу фӕхъӕр кодта: «Фӕсарӕйнаг нӕу, не ’взаг нын зоны!». Цы хоимӕ уыдтӕн, уый мын сӕ ныхӕстӕ ратӕлмац кодта, уымӕн ӕмӕ афтӕ тагъд дзырдтой, ӕмӕ сӕ не ’мбӕрстон. Уый куы фехъуыстон, уӕд ма мӕ цинӕн кӕрон кӕм уыд! Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ мын Мадагаскар мӕхи хӕдзары хуызӕн сси.

Арӕх-иу уыди афтӕ, ӕмӕ-иу тынг куы ӕрӕнкъард дӕн, уӕд-иу мӕм гыццыл сывӕллӕттӕй исчи бацыд ӕмӕ-иу мын мӕ къухмӕ бавнӕлдта. Сӕ мидбылхудт-иу сын куы федтон, уӕд-иу мӕм афтӕ каст, цыма мын-иу афтӕ зӕгъынмӕ хъавыдысты, кӕд не ’взагыл хорз нӕ дзурыс, уӕддӕр дӕ бирӕ уарзӕм. Куыд хорз у, ӕмбырды сывӕллӕттӕ кӕй ис, уый! Иу гыццыл хо, Хасинӕ, зӕгъгӕ, сси мӕ тӕлмацгӕнӕг. Ӕмбырды-иу иннӕтмӕ ныхас кӕнгӕйӕ куы фӕтыхсын, уӕд арӕх мӕ уӕлхъус ӕрбалӕууы, ӕмӕ мӕ цы зӕгъын фӕфӕнды, уый сын бамбарын кӕны.

Мӕ цардӕмбалимӕ цы ӕмбырды уыдыстӕм, уый хъуамӕ адих уыдаид, ӕмӕ, Библи чи ахуыр кодта, уыдонӕй иуӕй-иуты хъуыди иннӕ ӕмбырды бар бакӕнын. Иу хо мын загъта, цӕмӕй, Библи цы сылгоймагимӕ ахуыр кодта, уыимӕ ӕз ахуыр кӕнын райдыдтаин. Мӕ ныфс нӕ хастон ӕмӕ йын нӕ разы кодтон, нырма мӕ бон нӕ бауыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр нӕ ныууагъта. Йегъовӕйы ӕххуысӕй дын алцыдӕр рауайдзӕн, зӕгъгӕ мын дзырдта. Цӕмӕй йӕ бамбӕрстаин, уый тыххӕй дзырдта тынг хуымӕтӕг ӕвзагӕй ӕмӕ мын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, тагъд мӕ бон кӕй бауыдзӕн иннӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын. Уыцы ныхӕстӕ мӕ ныфс бауагътой.

Библи ахуыр кӕнын цы сылгоймагимӕ райдыдтон, уымӕн йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта. Иухатт йӕ хӕдзары рӕзты куы фӕцӕйцыдтӕн, уӕд мӕм фӕдзырдта. Кӕимӕ цард, уыцы нӕлгоймагимӕ цыдысты сӕ къухтӕ ӕрфыссынмӕ. Лӕг дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ сӕ размӕ сӕвӕрдтой, Хуыцауы хъуыддӕгтимӕ баст чи уыд, ахӕм нысӕнттӕ. Уыдонӕй иу уыд донаргъуыд райсын. Уый мын тынг ӕхсызгон уыд. Фӕлӕ йӕ ӕмбарын, цы сын бантыст, уый сын мах фӕрцы кӕй нӕ бантыст, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы.

Мадагаскары бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд нӕ хиуӕтты ӕмӕ не ’мбӕлтты тынг мысӕм, уӕддӕр нӕм афтӕ кӕсы, цыма ӕдзух немӕ сты. Сӕ кой арӕх фӕкӕнӕм, ӕмбырды нын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдонӕн, ӕмӕ нӕ уыдон дӕр арӕх афӕрсынц, куыд сты, уымӕй. Тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, нӕ дыууӕ «бинонтӕ» дӕр – нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ нын Мадагаскары цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдон – кӕд фембӕлдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ.

Малагасиаг ӕвзаг мын абоны онг дӕр музыкӕйӕ уӕлдай нӕу. Фӕлӕ йын ныр йӕ ныхӕстӕ ӕмбарын. Ныфс мӕ ис, ахӕм бон кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ӕз дӕр уыцы «оркестримӕ» рӕсугъд цагъд кӕй кӕндзынӕн. Чырысти загъта: «Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ» (Матфейы 6:34). Уӕдӕ уал нырма ахуыр кӕндзыстӕм «нотӕтӕ», ома ног ныхӕстӕ. Ӕмӕ архайдзынӕн, цӕмӕй ацы ӕвзаг ӕмбарон, хъуыды кӕнын ыл сахуыр уон, ӕмӕ ам, Мадагаскары, мӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ иумӕ лӕггад кӕнон.

[Ныв 25 фарсыл]

Хъусын кӕнын Хасинӕимӕ