Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цымӕ адӕм зӕхх фесафдзысты?»

«Цымӕ адӕм зӕхх фесафдзысты?»

● Космосӕй зӕхх зыны рӕсугъд ӕрвхуыз зынаргъ дуры хуызӕн. Фӕлӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсгӕйӕ бӕрӕг у, зӕхх тӕссаг уавӕры кӕй ис. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм сафынц. Ӕмӕ йӕ ӕрмӕст уымӕй нӕ сафынц, чъизи йӕ кӕй кӕнынц, хъӕдтӕ кӕй цӕгъдынц ӕмӕ зӕххы хъӕздыгдзинӕдтыл кӕй нӕ ауӕрдынц, фӕлӕ ма ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм дӕр кӕй нал ис, стӕй сӕм Хуыцау дӕр нымады кӕй нӕу. Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый та бӕрӕг у, тыхми кӕй сарӕх, адӕм кӕрӕдзи кӕй марынц ӕмӕ хӕлд митӕ кӕй кӕнынц, уымӕй.

Зӕххыл ахӕм ӕвзӕр уавӕр кӕй уыдзӕн, уый дыууӕ мин азы раздӕр фыст ӕрцыд Библийы (2 Тимофеймӕ 3:1–5; Раргомад 11:18). Фыст ма дзы ис, Хуыцау йеддӕмӕ иунӕг адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн уавӕр фӕивын. Ацы ахсджиаг хъуыддагыл ныхас цӕудзӕн раныхасы «Цымӕ адӕм зӕхх фесафдзысты?». Ацы раныхас фехъусӕн уыдзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессты, «Ӕрцӕуӕд Хуыцауы Паддзахад!», зӕгъгӕ. Ацы конгресстӕ райдайдзысты майы Америкӕйы Иугонд Штатты ӕмӕ стӕй ацӕудзысты ӕнӕхъӕн дунейы дӕр.

Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм ацы конгресмӕ. Кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый тыххӕй бафӕрс Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕнӕ та ныффысс, ацы брошюрӕ мыхуыры чи рауагъта, уыдонмӕ.