Галаады скъолайы 132 кълас
Рӕстдзинады сӕрыл хъӕбатырӕй тох кӕнут
ЙЕГЪОВӔЙЫ Ӕвдисӕнты ахуырадон центры Паттерсоны (Нью-Йорк) 2012 азы 10 мартъийы уыд стыр бӕрӕгбон. Уырдӕм ӕрӕмбырд мингай адӕм, бирӕтӕ ӕрцыдысты суанг фӕсарӕнтӕй дӕр. Иууылдӕр аив кондӕй ӕрбацыдысты, цӕмӕй фӕцин кодтаиккой, Галаады скъолайы 132 кълас чи фӕци, уыдонимӕ. Уыцы хабары фӕдыл цы программӕ вӕййы, уымӕ ӕрмӕст Паттерсоны нӕ хъуыстой, фӕлӕ ма йын трансляци уыд ӕндӕр рӕттӕм дӕр. Ӕдӕппӕтӕй программӕмӕ байхъуыста 9 042 адӕймаджы.
Иууылдӕр программӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕн ӕмӕ ацы къласмӕ иннӕ кълӕстӕй уӕлдай фӕхуыдтой, йӕ рӕстӕг иууылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн чи дӕтты, фӕлӕ Галаады скъолайы чи никуы ахуыр кодта, уыдоны, зӕгъӕм, Вефилты чи лӕггад кӕны, уыдоны, сӕрмагонд пионерты, районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджыты ӕмӕ миссионерты. Цымӕ ахӕм фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджытӕн цавӕр амындтӕ радтой?
Ацы фарстайӕн дзуапп базонынмӕ уазджыты бирӕ ’нхъӕлмӕ кӕсын нӕ бахъуыд. Фыццаг раныхасимӕ рацыд программӕйы сӕрдариуӕггӕнӕг Геррит Лёш, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советӕй. Йӕ ныхас райдыдта, алкӕйдӕр хъуыдытыл чи бафтыдта, ахӕм фарстайӕ: «Рӕстдзинады сӕрыл хъӕбатырӕй тох кӕныс?». Ӕфсымӕр Лёш йӕ раныхасы бамбарын кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъӕбатырӕй кӕй хъусын кӕнынц, Библийы цы ахсджиаг хабӕртты кой цӕуы, уыдон. Рӕстдзинады сӕрыл тох кӕнын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ уыцы рӕстдзинад адӕмӕн амонай, фӕлӕ сын баххуыс кӕнай, цӕмӕй рӕстдзинад бауарзой.
«Кӕцӕй йӕ зонӕм, рӕстдзинады фӕндагыл кӕй цӕуӕм, уый?»,– бафарста Геррит Лёш. Йӕ раныхасы бамбарын кодта, дин раст у ӕви нӕ, уый, цал адӕймаджы йыл хӕст сты, уымӕй кӕнгӕ кӕй нӕу. Абон рӕстдзинады фӕндагыл милуантӕ цӕуынц, фӕлӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ахӕм адӕм абонимӕ абаргӕйӕ армыдзаг йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Ӕфсымӕр Лёш ранымадта, раст диныл хӕст кӕй стӕм, уый чи бӕрӕг кӕны, уыцы фондз хъуыддаджы: 1) мах ӕххӕст кӕнӕм Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ, 2) кӕрӕдзийы уарзӕм, 3) Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм, 4) ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард лӕууӕм, 5) Хуыцауы ном хӕссӕм.
«Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм алы хатт дӕр хъусут»
Джеффри Джексон, Разамонӕг советӕй, сценӕмӕ чемоданимӕ куы рацыд, уӕд иууылдӕр бадис кодтой, цымӕ цӕуыл дзурдзӕн, зӕгъгӕ. Йӕ раныхас арӕзт уыд Исайы 50:5 стихыл ӕмӕ хуынди, «Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм алы хатт дӕр хъусут», зӕгъгӕ. Ацы стихы фыст ис, Йесо Чырыстийыл чи сӕххӕст, уыцы ныхӕстӕ: «Ӕгоммӕгӕс нӕ уыдтӕн. Мӕхи цы фӕндыд, уый нӕ кодтон».
Ӕфсымӕр Джексон студенттӕн загъта, цӕмӕй лӕмбынӕг хъусой, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы, Библийы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ. Матфейы 25:14–30 стихты цы фӕсномыг ныхас ис, уым хицау йе ’ртӕ цагъарӕй алкӕмӕн дӕр таланттӕ радта сӕ уавӕртӕ ӕмӕ сӕ гӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕртӕйӕн дӕр ӕхца ӕмхуызон радта. Сӕ хицау йӕ зӕрдӕ дардта, алчидӕр сӕ йе ’хцайӕ раст кӕй спайда кӕндзӕн, ууыл. Дыууӕ цагъарӕй раппӕлыд ӕмӕ загъта, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъартӕ, зӕгъгӕ. Адӕймаджы ӕууӕнкджын схонӕн ис ӕви нӕ, уый, цас ын бантыст, уымӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ алы хатт дӕр Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъусы ӕви нӕ, уымӕй.
Ӕртыккаг цагъары та схуыдта «ӕвзӕр, зивӕггӕнаг» ӕмӕ «ницӕйаг». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ талант баныгӕдта. Уыцы таланттӕ лыстӕг ӕхцатӕ нӕ уыдысты. Таланттӕ барстой уӕзбарӕнтӕй – иу таланты ис 6 000 динарийы, йӕ уӕз та у 20 килӕйы. Уыцы уӕз у, адӕймагӕн иу бӕстӕйӕ иннӕ бӕстӕмӕ хӕдтӕхӕгыл йӕ бон чемоданы аласын цас у, уыйбӕрц. Ӕмӕ, зӕгъӕм, адӕймаджы ахӕм чемоданы йас исты зӕххы баныгӕнын бахъуыд, уӕд ӕй бирӕ бафыдӕбон кӕнын бахъӕудзӕн. Уӕдӕ ӕртыккаг цагъарӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ӕнцад бадти, уый дӕр бафыдӕбон
кодта – йӕ талант баныгӕдта. Фӕлӕ йын талант баныгӕнын йӕ хицау нӕ бафӕдзӕхста. Уыйау миссионертӕ дӕр фыдӕбон кӕндзысты, фӕлӕ цымӕ цы кусдзысты? Интернетӕй писмотӕ фысдзысты ӕмӕ дзы ӕнӕ бӕлвырд нысанӕй цыдӕртӕ агурдзысты, сӕ рӕстӕг се ’мбӕлттимӕ ӕрвитдзысты кӕнӕ ӕхца кусдзысты? Ӕппӕт уыдӕттӕй боны кӕронмӕ тынг бафӕллайӕн ис, фӕлӕ миссионертӕ афтӕ куы кӕной, уӕд сӕ сӕйраг хӕс рохуаты аззайдзӕн. Йӕ раныхасы кӕрон ӕфсымӕр Джексон загъта: «Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм алы хатт дӕр хъусут!»«Дызӕрдыггаг хъуыдытӕн уӕ зонды бынат ма раттут»
Афтӕ хуынд йӕ раныхас Энтони Моррисӕн, Разамонӕг советӕй. Ӕфсымӕр загъта: «Библи ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, уырнындзинад ӕмӕ дызӕрдыггаг хъуыдытӕн иумӕйагӕй ницы ис. Уырнындзинад нын уартау нӕ зонд дызӕрдыггаг хъуыдытӕй хъахъхъӕны». Хӕйрӕгӕн йӕ бон баци ӕххӕст сылгоймагӕн, Евӕйӕн, йӕ зонды дызӕрдыггаг хъуыдытӕ сӕвзӕрын кӕнын. Ӕмӕ абон мах дӕр дызӕрдыггаг хъуыдытыл бафтауыныл архайы. «Уӕ уырнындзинад ӕфсадут, ӕмӕ уӕ дызӕрдыггаг хъуыдытӕ сыдӕй амӕлдзысты»,– загъта ӕфсымӕр Моррис. Стӕй ракодта Петры хабар: Петр доныл ацыд, фӕлӕ «йӕ алыварс куы акаст ӕмӕ, куыд тынг дымы, уый куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ ныгъуылын райдыдта». Йесо йыл фӕхӕцыди ӕмӕ йӕ бафарста: «Цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?» (Матфейы 14:29–31). Ӕфсымӕр Моррис бамбарын кодта: «Миссионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ уын уыйбӕрц куыст уыдзӕн, ӕмӕ уыл иннӕтӕ дис кӕндзысты, куыд бирӕ сын ӕнтысы, зӕгъгӕ. Уый сӕм афтӕ диссаг кӕсдзӕн, цыма доныл цӕут, уыйау. Фӕлӕ тыхдымгӕ куы сыста, уӕд дызӕрдыггаг хъуыдытӕн уӕ зонды бынат ма раттут».
Ӕфсымӕр Моррис дарддӕр загъта, зӕгъгӕ, кӕд тыхдымгӕйы рӕстӕг ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр дымгӕ цӕрӕнбонты нӕ фӕдымы, искуы банцайы. Студенттӕн загъта, цӕмӕй-иу зын рӕстӕджыты сӕ зӕрдыл дарой, Павел ӕмӕ Силӕйы Филиппты ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд сӕхи куыд дардтой, уый. Хъуыддӕгты 16:25 стихы фыст ис: «Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой ӕмӕ Хуыцауы кадӕн зарыдысты. Ӕмӕ сӕ иннӕ ахст адӕм дӕр хъуыстой». Уӕ хъус-ма ӕрдарут: Павел ӕмӕ Силӕ ӕрмӕст кувгӕ нӕ кодтой, фӕлӕ ма заргӕ дӕр кодтой. Стӕй афтӕ хъӕрӕй зарыдысты, ӕмӕ сӕ иннӕ ахст адӕм дӕр хъуыстой. Ӕфсымӕр куыд загъта, афтӕмӕй кӕд нӕ фылдӕр зарынмӕ хорз нӕ арӕхсӕм, уӕддӕр хъуамӕ зарын ма ӕфсӕрмы кӕнӕм, уӕлдайдӕр та зын рӕстӕджыты. Ӕфсымӕр Моррис йӕ раныхас фӕци, «Кӕронмӕ фидар лӕуу», зӕгъгӕ, чи хуыйны, уыцы зарӕджы ныхӕстӕй, нӕ зарджыты чиныджы, «Зарут Йегъовӕйӕн», зӕгъгӕ, уый у 135 зарӕг.
Ӕндӕр ныфсдӕттӕг раныхӕстӕ
«Бирӕ фӕцӕрдзынӕ?» – афтӕ хуынд йӕ раныхас Роберт Луччонийӕн, лӕггад кӕны Ӕлхӕныны хайады. Йӕ раныхас арӕзт уыд Псалом 34:12 стихы ныхӕстыл, зӕгъгӕ та сӕ кодта паддзах Давид. Ӕфсымӕр Луччони ӕрныхас кодта, зын рӕстӕджыты ног миссионертӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу фидар фӕлӕууой ӕмӕ Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ ма сивой. Студентты ’ргом раздӕхта 1 Самуилы чиныджы 30 сӕрмӕ. Давид ӕмӕ, йӕ фарс чи рахӕцыд, уыдон сӕ бинонтимӕ паддзах Саулӕй куы алыгъдысты, уӕд ӕрцардысты Секелагы. Сӕ бинонты сын амаликӕгтӕ уацары куы акодтой, уӕд иууылдӕр Давиды фӕаххосджын кодтой ӕмӕ йӕ хъавыдысты дуртӕй амарынмӕ. Цымӕ Давид куыд бакодта? Йӕ къухтӕ не ’руагъта, фӕлӕ «Йегъовӕйы ныфсӕй йӕхи фӕфидар кодта» (1 Самуилы 30:6). Давид Йегъовӕйӕ разамынд агуырдта ӕмӕ уыцы разамындмӕ гӕсгӕ архайдта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон баци ахст адӕмы ссӕрибар кӕнын. Ӕфсымӕр Роберт Луччони студенттӕн загъта, зӕгъгӕ, уыдон дӕр Давидау сӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарой ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ куы хъусой, уӕд бирӕ фӕцӕрдзысты ӕмӕ хорздзинӕдтӕ фендзысты. Хуыцау сын цы кадджын хъуыддаг бабар кодта, уый ӕххӕст кӕнгӕйӕ сӕ цардӕй райгонд уыдзысты.
«Хъахъхъӕнӕн афоны фӕстӕ цы уыдзӕн, уый уӕ цӕстыты раз уӕд». Афтӕ хуынди Галаады скъолайы ахуыргӕнӕг Майкл Бернетты раныхас. Ӕхсӕв, ома хурныгуылдӕй хурскастмӕ цы рӕстӕг уыд, уый израилӕгтӕ дих кодтой ӕртӕ хъахъхъӕнӕн афоныл. Алы афоны дӕр уыд цыппар сахаты. Фӕстаг афон-иу райдыдта ӕхсӕвы 2 сахатыл ӕмӕ-иу фӕци райсомы 6 сахатыл. Уый у ӕппӕты талынгдӕр ӕмӕ уазалдӕр рӕстӕг, стӕй адӕймаджы хуыссӕг ӕппӕты тынгдӕр уыцы афон фӕахсы. Ацы раныхас цы псаломыл арӕзт у, уый чи ныффыста, уый арф хъуыды кодта Йегъовӕйы ныхӕстыл, цӕмӕй фӕстаг хъахъхъӕнӕн афон ма бафынӕй уыдаид (Псалом 119:148 [118:148], «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994). Ӕфсымӕр Бернетт студенттӕн загъта: «Сымах дӕр хъуамӕ ма бафынӕй уат. Разӕй уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы талынг бонтӕ. Ацы ӕгъатыр ӕмӕ уазал дуне сымахыл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн, ӕмӕ уӕ рагацау ахъуыды кӕнын хъӕуы, уыцы зын уавӕрты цы кӕндзыстут, ууыл». Уый фӕстӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, тынг ахсджиаг кӕй у Библи бӕстон ӕмӕ лӕмбынӕг иртасын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уа ӕмӕ ма бафынӕй уой. Ӕфсымӕр Бернетт йӕ хъуыды бамбарын кодта: «Сымах алы бон дӕр Йегъовӕмӕ фӕкувут, уымӕн ӕмӕ уӕ фӕнды, цӕмӕй уе ’мбал уа. Уӕдӕ уӕд Йегъовӕйӕн, уе ’мбалӕн, бар дӕттут, цӕмӕй алы бон дӕр уемӕ Библийы уылты ныхас кӕна. Ӕхсӕв кӕй фӕивгъуыйы, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кӕнут, куы сбон уа, уӕд цы кусдзыстут, ууыл, ӕмӕ уӕд, хъахъхъӕнӕн афоны фӕстӕ цы уыдзӕн, уый цыма уӕ цӕстыты раз ис, афтӕ ирдӕй уындзыстут».
«Сахуыр уӕ кодтой, цӕмӕй уӕм цы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый аразын уӕ бон уа». Афтӕ хуынди йӕ раныхас Галаады скъолайы ахуыргӕнӕг Марк Нумарӕн, йӕ сӕйраг хъуыды ист у 1 Петры 5:10 стихӕй. Ӕфсымӕр Нумар студентты бафарста: «Сымах уе ’ппӕт дӕр фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ стут. Ӕмӕ уӕ уӕдӕ миссионерты скъоламӕ цӕмӕн фӕхуыдтой?» Марк Нумар ацы фарстайӕн йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Уымӕн ӕмӕ сымах уӕ куысты стут арӕхстджын. Йӕ куысты арӕхстджын чи вӕййы, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ куыст рӕстӕгмӕ фӕуадзынц, цӕмӕй сӕ куысты тыххӕй фылдӕр базоной, ӕмӕ уый руаджы ноджы арӕхстджындӕр суой. Сымах фондз мӕйы дӕргъы Библи лӕмбынӕг ахуыр кодтат ӕмӕ Хуыцауы организацийы тыххӕй фылдӕр базыдтат. Уый фӕрцы уӕ Йегъовӕ „бафидар кодта“ ӕмӕ уын „уӕ хъарутыл хъарутӕ бафтыдта“, цӕмӕй уӕ бон уа, цы стыр хӕстӕ уыл ис, уыдон ӕххӕст кӕнын. Хъӕдӕрмӕг фидар куы уа, уӕд цыфӕнды уӕзӕй дӕр нӕ ныззылын уыдзӕн ӕмӕ нӕ афӕддзӕн. Уӕдӕ сымах дӕр цӕуыл сахуыр стут, уый рабӕрӕг уыдзӕн, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ куы лӕггад кӕнат, уӕд. Зындзинӕдты уӕзӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтыл уӕ къух сисдзыстут ӕви фидар фӕлӕудзыстут ӕмӕ, Хуыцауы Ныхас цӕуыл ахуыр кӕны, ууыл фидар хӕцдзыстут? Фидар цы у, уый нӕ асӕтты. Хъӕдӕрмӕджы фидардзинад кӕнгӕ у, цы тӕгтӕй конд у, уыдон кӕрӕдзиимӕ ӕнгом сты ӕви нӕ, уымӕй. Сымах дӕр фидар уыдзыстут, уӕ удыхъӕд фидар куы уа, уӕд. Йегъовӕ уӕ ардӕм уый тыххӕй фӕхуыдта, цӕмӕй уӕм ног хъарутӕ фӕзына, бафидар уат, уӕ хӕстӕм бӕрнон цӕстӕй кӕсат ӕмӕ уӕм цы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕххӕст кӕнын уӕ бон уа. Хуыцауӕй цы кӕнгӕ уыд, уый скодта. Ӕмӕ мах кувӕм, цӕмӕй сымахӕй дӕр цы кӕнгӕ у, уый кӕнат ӕмӕ нӕ Номдзыд Ахуыргӕнӕгӕн уӕхи кӕронмӕ сахуыр кӕнын бауадзат».
Хабӕрттӕ уацамындӕй ӕмӕ интервьютӕ
Ахӕм фембӕлдты зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц, студентты интервьютӕм ӕмӕ равдыстытӕм. Ацы хатт дӕр студенттӕ равдыстой, ӕрӕджы сыл Хуыцауы ныхас хъусын кӕнгӕйӕ цы цаутӕ ӕрцыд, уыдонӕй цалдӕр. Галаады скъоламӕ цӕугӕйӕ иу лӕг ӕмӕ усы Францийӕ аэропорты ӕхсӕз сахаты ӕнхъӕлмӕ касын бахъуыд. Рестораны ныхас кӕнын райдыдтой, уыдонау аэропорты чи ’нхъӕлмӕ каст, дыууӕ ахӕм нӕлгоймагимӕ. Нӕлгоймӕгтӕй иу разынд Малавийӕ, ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой йӕ мадӕлон ӕвзаг чичевӕйыл. Уый йӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ сӕ бафарста, не ’взаг нын кӕцӕй зонут, зӕгъгӕ. Уыдон ын загътой, Малавийы миссионертӕй кӕй лӕггад кӕнынц. Иннӕ нӕлгоймаг та загъта, Камерунӕй кӕй у, ӕмӕ уыимӕ та французагау дзурын райдыдтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый дӕр тынг бадис кодта. Уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы цӕсты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн стыр кад уыд ӕмӕ миссионертӕм зӕрдиагӕй байхъуыстой.
Николас Аладис, тӕлмацгӕнджытӕн ӕххуысгӕнӕг хайадӕй, райста интервью дыууӕ бинонтӕй. Иутӕ дзы Австралийӕ лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты, хӕст кӕм цыд, ахӕм бӕстӕмӕ, Скӕсӕйнаг Тимормӕ. Иннӕтӕ та ацыдысты Корейӕйӕ Гонконгмӕ. Дыууӕ къайы дӕр тынг фӕндыд, тагъддӕр фӕстӕмӕ куы аздӕхтаиккой, миссионертӕй кӕм лӕггад кодтой, уырдӕм, цӕмӕй, Галаады скъолайы цы базыдтой, уымӕй спайда кодтаиккой.
Ног миссионертӕн дипломтӕ куы радтой, уӕд сӕ иу се ’ппӕты номӕй бакаст арфӕйы писмо. Уым студенттӕ бузныг загътой, цы бирӕ ног хабӕрттӕ базыдтой, уый тыххӕй. Программӕйы кӕрон ӕфсымӕр Лёш загъта, се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр тынг чи фӕцыд, ахӕм абарстытӕ. Геррит Лёш загъта, зӕгъгӕ, рӕстдзинад у арвӕрдынау рӕсугъд, уый у бӕлӕсты аууон ӕмӕ уазал суадон хурсыгъд бӕстӕйы, науӕнгуыр абухгӕ денджызы. Фӕстагмӕ та загъта: «Цӕй стыр амонд у рӕстдзинад зонын! Цӕй уӕдӕ рӕстдзинады сӕрыл хъӕбатырӕй тох кӕнут ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй уыдон дӕр уӕ фарсмӕ хъӕбатырӕй тох кӕной!»
[Таблицӕ/Картӕ 31 фарсыл]
СТАТИСТИКОН БӔРӔГГӔНӔНТӔ
Цал бӕстӕйӕ уыдысты: 12
Рӕстӕмбис нымадӕй сыл цал азы цӕуы: 36
Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы сты донаргъуыд: 20
Рӕстӕмбис нымадӕй цал азы лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг: 15
[Картӕ]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
Миссионерты арвыстой, дӕлдӕр цы бӕстӕтӕ амынд ис, уырдӕм
МИССИОНЕРТЫ КӔДӔМ АРВЫСТОЙ, УЫЦЫ БӔСТӔТӔ
АМЕРИКӔЙЫ ИУГОНД ШТАТТӔ
БЕЛИЗ
БЕНИН
ГАБОН
ГВИНЕЙӔ
ГОНКОНГ
ГУЫРДЗЫСТОН
ДОМИНИКӔЙЫ РЕСПУБЛИКӔ
ЗИМБАБВЕ
КАБО–ВЕРДЕ
КАМБОДЖА
КАМЕРУН
КОТ–Д’ИВУАР
ЛИБЕРИ
МАДАГАСКАР
МАЛАВИ
ПЕРУ
САМОА
САН–ТОМЕ ӔМӔ ПРИНСИПИ
СКӔСӔН ТИМОР
ЭКВАДОР
[Ныв 31 фарсыл]
Галаады скъолайы 132 кълас каст чи фӕци, уыдон
Ацы хыгъды рӕнхъытӕ амынд сты раззагӕй фӕстагмӕ, нӕмттӕ та – галиуырдыгӕй рахизырдӕм.
1) Йеп Р., Йеп Дж., Нг Т., Нг П., Лорино Ф., Лорино Б., Вон С., Вон С.
2) Моралес Н., Моралес М., Зануту Ж., Зануту М., Рамф И., Рамф Дж., Жермен Д., Жермен Н.
3) Атчаде И., Атчаде И., Томас К., Томас Э., Эстижен К., Эстижен П.
4) Эрман Д., Эрман А., Брей Дж., Брей А., Аморин М., Аморин Д., Со Й., Со Й.
5) Симон Ж., Симон К., Сил К., Сил Д., Эриксон Дж., Эриксон Р.
6) Маккласки Д., Маккласки Т., Браун А., Браун В., Марьяну Д., Марьяну С., Лойола Й., Лойола К.
7) Ратжерс Ф., Ратжерс Н., Фуко Ф., Фуко Ш., Вюнье Ж., Вюнье Э.