Кӕмӕн кувын, уыцы Хуыцауы базыдтон
Иухатт нӕм ӕрбацыд, афтӕ кӕмӕй дзырдтой, низтӕ дзӕбӕх кӕныны курдиат ӕм ис, зӕгъгӕ, иу ахӕм пятидесятник. Йӕ къухӕй мыл куы бандзӕвыд, уӕд фӕсур дӕн. Куы ’рчъицыдтон, уӕд ӕй бамбӕрстон, цӕмӕ бӕллыдтӕн, уый мӕ къухы кӕй бафтыд – низтӕ дзӕбӕх кӕныны тых мӕм фӕзынд. Цӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕм ахӕм тых уыдаид ӕмӕ уыцы хабар мӕ цардыл куыд фӕзынд? Цӕй ӕмӕ уын мӕ хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл радзурон.
ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1968 азы 10 декабры Илокос Нортейы, Филиппинты. Дӕс сывӕллонӕй ӕз уыдтӕн ӕвдӕм. Филиппинӕгтӕн сӕ фылдӕр сты католикон диныл хӕст, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыцы дины ӕгъдӕуттӕ амыдтой. 1986 азы скъола каст фӕдӕн. Медицинон хо суыдаин, уымӕ бӕллыдтӕн, фӕлӕ мӕ бӕллицӕй ницы рауад, уымӕн ӕмӕ тынг фӕрынчын дӕн. Афтӕ дӕр-иу хъуыды кодтон, ӕмӕ амӕлдзынӕн. Мӕ ныфс асаст ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ Хуыцауӕй ӕххуыс куырдтон, ӕмӕ йын дзырд радтон, куы сдзӕбӕх уон, уӕд дын цӕрӕнбонты лӕггад кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.
Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ мӕ къахыл куы слӕууыдтӕн, уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Хуыцауӕн цы дзырд радтон, уый. Уымӕ гӕсгӕ 1991 азы бацыдтӕн пятидесятникты скъоламӕ. Куыд дзырдтой, афтӕмӕй уыцы скъолайы чи ахуыр кодта, уыдонӕй хъуамӕ алчидӕр райстаид «лӕвар – Хуыцауы сыгъдӕг тых». Мӕн тынг фӕндыд, цӕмӕй мӕм низтӕ дзӕбӕх кӕныны тых фӕзындаид. Скъолайы нын дзырдтой, ахӕм тых райсыны тыххӕй ком дарын ӕмӕ кувын кӕй хъӕуы. Фӕндыд мӕ, цӕмӕй иннӕтӕ афтӕ хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ мӕм уыцы «лӕвар» ис. Иухатт куы куывтам, уӕд ме ’мкъласаг чызджытӕй иумӕ сусӕгӕй бахъуызыдтӕн ӕмӕ йын йӕ куывдмӕ байхъуыстон. Ныртӕккӕ фӕуыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд фӕстӕмӕ мӕ бынатмӕ азгъордтон, ӕмӕ, цыма никуы ӕмӕ ницы, уыйау мӕ уӕрджытыл алӕууыдтӕн. Уый фӕстӕ йын радзырдтон, Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй куывта, уыдӕттӕ иууылдӕр, ӕмӕ йӕ уӕд бауырныдта, «сыгъдӕг тыхӕй» хайджын кӕй дӕн.
Пятидесятникты скъолайы ахуыр кӕнгӕйӕ мӕм бирӕ фарстатӕ уыд. Зӕгъӕм, Матфейы 6:9 стихы ис «Фыд» ӕмӕ йӕ «номы» кой. Ӕмӕ-иу мӕ ахуыргӕнджыты куы бафарстон, Чырысти кӕй кой кодта, уыцы Фыд чи у, кӕнӕ, кӕй ном хъуамӕ срухс уа, зӕгъгӕ, уӕд мын-иу бӕлвырд дзуапп никуы радтой ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕн никуы ницы бамбӕрстон. Ракодтой мын-иу Троицӕйы кой, стӕй-иу загътой, уый бамбарӕн нӕй, зӕгъгӕ. Мӕ сӕры зонд-иу бынтондӕр сдзӕгъӕл. Фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр ахуыр кодтон, цӕмӕй сауджын суыдаин.
Мӕ фыццаг фембӕлд Йегъовӕ Ӕвдисӕнтимӕ
Скъолайы нын дзырдтой, мӕнг динтӕй ӕппӕты тӕссагдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, ӕмӕ сӕ нымадтой Чырыстийы ныхмӕлӕуджытыл. Гъемӕ сӕ ӕз дӕр ме сӕфт федтон.
Скъолайы дыккаг аз куы ахуыр кодтон, уӕд каникулты мӕ ныййарджытӕм ӕрцыдтӕн. Мӕ хистӕр хотӕй иу, Кармен, уый куы базыдта, уӕд уый дӕр ӕрцыд. Кармен уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодта, ома йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй хорз хабар хъусын
кодта. Мӕнӕн дӕр Хуыцауы тыххӕй радзурынмӕ куы хъавыд, уӕд ыл ныхъхъӕр кодтон: «Ныууадз мӕ! Ӕз зонын, цы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, уый!». Дуне цыдӕртӕ йын фӕдзырдтон, стӕй йӕ атъӕпп кодтон, ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауӕн йӕ кой скӕнын дӕр никуыуал бауагътон.Фӕстӕмӕ скъоламӕ куы ацыдтӕн, уӕд мын Кармен ӕрбарвыста брошюрӕ «Следует ли верить в Троицу?» *. Ӕз ӕй анцъылдтӕ кодтон ӕмӕ йӕ арты баппӕрстон, уымӕн ӕмӕ Карменмӕ тынг мӕсты уыдтӕн.
Сауджын сдӕн
Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уӕд мӕ дины тыххӕй кӕмӕн дзырдтон, уыдонӕй чидӕртӕ пятидесятниктӕ систы. Тынг сӕрыстыр уыдтӕн, мӕ мад ӕмӕ мын мӕ хистӕр ӕфсымӕр дӕр мӕ дин кӕй райстой, уымӕй.
1994 азы дины скъола каст фӕдӕн. Райдианы куыд загътон, афтӕмӕй нӕ уыцы рӕстӕг бабӕрӕг кодта, низтӕ дзӕбӕх кӕныны курдиат кӕмӕ уыд, иу ахӕм пятидесятник. Ахӕм курдиат ӕм кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр бӕллыд, цӕмӕй йӕ фарсмӕ лӕуд фӕуыдаид. Сценӕмӕ йӕм схызтыстӕм ӕмӕ музыкӕйы цагъдмӕ гӕппытӕ кодтам ӕмӕ ӕмдзӕгъд кодтам. Кӕуыл-иу андзӕвыд, уый-иу ӕрхауд *. Мӕныл куы андзӕвыд, уӕд ӕз дӕр фӕсур дӕн. Куы ’рчъицыдтон, уӕд тынг фӕтарстӕн, фӕлӕ стӕй бамбӕрстон, низтӕ дзӕбӕх кӕныны тых мӕм кӕй фӕзынд. Мӕхицӕй амондджындӕр никӕйуал хуыдтон.
Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы тыхы руаджы сдзӕбӕх кодтон, йӕ тӕвд тынг кӕмӕн схызт, иу ахӕм гыццыл чызджы. Куы скуывтон, уӕд сывӕллон хид кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ тӕвд ӕрхауд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтон, уый мӕ бон сӕххӕст кӕнын у. Фӕлӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ мӕ зӕрдӕйы циндзинад нӕ уыд. Ӕмбӕрстон ӕй, ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау кӕй ис, фӕлӕ чи у, уый нӕ зыдтон. Стӕй мын аргъуаны ахуырӕдтӕй дӕр бирӕтӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой.
Уыцы тыхы руаджы сдзӕбӕх кодтон, йӕ тӕвд тынг кӕмӕн схызт, иу ахӕм гыццыл чызджы
Мӕ зондахаст мын чи аивта, уыцы хабӕрттӕ
Уыцы хабӕртты фӕстӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм мӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр фӕхъӕбӕр. Сӕ литерӕтурӕйӕ-иу мӕ къухмӕ цы ӕрбахауд, уый-иу басыгътон. Фӕлӕ ӕрцыд, ӕнхъӕл цӕмӕн нӕ уыдтӕн, ахӕм хабар – мӕ мад фӕнд кодта пятидесятникты дин ныууадзын. Уый куы базыдтон, уӕд цавд дурау фӕдӕн. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Кармен йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта! Мӕстӕй йӕм фӕцӕйтыдтон.
Иухатт мӕ мадмӕ куы уыдтӕн, уӕд ӕм федтон журнал «Пробудитесь!». Басыгътаин та йӕ, фӕлӕ ахъуыды кодтон, цымӕ дзы хорзӕй цы ссардта, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ фӕлдахын райдыдтон. Иу статьямӕ дзы фӕкомкоммӕ дӕн. Уым дзырд цыд, раздӕр аргъуанмӕ чи цыди иу ахӕм нӕлгоймагыл. Уыцы нӕлгоймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ-иу дзы цы стихтӕ уыд, уыдон-иу Библийы бакаст. Уый фӕрцы базыдта, аргъуаны Троицӕйы, зындоны арты ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй цы дзырдтой, уый Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу. Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд – уыдон уыдысты, дзуапп кӕмӕн агуырдтон, уыцы фарстатӕ. Уыцы статьяйы фӕстӕ
мӕ бафӕндыд, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый хуыздӕр базонын.Ӕндӕр хатт та журнал «Пробудитесь!» мӕ къухмӕ куы ’рбахауд, уӕд дзы бакастӕн, иу нӕлгоймаг раздӕр фыднозт кӕй кодта ӕмӕ наркоман кӕй уыд, фӕлӕ стӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ цард фӕивта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ арӕхдӕр кӕсын райдыдтон. Иухатт мӕм кӕцӕйдӕр ӕрбафтыд брошюрӕ «Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм» *. Куы йӕ бакастӕн, уӕд базыдтон, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у. Иунӕг ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй куы базыдтон, уӕд фырцинӕй зӕххыл дӕр нал хӕцыдтӕн! (Дыккаг закъон 4:39; Йереми 10:10).
Иунӕг ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй куы базыдтон, уӕд фырцинӕй зӕххыл дӕр нал хӕцыдтӕн
Журналтӕ-иу сусӕгӕй кастӕн ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтон. Зӕгъӕм, пятидесятникты скъолайы нын дзырдтой, Чырысти Хуыцау кӕй у, фӕлӕ Библийӕ базыдтон, Чырысти кӕй у «удӕгас Хуыцауы Фырт» (Матфейы 16:15, 16).
Мӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн
Иухатт та Карменимӕ куы фембӕлдыстӕм, ӕмӕ дзы брошюрӕ «Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм» ӕмӕ ӕндӕр литературӕ куы ракуырдтон, уӕд тынг бадис кодта. Дины скъолайы уал азы фӕахуыр кодтон, фӕлӕ рӕстдзинад нӕ базыдтон. Ӕз уыдтӕн куырм! Ныр та мӕ зӕрдӕ фырцинӕй уӕрыккау кафыд, уымӕн ӕмӕ Библийы рӕстдзинад ӕмбарын райдыдтон. Мӕхиуыл бавзӕрстон, куыд раст сты Чырыстийы ныхӕстӕ: «Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:32). Библийы рӕстдзинад мын сабыргай мӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодта.
Библийы рӕстдзинад мын мӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодта
Фыццаг фӕнд кодтон, ӕмӕ сусӕгӕй Йегъовӕйӕн дӕр лӕггад кӕндзынӕн ӕмӕ уыцыиу рӕстӕг сауджын дӕр уыдзынӕн. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ бамбӕрстон, ме ’фсарм мӕ кӕй нал уадзы адӕмӕн аргъуаны мӕнг ахуырӕдтӕ амонын. Фӕлӕ мӕ куыст ныууадзын тарстӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд цӕмӕй цардаин, уый нӕ зыдтон. Стӕй тарстӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы суон, уӕд нӕ аргъуанӕн йӕ худинаджы хъӕр кӕй айхъуысдзӕн, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ кӕд нырма сауджыны куыст кодтон, уӕддӕр мӕ раныхӕсты мӕнг ахуырӕдты кой нал кодтон.
Кармен мын загъта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ ацӕуон. Иуӕй-иу хатт-иу Лаоагмӕ нӕ сӕйраг аргъуанмӕ кӕй цыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ мӕ уым ничи зоны ӕмӕ уым бацӕудзынӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Уым базонгӕ дӕн Альмӕ Пресиос Вильяринимӕ. Альмӕ дӕр Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодта. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм нырма бынтон хорз цӕстӕй нӕ кастӕн, уӕддӕр мын Альмӕ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй куы загъта, уӕд сразы дӕн.
Кармен-иу мемӕ Хуыцауы тыххӕй куы ныхас кодта, уӕд никуы бафиппайдтон, ӕмӕ мӕ стыхст кӕнӕ мӕм смӕсты. Афтӕ уыд Альмӕ дӕр. Тынг мын баххуыс кодта, цӕмӕй Библи бамбӕрстаин, кӕд-иу смӕсты дӕн кӕнӕ та-иу
йемӕ исты фарстайы фӕдыл разы нӕ уыдтӕн, йе та-иу мӕ раздӕры дины ахуырӕдты сӕрыл дзургӕйӕ суанг хъӕр кӕнын дӕр райдыдтон, уӕддӕр. Альмӕ дӕр ӕмӕ-иу мыл ӕмбырды иннӕтӕ дӕр зӕрдиагӕй кӕй бацин кодтой, стӕй сӕрныллӕг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыдысты, уый мын мӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодта, ӕмӕ мӕн дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.1995 азы июлы бамбӕрстон, мӕ бон сауджынӕй кусын кӕй нал у. Ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыдтӕн? Раргомады 18:4 стихы мӕнг дины тыххӕй фыст ис: «Рацӕут дзы, мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтӕ сымахыл дӕр ма уой ӕмӕ уыл йӕ бӕллӕхтӕ ма ’рцӕуой». Фӕлӕ мӕхи цӕмӕй дардзынӕн? Дзуттӕгтӕм 13:5 стихы Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ ’вӕры, зӕгъгӕ мын мӕ фӕндон куы ’ххӕст кӕнат, уӕд уӕ никуы ныууадздзынӕн ӕмӕ уӕ никуы ферох кӕндзынӕн.
Уый фӕстӕ та мӕ фыд ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр мӕ дины тыххӕй мӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Фӕлӕ ма мӕ донаргъуыд райсынмӕ дыууӕ къуырийы куы хъуыд, уӕд мӕ хъарутӕ ӕрӕмбырд кодтон, хӕдзармӕ бацыдтӕн, ӕмӕ мӕм сауджыны дзауматӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон рахастон ӕмӕ сӕ басыгътон. Уый фӕстӕ йӕ бамбӕрстон, низтӕ дзӕбӕх кӕныны тых мӕм кӕй нал ис. Раздӕр-иу куы фынӕй кодтон, уӕд-иу мӕ цыдӕр сызмӕлын нӕ уагъта. Ныр уымӕй дӕр фервӕзтӕн. Рудзынгӕй кӕсгӕйӕ-иу цы ӕнахуыр аууӕттӕ уыдтон, уыдон дӕр фесӕфтысты. Библийӕ базыдтон, сыгъдӕг тыхы лӕвар кӕй хонынц, зӕгъӕм, низтӕ дзӕбӕх кӕныны тых, уый Хуыцауӕй кӕй нӕу, фӕлӕ дӕлимонтӕй. Тынг цин кӕнын, Павел дӕсныфӕрсӕг дӕлимонӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы лӕггадгӕнӕг-чызгау ӕз дӕр дӕлимонтӕй кӕй фервӕзтӕн, ууыл (Хъуыддӕгтӕ 16:16–18).
1996 азы сентябры мӕ мадимӕ донаргъуыд куы райстам, уӕд куыд цин кодтон, уый зӕгъынӕн фаг ныхӕстӕ мӕ бон ссарын нӕу. Донаргъуыд куы райстон, уӕд стӕй бирӕ азты дӕргъы ӕз дӕр Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтон.
Ныр мын ис цардӕмбал, Сильвер. Сильверимӕ хъомыл кӕнӕм нӕ чызджы ӕмӕ тынг архайӕм, цӕмӕй йын Хуыцауы бауарзын кӕнӕм. Мӕ хотӕй ма ноджыдӕр ӕртӕйӕ систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Тынг фӕсмон кӕнын, уал азы куырм кӕй уыдтӕн, ууыл, фӕлӕ абон амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕн кувын, уыцы Хуыцауы базыдтон.
^ 10 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ; ныр мыхуыры нал цӕуы.
^ 13 абз. Кӕцыдӕр динтыл хӕст чи у, уыдоны уырны, адӕймагыл ахӕм стыр «тых» кӕй ӕрцӕуы, ӕмӕ зӕхмӕ ӕрхауы.
^ 18 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ