Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

«Фӕдзӕхстытӕй фыццаг кӕцы у?»

«Фӕдзӕхстытӕй фыццаг кӕцы у?»

Цымӕ нӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнынӕн цы аразын хъӕуы? Банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыйбӕрц закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын? Нӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм! Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый йӕ Фырт Чырысти загъта иу ныхасӕй. (Бакӕс Марчы 12:28–31.)

Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Чырысти уыцы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта, уымӕ. 11 нисаны, йӕ мӕлӕтмӕ ма цалдӕр боны куы баззад, уӕд, адӕмы кувӕндоны ахуыр кодта. Йе знӕгтӕ йӕ хъавыдысты ныхасӕй ӕрцахсынмӕ, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй лӕвӕрдтой, адӕм иу хъуыдыйыл хӕст кӕй фӕдыл нӕ уыдысты, ахӕм фарстатӕ. Фӕлӕ-иу сын сӕ алы фарстайӕн дӕр Йесо ахӕм дзуапп радта, ӕмӕ-иу сӕ бон ницыуал уыд зӕгъын. Ӕмӕ йӕ уӕд бафарстой: «Фӕдзӕхстытӕй фыццаг кӕцы у?» (28-ӕм стих).

Уый ӕнцон фарста нӕ уыд. Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ быцӕу кодтой, Моисейы закъоны цы 600 фылдӕр закъоны уыд, уыдонӕй ахсджиагдӕр кӕцы уыд, уый фӕдыл. Иннӕтӕ та, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой, закъӕттӕ иууылдӕр ахсджиаг кӕй сты, ӕмӕ раст кӕй нӕу, иу закъон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл нымайын. Цымӕ сын Чырысти цавӕр дзуапп радта?

Чырысти сын ракодта иу нӕ, фӕлӕ дыууӕ фӕдзӕхсты кой. Куыд загъта, афтӕмӕй фыццаг фӕдзӕхст уыд: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (30-ӕм стих; Дыккаг закъон 6:5). Адӕймаг хъуамӕ Йегъовӕйы уарза, цы у, уымӕй ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ йын ма ӕвгъау кӕна нӕдӕр йӕ тыхтӕ, нӕдӕр йӕ курдиӕттӕ, нӕдӕр йӕ исбон. Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Хуыцауы хъуамӕ уарзӕм алкӕмӕй дӕр ӕмӕ алцӕмӕй дӕр тынгдӕр». Кӕд Хуыцауы афтӕ уарзыс, уӕд архайдзынӕ, цӕмӕй йын алы бон дӕр дӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай (1 Иоанны 5:3).

Дыккаг фӕдзӕхст та цавӕр уыд, уый тыххӕй Чырысти загъта: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (31-ӕм стих; Левит 19:18). Хуыцауы уарзын ӕмӕ иннӕты уарзын кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст сты. Иннӕты куы уарзай, уӕд Хуыцауы дӕр уарздзынӕ (1 Иоанны 4:20, 21). Иннӕты, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ куы уарзӕм, уӕд нӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй нын уой, афтӕ сын уыдзыстӕм нӕхӕдӕг дӕр (Матфейы 7:12). Уымӕй ӕвдисдзыстӕм, мах дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр йӕхимӕ гӕсгӕ чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцауы кӕй уарзӕм (Райдиан 1:26).

Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зӕгъӕн ис иу ныхасӕй – уарзондзинадмӕ

Ацы фӕдзӕхстытӕ куыд ахсджиаг сты, уый бӕрӕг у Йесойы ныхӕстӕй: «Адонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхст нӕй» (31-ӕм стих). Ацы хабары кой ма Библийы кӕм ӕмбӕлы, уым фыст ис, Чырысти кӕй загъта, зӕгъгӕ, ацы дыууӕ фӕдзӕхстыл лӕууынц ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр (Матфейы 22:40).

Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнын зын нӕу. Цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зӕгъӕн ис иу ныхасӕй – уарзондзинадмӕ. Хуыцауы йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕддӕр хъуыд ӕмӕ хъӕудзӕн иу хъуыддаг: цӕмӕй йӕ уарзой. Фӕлӕ уарзондзинад уый нӕу, искӕй ӕрмӕст ныхӕстӕй кӕнӕ зӕрдӕйӕ куы уарзӕм. Уарзондзинад ӕвдисын хъӕуы хъуыддагӕй (1 Иоанны 3:18). Цымӕ хорз нӕ уаид базонын, куыд ис уыцы миниуӕгыл кусын ӕмӕ, уарзондзинад чи у, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисын? (1 Иоанны 4:8).

Мартъийы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Марчы 9–16Лукайы 1–6