Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй нал кӕсдзысты. Кӕд?
«ИУ БӔЛЛИЦ мӕм ис». Ацы ныхӕстӕ 50 азы размӕ, 1963 азы 28 августы, загъта адӕмы бартыл тохгӕнӕг Мартин Лютер Кинг Кӕстӕр йе ’ппӕты зындгонддӕр раныхасы. Уыцы ныхӕстӕй Кинг равдыста, ныфс ӕй кӕй ис, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзимӕ сӕ буары хуызы тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй нал кӕсдзысты. Кӕд йӕ бӕллицы кой, Америкӕйы Иугонд Штатты чи цард, уыдонӕн кодта, уӕддӕр уыцы хъуыды бирӕ адӕмты зӕрдӕмӕ фӕцыд.
Кингы раныхасы фӕстӕ ӕртӕ мӕйы куы рацыд, уӕд, 1963 азы 20 ноябры, 100 бӕстӕйӕ фылдӕр схъӕлӕс кодтой, алы адӕймагӕн дӕр йӕ бартӕ чи хъахъхъӕдта, уыцы декларацийыл (Декларация Организации Объединенных Наций о ликвидации всех форм расовой дискриминации). Адӕмы бартӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй ма уый фӕстӕ азты дӕр бирӕ закъӕттӕ хаст ӕрцыд. Фӕлӕ цымӕ ӕппӕт уыдӕттӕ исты пайда ӕрхастой?
2012 азы 21 мартъийы Иугонд Нациты Организацийы генералон секретарь Пан Ги Мун загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй мауал кӕсой, уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ӕрцыди арӕзт, фӕлӕ уӕддӕр абоны онг дӕр ӕгас дунейы расизмы аххосӕй милуангай адӕм хъизӕмар кӕнынц.
Ӕцӕгдӕр, бирӕ бӕстӕтӕ архайынц, цӕмӕй адӕм сӕ кӕрӕдзимӕ сӕ буары хуызы тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр истӕй тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй мауал кӕсой, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕн уыцы хъуыддаджы цыдӕртӕ ӕнтысгӕ дӕр бакодта. Фӕлӕ цымӕ адӕм сӕ зондахаст ӕцӕгдӕр аивтой ӕви сӕхи афтӕ иннӕты цӕстмӕ ӕвдисынц? Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уавӕр кӕй фӕхуыздӕр, уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бартӕ нал ссӕндынц, фӕлӕ уӕддӕр ныры онг дӕр иутӕ иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ницы ивы. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ исчи искӕй бартӕ куы ссӕнда, уӕд уый ис фенӕн ӕмӕ уыцы адӕймаджы закъонмӕ гӕсгӕ бафхӕрӕн, фӕлӕ исчи искӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй куы фӕкӕсы, уӕд уыцы ӕнкъарӕн вӕййы адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ уымӕн та закъонмӕ гӕсгӕ ницы ис бакӕнӕн.
Уӕдӕ цӕмӕй кӕцыдӕр адӕмы къордмӕ иннӕтӕ ӕвзӕр цӕстӕй мауал кӕсой, уый тыххӕй сын ӕрмӕст сӕ бартӕ хъахъхъӕнын фаг нӕу – хъуамӕ сӕм иннӕтӕ хорз зӕрдӕ дарын райдайой. Уымӕн гӕнӕн ис? Кӕд о, уӕд куыд? Дӕлдӕр цы адӕмы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонӕй базондзыстӕм, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у йӕ зондахаст аивын ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы цы баххуыс кӕндзӕн, уый.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ АЛКӔМӔ ДӔР ХОРЗ ЦӔСТӔЙ КӔСЫН РАЙДЫДТОЙ
Линдӕ: Ӕз райгуырдтӕн Хуссар Африкӕйы. Йӕ буары цъар урс кӕмӕн нӕ уыд, уыдон, мӕнмӕ гӕсгӕ, урс адӕмӕй цауддӕр уыдысты, ницы ӕмбӕрстой, ӕууӕндӕн сыл нӕ уыд ӕмӕ урс адӕмӕн лӕггад кӕнынӕн йеддӕмӕ ницӕмӕн бӕззыдысты. Ӕз ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтон, уый ууыл дзурӕг кӕй уыд, ӕмӕ кӕмӕдӕрты ӕвзӕр цӕстӕй кастӕн. Фӕлӕ сӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд. Базыдтон, «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны» ӕмӕ йын ахсджиаг уый нӕу, нӕ буары хуыз цавӕр у кӕнӕ цавӕр ӕвзагыл дзурӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35; Ӕмбисӕндтӕ 17:3). Филиппӕгтӕм 2:3 стихы фӕрцы бамбӕрстон, иннӕты мӕхицӕй уӕлдӕр куы ӕвӕрон, уӕд ӕвзӕр цӕстӕй кӕй никӕмӕуал кӕсдзынӕн. Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрын, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй алы адӕймагмӕ дӕр хорз зӕрдӕ дарон, йӕ буары хуыз цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр. Ныр ӕвзӕр цӕстӕй никӕмӕуал кӕсын.
Майкл: Ӕз схъомыл дӕн, фылдӕр урсцъар австралиӕгтӕ кӕм цӕры, ахӕм ран, ӕмӕ тынг ӕвзӕр цӕстӕй кастӕн азиӕгтӕм, уӕлдайдӕр та китайӕгтӕм. Машинӕйыл-иу куы фӕцӕйцыдтӕн ӕмӕ-иу азиаг адӕймаджы куы ауыдтон, уӕд-иу ӕм рудзынгӕй рахъӕр кодтон: «Ахъуытты у дӕ хӕдзармӕ, цъындцӕст!» Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд базыдтон, Хуыцау адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Хуыцау се ’ппӕты дӕр уарзы, ӕмӕ сын нӕдӕр сӕ хуызмӕ кӕсы, нӕдӕр, кӕцӕй сты, уымӕ. Уый мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ ме сӕфт кӕмӕй уыдтон, уыдоны дӕр уарзын райдыдтон. Афтӕ аивдзынӕн, уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн. Ныр мын ӕхсызгон вӕййы цыфӕнды адӕймагимӕ дӕр ныхас кӕнын, кӕцыфӕнды бӕстӕйӕ ма уа ӕмӕ чифӕнды ма уа, уӕддӕр. Уый фӕрцы бирӕ цӕмӕдӕрты ӕндӕрхуызон цӕстӕй кӕсын райдыдтон ӕмӕ мын ныр цард фылдӕр циндзинад хӕссы.
Сандрӕ: Мӕ мад уыд Умунедейӕ, штат Дельтӕйӕ (Нигери). Ма фыды бинонтӕ та сты штат Эдойӕ ӕмӕ дзурынц ӕвзаг эсаныл. Мӕ мад ӕндӕр ранӕй кӕй уыд ӕмӕ ӕндӕр ӕвзагыл кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕм мӕ фыды бинонтӕ йӕ мӕлӕты онг ӕвзӕр цӕстӕй кастысты. Ӕз мӕхицӕн дзырд радтон, эсаныл чи дзуры, уыдонӕй мӕхи дард кӕй ласдзынӕн ӕмӕ, штат Эдойӕ чи уа, ахӕммӕ кӕй никуы смой кӕндзынӕн. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд афтӕ нал хъуыды кодтон. Кӕд Библи афтӕ зӕгъы, ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны ӕмӕ дзы чи тӕрсы, уыдоны уарзы, уӕд ӕз чи дӕн, цӕмӕй, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у ӕмӕ ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕй ме сӕфт уынон? Мӕ зондахаст аивтон ӕмӕ мӕ фыды бинонтимӕ бафидыдтон. Библийы уагӕвӕрдтӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй амондджын уон ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы фарн уа. Уымӕй уӕлдай ныр хӕларӕй цӕрын алкӕимӕ дӕр, ӕмӕ мын уӕлдай нал у, адӕймаг цавӕр уавӕрты схъомыл, йӕ буары хуыз цавӕр у, кӕцы ӕвзагыл дзуры кӕнӕ цавӕр адӕмыхаттӕй у. Ӕмӕ кӕмӕ смой кодтон, уый куы зониккат! Мӕ цардӕмбал у штат Эдойӕ ӕмӕ дзуры ӕвзаг эсаныл.
Ацы адӕмӕн ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕмӕн дӕр Библи баххуыс кодта, цӕмӕй се сӕфт макӕмӕйуал
уыдтаиккой ӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй макӕмӕуал кастаиккой, уымӕн ӕмӕ Библи у Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ бон у адӕймагӕн йӕ зондахаст аивын. Библийӕ ма базонӕн ис, цы ма хъӕуы, цӕмӕй ӕвзӕр цӕстӕй мачи макӕмӕуал кӕса.ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД КУЫ ӔРЦӔУА, УӔД ӔВЗӔР ЦӔСТӔЙ НИЧИ НИКӔМӔУАЛ КӔСДЗӔН
Библи нын адӕммӕ хорз цӕстӕй кӕсынӕн бӕргӕ ӕххуыс кӕны, фӕлӕ цалынмӕ ахӕм рӕстӕг не ’рцӕуа, ӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй ничи никӕмӕуал кӕсдзӕн, уӕдмӕ нӕ къуылымпы кӕндзысты дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг у, адӕм тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, уый. Библи ӕргом зӕгъы: «Иу адӕймаг дӕр ахӕм нӕй, тӕригъӕд чи нӕ аразы» (1 Паддзӕхты 8:46). Куыдфӕнды ма архайӕм, уӕддӕр нын апостол Павелау ӕнцой нӕ дӕтты иу хъуыддаг. Павел ныффыста: «Раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад» (Ромӕгтӕм 7:21). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй-иу нӕм рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕзындзӕн «ӕвзӕр хъуыдытӕ», ӕмӕ-иу уӕд искӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын райдайдзыстӕм (Марчы 7:21).
Дыккаг та у, Хӕйрӕг нын нӕ зондыл кӕй ӕндавы, уый. Библи йӕ хоны «лӕгмар» ӕмӕ, «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы», уый (Иоанны 8:44; Раргомад 12:9). Уымӕ гӕсгӕ бамбарӕн ис, алы ран дӕр адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй цӕмӕн кӕсынц ӕмӕ сӕ бон цӕуылнӕ у исты бакӕнын, цӕмӕй фанатизм ӕмӕ геноцид мауал уа, ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмхуызон бартӕ уа – сӕ буары хуыз цавӕрфӕнды ма уа, цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уой, хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр, уӕддӕр.
Уӕдӕ цӕмӕй адӕм иууылдӕр кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрой, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинадӕй фервӕзой ӕмӕ сын Хӕйрӕг сӕ зондыл мауал ӕндава. Библийы фыст ис, уый кӕй сараздзӕн Хуыцауы Паддзахад.
Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой афтӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн ӕппӕт ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн дӕр, уыдонмӕ хауы, адӕм кӕрӕдзимӕ ӕнӕуынон ӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый дӕр.
Хуыцауы Паддзахад куы ’рцӕуа, уӕд зӕххы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн, Хӕйрӕг баст ӕрцӕудзӕн, ома йӕ бон «адӕмты... сайын» нал уыдзӕн (Раргомад 20:2, 3). Уыцы Паддзахад бындур ӕрӕвӕрдзӕн, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», ахӕм «ног зӕххӕн». Библи «ног зӕхх» хоны, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы рӕстгӕнӕг адӕмы * (2 Петры 3:13).
Уыцы рӕстгӕнджытӕ тӕригъӕдӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ суыдзысты ӕххӕст адӕм (Ромӕгтӕм 8:21). Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй цӕрдзысты, уымӕ гӕсгӕ «иу ран дӕр ницы зиан хӕсдзысты ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты». Цӕуылнӕ? «Уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй» (Исай 11:9). Уӕд адӕм иууылдӕр базондзысты Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кӕрӕдзи уарздзысты, Йегъовӕ сӕ куыд уарзы, афтӕ. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй ничи никӕмӕуал кӕсдзӕн, «уымӕн ӕмӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны» (Ромӕгтӕм 2:11).
^ 17 абз. Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ тагъд рӕстӕджы цы сараздзӕн, уый базоныны тыххӕй кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3, 8 ӕмӕ 9 сӕртӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.