Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Лӕг ӕмӕ ус амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон ӕцӕгдӕр у амондджынӕй цӕрын, уымӕн ӕмӕ сӕ уымӕ цы уынаффӕтӕ разӕнгард кӕнынц, уыдон цӕуынц, бинонты цардӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уыцы Хуыцауӕй, Йегъовӕйӕ. Хуыцау нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй, амондджынӕй цӕрынӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы миниуджытыл кусӕм ӕмӕ нӕ фӕдзӕхсы, бинонты цардӕн тӕссаг кӕмӕй у, ахӕм зондахастӕй нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ ахуыр кӕны кӕрӕдзиимӕ афтӕ ныхас кӕнын, нӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи хуыздӕр куыд ӕмбарӕм. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:8–10, 12–14.)
Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной ӕмӕ кӕрӕдзи нымайой. Сӕ дыууӕ дӕр сӕ хӕстӕ, Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд уыдзысты амондджын. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:18, 19.)
Лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕрӕнбонтӕм цӕй фӕрцы цӕрдзысты?
Лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕрӕнбонтӕм цӕрдзысты, кӕрӕдзи куы уарзой, уӕд. Хуыцау нӕ ахуыр кӕны, кӕрӕдзи куыд хъуамӕ уарзӕм. Кӕрӕдзи удуӕлдай уарзтӕй уарзын куыд хъӕуы, уымӕй нын фӕзминаг сты Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт Чырысти. (Бакӕс 1 Иоанны 4:7, 8, 19.)
Бинонты цардӕн бындур Хуыцау кӕй ӕрӕвӕрдта, уый лӕг ӕмӕ ус сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд никуы ахицӕн уыдзысты. Хуыцау бинонты цард афтӕ скодта, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонтӕм иумӕ уой ӕмӕ, искуы сӕ цард фехӕлдзӕн, уымӕй ма тӕрсой. Уӕдӕ гӕнӕн ис, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонтӕм иумӕ уой, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау афтӕ сфӕлдыста. Стӕй сӕ сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ бон у сӕ кӕрӕдзи уарзын, уый сӕ куыд уарзы, афтӕ. (Бакӕс Райдиан 1:27; 2:18, 24.)