Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

«Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы»

«Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы»

Цавӕр лӕварыл бацин кӕнис? Алкӕмӕн дӕр нӕ ӕхсызгон уаид, исчи нын лӕвар куы скӕнид, йӕхи хӕсджыныл кӕй нымайы, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Адӕймаг лӕвар цы зӕрдӕйӕ скӕны, уый у ахсджиаг. Уый у ахсджиаг махӕн. Ӕмӕ Хуыцауӕн та ноджы ахсджиагдӕр у. Ӕркӕсӕм-ма, апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй цы загъта, уымӕ. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты 2 Коринфӕгтӕм 9:7 стихы.

Павел уыцы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта? Фӕндыд ӕй, цӕмӕй Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕ баххуыс кодтаиккой ӕххуысхъуаг чырыстӕттӕн Иудейӕйы. Цымӕ сын уый тыххӕй кӕнын кодта? Павел ныффыста: «Алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы». Цӕй ӕмӕ йын йӕ уынаффӕйыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

«Йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ». Апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕттынц, «сӕхицӕн» куыд загътой, ома, сӕ зӕрдӕйы куыд сфӕнд кодтой, афтӕ. Стӕй чырыстӕттӕ лӕмбынӕг кӕсынц, се ’мчырыстӕттӕй чи цы хъуаг у, уымӕ. Дзырд «загъта»-йӕ цы дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн, иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ хъуыды у, ӕнӕ уымӕй гӕнӕн кӕй нӕй. Уӕдӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг ахъуыды кӕны, иннӕтӕй хъуаг чи цӕмӕй ӕййафы ӕмӕ сын йӕ бон баххуыс кӕнын цӕмӕй у, ууыл (1 Иоанны 3:17).

«Мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау». Иу чиныг куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ӕвӕндонӕй чи фӕдӕтты, уымӕн «йӕ зӕрдӕ фӕриссы, искӕмӕн ӕй ӕхца дӕттын куы фӕхъӕуы, уӕд». Тыххӕй кӕнӕгау чи фӕдӕтты, уый та фӕдӕтты, уымӕн ӕмӕ йӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕм иннӕтӕ уымӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц. Ӕцӕгдӕр, лӕвар ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау чи кӕна, ахӕм адӕймаджы лӕвар хъӕугӕ дӕр никӕй кӕнид.

«Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы». Кӕд чырыстон сфӕнд кодта исты раттын, уӕд ӕй хъуамӕ ратта зӕрдиагӕй, кӕнӕ цингӕнгӕ, зӕгъы Павел. Адӕймаг амондджын вӕййы, цы фӕдӕтты, уый зӕрдиагӕй куы ратты, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Ахӕм адӕймаг йӕхӕдӕг куыд фӕцин кӕны, уый иууылдӕр фӕуынынц. «Зӕрдиагӕй», зӕгъгӕ, цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды у «цингӕнгӕйӕ», ӕмӕ дзурӕг у, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цинӕй кӕй байдзаг вӕййы ӕмӕ йӕ цӕсгом фырцинӕй кӕй ныррухс вӕййы. Ахӕм адӕймаг иннӕты зӕрдӕйӕн у адджын. Ӕмӕ адджын у Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн дӕр. Иу тӕлмацы та фыст ис: «Хуыцау уарзы, дӕттын чи уарзы, уыдоны» (Contemporary English Version).

«Хуыцау уарзы, дӕттын чи уарзы, уыдоны»

Дзырд исты дӕттыныл куы цӕуа, уӕд ӕцӕг чырыстӕтты хъӕуы архайын апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ нӕ рӕстӕг уа, нӕ тыхтӕ ӕви ӕндӕр исты, цӕй ӕмӕ сӕ дӕттӕм зӕрдиагӕй, стӕй уый тыххӕй, ӕмӕ нӕ иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та исты хъуаг чи ӕййафы, уыдонӕн, хорздзинад аразын кӕй фӕнды. Афтӕмӕй ӕрмӕст амондджын нӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ ма ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы».

Сентябры Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

1 ӕмӕ 2 Коринфӕгтӕм