СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИРӔТӔН ХУЫЦАУЫ УАРЗЫН ЗЫН ЦӔМӔН У?
Бирӕтӕн Хуыцауы уарзын зын цӕмӕн у?
«„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» (Йесо Чырысти, нӕ эрӕйы 33 аз) *.
Бирӕтӕн Хуыцауы уарзын зын цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцауы бамбарӕн нӕй, нӕ ныл тыхсы ӕмӕ дурзӕрдӕ у. Ӕркӕсӕм, иуӕй-иутӕ цы зӕгъынц, уымӕ.
-
«Хуыцаумӕ-иу куывтон, цӕмӕй мын баххуыс кӕна, фӕлӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ адӕмӕй дард у, ӕмӕ йӕм никуы баввахс уыдзынӕн. Стӕй хъуыды кодтон, адӕймаджы рыст ӕм хъаргӕ дӕр кӕй нӕ кӕны» (Марко, Итали).
-
«Кӕд мӕ Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын фӕндыд, уӕддӕр мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕ тынг дард у. Хъуыды кодтон, дурзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ нӕ ӕрмӕст ӕфхӕргӕ кӕй кӕны. Нӕ мӕ уырныдта, адӕмы кӕй уарзы, уый» (Розӕ, Гватемалӕ).
-
«Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд хъуыды кодтон, Хуыцау нын ӕрмӕст нӕ рӕдыдтытӕ кӕй уыны, ӕмӕ куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕ бафхӕры. Гыццыл фӕстӕдӕр та мӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕм нымады дӕр не стӕм. Хуыцау мӕм цавӕрдӕр хицауы хуызӕн каст – адӕмы сӕргъы лӕууы, фӕлӕ йӕ сӕ мӕт ӕппындӕр нӕй» (Раймондӕ, Канадӕ).
Ды та куыд хъуыды кӕныс, Хуыцауы уарзын ӕцӕгдӕр зын у? Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр бирӕтӕм афтӕ каст, кӕд сӕ Хуыцау уырныдта, уӕддӕр. Нӕ эрӕйы 500–1500 азты чырыстон диныл хӕст чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцаумӕ суанг кувгӕ дӕр нал кодтой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ дзы тынг тарстысты. Уый фӕдыл историк Уильям Дюрант загъта: «Хуымӕтӕг тӕригъӕдджын адӕймаг йӕ ныфс куыд хъуамӕ бахӕсса, дард кӕмдӕр йӕ паддзахбадӕныл чи бады ӕмӕ адӕймагыл тас чи ӕфтауы, уымӕ кувын?»
Хуыцаумӕ ахӕм цӕстӕй кӕсын цӕмӕн райдыдтой? Хуыцауы тыххӕй Библийы цы фыст ис? Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад куы базонис, уӕд дын уый Хуыцауы бауарзынӕн нӕ баххуыс кӕнид?