Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Хуыцауы тыххӕй нӕ бон цы у базонын?

Хуыцауы фенӕн нӕй. Уый сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ, зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр цӕрӕг удтӕ ис, уыдоны: зӕдты, адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты. Фӕлӕ йын йӕхи ничи сфӕлдыста – Хуыцауӕн райдиан нӕ уыд (Псалом 90:2). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм агурой ӕмӕ рӕстдзинад базоной. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:24–27.)

Махӕн нӕ бон у базонын Хуыцауы ном. Цы сфӕлдыста, уыдӕттыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд та йын базондзыстӕм йӕ миниуджытӕй кӕцыдӕртӕ (Ромӕгтӕм 1:20). Фӕлӕ йӕ цӕмӕй хорз базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Библи ахуыр кӕнӕм. Библи нын ӕргом кӕны, Хуыцау, кӕй сфӕлдыста, уыдоны тынг кӕй уарзы. (Бакӕс Псалом 103:7–10.)

Хуыцау хӕрам хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы?

Не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ йе сӕфт уыны хӕрам хъуыддӕгтӕй (Дыккаг закъон 25:16). Ӕмӕ адӕмы дӕр йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста, уый тыххӕй махӕй дӕр бирӕтӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй се сӕфт уынынц. Абон нӕ алыварс хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы, уый Хуыцауы аххос нӕу. Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сӕ схайджын кодта сӕрибардзинадӕй, цӕмӕй алы хъуыддаджы фӕдыл дӕр уынаффӕ сӕхӕдӕг хастаиккой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, адӕм уыцы сӕрибардзинадӕй раст нӕ пайда кӕнынц, ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ аразынц. Ӕмӕ уымӕй Хуыцауы зӕрдӕ риссын кӕнынц. (Бакӕс Райдиан 6:5, 6; Дыккаг закъон 32:4, 5.)

Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад, ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн (Псалом 37:28, 29). Библийы фыст ис, тагъд Хуыцау хӕрамдзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. (Бакӕс 2 Петры 3:7–9, 13.)

Библи ныфс ӕвӕры, тагъд Хуыцау зӕххыл рӕстдзинад кӕй ӕрӕвӕрдзӕн