Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон у цыбӕлдзинӕдты ныхмӕ фӕлӕууын!

Дӕ бон у цыбӕлдзинӕдты ныхмӕ фӕлӕууын!

«Порнографимӕ кӕсын мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ Интернеты цӕмӕдӕр кастӕн ӕмӕ ӕвиппайды цавӕрдӕр рекламӕ рагӕпп кодта. Стӕй дзы цыдӕр ныббипп кодта, ӕмӕ цӕмӕн, уый мӕхӕдӕг дӕр нӕ зонын, фӕлӕ йӕ байгом кодтон» (КОДИ) *.

«Нӕ куысты мӕм иу рӕсугъд чызг ныхасӕппарӕнтӕ кӕнын райдыдта. Иубон та мын загъта, цом уазӕгдзӕрӕнмӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ, дам, „нӕ кӕрӕдзийыл ацинтӕ кӕнӕм”. Цы йӕ фӕндыд, уый зын бамбарӕн нӕ уыд» (ДИЛАН).

ИУӔЙ-ИУТӔМ афтӕ кӕсы, ӕмӕ цыбӕлдзинӕдты хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ иннӕтӕн та знагӕй уӕлдай не сты, ӕмӕ сӕ бӕллиц у, цӕмӕй сӕ бон сӕ ныхмӕ фӕлӕууын уа. Ды та сӕм цы цӕстӕй кӕсыс? Цыбӕлдзинадыл куы сӕмбӕлай, уӕд цин бакӕндзынӕ ӕви йӕ ныхмӕ фӕлӕудзынӕ?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цыбӕлдзинӕдтӕ се ’ппӕт стыр бӕллӕхтӕм не ’ркӕнынц. Зӕгъӕм, адджинаг хӕрӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм адӕймаг адджинаг иу гыццыл куы ахӕра, уӕд, ай-гъайдӕр, нӕ амӕлдзӕн. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр цыбӕлдзинӕдтӕм куы ӕхсайа, уӕлдайдӕр, ӕнӕгъдау митӕм чи ӕркӕны, ахӕмтӕм, уӕд ӕй уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ бабын кӕна. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Чи хӕты, уый... у ӕнӕзонд, афтӕ чи кӕны, уый йӕ уд сафы» (Ӕмбисӕндтӕ 6:32, 33).

Фӕлӕ, ӕнӕгъдаудзинадмӕ чи ’ркӕны, ахӕм цыбӕлдзинадыл ӕнӕнхъӕлӕджы куы сӕмбӕлай, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Уымӕн дзуапп ис Библийы: «Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй уат сыгъдӕг ӕмӕ хӕтындзинадӕй уӕхи хизат. Алчидӕр уӕ зонӕд йӕ буары рохтыл хӕцын, сыгъдӕг ӕмӕ йын кадджын куыд уа» (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3, 4). Фӕлӕ уый нӕ бон цӕй фӕрцы бауыдзӕн? Аныхас кӕнӕм, чи нын баххуыс кӕндзӕн, ӕртӕ ахӕм хъуыддагыл.

1. Дӕ цӕстытимӕ «бадзырд скӕн»

Ӕнӕгъдау нывтӕм куы кӕсӕм, уӕд не ’нӕгъдау фӕндтӕ сцырен кӕндзыстӕм. Адӕймаг цы фены, уымӕ бӕллын кӕй райдайы, уый хорз зыны, Чырысти цы загъта, уымӕй: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг». Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй бафӕдзӕхста:  «Кӕд [дӕ] дӕ рахиз цӕст рӕдийын кӕны, уӕд ӕй скъах ӕмӕ йӕ аппар» (Матфейы 5:28, 29). Цымӕ Йесо уымӕй цы зӕгъинаг уыд? Цӕмӕй цыбӕлдзинады ныхмӕ фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй архайӕм ӕмӕ нӕ ӕнӕгъдаудзинадмӕ чи ӕркӕндзӕн, ахӕм нывтӕм ма кӕсӕм.

Ӕнӕгъдау нывтӕ куы фенай, уӕд-иу иннӕрдӕм азил

Зӕгъӕм, исчи сваркӕ куы кӕна, уӕд ын йӕ цӕхӕрмӕ кӕсдзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕрдӕм азилдзынӕ кӕнӕ дӕ цӕстытӕ сӕхгӕндзынӕ, цӕмӕй дын ма фӕсахъат уой. Афтӕ гӕххӕттыл кӕнӕ экраныл исты ӕнӕгъдау ныв куы фенай, йе та куы фенай, ӕмӕ чидӕр ӕнӕгъдау митӕ кӕны, уӕд-иу уайтагъд иннӕрдӕм азил. Дӕ зонд хъахъхъӕн, цӕмӕй дын ма фӕхъӕстӕ уа. Раздӕр порнографимӕ арӕх чи каст, иу ахӕм нӕлгоймаг, Хуан, зӕгъы: «Рӕсугъд сылгоймаг куы фенын, уӕд ӕм кӕсынӕй нӕ фефсӕдын. Мӕ цӕстытӕ тыхӕй иннӕрдӕм азилын ӕмӕ мӕхицӕн фӕзӕгъын: „Йегъовӕмӕ скув! Рӕвдздӕр скув, фӕстиат кӕнӕн дын нӕй!“ Ӕмӕ куыддӕр скувын, афтӕ уайтагъд мӕхимӕ ’рцӕуын» (Матфейы 6:9, 13; 1 Коринфӕгтӕм 10:13).

Стӕй ма нӕ хъус ӕрдарӕм, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иов цы загъта, уымӕ: «Ӕз мӕ цӕстытимӕ скодтон бадзырд. Ӕмӕ ма уӕд чызджытӕм куыд хъуамӕ кастаин?» (Иов 31:1). Хорз нӕ уаид, мах дӕр афтӕ куы бакӕниккам?

Уынаффӕ. Ӕнӕгъдау ныв куы фенай, уӕд-иу уайтагъд иннӕрдӕм азил. Библийы фысджытӕй иу куывта: «Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ мацӕмӕ бауадз кӕсын» (Псалом 119:37). Архай, цӕмӕй дӕумӕ дӕр ахӕм зондахаст уа.

2. Дӕхи ӕнӕгъдау хъуыдытӕй хиз

Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый аххосӕй нӕ, чи зоны, иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы не ’взӕр фӕндтимӕ тох кӕнын. Библийы фыст ис: «Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый. Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ» (Иаковы 1:14, 15). Цы ис саразӕн, цӕмӕй ныл ахӕм хабар ма ’рцӕуа?

Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ дӕм куы фӕзына, уӕд-иу уайтагъд Йегъовӕмӕ скув

Кӕд дӕм ӕвзӕр фӕндтӕ фӕзыны, уӕд дӕ рох ма уӕд, ахӕм уавӕры куыд бакӕндзынӕ, уый дӕхицӕй аразгӕ кӕй у. Уыцы фӕндтимӕ тох кӕн. Дӕ хъуыдыйӕ сӕ сур. Ӕнӕгъдау хъуыдытӕн дӕ зонды бынат кӕнын ма уадз. Интернеты порнографимӕ кӕсын чи уарзта, иу ахӕм нӕлгоймаг, Трой, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ зонд ӕвзӕр хъуыдытӕй ссыгъдӕг кодтон, хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕныныл кӕй  архайдтон, уый фӕрцы. Уый ӕнцон нӕ уыд. Алы хатт-иу мын нӕ рауад. Фӕлӕ уӕддӕр фӕстагмӕ мӕ хъуыдытыл мӕ бар цӕуын райдыдта». Эльзӕмӕ та-иу йӕ рӕзгӕ кары фӕзынд ӕнӕгъдау фӕндтӕ. Мӕнӕ цы зӕгъы Эльзӕ: «Ӕдзух истытӕ аразыныл кӕй архайдтон ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй куывтон, уый фӕрцы мӕ бон уыд ме ’взӕр хъуыдытимӕ тох кӕнын».

Уынаффӕ. Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ дӕм куы фӕзына, уӕд-иу уайтагъд Йегъовӕмӕ скув. Цӕмӕй дӕ бон семӕ тох кӕнын уа, уый тыххӕй ӕдзух хъуыды кӕн, «цыдӕриддӕр у ӕцӕг, цыдӕриддӕр у ахсджиаг, цыдӕриддӕр у раст, цыдӕриддӕр у сыгъдӕг, цыдӕриддӕр у уарзинаг, хорз цӕмӕйдӕриддӕр фӕзӕгъынц, цыдӕриддӕр у хӕрзӕгъдау ӕмӕ раппӕлинаг», уыдӕттыл (Филиппӕгтӕм 4:8).

3. Къӕрцхъус у

Адӕймагмӕ ’взӕр фӕнд куы фӕзына, стӕй цыбӕлдзинадыл куы сӕмбӕла ӕмӕ ма йын уыцы фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн фадат дӕр куы фӕуа, уӕд бӕллӕхы ӕнцонтӕй бахаудзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 7:6–23). Цы у дӕ бон саразын, цӕмӕй уыцы къӕппӕджы ма бахауай?

«Интернеты истӕмӕты фӕкӕсын, иннӕтӕ мӕ разы куы вӕййынц, ӕрмӕстдӕр уӕд»

Библийы ис хорз уынаффӕ: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3). Уӕдӕ къӕрцхъус у. Рагацау-иу ахъуыды кӕн, бӕллӕхмӕ дӕ цавӕр уавӕртӕ ’ркӕндзысты, уыдоныл ӕмӕ-иу сӕ дӕхи хиз (Ӕмбисӕндтӕ 7:25). Филипӕн йӕ бон сси порнографийы къӕппӕгӕй фервӕзын. Филип загъта: «Нӕ компьютер сӕвӕрдтон, алчидӕр мӕ кӕм уыдтаид, ахӕм ран ӕмӕ дзы ахӕм программӕ сӕвӕрдтон, цӕмӕй-иу дзы ӕнӕгъдау нывтӕ ма рагӕпп кодтаид. Интернеты истӕмӕты фӕкӕсын, иннӕтӕ мӕ разы куы вӕййынц, ӕрмӕстдӕр уӕд». Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг, Трой, дӕр зӕгъы: «Хӕлд кинотӕм нӕ кӕсын ӕмӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй ӕнӕфсарм ныхӕстӕ чи фӕкӕны, уыдонӕй мӕхи хизын. Бӕллӕхы бахауон, уый мӕ нӕ фӕнды».

Уынаффӕ. Цы лӕмӕгъдзинӕдтӕ дӕм ис, уыдоныл ахъуыды кӕн ӕмӕ дӕхи хиз ахӕм уавӕртӕй, цӕмӕй де ’взӕр фӕндты коммӕ ма бакӕсай (Матфейы 6:13).

ДӔ КЪУХТӔ МА ’РУАДЗ!

Фӕлӕ, зӕгъӕм, дӕ бон цы у, уый аразыс, ӕмӕ уӕддӕр нӕ бафӕрӕзтай ӕмӕ де ’взӕр фӕнды коммӕ бакастӕ? Уӕд-иу дӕ ныфс асӕттын ма бауадз ӕмӕ-иу дӕ къухтӕ ма ’руадз. Библийы фыст ис: «Рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 24:16). Нӕ уӕларвон Фыд нын дзуры, цӕмӕй-иу «сыстӕм». Йегъовӕ нӕ тынг уарзы ӕмӕ нӕм йе ’ххуысы къух раттынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ у. Не сразы уыдзынӕ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна? Уӕд ӕм ӕдзух кув. Йӕ Ныхас ын ахуыр кӕн, ӕмӕ афтӕмӕй фидар кӕн дӕ уырнындзинад. Ӕмбырдтӕм цу, цӕмӕй дӕ бон дарддӕр дӕр тох кӕнын уа. Ӕмӕ, Хуыцау цы загъта, уый дӕ зӕрдыл дар: «Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Исай 41:10).

Коди, статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг, загъта: «Порнографимӕ кӕсынӕй тых ӕмӕ фыдӕй фервӕзтӕн. Бирӕ хӕттыты-иу мӕхиуыл фӕхӕцын мӕ бон не сси, фӕлӕ Хуыцауы фӕрцы уыцы ӕвзӕр ахуыр ныууагътон». Дилан, уый кой дӕр уӕлдӕр кодтам, загъта: «Мӕ бон уыд ме ’мкусӕг чызгимӕ ӕмуат ӕрцӕуын. Фӕлӕ фидар фӕлӕууыдтӕн ӕмӕ йын загътон: „Нагъ!“. Дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый гыццыл хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр та у, куы зонай, Йегъовӕ дӕ сӕрыстыр кӕй у».

Фидар куы лӕууай ӕмӕ цыбӕлдзинӕдты ныхмӕ куы тох кӕнай, уӕд Йегъовӕ дӕуӕй дӕр сӕрыстыр уыдзӕн! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

^ 2 абз. Ацы статьяйы нӕмттӕ ивд сты.