Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Хуыцау зӕхх цӕй тыххӕй сфӕлдыста?

Зӕхх хъуамӕ уыдаид, адӕм амондджынӕй кӕм цардаиккой, ахӕм хӕдзар

Цы бирӕ цӕрӕгойтӕ зонӕм, уыдонӕн ӕмӕ адӕмӕн цӕрынӕн зӕххӕй хуыздӕр бынат нӕй. Ис ыл бирӕ дон, ӕмӕ ӕнӕ донӕй та фӕцӕрӕн нӕй. Зӕхх иуварсырдӕм куыд къул у, йӕхи алыварс ӕмӕ Хуры алварс куыд зилы, уыдӕттӕ иууылдӕр афтӕ конд сты, цӕмӕй денджызты дон ма ныссӕла кӕнӕ ма рафыца. Зӕххы атмосферӕ ӕмӕ «магнитон поле» кӕй хонынц, уыдон та йӕ хъахъхъӕнынц цардӕн тӕссаг радиацийӕ. Сырдтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ иумӕ куыд цӕрынц ӕмӕ ӕнӕ кӕрӕдзийӕ сӕ бон цӕрын кӕй нӕу, уый стыр диссаг у. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ ӕрцӕуынц ахӕм хъуыдымӕ, Хуыцау зӕхх цӕйдӕр тыххӕй кӕй сфӕлдыста. (Бакӕс Исайы 45:18.)

Фӕлӕ уӕм, чи зоны, сӕвзӕра ахӕм фарста: «Ӕмӕ уӕд, адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы, уый дӕр цӕйдӕр тыххӕй у?» (Бакӕс Дыккаг закъон 32:4, 5.)

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст уыдзӕн?

Зӕхх уый тыххӕй конд ӕрцыд, цӕмӕй йыл цардаиккой, сӕ кӕрӕдзийӕн чи хъуамӕ аргъ кодтаид ӕмӕ се Сфӕлдисӕджы чи уарзтаид, ахӕм адӕм. Уӕдӕ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕй уӕлдай, адӕймаг ӕмбары, цӕй тыххӕй цӕры, уый. Махӕн нӕ бон у, не Сфӕлдисӕг чи у, цы стыр уарзондзинады хицау у ӕмӕ куыд рӕстаг у, уый ӕмбарын ӕмӕ йын йӕ миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. (Бакӕс Екклесиаст 12:13; Михейы 6:8.)

Не Сфӕлдисӕгӕн йӕ фӕндтӕ иууылдӕр йӕ бон у сӕххӕст кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн. Уӕд зӕхх адӕмӕн суыдзӕн, ӕцӕгдӕр амондджынӕй кӕм цӕрдзысты, ахӕм хӕдзар. (Бакӕс Псалом 37:11, 29; Исайы 55:11.)