Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ДӔ КУЫСТӔЙ РАЙГОНД ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫНӔ?

Уӕззау куыст сӕрмӕхӕссинаг нал у?

Уӕззау куыст сӕрмӕхӕссинаг нал у?

Алекс машинӕйы иу къопп сӕвӕрдта, стӕй систа иннӕ къопп ӕмӕ арф ныуулӕфыд. «Цӕрӕнбонты хъуамӕ ацы куыст кӕнон? – ахъуыды кодта йӕхинымӕр.– Цымӕ искуы рӕстмӕ куыст ссардзынӕн? Цы хорз уаид, кусын мӕ ӕппындӕр куы нӕ хъӕуид!»

Алексау абон бирӕтӕн уӕззау куыст сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Аарон кусы машинӕтӕ цалцӕггӕнӕгӕй. Уый зӕгъы: «Бирӕтӕм сау куыст кӕнын ӕгад кӕсы. Уыдон ахӕм зондыл хӕст сты: „Ай ницы куыст у. Куыддӕр хуыздӕр исты фӕзына, афтӕ йӕ ныууадздзынӕн“».

Бирӕтӕ уӕззау куыст кӕнын цӕуылнӕ уарзынц? Ӕвӕццӕгӕн уымӕн, ӕмӕ телевизоры ӕмӕ киноты цы уынынц, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кӕнынц, «хорз» цард кӕй у хъӕздыг ӕмӕ ӕнӕмӕт цард. «Адӕммӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕхи дарынӕн цас фылдӕр фыдӕбон кӕнай, уыйас ӕнамонддӕр уыдзынӕ»,– дзуры Мэтью, йӕ куыст у хӕдзӕрттӕм зилын. Шэйн дӕр кӕны ахӕм куыст. Уый дӕр бафиппайдта, адӕм ахӕм зондыл хӕст кӕй сты. Шэйн зӕгъы: «Боны мыздыл ӕнӕхъӕн бон кусын абон никӕйуал фӕнды».

Фӕлӕ бирӕтӕ сӕ уӕззау куыстӕй райгонд сты. 25-аздзыд аразӕг, Дэниел, загъта: «Уӕззау куыст кӕнынӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа, уӕлдайдӕр та уый фӕрцы дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы куы ӕфтой, уӕд». 23-аздзыд Андре дӕр афтӕ хъуыды кӕны: «Адӕймаг къаддӕр куы куса ӕмӕ къаддӕр куы змӕла, уӕд амондджындӕр нӕ фӕуыдзӕн – йӕ цард ӕнкъарддӕр цы фӕуа, ӕндӕр ницы!»

Дэниел ӕмӕ Андрейау бирӕтӕ сӕ уӕззау куыстмӕ раст цӕстӕй кӕсын цӕй фӕрцы райдыдтой? Цыбырдзырдӕй, сӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразын кӕй райдыдтой, уый фӕрцы. Библийы уӕззау фыдӕбоны ныхмӕ ницы фыст ис, фӕлӕ дзы фыст ис, адӕймаг кӕй хъуамӕ уа куыстуарзаг ӕмӕ фӕразон. Фӕлӕ Библи афтӕ нӕ зӕгъы, цӕмӕй ӕрмӕст кусгӕ кӕнӕм. Ацы чиныг нын ӕмбарын кӕны, нӕ куыстӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзыстӕм.

Библийӕ дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дын дӕ куыст циндзинад хӕсса? Иуӕй-иутыл дзы дзырд цӕуы иннӕ статьяйы.