Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Авд фӕлтӕры бынтӕ

Авд фӕлтӕры бынтӕ

Адӕм мӕнмӕ кӕсгӕйӕ фӕдзурынц, зӕгъгӕ, дам, йӕ фыды цӕрмыстыгъд бакодта. Мӕ фыдимӕ тынг ӕмхуызон стӕм – мӕ цыд дӕр, мӕ цӕстытӕ дӕр ӕмӕ, куыд фӕхынджылӕг кӕнын, уый дӕр. Фӕлӕ ма мын мӕ фыд бирӕ зынаргъдӕр бынтӕ ныууагъта – нӕ бинонты авд фӕлтӕры бынтӕ. Фӕнды мӕ уый тыххӕй радзурын.

Нӕ бинонты историимӕ зонгӕ кӕнын (мӕ фыдимӕ)

1815 азы 20 январы горӕт Хорнкаслы (Англи) райгуырд мӕ рагфыдӕлтӕй иу – Томас (1) a Уильямс. Дыууӕ азы фӕстӕ амард йӕ мад ӕмӕ сӕ цыппар сывӕллонӕй хъомыл кодта сӕ фыд Джон Уильямс. Джон йӕ фырт Томасы ахуыр кодта хъӕддӕсныйы куыстыл, фӕлӕ уый царды ӕндӕр фӕндаг равзӕрста.

Уыцы рӕстӕджыты Английы адӕм динмӕ сӕ хъус тынгдӕр дарын райдыдтой. Иу сауджын, Джон Уэсли, Англикайнаг аргъуан ныууагъта ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрдта Методистты ӕхсӕнадӕн. Уыдон се ’ргом тынгдӕр здӕхтой, цӕмӕй сӕхӕдӕг Библи иртӕстаиккой ӕмӕ адӕмӕн Евангели хъусын кодтаиккой. Уэслийы ахуырӕдтӕ тынг тагъд апарахат сты, раст хъӕдыл зынг куыд сирвӕзы ӕмӕ куыд апарахат вӕййы, афтӕ. Уильямсты бинонтӕ дӕр уыцы ахуырӕдтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Томас сси Уэслийы сауджынтӕй иу ӕмӕ, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ барвӕндонӕй араст Сабыр океаны хуссар хаймӕ миссионерӕй. 1940 азы июлы мӕйы йӕ усаг Мэриимӕ (2) науыл ӕрцыдысты Лакембӕмӕ b, Фиджийы сакъадӕхтӕй иумӕ. Ацы сакъадӕхтӕ равзӕрдысты вулканты срӕмыгъдтыты фӕстӕ. Уыцы рӕстӕг дзы цардысты каннибалтӕ.

ЦАРД КАННИБАЛТЫ ’ХСӔН

Фыццаг цалдӕр азы Фиджийы Томас ӕмӕ Мэри стыр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Цардамӕлттӕ кӕнын дзы тынг зын уыди, стӕй дзы фыртӕвдӕй сулӕфӕнтӕ нӕ уыд. Сӕ алыварс адӕм сырдты цард кодтой: бынӕттон цӕрджытӕ-иу ӕппынӕдзух кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты, сылгоймагӕн-иу йӕ лӕг куы амард, уӕд-иу ӕй ныххурх кодтой, сывӕллӕтты мардтой ӕмӕ адӕймаджы фыд хордтой. Уыцы фыдхъуыддӕгтӕй уӕлдай ма бынӕттон цӕрджытӕ хорз хабармӕ нӕ хъуыстой. Иуафон Мэри ӕмӕ йӕ хистӕр фырт Джон фӕрынчын сты ӕмӕ фӕцӕймардысты. 1843 азы Томас ныффыста: «Мӕ зӕрдӕ фырмастӕй скъуыдтӕ кодта... Сӕрра кӕнынмӕ мӕ бирӕ нал хъуыди». Фӕлӕ Томас ӕмӕ Мэри зындзинӕдты фидар фӕлӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ сын тыхтӕ лӕвӕрдта, Йегъовӕ Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый.

Томас хъӕддӕсныйы куыст кӕй зыдта, уый йын царды фӕпайда. Европӕйы цы хӕдзӕрттӕ арӕзтой, ахӕм хӕдзар Фиджийы фыццаг уый сарӕзта. Хӕдзары пъол афтӕ скодта, цӕмӕй дзы уӕлдӕф зилдух кодтаид, стӕй ма дзы сарӕзта, бынӕттон цӕрджытӕ тынг кӕмӕй цымыдис кодтой, бирӕ ахӕм ног цыдӕртӕ. Сӕ арӕзтад кӕронмӕ куы хӕццӕ кодта, уыцы рӕстӕг Мэрийӕн райгуырд дыккаг лӕппу, Томас Уиттон (3) – мӕ фыдӕлтӕй иу.

1843 азы хистӕр Томас ӕххуыс кодта Иоанны Евангели фиджиаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнынӕн, кӕд ын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр c. Уый уыд хорз антрополог, стӕй йӕм ахӕм курдиат уыд, ӕмӕ-иу лыстӕг хабӕрттӕ дӕр бафиппайдта. Цы хабӕрттӕ иртӕста, уыдон бӕстон ныффыста йӕ чиныджы «Фиджи ӕмӕ фиджиӕгтӕ» (1858). Уыцы чиныг тынг хорз ӕвдисы, 19 ӕнусы Фиджийы бынӕттон цӕрджытӕ куыд цардысты, уый.

Хистӕр Томас Фиджийы 13 азы мидӕг цы уӕззау цӕрдтытӕ фӕкодта, уый аххосӕй йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕмӕ йӕ бинонтимӕ Австралимӕ алыгъд. Уым бирӕ азты дӕргъы уыди сауджын. Томас амарди 1891 азы Баллараты (штат Виктори).

«СЫЗГЪӔРИН» НЫГУЫЛӔНЫ

1883 азы Томас Уиттон ӕмӕ йӕ ус, Фиби (4), цӕрынмӕ ацыдысты горӕт Пертмӕ (штат Ныгуылӕн Австрали). Сӕ дыккаг фырт Артур Баквелл (5) Уильямсыл, мӕ иннӕ фыдӕлыл, уӕд цыди 9 азы.

Артурыл 22 азы куы цыди, уӕд цард агурӕг ацыди Калгурлимӕ, сызгъӕрин кӕм къахтой, уырдӕм. Уый Пертӕй уыди иу-600 километры скӕсӕнырдӕм. Уым цыдӕртӕ бакасти Ӕхсӕнадӕмон Библииртасджыты литературӕйӕ, абон сӕ зонынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй, стӕй ма йӕхицӕн рафыста журнал «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Артур цы бакасти, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр дзурын райдыдта, стӕй ма уадзын райдыдта Библи ахуыр кӕныны фембӕлдтӕ дӕр. Афтӕмӕй Ныгуылӕн Австралийы бындур ӕрӕвӕрдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддагӕн.

Артур йӕ ног дины тыххӕй дзырдта йӕ бинонтӕн. Йӕ фыд Томас Уиттоны зӕрдӕмӕ фӕцыд йӕ фырт Библииртасджытимӕ кӕй бамбал, фӕлӕ бирӕ нӕ рацыди, афтӕ амарди. Йӕ мад Фиби, ӕмӕ йӕ хотӕ Вайолет ӕмӕ Мэри дӕр систы Библииртасджытӕ. Вайолет сси пионер, йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай хъусын кодта хорз хабар. Артур дзырдта, йӕ хо «Ныгуылӕн Австралийы кӕй уыди ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ ӕппӕты зынгзӕрдӕдӕр пионер». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Артур дзы ӕппӕлгӕ кодта, фӕлӕ Вайолеты зынгзӕрдӕдзинад Уильямсты иннӕ фӕлтӕртыл тынг бандӕвта.

Цасдӕры фӕстӕ Артур бинонтӕ ӕркодта ӕмӕ цӕрынмӕ алыгъди горӕт Доннибрукмӕ, Ныгуылӕн Австралийы хуссар-ныгуылӕн хаймӕ. Уыцы бынат зындгонд уыди йӕ дыргъдӕттӕй. Уым дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ йӕ фӕсномыгӕй райдыдтой хонын «Цыппӕрдӕсӕм аз», уымӕн ӕмӕ тынг арӕх дзырдта, Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ уый ахсджиаг аз кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ Фыццаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд ыл ничиуал худти. Артур ӕппынӕдзухдӕр хъусын кодта, йӕ дуканимӕ-иу чи ’рбацыд, уыцы адӕмӕн ӕмӕ-иу зынгӕ ран сӕвӕрдта Библийыл арӕзт литературӕ. Стӕй ма йӕ дуканийы витринӕйыл конд уыди плакат. Фыст ыл уыди, зӕгъгӕ, Троицӕйы ахуырад раст кӕй у, уый чи бамбарын кӕна, уыдонӕй алкӕмӕндӕр кӕй ратдзӕн 100 фунты. Фӕлӕ Артур уыцы ӕхца никуы никӕмӕн радта, уымӕн фидарӕй зыдта, уыцы ахуырад Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕ уыди.

Уильямсты хӕдзар Доннибрукы сси Библи ахуыр кӕныны ӕмӕ ӕмбырдтӕ уадзыны сӕйраг бынат. Фӕстӕдӕр Артур горӕты сарӕзта Паддзахады зал, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ фембӕлдтӕ кӕм фӕуадзынц, ахӕм бынат. Ныгуылӕн Австралийы кӕй сарӕзтой, уыцы Залтӕй уый уыди фыццаг. 70 азӕй йыл фылдӕр куы цыди, суанг-иу уӕддӕр скодта йӕ костюм, йӕ галстук-иу бабаста, йӕ зӕронд бӕх Доллы-иу сифтыгъта, ӕмӕ-иу хорз хабар хъусын кӕнынмӕ араст ис горӕтмӕ ’ввахс бынӕттӕм.

Артур уыди уӕздан ӕмӕ хиуылхӕцгӕ адӕймаг. Уый зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта хорз хабар. Артуры цӕвиттон йӕ сывӕллӕттыл дӕр фӕзынди. Йӕ чызг Флоранс (6) лӕггад кодта миссионерӕй Индийы, йӕ фырттӕ Артур Линдсей (7) ӕмӕ Томас та сӕ фыдау систы хорз хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.

АДДЖЫН «ЛЕДИ УИЛЬЯМС»

Мӕ фыды фыды фыд Артур Линдсей Уильямсы зыдтой фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй. Адӕмӕн-иу алкӕддӕр рӕстӕг ссардта ӕмӕ сын аргъ кодта. Уый ма уыди диссаджы хъӕддзау. 12 азы мидӕг 18 хатты рамбылдта хъӕдкалыны ерысты.

Фӕлӕ Артур тынг нӕ бацин кодта, йӕ 2-аздзыд фырт, Рональд (8), йӕхи хъӕддзауӕй куы афӕлвӕрдта ӕмӕ сӕ кӕрты цы фӕткъуы бӕласы тала уыд, ууыл фӕрӕтӕй куы балӕууыд, уӕд. Рональды мад бӕлас бабаста, ӕмӕ йыл уый фӕстӕ диссаджы адджын дыргътӕ зайын райдыдта. Цы фӕткъуытӕ йыл ӕрзад, уыдон хонын райдыдтой «Леди Уильямс», фӕстӕдӕр ацы ӕмӕ ма ӕндӕр фӕткъуы бӕласы мыггагӕй рауад дунейы ӕппӕты зындгонддӕр сорт «Крипс Пинк».

Рональд, ӕз ӕй хонын баба, бирӕ хуыздӕр куысты ныллӕууыд. Баба ӕмӕ нана цалдӕр азы Австралийы ӕмӕ Соломоны сакъадӕхты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты арӕзтадты барвӕндонӕй лӕггад кодтой. Ныр бабайыл цӕуы 80 азы бӕрц, фӕлӕ ма ныр дӕр лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ Ныгуылӕн Австралийы ӕххуыс кӕны Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕмӕ цалцӕг кӕнынӕн.

ЦЫ БЫНТӔ МЫН БАЗЗАД, УЫДОНӔН АРГЪ КӔНЫН

Нӕ хӕдзарвӕндаг цы ӕгъдауыл хӕст уыдысты, уыцы ӕгъдауыл хӕст уыдысты мӕ ныййарджытӕ дӕр Джеффри (9) ӕмӕ Джанис (10) Уильямс. Уыдон мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ хойӕн дӕр ӕххуыс кодтой, цӕмӕй чырыстон уагӕвӕрдтӕ бауарзтаиккам. 13-аздзыдӕй бамбӕрстон, мӕн дӕр уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды. Иухатт конгрессы уыд раныхас Джон Баррӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уӕнгӕн. Уый ӕрыгӕттӕн ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уый уӕ рӕзты ма аивгъуыйӕд – Йегъовӕйы базонын ӕмӕ йӕ бауарзын». Ӕмӕ растдӕр уыцы изӕр ӕз мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтон. Дыууӕ азы фӕстӕ та райдыдтон лӕггад кӕнын пионерӕй.

Ӕз (12) ӕмӕ мӕ цардӕмбал Хлоя (11) иумӕ лӕггад кӕнӕм пионертӕй шахтерты горӕты Том-Прайсы, штат Ныгуылӕн Австралийы цӕгат-ныгуылӕн хайы. Цӕмӕй нын хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа, уый тыххӕй мах ӕнӕхъӕн бон нӕ кусӕм. Мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ мӕ хо Кэтрин йӕ сӕрыхицау Эндрюимӕ пионертӕй лӕггад кӕнынц горӕт Порт-Хедленды, махӕй у 420 километры цӕгатырдӕм. Ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыд дӕр ӕмбырды лӕггад кӕнӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕй.

Кӕддӕр мӕ рагфыдӕл Томас Уильямсы бафӕндыд Йегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уый мын ныууагъта, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм бынтӕ – Хуыцауыл ӕууӕндын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Ӕз уыцы зынаргъ бынтӕн тынг аргъ кӕнын.

a Нымӕцтӕ амонынц, дӕлдӕр цы адӕмы къамтӕ ис, уыдонмӕ.

b Лакембӕйы сакъадах ис Фиджийы скӕсӕн фарс, архипелаг Лауы.

c «Ног Фӕдзӕхст» фиджиаг ӕвзагыл рацыд 1847 азы. Йӕ фылдӕр хай йын ратӕлмац кодта миссионер Джон Хант. Банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы тӕлмацы ӕмбӕлы Хуыцауы ном, Йегъовӕ (фиджиаг ӕвзагыл у «Jiova»).