105 ЗАРӔГ
«Хуыцау у уарзондзинад»
-
1. У Йегъовӕ уарзондзинад.
Алкӕй хоны: «Мемӕ цу!»
Уарзӕм ӕй, стӕй адӕмы дӕр.
Тауӕм хорздзинад ӕдзух.
Уарзт у иунӕг фӕндаг цардмӕ,
Уыцы цардмӕ мах бӕллӕм.
Уарзта ’цӕг уарзтӕй Чырысти,
Мах дӕр уыцы уарзт фӕзмӕм.
-
2. Уарзӕм, уымӕн ӕмӕ зонӕм,
Мах кӕй бауарзта Хуыцау.
Кӕд фӕрӕдийӕм, уӕддӕр нын
Уый ӕххуыс кӕны фыдау.
Уарзт хӕларзӕрдӕ у алкӕд
Ӕмӕ алцӕмӕн быхсы.
Уарзӕм не ’фсымӕрты тынгдӕр!
Фенӕм, уарзт цы цин хӕссы.
-
3. Маст ӕмӕ тӕргӕйттӕн ма уадз
Ды дӕ зӕрдӕйы бынат.
Де скаст алкӕд уӕд Хуыцаумӕ,
Уый дын амоны фӕндаг.
Уарз Хуыцауы – уый сӕйраг у,
Стӕй уӕд адӕмы дӕр уарз.
Цӕй, кӕддӕрид уарзӕм алкӕй,
Цӕй, фӕзмӕм Хуыцауы уарзт!
(Ноджыдӕр кӕс Мар. 12:30, 31; 1 Кор. 12:31–13:8; 1 Иоан. 3:23.)