Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ амондджынӕй цӕрай ӕнустӕм?
Цавӕр дзуапп раттис?
О.
Нӕ.
Чи зоны.
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС
«Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (ПСАЛОМ 37:29).
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ ДӔ ЦАРД КУЫД ФӔХУЫЗДӔР УЫДЗӔН?
Фидӕны дӕ бинонтимӕ ӕмӕ де ’мбӕлттимӕ амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзынӕ (ЙЕРЕМИ 29:11).
Амондджын уыдзынӕ цыбыр рӕстӕгмӕ нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм (ПСАЛОМ 22:26).
БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС, УУЫЛ ӔУУӔНДӔН ИС?
О! Ӕмӕ цӕмӕн, уый базондзынӕ, ацы брошюрӕйы цы ӕртӕ урочы ис, уыдонӕй: