Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ис ӕгас зӕххыл дӕр ӕмӕ сты алыхуызон адӕмӕй. Уыйбӕрц алыхуызон адӕмы цы иу кӕны?

Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис?

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый базоной. Йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис ӕмӕ йӕ абон иннӕтӕн чи дзуры?

1 УРОК

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕй зоныс? Мах тыххӕй бӕлвырдӕй цы зоныс?

2 УРОК

Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонӕм?

Базон, нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хонын райдыдтам ӕртӕ ахӕм хъуыддаджы тыххӕй.

3 УРОК

Рӕстдзинад ногӕй куыд раргом?

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый раст ӕмбарӕм?

4 УРОК

«Ног дунейы тӕлмац» мыхуыры цӕмӕн рауагътам?

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕндӕр ахӕм Библийы тӕлмац нӕй?

5 УРОК

Не ’мбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн?

Мах иумӕ ӕмбырд кӕнӕм, цӕмӕй Фыстад ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийы уырнындзинад фидар кӕнӕм. Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм!

6 УРОК

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ цӕмӕн фембӕлӕм?

Хуыцауы Ныхас чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй иумӕ ӕмбӕлой. Базон, ды дӕр семӕ куы ӕмбӕлай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн.

7 УРОК

Не ’мбырдты цы вӕййы?

Искуы дӕ фӕндыд базонын не ’мбырдты цы вӕййы, уый? Диссаг дӕм фӕкӕсдзӕн ӕмбырды Библийӕ цас цыдӕртӕ базондзынӕ ӕмӕ йӕ куыд лӕмбынӕг иртасӕм, уый.

8 УРОК

Не ’мбырдтӕм аив кондӕй цӕмӕн фӕцӕуӕм?

Цымӕ нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, уымӕ Хуыцау йӕ хъус дары? Базон, нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд цавӕр хъуамӕ уа, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис.

9 УРОК

Ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы?

Ӕмбырдтӕм дӕхи рагацау куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дын фылдӕр пайда хӕсдзысты.

10 УРОК

Цы у бинонты ахуыр?

Базон, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ куыд баввахсдӕр уыдзынӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ куыд фенгомдӕр уыдзысты.

11 УРОК

Конгресстӕм цӕмӕн фӕцӕуӕм?

Алы аз дӕр ӕртӕ хатты иумӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм конгрессты. Уыцы конгресстӕ дӕуӕн та цы пайда фӕуыдзысты?

12 УРОК

Хорз хабар куыд хъусын кӕнӕм?

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд куыд хъусын кодта, мах дӕр афтӕ кӕнӕм. Цавӕр хъуыддӕгты йӕ фӕзмӕм?

13 УРОК

Чи у пионер?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн мӕйы мидӕг рахицӕн кӕнынц 30, 50, кӕнӕ фылдӕр сахаты дӕр. Цы сӕ разӕнгард кӕны?

14 УРОК

Пионертӕн цавӕр скъолатӕ ис?

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай чи дӕтты, уыдонӕн цавӕр скъолатӕ ис?

15 УРОК

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн куыд лӕггад кӕнынц?

Ӕмбырды сӕхимӕ разамынд чи райсы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ уырнындзинад у фидар. Уыдон ӕмбырдӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

16 УРОК

Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртыл ӕмбырды цавӕр хӕстӕ ис?

Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ фӕаразынц ахсджиаг хъуыддӕгтӕ. Базон, сӕ куыст ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр цы пайда хӕссы, уый тыххӕй.

17 УРОК

Районон цӕстдарджытӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?

Районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдтӕ цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц? Дӕуӕн уыцы хъуыддаг цы ӕххуыс уыдзӕн?

18 УРОК

Зын сахат не ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кӕнӕм?

Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хъуыддагӕй дӕр баххуыс кӕнӕм ӕмӕ сӕ фарсмӕ дӕр балӕууӕм. Куыд?

19 УРОК

Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?

Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сӕвӕрдзӕн цагъары, цӕмӕй хӕринаг афоныл дӕтта. Уыцы хъуыддаг абон куыд арӕзт цӕуы?

20 УРОК

Разамонӕг совет абон куыд архайы?

Фыццаг ӕнусы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты гыццыл къорд уыдысты чырыстон ӕмбырдты разамонӕг совет. Абон та хабар куыд у?

21 УРОК

Цы у Вефил?

Вефилы хуызӕн дыккаг бынат нӕй ӕмӕ дзы цӕуы тынг ахсджиаг куыст. Фылдӕр базон, чи дзы лӕггад кӕны, уыдоны тыххӕй.

22 УРОК

Филиалы цавӕр куыст кӕнынц?

Алы филиалы дӕр вӕййы экскурситӕ. Ӕмӕ дӕу дӕр экскурсимӕ хонӕм!

23 УРОК

Нӕ литературӕ куыд фыссынц ӕмӕ йӕ куыд тӕлмац кӕнынц?

Мах литературӕ уадзӕм 700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Ахӕм стыр куыст цӕмӕн кӕнӕм?

24 УРОК

Ӕхца нӕм кӕцӕй цӕуы?

Нӕ организаци ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты иннӕ динтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

25 УРОК

Паддзахады залтӕ цӕмӕн аразӕм ӕмӕ сӕ куыд аразӕм?

Хуыцауӕн кӕм лӕггад кӕнӕм, уыцы бынӕттӕ Паддзахады залтӕ цӕмӕн хонӕм? Фылдӕр базон, не ’мбырдтӕ уыцы хуымӕтӕг залтӕй куыд пайда кӕнынц?

26 УРОК

Паддзахады залмӕ куыд фӕзилӕм?

Хорз кӕмӕ зилынц, ахӕм Паддзахады залтӕ нӕ Хуыцауы кадджын кӕнынц. Нӕ Паддзахады залмӕ куыд зилӕм?

27 УРОК

Паддзахады залы библиотекӕ нын цы пайда у?

Фӕнды дӕ Библийӕ цавӕрдӕр фарста кӕнӕ кӕцыдӕр стих раиртасын йе та, Библийы цы адӕймӕгты, цы бынӕтты ӕмӕ цы хабӕртты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонын? Спайда кӕн Паддзахады залы библиотекӕйӕ!

28 УРОК

Нӕ сайты цавӕр информаци ис?

Дӕ бон у мах тыххӕй ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ дӕм Библийӕ цы фарстатӕ ис, уыдонӕн дзуапп ссарын

Ды дӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕндзынӕ?

Йегъовӕ Хуыцау дӕ тынг уарзы. Йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый дӕ бон куыд у алы бон дӕр ӕвдисын?