Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 СӔР

Цы у бинонты ахуыр?

Цы у бинонты ахуыр?

Хуссар Корей

Бразили

Австрали

Гвиней

Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Йегъовӕйы фӕндыди, цӕмӕй-иу бинонтӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой ӕмӕ-иу сӕ рӕстӕг иумӕ арвыстаиккой. Уый фӕрцы йӕм ӕввахсдӕр кодтой, стӕй кӕрӕдзиимӕ дӕр уыдысты ӕнгомдӕр (Дыккаг закъон 6:6, 7). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр къуыри иу бон равзарынц, цӕмӕй сӕ бинонтимӕ иумӕ Библи ахуыр кӕной. Уыцы рӕстӕг фӕныхас кӕнынц, цы фарстатӕ сӕ тыхсын кӕны, уыдоныл ӕмӕ кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй фӕдзурынц. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдон дӕр Библи сӕхӕдӕг фӕахуыр кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, уыцы рӕстӕг Хуыцауимӕ арвитынц.

Уый фӕрцы бинонтӕ ӕввахсдӕр кӕнынц Йегъовӕмӕ. «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Библи ахуыр кӕнгӕйӕ адӕймаг хуыздӕр базоны, Йегъовӕмӕ цавӕр миниуджытӕ ис ӕмӕ алыхуызон уавӕрты куыд фӕархайы, уый тыххӕй. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕ бинонтимӕ иумӕ алы къуыри дӕр Библи ахуыр кӕнын. Райдианты уал уӕ бон у Библи иумӕ хъӕрӕй кӕсын, зӕгъӕм, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды программӕмӕ гӕсгӕ. Цы сӕртӕ кӕсдзыстут, уыдон-иу афтӕ адих кӕнут, бинонтӕй дзы алчидӕр фӕйнӕ скъуыддзаджы куыд бакӕса. Ӕмӕ-иу стӕй аныхас кӕнут, уыцы сӕртӕй уӕхицӕн зондӕн цы райстат, ууыл.

Уый фӕрцы бинонтӕ ӕввахсдӕр кӕнынц кӕрӕдзимӕ. Лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ, стӕй ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ Библи иумӕ куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд кӕрӕдзиимӕ ӕнгомдӕр свӕййынц. Уыцы рӕстӕг-иу бинонтӕ хъуамӕ арвитой цингӕнгӕйӕ, хъуамӕ сын уа бӕрӕгбоны хуызӕн. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕмӕ «Пробудитесь!»-ы, стӕй нӕ сайты хорз ӕрмӕг вӕййы алы кары сывӕллӕттӕн дӕр. Ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон у бинонты ахуыры рӕстӕг уыцы ӕрмӕгӕй пайда кӕнын. Сӕ бон ма у сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын, скъолайы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизынӕн сын цы баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Сӕ бон у, нӕ интернет-телеуынынады цы программӕ вӕййы, уымӕ бакӕсын ӕмӕ йыл стӕй иумӕ аныхас кӕнын дӕр. Уымӕй уӕлдай ма бинонтӕн сӕ бон у, ӕмбырды кӕй зардзысты, уыцы зарджытӕ иумӕ азарын ӕмӕ уый фӕстӕ иумӕ истытӕ ахӕрын дӕр.

Бинонты ахуырӕн алы къуыри дӕр рӕстӕг куы хицӕн кӕнат, уӕд уӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын хӕсдзӕн стыр циндзинад ӕмӕ уын Йегъовӕ дӕр арфӕ кӕндзӕн (Псалом 1:1–3).

  • Бинонты ахуырӕн рӕстӕг цӕмӕн рахицӕн кӕнӕм?

  • Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй бинонты ахуыр алкӕмӕн дӕр циндзинад хӕсса?