Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уымӕн сын ӕхца кӕцӕй ис?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр цы куыст кӕнынц, уый размӕ цӕуы сӕйраджыдӕр сӕ барвӕндон мысайнӕгты фӕрцы a. Мысайнӕгты асыччытӕ вӕййынц, ӕмбырдтӕ нын кӕм вӕййы, уыцы бынӕтты. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай, мысайнаг раттӕн куыд ис, уый тыххӕй базонӕн ис сайты jw.org (кӕс вкладкӕ Мысайнӕгтӕ). Уым адӕймагӕн йӕ бон у равзарын, мысайнаг ӕй цавӕр хъуыддагӕн раттын фӕнды, уый, зӕгъӕм, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн, ӕмбырды хъуыддӕгтӕн кӕнӕ дыууӕйӕн дӕр.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕсӕм хай нӕ фембырд кӕнынц, стӕй сыл ахӕм хӕс дӕр нӕй, цӕмӕй бӕлвырдӕй цасдӕр ӕхца кӕнӕ сӕм цы ӕфты, уымӕй проценттӕ дӕттой (2 Коринфӕгтӕм 9:7). Мах адӕмӕй ӕмбырдмӕ бацӕуыны тыххӕй ӕхца никуы фӕисӕм ӕмӕ сын мысайнӕгтӕ нӕ фӕдӕттын кӕнӕм. Стӕй донаргъуыд раттыны тыххӕй дӕр ӕхца нӕ исӕм. Кӕнӕ, зӕгъӕм, зианы кӕнӕ чындзӕхсӕвы динимӕ баст хабӕрттӕ кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд уый дӕр фӕаразӕм лӕвар. Адӕмӕй ӕхца райсыны тыххӕй адджинӕгтӕ ӕмӕ алыхуызон уӕйгӕнинӕгтӕ нӕ фӕуӕй кӕнӕм, лотерейӕйӕ нӕ фӕхъазӕм, бӕрӕгбӕттӕ нӕ фӕаразӕм, фынгтӕ нӕ февӕрӕм ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ фӕаразӕм, стӕй мысайнӕгтӕ нӕ фӕкурӕм. Мысайнаг чи ратты, уый ничи базоны (Матфейы 6:2–4). Нӕ сайты ӕмӕ нӕ публикациты рекламӕ нӕй.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕй алкӕцыйы дӕр алы мӕй дӕр бакӕсынц ӕхцайы хыгъд, ӕмӕ ӕмбырдмӕ та кӕйфӕнды бон дӕр у ӕрбацӕуын. Ӕмбырды хӕрдзтӕм ӕфсымӕртӕ ӕдзух сӕ хъус дарынц, цӕмӕй-иу сбӕрӕг кӕной, мысайнӕгтӕ раст хардз кӕй цӕуынц (2 Коринфӕгтӕм 8:20, 21).
Мысайнаг куыд ис раттӕн
Мысайнӕгты асыччытӕ. Ӕмбырдтӕ нын кӕм фӕцӕуынц, зӕгъӕм, Паддзахады залты, Конгрессты залты кӕнӕ ӕндӕр ран, уым вӕййы мысайнӕгты асыччытӕ. Ӕмӕ дӕ мысайнаг раттын куы фӕнда, уӕд дӕ бон у ӕхца кӕнӕ ӕхцайы чек мысайнӕгты асыччы ныппарын.
Мысайнӕгтӕ интернеты уылты. Бирӕ бӕстӕты нӕ сайты ис бацӕуӕн фарсмӕ «Пожертвование Свидетелям Иеговы» ӕмӕ мысайнаг картӕйӕ кӕнӕ банчы уылты арвитын кӕнӕ спайда кӕнын, сайты ма ноджыдӕр цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй искӕцыйӕ b. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ аскъуыддзаг кӕнынц, алы мӕй дӕр се ’хцайӕ мысайнагӕн цас ӕрвитдзысты, уый (1 Коринфӕгтӕм 16:2). Ӕмӕ стӕй равзарынц, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы мадзӕлттӕй искӕцы, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ мысайнаг йӕхигъӕдӕй ӕрвыст ӕрцӕуы.
Рагацау пълан кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм мысайнӕгтӕ. Мысайнӕгтӕ дӕттынӕн цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты ахӕмтӕ, ӕмӕ хъуыддаг фӕхъӕуы рагацау спълан кӕнын ӕмӕ/кӕнӕ фӕхъӕуы юристы консультаци. Мысайнаг раттын рагацау куы пълан кӕнай, уӕд, чи зоны, дӕ бон суа спайда кӕнын, уӕ бӕстӕйы дын закъонмӕ гӕсгӕ цы льготӕтӕ ӕмбӕлы, уыдонӕй. Бирӕтӕн стыр ӕххуыс фӕци информаци, мысайнагӕн сӕ бон цы у сӕ удӕгасӕй раттын кӕнӕ сӕ мӕлӕты фӕстӕ ныууадзын, уый фӕдыл. Мысайнаг дӕ бон у раттын ахӕм мадзӕлтты фӕрцы:
банковские вклады,
страховые выплаты,
недвижимость,
акции и ценные бумаги,
завещание и договор доверительного управления имуществом.
Ацы мадзӕлттӕй дӕ искӕцыйӕ спайда кӕнын куы фӕнда, уӕд-иу фылдӕр информаци базоныны тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бынӕттон филиалмӕ фӕдзур кӕнӕ ныффысс.
Кӕм цӕрыс, уым мысайнаг раттӕн куыд ис, уый фӕдыл фылдӕр информаци дӕ бон ссарын у сайты jw.org фарсыл «Пожертвование Свидетелям Иеговы».
a Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ мысайнаг раттынц, цӕмӕй нӕ хъуыддаг размӕ цӕуа.
b Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд бакӕс видеороликмӕ «Как сделать пожертвование через наш сайт».