Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Ӕхца кӕмӕн фидут, ахӕм сауджынтӕ уӕм ис?

Ӕхца кӕмӕн фидут, ахӕм сауджынтӕ уӕм ис?

 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр сауджынтӕ ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмыл дих не сты. Донаргъуыд чи райста, уыдон иууылдӕр свӕййынц Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ фӕархайынц хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ис бирӕ ӕмбырдтӕ ӕмӕ алы ӕмбырды дӕр вӕййы 100 адӕймаджы бӕрц. Алы ӕмбырды дӕр лӕггад кӕнынц фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтӕ кӕнӕ цӕстдарджытӕ, хонынц сӕ «хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» (Титмӕ 1:5). Сӕ куысты тыххӕй сын ӕхца нӕ фидынц.