Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Албани ӕмӕ Косово

Уыдон уыдысты цӕттӕ – Албани ӕмӕ Косово

 Английӕ иу хо, Гуэн, ӕрцыд Албанимӕ a, хъусынгӕнджытӕ дзы кӕй нӕ фаг кодта, уый тыххӕй. Гуэн загъта: «Никуы мӕ бауырныдтаид, Йегъовӕйы хъуыддаджы афтӕ бирӕ араздзынӕн, уый».

 Гуэн дӕр бирӕ Ӕвдисӕнтау Албанимӕ ’рцыд, цӕмӕй бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕна «ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ» агурынӕн (Аггей 2:7). Цымӕ сӕ цӕмӕн бафӕндыд ацы бӕстӕмӕ ӕрцӕуын? Сӕ царды сӕ фӕивын цы бахъуыд? Ӕмӕ кӕд зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уӕддӕр фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууынц?

Алыхуызон уавӕртӕ, фӕлӕ иу нысан

 Хъусынгӕнджыты ӕндӕр бӕстӕтӕй Албанимӕ ӕрцӕуын уый тыххӕй бафӕндыд, ӕмӕ Йегъовӕйы уарзынц ӕмӕ сӕ фӕнды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр базоной.

 Уыцы хъусынгӕнджытӕ сӕ царды цыдӕртӕ фӕивтой, цӕмӕй сӕ бон уыдаид Йегъовӕйӕн ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын. Гуэн загъта: «Нӕ горӕты уыд албайнаг ӕвзагыл дзурӕг къорд. Ӕмӕ уал фыццаг уырдӕм рахызтӕн. Стӕй Албанимӕ конгресмӕ ацыдтӕн. Фӕстӕдӕр ма уырдӕм цыбыр рӕстӕгмӕ ӕрцыдтӕн, цӕмӕй ӕвзаг хуыздӕр базыдтаин».

Гуэн

 Италийӕ иу хо Мануэлӕйыл 23 азы куы цыд, уӕд сӕ бӕстӕйы ӕндӕр ранмӕ ацыд, цӕмӕй иу гыццыл ӕмбырдӕн ӕххуыс кодтаид. Мануэлӕ загъта: «Уым балӕггад кодтон цыппар азы. Стӕй базыдтон, Албанийы хъусынгӕнджытӕ кӕй нӕ фаг кӕны. Ӕмӕ сфӕнд кодтон уым цалдӕр мӕйы пионерӕй балӕггад кӕнын».

Мануэлӕ (астӕуӕй)

 Федерикӕйыл авд азы куы цыд, уӕд конгрессы раныхасы фехъуыста Албанийы тыххӕй. Федерикӕ радзырдта: «Ӕфсымӕр йӕ раныхасы загъта, Албанийы хъусынгӕнджытӕ Библи ахуыр кӕнын бирӕтимӕ кӕй райдайынц ӕмӕ ӕмбырдмӕ бирӕтӕ кӕй ӕрбацӕуынц. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ ныййарджытӕн ӕдзух Албанийы кой кодтон. Уырдӕм мӕ кӕй фӕнды, уый сӕм диссаг фӕкаст, фӕлӕ мӕ фыд загъта: «Йегъовӕмӕ кув, ӕмӕ кӕд йӕ фӕндон уа, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн». Уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ нӕ бинонты Албанимӕ лӕггад кӕнынмӕ фӕхуыдтой!» Уымӕй бирӕ азтӕ рацыд. Федерикӕ смой кодта, ӕмӕ ныр йӕ сӕрыхицау Оргесимӕ Албанийы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц.

Оргес ӕмӕ Федерикӕ

 Италийӕ иу ӕфсымӕр, Джанпьеро, пенсийы куы рацыд, уӕд йӕ бинойнаг Глорияимӕ Албанимӕ цӕрынмӕ ацыд. Джанпьеро загъта: «Ис нын фондз фырты. Не ’ртӕ хистӕр фырты лӕггад кӕнынц ӕндӕр бӕстӕты, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым. „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ статья „Дӕ бон у Македонимӕ ацӕуын?“ куы бакастыстӕм, уӕд нӕ тынг бафӕндыд Албанимӕ ацӕуын. Гъемӕ ӕрбадтыстӕм, цӕмӕй банымадтаиккам, мӕ пенсийӕ нӕ бон уыдзӕн Албанийы цӕрын ӕмӕ лӕггад кӕнын ӕви нӕ. Ӕмӕ ныр ам стӕм».

Джанпьеро ӕмӕ Глория

Алцыдӕр хорз спълан кодтой

 Ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ранмӕ ацӕуын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ рагацау алцыдӕр хорз спълан кӕной ӕмӕ сӕхи бацӕттӕ кӕной (Лукайы 14:28). Стӕй ма хъуамӕ ахъуыды кӕной, цӕмӕй цӕрдзысты, ууыл дӕр. Райдианы кӕй кой кодтам, уыцы хо, Гуэн, нырма Английы куы уыд, уӕд йӕ хомӕ ӕрцард, цӕмӕй йӕ хӕрдзтӕ къаддӕр уыдаиккой ӕмӕ иугыццыл ӕхца бамбырд кодтаид. София ӕмӕ Кристофер дӕр Английӕ сты. Уыдон загътой: «Нӕ машинӕ ӕмӕ нӕ хӕдзары дзауматӕй цыдӕртӕ ауӕй кодтам. Ныфс нӕ уыд, нӕ бон кӕй уыдзӕн Албанийы ӕппынкъаддӕр иу аз балӕггад кӕнын». Фӕлӕ дзы сӕ бон сси фылдӕр баззайын.

Кристофер ӕмӕ София

 Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ Албанийы цалдӕр мӕйы балӕггад кӕнынц ӕмӕ стӕй сӕ бӕстӕмӕ ацӕуынц, цӕмӕй ӕхца бакусой ӕмӕ та фӕстӕмӕ Албанимӕ ӕрыздӕхой. Элизио ӕмӕ Мириам дӕр афтӕ кодтой. Элизио загъта: «Мириам Италийы цы горӕтӕй у, уым бирӕ туристтӕ вӕййы, ӕмӕ дзы рӕстӕгмӕ куыст ссарын ӕнцон вӕййы. Сӕрды-иу ӕртӕ мӕймӕ уырдӕм кусынмӕ ацыдыстӕм ӕмӕ-иу стӕй уыцы ’хцайӕ Албанийы фараст мӕйы цардыстӕм. Афтӕ кодтам фондз азы дӕргъы».

Мириам ӕмӕ Элизио

Зындзинӕдты сӕрты хизынц

 Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм чи ’рцӕуы, уыдонӕн ӕнцон нӕ вӕййы, цӕмӕй ног уавӕртыл сахуыр уой. Фӕлӕ сын бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ феххуыс кӕнынц сӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, София, загъта: «Албанийы зымӕджы хӕдзӕртты уазалдӕр вӕййы. Ӕз афтӕ ахуыр нӕ уыдтӕн. Фӕлӕ бынӕттон хотӕм кастӕн ӕмӕ ӕз дӕр хъармдӕр дзаумӕттӕ дарын райдыдтон». Гжегож ӕмӕ йӕ бинойнаг Сонӕ Польшӕйӕ ӕрцыдысты Косовомӕ b иу гыццыл рӕсугъд горӕт Призренмӕ, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕн ӕххуыс кӕной. Гжегож загъта: «Бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг сӕрныллӕг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон сты! Ӕххуыс нын кӕнынц ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн, стӕй ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Зӕгъӕм, бацамыдтой нын, аслам ӕргътӕ кӕм ис ӕмӕ базары хӕринӕгтӕ куыд ӕлхӕнын хъӕуы, уый».

Цӕуыл цин кӕной, уый ис

 Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацӕуы, уыдон бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн сӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ссарынц ӕмӕ сын сӕ царды тыххӕй фылдӕр базонынц. Сонӕ загъта: «Йегъовӕйы уарзондзинадӕн ӕцӕгдӕр стыр тых ис. Ӕфсымӕртӕм кӕсгӕйӕ мӕ уырнындзинад бафидар вӕййы, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы куы базыдтой, уӕд сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цард бынтондӕр фӕивтой. Уынӕм ӕй, ӕмбырды не ’ххуыс кӕй хъӕуы ӕмӕ йӕ зонӕм, куыд сын баххуыс кӕнӕм, уый. Кӕимӕ лӕггад кӕнӕм, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ не ’мбӕлттӕ систы» (Марчы 10:29, 30). Глория загъта: «Хотӕй бирӕтӕн сӕ сыхӕгтӕ сӕ ныхмӕ тынг цыдысты ӕмӕ сын бирӕ мӕстытӕ бавзарын кодтой. Йегъовӕйы куыд тынг уарзынц, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд бафидар вӕййын».

Гжегож ӕмӕ Сонӕ

 Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм чи ӕрцӕуы, уыдонӕн ма фадат вӕййы, цӕмӕй-иу ног цӕуылдӕрты сахуыр уой. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй, зын сын цы у, ахӕм исты куы фӕаразынц, уӕд сын уый циндзинад ӕрхӕссы. Стефано радзырдта: «Нӕхимӕ-иу арӕхдӕр домофонӕй хъусын кодтон. Адӕмимӕ-иу цыбыртӕй аныхас кодтон. Фӕлӕ албайнӕгтӕ аныхас кӕнын уарзынц, уӕлдайдӕр та къофи цымгӕйӕ. Ӕз та ӕфсӕрмыгӕнаг дӕн ӕмӕ-иу фыццаг рӕстӕг нӕ зыдтон, цы зӕгъон, уый. Фӕлӕ фӕстӕдӕр сахуыр дӕн фылдӕр иннӕтыл хъуыды кӕнын ӕмӕ мын ныр семӕ ныхас кӕнын ӕхсызгон вӕййы. Мӕ лӕггад мын фылдӕр циндзинад хӕссын райдыдта».

Алидӕ ӕмӕ Стефано

 Лия ӕмӕ Уильям Албанимӕ ӕрцыдысты Америкӕйы Иугонд Штаттӕй. Лия загъта: «Ам лӕггад кӕнгӕйӕ сахуыр стӕм ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын ӕмӕ цӕрын. Ам цы стӕм, уыцы рӕстӕг хуыздӕр бамбӕрстам, цы у ӕцӕг уазӕгуарзондзинад, иннӕтӕн куыд аргъ кӕнын хъӕуы ӕмӕ ӕцӕг хӕлӕрттӕ кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уой, уый. Сахуыр стӕм ӕндӕрхуызон хъусын кӕнын, адӕмимӕ Библийыл ныхас кӕнын ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ бӕлвырд ӕмбарын кӕнын. Уильям загъта: «Албанимӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц рӕсугъд донбылгӕрӕттӕ. Ӕз та уарзын Албанийы хӕхтӕ. Фӕлӕ йын ӕппӕты тынгдӕр та йӕ адӕмы уарзын. Нӕ территорийы бирӕ хъӕуты адӕм рӕстдзинады тыххӕй ӕрмӕст гыццыл цыдӕртӕ фехъуыстой, уый дӕр зиуты рӕстӕг. Уырдӕм куы ацӕуӕм, уӕд иуӕй-иу хатт ӕнӕхъӕн бон фӕныхас кӕнӕм ӕрмӕст иу-дыууӕ хӕдзары цӕрджытимӕ».

Уильям ӕмӕ Лия

 Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм чи ӕрцӕуы, уыдон ӕппӕты тынгдӕр фӕцин кӕнынц, адӕм рӕстдзинад сӕ зӕрдӕ кӕй айсынц, ууыл (1 Фессалоникӕгтӕм 2:19, 20). Иу хо, Лорӕ, Албанимӕ ӕрцыд тынг ӕрыгонӕй, моймӕдзыд нӕ уыд. Лорӕ радзырдта: «Лӕггад кодтон горӕт Фиерийы. Дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕгмӕ уым фӕзынд 120 ног хъусынгӕнӕджы. 16 адӕймагимӕ дзы Библи ӕз ахуыр кодтон!» Хо Сандрӕ та загъта: «Базары чи куыста, ахӕм сылгоймагӕн хорз хабары тыххӕй радзырдтон. Стӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхт, цы хъӕуӕй уыд, уырдӕм. Фӕстаг хатт йемӕ куы ныхас кодтон, уӕд мын загъта, Библи 15 адӕймагимӕ кӕй ахуыр кӕны!»

Лорӕ

Сандрӕ

Йегъовӕ сын сӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕны

 Албанимӕ бирӕ азты размӕ чи ӕрцыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нырма дӕр уым сты ӕмӕ сын сӕ лӕггад стыр цины хос у. Бирӕ азты размӕ кӕмӕн хъусын кодтой, уыдон рӕстдзинады фӕндагыл кӕй слӕууыдысты, уый куы базонынц, уӕд хатт тынг бадис кӕнынц (Екклесиаст 11:6). Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Кристофер, загъта: «Иу хатт сӕмбӕлдтӕн, Албанимӕ фыццаг хатт куы ӕрцыдтӕн, уӕд Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыцы нӕлгоймагыл. Тынг диссаг мӕм фӕкаст, Библийыл-иу куыд ныхас кодтам, уый лыстӕг хабӕртты онг кӕй хъуыды кодта. Ныр йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинойнаг дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц». Федерикӕ та загъта: «Иу ӕмбырды мӕм иу хо бацыд ӕмӕ мӕ бафарста, нал, дам, мӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ. Загъта мын, фараст азы размӕ йын кӕй хъусын кодтон. Уый фӕстӕ ӕз ӕндӕр горӕтмӕ ацыдтӕн, уый та Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ донаргъуыд райста. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ фыццаг азты нӕ фыдӕбон Албанийы дзӕгъӕлы уыд. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу».

 Албанимӕ ӕмӕ Косовомӕ чи ӕрцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уынынц, Йегъовӕ сын кӕй арфӕ кӕны, ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ райы. Элизио Албанийы бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕны. Уый загъта: «Адӕймаг хатт йӕ ныфс сӕвӕры, ацы дунейы цы ис, уыдӕттыл. Афтӕ йӕм фӕкӕсы, ӕмӕ уӕд ӕнӕмӕт цард кӕндзӕн ӕмӕ амондджын уыдзӕн. Фӕлӕ афтӕмӕй йӕхи сайы. Адӕймаг ӕцӕг амондджын вӕййы, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕцӕры, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ам кӕй лӕггад кӕнын, уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уый ма рох кӕнон. Уынын ӕй, ам кӕй хъӕуын ӕмӕ мӕ бон кӕй у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Мӕ фарсмӕ сты ме ’цӕг ӕмбӕлттӕ. Уыдонӕн дӕр, мӕнӕн цы нысӕнттӕ ис, ахӕм нысӕнттӕ ис». Сандрӕ дӕр загъта: «Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм куы ӕрцыдтӕн, уӕд бамбӕрстон, Йегъовӕ мын фадат кӕй радта, цӕмӕй мӕ бӕллиц сӕххӕст уыдаид – миссионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Албанимӕ кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл никуы фӕфӕсмон кодтон. Ахӕм амондджын никуы уыдтӕн».

a Албанийы куыд хъусын кодтам, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 2010 азы «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг»-ӕй (уыр.).

b Косово ис Албанийӕ цӕгат-ныгуылӕнырдӕм. Уым бирӕтӕ дзурынц албайнаг диалектыл. Косовомӕ Ӕвдисӕнтӕ ӕрцӕуынц Албанийӕ, Европӕйы кӕцыдӕр бӕстӕтӕй ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной, албайнаг диалектыл чи дзуры, уыдонӕн. 2020 азы Косовойы уыди аст ӕмбырды, ӕртӕ къорды ӕмӕ дыууӕ къордгонды, ӕмӕ дзы лӕггад кодта 256 хъусынгӕнӕджы.