Уыдон уыдысты цӕттӕ – Болгари
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ Ныхас Библийы тыххӕй Болгарийы зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц. 2000 азӕй фӕстӕмӕ Болгаримӕ ӕрцыд тынг бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, цӕмӕй бынӕттон Ӕвдисӕнтӕн ӕххуыс кӕной. Ӕндӕр бӕстӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи ацӕуы, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц? Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц? Болгаримӕ чи ’рцыд, уыдонӕй цалдӕр сӕхи тыххӕй радзырдтой.
Нысан сӕвӕрдтой
Английы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр, Даррен, загъта: «Мах алкӕддӕр фӕндыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕмӕ ацӕуын. Данимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд уый фӕстӕ Лондонмӕ цӕрынмӕ ацыдыстӕм, цӕмӕй уырыссаг ӕвзагыл хъусын кодтаиккам. Цалдӕр хатты сфӕнд кодтам ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын, фӕлӕ-иу нын цӕйдӕрты тыххӕй нӕ рауад. Уырнгӕ дӕр нӕ нал кодта, уыцы нысан ма нӕ къухы искуы бафтдзӕн, уый. Фӕлӕ не ’мбалы фӕрцы бамбӕрстам, нӕ уавӕртӕ кӕй фӕивтой ӕмӕ нӕ бон искуыдӕм ацӕуын кӕй у». Даррен ӕмӕ Дан хъуыды кодтой, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы бӕстӕтӕй сӕ бон кӕцымӕ у ацӕуын. Ӕмӕ 2011 азы Болгаримӕ ӕрцыдысты.
Ӕндӕр бӕстӕты чи лӕггад кӕны, уыцы зынгзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм гӕсгӕ иннӕты дӕр бафӕнды ӕндӕр ран лӕггад кӕнын, кӕд раздӕр ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтой, уӕддӕр. Хо Джадӕ йӕ сӕрыхицау Лукӕимӕ царди Италийы. Джадӕ загъта: «Базонгӕ дӕн, Хуссар Америкӕйы ӕмӕ Африкӕйы чи лӕггад кодта, ахӕм Ӕвдисӕнтимӕ. Сӕ лӕггады тыххӕй-иу цингӕнгӕйӕ куы дзырдтой, уӕд-иу сӕм ӕз дӕр схӕлӕг дӕн. Ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы мӕ разы ног нысӕнттӕ сӕвӕрдтон».
Томаш, Вероникӕ ӕмӕ сӕ дыууӕ сывӕллоны, Кларӕ ӕмӕ Матиаш, 2015 азы Чехийӕ Болгаримӕ ’рцыдысты. Цӕмӕн сӕ бафӕндыд ардӕм ӕрцӕуын? Томаш загъта: «Хъуыды-иу кодтам, фӕсарӕнты чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, уыимӕ нӕ хӕстӕджытӕй дӕр чидӕртӕ, сӕ лӕггадӕй куыд райгонд уыдысты, ууыл. Куыд амондджын уыдысты, уый ныл тынг бандӕвта, ӕмӕ-иу сӕ кой арӕх кодтам». Ныр ацы бинонтӕ лӕггад кӕнынц Болгарийы горӕт Монтанӕйы ӕмӕ тынг цин кӕнынц.
Линдӕ дӕр Болгаримӕ ’рцыд ӕндӕр бӕстӕйӕ. Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Кӕддӕр уыдтӕн Эквадоры ӕмӕ базонгӕ дӕн, уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ чи ’рцыд, цалдӕр ахӕм хъусынгӕнӕгимӕ. Ӕмӕ ӕз дӕр хъуыды кӕнын райдыдтон, зӕгъын, чи зоны, мӕнӕн дӕр искуы мӕ бон бауа хъусын кӕнынмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын». Финляндийӕ иу лӕг ӕмӕ усыл дӕр, Петерри ӕмӕ Надьяйыл, бандӕвтой, фӕсарӕнты чи лӕггад кодта, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты хабӕрттӕ. Уыдон загътой: «Не ’мбырды уыди, кӕддӕр ӕндӕр ран чи лӕггад кодта, ахӕм фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ. Уым куыд лӕггад кодтой, уый тыххӕй дзурын бирӕ уарзтой. Афтӕ-иу загътой, уыдон, дам, уыдысты нӕ царды хуыздӕр азтӕ».
Алцыдӕр рагацау спълан кодтой
Ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны фӕхъӕуы алцыдӕр рагацау спълан кӕнын (Лукайы 14:28–30). Хо Нели у Бельгийӕ. Нели загъта: «Ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын мӕ куы бафӕндыд, уӕд райдыдтон Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ уыцы темӕйы фӕдыл нӕ публикациты статьятӕ агурын. Куы-иу сӕ кастӕн, уӕд-иу хъуыды кодтон, цы мӕ саразын хъӕуы, ууыл».
Кристиан ӕмӕ Ирминӕ Болгаримӕ ’рцыдысты Польшӕйӕ. Ӕмӕ ныр ам цӕрынц 9 азӕй фылдӕр. Польшӕйы ма куы цардысты, уӕд цыдысты, болгайраг ӕвзагыл кӕм дзырдтой, ахӕм къордмӕ. Ӕмӕ сын уый стыр ӕххуыс фӕци. Уыцы къорды цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыди, уыдон сын ӕххуыс кодтой ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн. Кристиан ӕмӕ Ирминӕ зӕгъынц: «Бамбӕрстам ӕй, куыд хорз у, цӕмӕй де ’ххуыс ма ’вгъау кӕнай ӕмӕ дыл Йегъовӕ куыд тыхсы, уый уынай. Йегъовӕйӕн ӕрмӕст зӕгъ: „Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит“. Ӕмӕ уӕд дӕ бон уыйбӕрц цыдӕртӕ аразын уыдзӕн, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр дис кӕндзынӕ» (Исай 6:8).
Швейцарийӕ иу лӕг ӕмӕ ус, Рето ӕмӕ Корнелийӕ, райдыдтой хуымӕтӕг цард кӕнын, цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуынмӕ сӕхи бацӕттӕ кодтаиккой ӕмӕ ӕхца ӕрӕмбырд кодтаиккой. Уыдон загътой: «Афӕдз раздӕр уал Болгаримӕ иу къуыримӕ ’рцыдыстӕм, цӕмӕй федтаиккам, цавӕр бӕстӕ у, уый. Ам аныхас кодтам фӕлтӕрдджын миссионертимӕ, ӕмӕ нын хорз уынаффӕтӕ радтой». Рето ӕмӕ Корнелийӕ, миссионертӕ сын куыд загътой, афтӕ бакодтой, ӕмӕ ныр Болгарийы цӕрынц 20 азӕй фылдӕр.
Зындзинӕдтӕй нӕ тӕрсынц
Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацӕуы, уыдоны фӕхъӕуы ног уавӕртыл ахуыр кӕнын. Ӕмӕ сын хатт уый ӕнцон нӕ вӕййы (Хъуыддӕгтӕ 16:9, 10; 1 Коринфӕгтӕм 9:19–23). Бирӕтӕн зын вӕййы ног ӕвзаг ахуыр кӕнын. Уӕлдӕр цы Лукӕйы кой цыд, уый загъта: «Мӕ бинойнагимӕ бирӕ уарзтам ӕмбырды зӕрдӕбын дзуаппытӕ дӕттын. Фӕлӕ нын болгайраг ӕвзагыл хуымӕтӕг дзуапп бацӕттӕ кӕнын дӕр цасдӕр рӕстӕг тынг зын уыд. Афтӕ нӕм каст, цыма та ногӕй дзурын ахуыр кӕнӕм. Раст зӕгъгӕйӕ, бынӕттон сывӕллӕтты дзуаппытӕ мах дзуаппытӕй бирӕ хуыздӕр уыдысты».
Равиль у Германийӕ. Уый загъта: «Ӕвзаг ахуыр кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ-иу хъуыды кодтон: „Дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ ма дом. Ӕмӕ куы фӕрӕдийыс, уӕд-иу дӕхиуыл худгӕ дӕр акӕн“. Ног ӕвзаг ахуыр кӕнын зындзинадыл нӕ нымадтон, фӕлӕ йӕ нымадтон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныныл».
Уӕлдӕр кӕй кой цыд, уыцы хо, Линдӕ, загъта: «Ӕвзӕгтӕ ахуыр кӕнын мын зын у. Болгайраг ӕвзаг та ӕнцон ӕвзаг кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ-иу бирӕ хӕттыты ахъуыды кодтон: „Нал ӕй ахуыр кӕнын, мӕ бон нал у“. Адӕймагӕн йӕ бон иннӕтимӕ ныхас кӕнын куы нӕ вӕййы ӕмӕ, цы дзурынц, уый куы нӕ фембары, уӕд йӕхимӕ тынг иунӕг фӕкӕсы. Цӕмӕй мӕ уырнындзинад фидар уыдаид, уый тыххӕй нӕ литературӕ кастӕн ӕмӕ мӕхи ӕмбырдтӕм цӕттӕ кодтон шведаг ӕвзагыл. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕрцы болгайраг ӕвзаг сахуыр кодтон».
Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацӕуы, уыдон ма сӕмбӕлынц ӕндӕр зындзинадыл дӕр – тынг фӕмысынц сӕ хӕдзар, сӕ хиуӕтты ӕмӕ се ’мбӕлтты. Евӕ ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Яннис дӕр Болгаримӕ ’рцыдысты ӕндӕр бӕстӕйӕ. Евӕ загъта: «Фыццаг мӕхимӕ тынг иунӕг кастӕн. Фӕлӕ ӕдзух нӕ хиуӕттимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый нын тынг ӕххуыс кӕны. Стӕй ам дӕр ног ӕмбӕлттӕ ссардтам».
Ӕндӕр ранмӕ чи ацӕуы, уыдон ма сӕмбӕлынц ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр. Роберт ӕмӕ Лианӕ Болгаримӕ ’рцыдысты Швейцарийӕ. Уыдон загътой: «Ног ӕвзаг сахуыр кӕнын нын ӕнцон нӕ уыд, стӕй ног ӕгъдӕуттыл дӕр уайтагъд нӕ сахуыр стӕм. Ам зымӕджы тынг уазал вӕййы, ӕмӕ уымӕ дӕр цӕттӕ нӕ уыдыстӕм». Фӕлӕ Роберт ӕмӕ Лианӕ сӕ ныфс сӕттын кӕй нӕ уадзынц ӕмӕ зын уавӕрты дӕр ахудын кӕй зонынц, уый фӕрцы ныр Болгарийы лӕггад кӕнынц 14 азы.
Арфӕдзинӕдтӕ
Хо Лиллийӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕйы лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр сӕхиуыл бавзарой, уый куыд хорз у, уый. Лилли загъта: «Ардӕм куы нӕ ’рцыдаин, уӕд Йегъовӕйы ныр куыд зонын, афтӕ хорз, чи зоны, нӕ базыдтаин. Ныр фылдӕр рӕстӕг хъусын кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ уырнындзинад у фидар, стӕй амондджын дӕн ӕмӕ мӕ цардӕй райгонд дӕн». Йӕ сӕрыхицау Равиль та загъта: «Ахӕм цардӕй цӕрынӕй хуыздӕр ницы ис. Ам базонгӕ стӕм бирӕ зынгзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ алы бӕстӕтӕй. Уыдон тынг фӕлтӕрдджын сты, ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн».
Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййынц, уый фӕрцы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матфейы 24:14). Болгаримӕ чи ’рцыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у зӕгъын, Йегъовӕ сӕ сӕхи зӕрдӕйы фӕндиаг кӕй фӕкодта ӕмӕ сын сӕ фӕндтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кодта (Псалом 20:1–4).